Фыстӕг Разамонӕг советӕй
Нӕ зынаргъ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ!
ӔХСЫЗГОНӔЙ уӕм ӕрвитӕм ацы фыстӕг! Арфӕ уын кӕнӕм, абоны онг уарзондзинад кӕй ӕвдисут ӕмӕ удуӕлдайӕ кӕй архайут, уый тыххӕй. Ацы азы «Ӕрвылазон чиныг»-ӕй сымах базондзыстут, ивгъуыд лӕггады азы цы бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзтат, уый тыххӕй. Нӕ къухы бафтыд бирӕ ӕнтыстытӕ: иу миллиард сахатӕй фылдӕр бахардз кодтам хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы, ӕмӕ уымӕй адӕмы разӕнгард кодтам, цӕмӕй Иегъовӕмӕ баввахс уой. Нӕ диссаджы Хуыцау ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыдимӕ ӕмгуыст кӕнынӕй кадджындӕр куыст цы хъуамӕ уа? (1 Кор. 3:9).
Нырма нын бирӕ куыст ис, ӕмӕ нӕ ныфс ис, дарддӕр дӕр кӕй фӕзмдзыстут, Библийы кӕй тыххӕй дзырдӕуы, Хуыцауы уыцы лӕггадгӕнджыты ӕнувыддзинад ӕмӕ уырнындзинад. Зӕгъӕм, апостол Павел удуӕлдайӕ архайдта Хуыцауы Паддзахады сӕраппонд. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ фыццаг фыстӕг Коринфы чырыстон ӕмбырдмӕ ныффыста, Ефесы фӕстаг аз куы цард, уӕд. Рӕхджы йӕ цы саразын хъуыд, уый тыххӕй ныффыста: «Ефесы та ӕз фӕуыдзынӕн Фӕндзайӕм бонмӕ, уымӕн ӕмӕ мӕнӕн гом у стыр ӕмӕ фӕтӕн дуар [«архайынӕн», НД], знӕгтӕ дӕр бирӕ» (1 Кор. 16:8, 9).
Павел фӕнд кодта Македони ӕмӕ Коринфмӕ ацӕуын. Фӕлӕ бамбӕрста, Ефесы ма гыццыл фылдӕр куы баззайа, уӕд йӕ бон кӕй суыдзӕн ахъаззаг куыст бакӕнын. Павел разынд ӕмбаргӕ: куы федта, Ефесы ӕрлӕугӕйӕ йын Паддзахады хъуыддӕгты фылдӕр кӕй бантысдзӕн саразын, уӕд йӕ пълӕнттӕ фӕивта. Йӕ разы байгом «фӕтӕн дуар» архайынӕн ӕмӕ Павелы фӕндыд уыцы фадатӕй спайда кӕнын.
Уый тыххӕй хъуыди бирӕ кусын — хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ Ефесы ӕмбырд фидар кӕнын. Уыцы сахары ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн Павел фӕстӕдӕр загъта: «Ницы ауагътон пайдайагӕй, цӕй тыххӕй уын нӕ хъусын кодтаин ӕмӕ цӕуыл нӕ ахуыр кодтаин сымах ӕппӕт адӕмы ӕхсӕн ӕмӕ хӕдзӕртты, Иудейтӕн ӕмӕ Еллинтӕн хъусын кӕнгӕйӕ фӕсмондзинад Хуыцауы раз ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийыл уырнындзинад» (Ап. к. 20:20, 21).
Афтӕ сымахӕй дӕр бирӕтӕ, нӕ зынаргъ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ, спайда кодтой, цы фадӕттӕ уын фӕзынд, уыдонӕй. Фароны лӕггады азы 798 938 хъусынгӕнӕджы бӕрц сӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ сарӕзтой, ӕмӕ сӕ бон сси ӕххӕстрӕстӕг кӕнӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнын. Иуӕй-иутӕ та уӕ ацыдысты дард бӕстӕтӕм миссионертӕй лӕггад кӕнынмӕ. Сымах зӕрдиагӕй парахат кӕнут хорз хабар ӕмӕ фидар кӕнут ӕмбырдтӕ. Иннӕтӕ та уӕ сахуыр кодтой ӕндӕр ӕвзаг, цӕмӕй уӕ территорийы ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыцы адӕмӕн баххуыс кӕной. Чидӕртӕ та уӕ хъусын кӕнынц нысангонд цы территори нӕу, уым, кӕнӕ та фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, ахӕм ран. Иуӕй-иутӕн та, архайынӕн «фӕтӕн дуар» байгом скъолайы, куысты, кӕнӕ та бӕстон ӕвдисӕнад кӕм ис раттӕн, ӕндӕр ахӕм уавӕрты, зӕгъӕм, телефонӕй дзургӕйӕ. Ӕппӕтдунеон хыгъдӕй бӕрӕг у, Хуыцауы адӕм, ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр, алы ран дӕр зӕрдӕбынӕй кӕй агурынц ӕмӕ кӕй ссарынц ахӕм фадӕттӕ, цӕмӕй ӕцӕгады тыххӕй адӕмӕн дзурой.
Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнут, Иегъовӕ уын уӕ фыдӕбон кӕй уыны ӕмӕ йын стыр аргъ кӕй кӕны. Библи нын дзуры: «Хуыцау ӕнӕраст нӕу, цӕмӕй ферох кӕна уӕ хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады куыст, кӕцы сымах кодтат Уый номыл» (Дзут. 6:10). Дарддӕр дӕр уӕ хъус дарут, ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй кӕм ӕмӕ куыд ис адӕмимӕ ныхас кӕнӕн. Чи зоны, уӕ кӕмӕндӕрты йӕ бон у фылдӕр хъусын кӕнын. Не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у архайын, цӕмӕй хуыздӕр лӕггад кӕнӕм.
Хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныхмӕдзыдыл дӕр сӕмбӕлӕм. Ӕрхъуыды ма кӕн, Павел куы загъта, зӕгъгӕ, йӕ разы байгом «фӕтӕн дуар» архайынӕн, уӕд ма йӕ ныхӕстӕм кӕй бафтыдта: «Знӕгтӕ дӕр бирӕ». Павелӕн уыцы знӕгтӕ уыдысты дзуттӕгтӕ ӕмӕ муртаттӕ, ӕмӕ-иу сӕ йӕ ныхмӕ чи ӕргомӕй цыд, чи та — хинӕй (Ап. к. 19:24—28; 20:18, 19).
Мах дӕр абон ахӕм уавӕры стӕм. Ацы фыддунейы кӕрон куыд хӕстӕг кӕны, афтӕ нӕ ныхмӕ тынгдӕр цӕуынц. Сайтан «знӕтӕй судзы», ӕмӕ йӕ маст сӕйраджыдӕр калы Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл (Рарг. 12:12, НФ). Ма уӕ рох кӕнӕд, ацы «дунейы ӕлдар» Сайтан кӕй у. Йесо загъта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Сымах дунейӕ куы уаиккат, уӕд дуне уарзид йӕхионты; сымах та дунейӕ кӕй не стут, фӕлӕ уӕ Ӕз кӕй равзӕрстон дунейӕ, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕуынон стут дунейӕн» (Иоан. 14:30; 15:19).
Макӕмӕн хъуамӕ раттӕм уый бар, цӕмӕй нын Хуыцауыл нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ кӕна кӕнӕ та нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕруазал кӕна. Мах зонӕм, дарддӕр дӕр нӕ кӕй ӕфхӕрдзысты ӕмӕ нӕ ныхмӕ фыдвӕндтӕ кӕй кӕндзысты. Фӕлӕ уӕддӕр кӕддӕридӕр Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕндзыстӕм, ӕмӕ фидарӕй ӕууӕнддзыстӕм, Йесо Сайтаны ӕмӕ йӕ хъузӕтты Иегъовӕйы снысангонд рӕстӕджы кӕй скуынӕг кӕндзӕн. Знӕгтӕ нӕ банцайын кодтой апостол Павелы, ӕмӕ Иегъовӕйы абоны лӕггадгӕнджыты дӕр нӕ банцайын кӕндзысты. Кӕд Сайтан знӕтӕй судзы ӕмӕ дунейӕн ӕнӕуынон стӕм, уӕддӕр Иегъовӕйы сыгъдӕг уд хъомысджынӕй архайы йӕ адӕмы ’хсӕн. Куыд ӕхсызгон у, хъусынгӕнджыты нымӕц та ногӕй кӕй фӕфылдӕр: ныр сты 6 304 645 адӕймаджы!
Мах кувӕм, цӕмӕй дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй размӕ кӕнат Иегъовӕйы диссаджы Паддзахады хъуыддӕгтӕ. Не Стыр Хуыцау Иегъовӕйӕн иумӕ «уӕхски-уӕхск» лӕггадгӕнгӕйӕ нӕ фӕнды зӕгъын, алкӕуылдӕр уӕ кӕй тыхсӕм ӕмӕ уӕ бирӕ кӕй уарзӕм (Соф. 3:9).
Уе ’фсымӕртӕ,
Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет