Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, уымӕй дӕ фидар ныфс уӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2016 | октябрь
    • 2 Ацы дунейы дӕр бирӕтӕ цӕмӕдӕр фенхъӕлмӕ кӕсынц, фӕлӕ уыцы хъуыддаг искуы ӕрцӕудзӕн, ууыл фӕдызӕрдыг кӕнынц. Зӕгъӕм, лотерейӕ чи фӕхъазы, уыдоны ныфс вӕййы, кӕй рамбулдзысты. Фӕлӕ афтӕ уыдзӕн ӕви нӕ, уый сӕ бон фидарӕй зӕгъын нӕ вӕййы. Ӕцӕг уырнындзинад та у, «адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа», уый (Дзут. 11:1). Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уымӕй нӕ ноджы фидардӕр ныфс цӕй фӕрцы уыдзӕн. Стӕй ма ӕркӕсдзыстӕм, цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ууыл фидарӕй ӕууӕндын цы пайда у, уымӕ дӕр.

      3. Хуыцауы ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл фидарӕй цӕмӕн ӕууӕндӕм?

      3 Адӕймаг уырнындзинад йӕ мады гуыбынӕй нӕ рахӕссы, стӕй йӕм йӕхигъӕдӕй дӕр нӕ фӕзыны. Уырнындзинад ӕм уӕд фӕзыны, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн бар куы фӕдӕтты, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕйыл ӕндава (Гал. 5:22). Библийы никуы ис фыст, Йегъовӕмӕ уырнындзинад кӕй ис кӕнӕ йӕ уыцы миниуӕг кӕй хъӕуы. Ӕгас Дун-дунейы уымӕй тыхджындӕр ӕмӕ уымӕй зондджындӕр ничи ис, ӕмӕ йӕ йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын ницы бахъыгдардзӕн. Уымӕ гӕсгӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕм ахӕм цӕстӕй кӕсы, цыма сӕххӕст сты, ӕмӕ афтӕ дӕр уымӕн зӕгъы: «Сӕххӕст сты ацы ныхӕстӕ!» (Бакӕс Раргомад 21:3–6.) Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый алкӕддӕр кӕй сӕххӕст кӕны. Уый у «иузӕрдион Хуыцау». Уымӕ гӕсгӕ нын фидӕны тыххӕй цыдӕриддӕр зӕгъы, ууыл фидарӕй ӕууӕндӕм (Дык. з. 7:9).

      РАГОН ЛӔГГАДГӔНДЖЫТЫ ЦӔВИТТОН

      4. Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕ сӕ зӕрдӕ цӕуыл дардтой?

      4 Дзуттӕгты чиныджы 11-ӕм сӕры фыст ис, фидар уырнындзинады хицау чи уыд, уыдонӕй ӕхсӕрдӕс адӕймаджы нӕмттӕ. Ӕмӕ дзы фыст ис, уыдонӕн ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр лӕггадгӕнджытӕн «Хуыцау [кӕй] бамбарын кодта, сӕ уырнынздинады фӕрцы сӕ йӕ зӕрдӕ кӕй рухс кодта» (Дзут. 11:39). Се ’ппӕт дӕр ӕнхъӕлмӕ кастысты, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы «байзӕддагмӕ». Зыдтой йӕ, уыцы «байзӕддаг» Хуыцауы знӕгты се ’ппӕты дӕр кӕй фесафдзӕн ӕмӕ зӕххӕй дзӕнӕт кӕй сараздзӕн (Райд. 3:15). Стӕй ма фидарӕй ӕууӕндыдысты, Йегъовӕ сӕ фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй раздахдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс сӕ нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ уӕд Йесо Чырысти уӕларвон цардмӕ фӕндаг нӕма байгом кодта (Гал. 3:16). Уыдон ӕнхъӕлмӕ кастысты, зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты, уымӕ (Пс. 37:11; Ис. 26:19; Оси 13:14).

  • Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, уымӕй дӕ фидар ныфс уӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2016 | октябрь
    • 7. Йегъовӕ нын цы дӕтты, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм, ӕмӕ махӕй та цы кӕнгӕ у?

      7 Йегъовӕ нын радта йӕ Ныхас, Библи, цӕмӕй уый фӕрцы нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Цӕмӕй «амондджын» уӕм ӕмӕ нын «алцыдӕр... ӕнтыса», уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр кӕсӕм (Пс. 1:1–3; бакӕс Хъуыддӕгтӕ 17:11). Йегъовӕ ма нын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты дӕтты «хӕринаг афоныл» дӕр (Матф. 24:45). Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытау мах дӕр хъӕуы, зӕрдӕ нын цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕтты тыххӕй кӕсын ӕмӕ сыл хъуыды кӕнын. Уый фӕрцы нын ӕнцондӕр уыдзӕн Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Стӕй афтӕмӕй ӕхсызгонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм, Хуыцауы Паддзахад ӕгас зӕххыл дӕр куы хицауиуӕг кӕна, уыцы рӕстӕгмӕ.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын