81 зарӕг
«Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл»
1. Ӕнӕххӕст ыстӕм не ’ппӕт дӕр, Йегъовӕ,
Нӕ зӕрдӕ у ӕвзӕрдзинадмӕ здӕхт.
Ӕнцонтӕй ныл фӕтых вӕййы тӕригъӕд –
Вӕййы нӕ уырнындзинад хатт лӕмӕгъ.
БАЗАРД
Ратт нын фылдӕр уырнындзинад, Йегъовӕ.
Ӕххуыс нын кӕн, зын уавӕры куы уӕм.
Ратт нын фылдӕр уырнындзинад, нӕ Хуыцау,
Цӕмӕй дын алцӕмӕй дӕр кад хӕссӕм.
2. Уырнындзинад хъӕуы ӕнӕмӕнг алкӕй,
Цӕмӕй дӕ зӕрдӕ барухс уа дӕуӕн.
Ӕххуыс кӕндзӕн нӕ уырнындзинад махӕн,
Ныфсджынӕй алчи фидӕнмӕ кӕсдзӕн.
БАЗАРД
Ратт нын фылдӕр уырнындзинад, Йегъовӕ.
Ӕххуыс нын кӕн, зын уавӕры куы уӕм.
Ратт нын фылдӕр уырнындзинад, нӕ Хуыцау,
Цӕмӕй дын алцӕмӕй дӕр кад хӕссӕм.
(Кӕс ма Райд. 8:21; Дзут. 11:6; 12:1.)