Библийы 31 чиныг – Авди
Ныффыста йӕ: Авди
Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 607 азмӕ ӕв.
АВДИЙЫ чиныджы ис ӕрмӕстдӕр 21 стихы, ӕмӕ Дзуттаг Фыстыты у ӕппӕты цыбырдӕр чиныг. Фыст дзы ис Хуыцауы тӕрхӕттӕ, зӕгъгӕ, ӕнӕхъӕн адӕмыхӕттытӕ мыггагыскъуыд кӕндзӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕни, уый тыххӕй дӕр. Чиныг райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «Авдийы цӕстылуайӕн». Авди кӕд ӕмӕ кӕм райгуырди, цы мыггагӕй уыд, куыд цард, уый бӕрӕг нӕу. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, пехуымпар чи уыд, уый афтӕ ахсджиаг нӕу; ахсджиагдӕр у, цы хабар хӕссы, уый, уымӕн ӕмӕ Авди йӕхӕдӕг загъта, зӕгъгӕ, «хабар [уыд] Йегъовӕйӕ».
2 Пехуымпарад сӕйраджыдӕр хауы Едоммӕ. Ацы бӕстӕ ма Сеиры хох дӕр хонынц, ӕрӕнцад Мард денджызы хуссарырдыгӕй ӕмӕ адаргъ ис Арабӕйы ӕдзӕрӕг быдыры онг. Ис дзы тынг бӕрзонд хӕхтӕ ӕмӕ арф кӕмттӕ. Арабӕйы скӕсӕнварс цы хӕхтӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сты 1 700 метры бӕрзӕндӕн. Феманы бӕстӕ хъуыстгонд уыди йӕ зондджын ӕмӕ ’хсарджын адӕмӕй. Едомы бӕстӕ ахӕм ран уыди, ӕмӕ йӕм бахизӕн никӕцӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ цӕрджытӕ ницӕмӕй тарстысты, ӕмӕ сӕрбӕрзонд дӕр уымӕн систыa.
3 Едомӕгтӕ равзӕрдысты Иаковы ӕфсымӕр Исавӕй. Иаковы ном ивд ӕрцыд Израилӕй, уымӕ гӕсгӕ едомӕгтӕ израилӕгтӕн уыдысты се ’ввахс хӕстӕджытӕ, се «’фсымӕртӕ» (Дык. з. 23:7). Фӕлӕ едомӕгтӕ сӕхи ӕфсымӕрты хуызӕн нӕ дардтой. Цалынмӕ Израил Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ нӕ бацыд, уӕдмӕ Моисей Едомы паддзахмӕ арвыста минӕвӕрттӕ, дӕ зӕххыл нын ахизыны бар ратт, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сӕм едомӕгтӕ знаджы цӕстӕй ракастысты ӕмӕ сын сӕ размӕ ’рлӕууын кодтой стыр ӕфсад (Нымӕц. 20:14–21). Кӕд сӕ Давид йӕ дӕлбар бакодта, уӕддӕр фӕстӕдӕр Иосафаты рӕстӕджы Аммон ӕмӕ Моавимӕ сусӕгвӕнд скодтой Иудӕйы ныхмӕ, Иосафаты фырт паддзах Иорамимӕ схӕцыдысты, ӕмӕ Газӕ ӕмӕ Тиры цур сӕ къухы цы израилӕгтӕ бафтыд, уыдоны дӕр уацары акодтой. Паддзах Ахазы бонты та бабырстой Иудӕмӕ ӕмӕ ноджы фылдӕр адӕм акодтой уацары (2 Пар. 20:1, 2, 22, 23; 4 Пад. 8:20–22; Амос 1:6, 9; 2 Пар. 28:17).
4 Едомӕгтӕ се ’цӕг цӕсгом равдыстой н. э. агъоммӕ 607 азы, Вавилоны ’фсӕдтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд. Уыцы хабӕрттыл едомӕгтӕ канд разы нӕ уыдысты, фӕлӕ ма вавилойнӕгты ардыдтой, цӕмӕй сахар бынтондӕр фесафой. «Фехалут, фехалут бындуры онг уый»,– хъӕр кодтой уыдон (Пс. 136: 7). Ӕфтиагыл-иу хӕлттӕ куы ’ппӕрстой, уӕд-иу уыдон дӕр сӕ хаймӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, дзуттӕгтӕ-иу сӕ бӕстӕйӕ куы лыгъдысты, уӕд-иу сын сӕ фӕндӕгтӕ ӕрӕхгӕдтой, ӕмӕ-иу сӕ къухмӕ чи бахауд, уыдоны радтой знагӕн. Вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы пырх кодтой, уӕд едомӕгтӕ цы ӕгъатырдзинад равдыстой, уый фӕдыл ныффыста Авди дӕр, ӕвӕццӕгӕн, йӕ уайдзӕфтӕ. Дызӕрдыггаг нӕу, Авди ма едомӕгты мӕнгард митӕ хорз куы хъуыды кодта, уӕд кӕй ныффыста йӕ тӕрхӕттӕ (Авди 11, 14). Иерусалим куы ныппырх кодтой, уымӕй фондз азы фӕстӕ, Навуходоносор Едомӕн йӕхи дӕр бацахста ӕмӕ йӕ бастыгъта, уымӕ гӕсгӕ чиныг фыст фӕци, ӕвӕццӕгӕн, уыцы цауты размӕ, н. э. агъоммӕ 607 азы.
5 Авди Едомы бафхӕрыны тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ загъта, уыдон иууылдӕр сӕххӕст сты! Чиныджы фӕстаг стихты ис ахӕм ныхӕстӕ: «Исавы хӕдзарвӕндаг [фестдзӕн] кӕрддзых; ӕмӕ сӕ басудздзысты ӕмӕ сӕ скуынӕг кӕндзысты. Исавы хӕдзарвӕндагӕй ничи аирвӕздзӕн, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта афтӕ» (18 стих). Едом цард хъамайы фӕрцы ӕмӕ йӕ мӕлӕт дӕр уымӕй ссардта, ӕмӕ дзы ничи фервӕзт. Афтӕмӕй сбӕлвырд, ацы пехуымпарӕдтӕ ӕцӕг ӕмӕ раст кӕй сты. Авди уыдис ӕцӕг пехуымпар: уый дзырдта Йегъовӕйы номӕй, йӕ пехуымпарӕдтӕй кадджын кодта Йегъовӕйы, ӕмӕ ма истори куыд ӕвдисы, афтӕмӕй йӕ ныхӕстӕ иууылдӕр сӕххӕст сты. Йӕ ном дӕр уымӕ гӕсгӕ нысан кӕны «Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг».
ЦЫ ПАЙДА У
10 Едом ӕнӕмӕнг кӕй фесафдзӕн, уый тыххӕй ма Йегъовӕ ӕндӕр пехуымпартӕн дӕр ныффыссын кодта. Уый тыххӕй иууыл хуыздӕр фыст ис Иоилы 3:19; Амосы 1:11, 12; Исайы 34:5–7; Йеремийы 49:7–22; Иезекилы 25:12–14; 35:2–15. Фыццаг цы пехуымпарӕдтӕ ныффыстой, уыдон ахӕссӕн ис, едомӕгтӕ израилӕгтӕм знаджы цӕстӕй кӕй кастысты, уымӕ. Фӕстӕдӕр цы пехуымпарӕдтӕ фыст ӕрцыд, уым та Едом тӕрхонгонд цӕуы йӕ цъаммар хъуыддӕгты тыххӕй, сӕ кой ма кодта Авди дӕр, вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд. Едом цы бӕллӕхтӕ баййӕфтой, уыдоны тыххӕй раздӕр загъд кӕй уыд, уый иртасгӕйӕ ноджы тынгдӕр баууӕнддзыстӕм, Йегъовӕйы пехуымпарӕдтӕ раст кӕй сты, ууыл. Уыимӕ ма, тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм Йегъовӕйыл, уымӕн ӕмӕ уый у, йӕ ныхасӕн алкӕддӕр хицау чи у, ахӕм Хуыцау (Ис. 46:9–11).
11 Авди загъта, зӕгъгӕ, Едомимӕ «бадзырд чи скодта» ӕмӕ йемӕ чи «бафидыдта», растдӕр ӕй уыдон ныппырх кӕндзысты (Авди 7). Вавилонӕн Едомимӕ сӕ бадзырд бирӕ нӕ ахаста. Н. э. агъоммӕ 6 ӕнусы Вавилоны ӕфсӕдтӕ паддзах Набониды сӕргълӕудӕй басастой Едомb. Фӕлӕ Набонид сӕ зӕхмӕ куы бабырста, уымӕй ма иу ӕнусы фӕстӕ дӕр сӕрбӕрзонд Едомы ныфс уыд, цы зӕххытӕ фесӕфта, уыдон кӕй райсдзӕн. Уый тыххӕй Малахийы 1:4 дзырдӕуы: «Уымӕн ӕмӕ Едом афтӕ дзуры: „Кӕд ныппырх стӕм, уӕддӕр ӕрыздӕхдзыстӕм ӕмӕ ногӕй сараздзыстӕм нӕ хӕдзӕрттӕ“. Мӕнӕ цы дзуры ӕфсӕдты Йегъовӕ: „Уыдон сӕ фӕстӕмӕ сараздзысты, ӕз та сӕ ныппырх кӕндзынӕн“». Кӕд едомӕгтӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхыныл архайдтой, уӕддӕр н. э. агъоммӕ 4 ӕнусмӕ набатейӕгтӕ сӕ зӕххыл ӕрбынат кодтой. Едомӕгты ратардтой сӕ зӕххӕй, ӕмӕ ӕрцардысты Иудӕйы хуссарварс, фӕстӕдӕр ӕй схуыдтой Идумей. Никуыуал сын бантыст фӕстӕмӕ Сеиры бӕстӕ бацахсын.
12 Иосиф Флавий куыд зӕгъы, афтӕмӕй н. э. агъоммӕ 2 ӕнусы ма едомӕгтӕй (идумейтӕй) чи баззад, уыдоны йӕ дӕлбар бакодта дзуттаг паддзах Иоанн Гиркан I. Уый сын сунӕт скӕнын кодта ӕмӕ сабыргай-сабыргай дзуттӕгтимӕ схӕццӕ сты, уӕдӕ дзуттаг хицӕуттӕ дӕр ууыл куыннӕ бацархайдтаиккой. Н. э. 70 азы ромӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд бынтондӕр сӕ ном историйӕ фесӕфтиc. Куыддӕриддӕр Авди загъта, афтӕ ’рцыд: «Ӕнустӕм дӕ скуынӕг кӕндзынӕн... Исавӕй ничи аирвӕздзӕн» (Авди 10, 18).
13 Едомы зӕххы ӕмвӕз скодтой, дзуттӕгтӕн та бар радтой раздӕхынӕн сӕ райгуырӕн бӕстӕм н. э. агъоммӕ 537 азы, сӕ разамонӕг уыд Зоровавел. Уыдон Иерусалимы кувӕндон сцалцӕг кодтой ӕмӕ ӕрбынат кодтой сӕ зӕххыл.
14 Уӕдӕ сӕрбӕрзонддзинад ӕмӕ ӕгӕр ныфсхастдзинад кӕны бӕллӕхмӕ! Йӕ сӕр бӕрзӕндты чи хӕссы ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл ӕнамонд хабӕрттӕ кӕй цӕуы, уый ӕхсызгон кӕмӕн у, уыдонӕн, Едомыл цы ’рцыд, уый зондзонӕн уӕд. Уӕдӕ уыдон дӕр Авдийау хорз зыдтой, «паддзахдзинад Йегъовӕйы [кӕй] уыдзӕн». Йегъовӕйы ныхмӕ ӕмӕ йӕ адӕмы ныхмӕ чи цӕуы, уыдон бындзагъд ӕрцӕудзысты, Йегъовӕйы диссаджы Паддзахад та лӕудзӕн ӕнустӕм ӕмӕ ничиуал фӕдызӕрдыг уыдзӕн, Хуыцауы паддзахдзинад рӕстаг кӕй у, ууыл! (Авд 21 стих).
[Фиппаинӕгтӕ]
a «Фыстады ӕмбарынад», 1 том, 679 ф., (англ.).
b «Фыстады ӕмбарынад», 1 том, 682 ф., (англ.).
c Иосиф Флавий, «Иудейские древности», Мн.: Беларусь, 1994, XIII, 181, 182 (ix, 1); XV, 305 (vii, 9) (уыр.).