-
Чи хъусын кӕны, уыцы адӕм. Лӕггадгӕнджытӕ сты цӕттӕХуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
-
-
Ӕмбӕхст хӕзнатӕ чи ссардта, уыцы лӕгау чырыстӕттӕ дӕр, цы рӕстдзинад ссардтой, ууыл цин кӕнынц (кӕс 20 абзац)
20. Йесо фӕсномыг ныхасы фӕрцы куыд бамбарын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ йӕ уынаффӕмӕ цы цӕстӕй кӕсдзысты, уый?
20 Йесо зыдта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ цы цӕстӕй кӕсдзысты йӕ уынаффӕмӕ, фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурут, зӕгъгӕ. Ӕркӕсӕм, ӕмбӕхст хӕзнаты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕ. (Бакӕс Матфейы 13:44.) Зӕхкусӕг ссардта ӕмбӕхст хӕзнатӕ ӕмӕ уайтагъд бамбӕрста, цы ссардта, уый тынг зынаргъ кӕй уыд. Ӕмӕ куыд бакодта? «Цингӕнгӕ ацыд, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый ауӕй кодта ӕмӕ уыцы зӕхх балхӕдта». Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Рӕстдзинад кӕй ссардтам ӕмӕ, куыд зынаргъ у, уый кӕй бамбӕрстам, уый нын хӕссы стыр циндзинад. Ӕмӕ цӕттӕ стӕм нӕхи цӕмӕйфӕнды дӕр фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад алкӕддӕр ӕвӕрӕм, нӕ царды цы бынаты хъуамӕ уа, уыцы бынаты – фыццаг бынатыd.
-
-
Чи хъусын кӕны, уыцы адӕм. Лӕггадгӕнджытӕ сты цӕттӕХуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
-
-
d Йесо ма ахӕм хъуыды загъта, сӕудӕджеры тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым дӕр. Уыцы сӕудӕджер ацыд зынаргъ налхъуыт агурӕг. Ӕмӕ йӕ куы ссардта, уӕд ауӕй кодта, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый ӕмӕ уыцы налхъуыт балхӕдта (Матф. 13:45, 46). Ацы дыууӕ фӕсномыг ныхасӕй ма фенӕн ис уый дӕр, ӕмӕ адӕм рӕстдзинад алыхуызӕтты базонынц. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ йыл чидӕртӕ ӕнӕнхъӕлӕджы сӕмбӕлынц, чидӕртӕ та йӕ сӕхӕдӕг фӕагурынц. Фӕлӕ куыдфӕнды ма базонӕм рӕстдзинад,– не ’ппӕт дӕр цӕттӕ стӕм нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад нӕ царды фыццаг бынаты сӕвӕрӕм.
-