54 зарӕг
Хъуамӕ нӕм уа уырнындзинад
1. Йегъовӕ дзырдта йӕ адӕмимӕ
Пехуымпарты ’ххуысӕй кӕддӕр.
Ныр та уый зӕгъы йӕ Фырты уылты:
«Уадз алчи ’рфӕсмон кӕнӕд».
БАЗАРД
Фидар уӕд нӕ уырнындзинад –
Уӕд ӕнӕмӕнг фервӕздзыстӕм.
Хъуамӕ уа хъуыддӕгтӕй бӕрӕг,–
Уӕд мах ӕнусон цард ыссардзыстӕм.
2. Ӕххӕст кӕнӕм мах Чырыстийы дзырд
’Мӕ хъусын кӕнӕм алкӕмӕн.
Уӕндонӕй фӕдзурӕм хорз хабар мах,
Нӕй уымӕн сусӕг кӕнӕн.
БАЗАРД
Фидар уӕд нӕ уырнындзинад –
Уӕд ӕнӕмӕнг фервӕздзыстӕм.
Хъуамӕ уа хъуыддӕгтӕй бӕрӕг,–
Уӕд мах ӕнусон цард ыссардзыстӕм.
3. Уырнындзинад махӕн у науӕнгуыр,
Йӕ фӕрцы мах фидар лӕууӕм.
Нӕ ныхмӕ цӕудзысты знӕгтӕ, фӕлӕ
Мах зонӕм: фервӕздзыстӕм.
БАЗАРД
Фидар уӕд нӕ уырнындзинад –
Уӕд ӕнӕмӕнг фервӕздзыстӕм.
Хъуамӕ уа хъуыддӕгтӕй бӕрӕг,–
Уӕд мах ӕнусон цард ыссардзыстӕм.
(Кӕс ма Ром. 10:10; Еф. 3:12; Дзут. 11:6; 1 Иоан. 5:4.)