Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Майрӕмбон, 29 август

Ӕз дӕ ном раргом кодтон (Иоан. 17:26).

Йесо-иу адӕмӕн ӕрмӕст афтӕ нӕ дзырдта, Хуыцауы ном Йегъовӕ у, зӕгъгӕ. Дзуттӕгтӕ Хуыцауы ном ӕнӕуи дӕр зыдтой. Фӕлӕ-иу сын «бамбарын кодта, [Хуыцау] чи у, уый» (Иоан. 1:17, 18). Зӕгъӕм, Дзуттаг Фыстытӕй базонӕн ис, Йегъовӕ кӕй у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау (Рац. 34:5–7). Йесо та уый ноджы хуыздӕр равдыста, хивӕнд фырты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый фӕрцы. Фырт куы ’рфӕсмон кодта, уӕд сфӕнд кодта хӕдзармӕ ӕрбаздӕхын. «Нырма дард уыд, афтӕ йӕ йӕ фыд ауыдта», азгъордта йӕм, ныхъхъӕбыс ын кодта ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ ныххатыр кодта (Лук. 15:11–32). Ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ хабар хорз ӕвдисы, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау у. Афтӕмӕй Йесо йӕ Фыды раргом кодта – равдыста, ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый. w24.02 10 ф., 8, 9 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Сабат, 30 август

[Хуыцау] нын цы удӕнцой дӕтты, уымӕй мах дӕр... иннӕтӕн... удӕнцой дӕттӕм (2 Кор. 1:4).

Йегъовӕ, зын уавӕры чи ис, уыдонӕн удӕнцой ратты ӕмӕ сӕ хъарутӕ бауадзы. Махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕйау иннӕтӕн тӕригъӕд кӕнын ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын. Уый тыххӕй та нӕ хъӕуы цавӕрдӕр миниуджытӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнын. Цымӕ цавӕр миниуджытӕ? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕрӕдзийы алкӕддӕр уарзӕм ӕмӕ алы бон дӕр кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм? (1 Фес 4:18). Хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй суӕм хӕларзӕрдӕ, нӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзӕм ӕмӕ нӕм кӕрӕдзийы рыст хъара (Кол. 3:12; 1 Пет. 3:8). Ацы миниуджытӕ нӕм куы уой ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг куы уӕм, уӕд, зын уавӕры чи ис, уыдонмӕ нӕ бон нӕ уыдзӕн ӕнцад кӕсын. Уайтагъд-иу сӕ фарсмӕ балӕудзыстӕм ӕмӕ-иу сын сӕ ныфсыл ныфс бафтаудзыстӕм. Йесо загъта: «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йедзаг цӕмӕй вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны. Хорз адӕймаг йӕ хорздзинады къӕбицӕй рахӕссы хорздзинӕдтӕ» (Матф. 12:34, 35). Уӕдӕ, ӕххуысхъуаг чи у, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ ныфсыл ныфс куы ӕфтауӕм, уӕд уындзысты, кӕй сӕ уарзӕм, уый. w23.11 10 ф., 10, 11 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Хуыцаубон, 31 август

Ӕмбаргӕ чи уа, уыдон... сӕ бамбардзысты (Дан. 12:10).

Цӕмӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕмбарӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Йегъовӕйы ӕххуыс. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма ӕнӕзонгӕ фӕндагыл фӕцӕуыс. Фӕлӕ демӕ ис де ’мбал ӕмӕ уый уыцы бынӕттӕ хорз зоны. Ӕвӕццӕгӕн дӕ фӕндид, цӕмӕй дын бамбарын кӕна, кӕм стут ӕмӕ уыцы фӕндаг кӕдӕм кӕны. Йегъовӕ дӕр у ахӕм ӕмбалы хуызӕн. Уый зоны, цы рӕстӕджы цӕрӕм ӕмӕ нӕм фидӕны цы ’нхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ кӕд мах дӕр фӕнды уыдӕттӕ зонын ӕмӕ Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕмбарын, уӕд дзы хъуамӕ сӕрныллӕгӕй ӕххуыс курӕм (Дан. 2:28; 2 Пет. 1:19, 20). Алы хорз ныййарӕг дӕр фӕхъуыды кӕны йӕ сывӕллӕтты фидӕныл ӕмӕ йӕ фӕфӕнды, цӕмӕй амондджын уой. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр ахӕм ныййарӕг у (Йер. 29:11). Фӕлӕ зӕххон ныййарджытӕй уӕлдай, Йегъовӕйӕн йӕ бон у зӕгъын, фидӕны цы уыдзӕн, уый, ӕмӕ никуы фӕрӕдийы. Уый йӕ Ныхасы ныффыссын кодта пехуымпарӕдтӕ, цӕмӕй рагацау зонӕм, цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уый (Ис. 46:10). w23.08 8 ф., 3, 4 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын