Едемы цӕхӕрадоны цы ӕрцыд, уый дӕумӕ куыд хауы?
ИУӔЙ-ИУ ахуыргӕндтӕ Едемы хабарыл уый тыххӕй дызӕрдыг кӕнынц, ӕмӕ, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Библийы йӕ кой ӕндӕр никуы ис. Зӕгъӕм, динтӕ чи иртасы, иу ахӕм профессор, Пол Моррис, фыссы: «Едемы кой Библийы комкоммӕ ӕндӕр никуыуал ис». Бирӕ «ахуыргӕндтӕ», чи зоны, сразы уой йӕ хъуыдыйыл, фӕлӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ бынтон ӕндӕр цӕуылдӕр дзурӕг сты.
Библийы бирӕ рӕтты ис Едемы цӕхӕрадон, Адам, Евӕ ӕмӕ калмы койa. Фӕлӕ кӕд иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ Едемы хабарыл не ’ууӕндынц, уӕддӕр ӕппӕты стырдӕр бӕллӕх уый нӕу. Бӕллӕх уый мидӕг ис, ӕмӕ дины разамонджытӕ, стӕй, Библийы ныхмӕ чи дзуры, уыдон уыцы хабарыл кӕй не ’ууӕндынц, уымӕй дызӕрдыггаг кӕнынц Библийы хабӕрттӕ иууылдӕр. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?
Едемы цӕхӕрадоны цы ’рцыд, уый куы нӕ бамбарӕм, уӕд нӕ бамбардзыстӕм Библийы иннӕ хабӕрттӕ дӕр. Хуыцау нын йӕ Ныхас радта, цӕмӕй дзуапп ссарӕм царды ӕппӕты ахсджиагдӕр фарстатӕн. Уыцы фарстатӕн сӕ дзуапп баст у, Едемы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонимӕ. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.
● Цӕмӕн зӕронд кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн мӕлӕм? Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы коммӕ куы кастаиккой, уӕд цардаиккой ӕнустӕм. Мӕлгӕ акодтаиккой, йӕ ныхмӕ куы рацыдаиккой, ӕрмӕстдӕр уӕд. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, йӕ ныхмӕ цы бон рацыдысты, уыцы бон мӕлӕты фӕндагыл ныллӕууыдысты (Райдиан 2:16, 17; 3:19). Адам ӕмӕ Евӕ ӕххӕст нал уыдысты, ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр сӕ туджы рахастой тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинад. Библи ӕмбарын кӕны: «Гъемӕ иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ромӕгтӕм 5:12).
● Хуыцау адӕмы зындзинӕдтӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы? Едемы цӕхӕрадоны Хӕйрӕг цы загъта, уымӕй афтӕ уад, цыма Хуыцау йе сконд адӕмы сайы, ома сӕ цыдӕр хорздзинад ӕмбӕхсы (Райдиан 3:3–5). Уымӕй уӕлдай ма дызӕрдыггаг скодта, Йегъовӕ адӕмӕн раст разамынд кӕй дӕтты, уый дӕр. Адам ӕмӕ Евӕ ацыдысты Хӕйрӕджы зондыл. Уыдон Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ахызтысты ӕмӕ афтӕмӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ загътой, зӕгъгӕ, нӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕндзыстӕм, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Йегъовӕ алы хъуыддаджы дӕр архайы рӕстӕй ӕмӕ у стыр зонды хицау, ӕмӕ йӕ зыдта, уыцы зын фарста алыг кӕнынӕн ӕрмӕстдӕр иу мадзал кӕй ис – рӕстӕг. Афтӕмӕй Хуыцау адӕмӕн радта фадат, цӕмӕй сӕхи зондӕй цардаиккой. Уый расайдта стыр бӕллӕхтӕ, ӕмӕ уым Хӕйрӕг дӕр у аххосджын. Уӕдӕ рӕстӕг рацыд, ӕмӕ сбӕлвырд иу ахсджиаг хъуыддаг: адӕймагӕн ӕнӕ Хуыцауӕй йӕхицӕн разамынд дӕттын йӕ бон нӕу (Йереми 10:23).
● Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис? Едемы цӕхӕрадон куыд рӕсугъд уыд, уымӕй Йегъовӕ равдыста, зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр куыд рӕсугъд хъуамӕ уа, уый. Адам ӕмӕ Евӕйӕн загъта, цӕмӕй зӕхх сӕ байзӕддӕгтӕй байдзаг кодтаиккой ӕмӕ йын «хицау уыдаиккой» ӕмӕ цӕмӕй ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр Едемы цӕхӕрадоны хуызӕн срӕсугъд кодтаиккой (Райдиан 1:28). Уӕдӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр уа дзӕнӕт ӕмӕ йыл Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕ иу бинонтау амондджынӕй ӕнустӕм цӕрой. Библийы бирӕ рӕтты ис фыст, Хуыцаумӕ райдианы зӕххы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй.
● Йесо Чырысти зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд? Едемы цӕхӕрадоны Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый аххосӕй сӕхӕдӕг дӕр амардысты ӕмӕ мӕлынц сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр. Фӕлӕ Хуыцау адӕмы кӕй уарзы, уый тыххӕй батыхст, цӕмӕй сӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид. Йӕ Фырты зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй ӕппӕт адӕмы тыххӕй дӕр йӕ уд радтаид (Матфейы 20:28). Уымӕн гӕнӕн куыд уыд? Йесо уыди «фӕстаг Адам». Адамӕн йӕ бон цы нӕ баци, уый йӕ бон баци Чырыстийӕн. Йесо Йегъовӕйӕн алкӕддӕр коммӕгӕс уыди, ӕппындӕр ӕм ницы аипп ӕрхӕссӕн уыд. Йӕ рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд йӕ цард нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй уый фӕрцы, Хуыцауыл иузӕрдион чи у, ӕппӕт уыцы адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой ӕмӕ фидӕны та цӕрой, Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд ракӕныны размӕ куыд цардысты, афтӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:22, 45; Иоанны 3:16). Уӕдӕ Чырысти йӕ цард кӕй радта, уый ууыл дзурӕг у, Йегъовӕ йӕ фӕнд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ зӕхх Едемы цӕхӕрадоны хуызӕн кӕй суыдзӕнb.
Хуыцауы фӕндон, ома зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уый, зын бамбарӕн дины ахуырад нӕу. Зӕххыл ӕцӕгдӕр дзӕнӕт уыдзӕн. Едемы цӕхӕрадон ӕцӕгдӕр зӕххыл куыд уыд ӕмӕ йыл ӕцӕгдӕр цӕрӕгойтӕ ӕмӕ адӕм куыд цардысты, афтӕ ӕцӕг у, Хуыцау фидӕны тыххӕй цы зӕгъы, уый дӕр, ӕмӕ уыцы зӕрдӕвӕрд тагъд сӕххӕст уыдзӕн. Уыцы дзӕнӕты ды дӕр цӕрдзынӕ? Уый сӕйраджыдӕр дӕхицӕй кӕнгӕ у. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй ахӕм рухс фидӕнӕй хай уа, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн, суанг ма фыдгӕнджытӕн дӕр (1 Тимофеймӕ 2:3, 4).
Йесо Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ ныхас кодта иу фыдгӕнӕгимӕ. Уыцы адӕймаг зыдта, марыны аккаг кӕй у. Фӕлӕ Йесойӕ ӕххуыс бацагуырдта – фӕндыд ӕй, цӕмӕй йын исты ныфс бавӕрдтаид. Цымӕ йын Чырысти цы загъта? «Уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты» (Лукайы 23:43). Кӕд Чырыстийы фӕндыд, цӕмӕй уыцы фыдгӕнӕг уым уа, ома райгас уа ӕмӕ ӕнустӕм Едемы цӕхӕрадоны хуызӕн дзӕнӕты цӕра, уӕд ӕй, ау, нӕ фӕнды, цӕмӕй ды дӕр уыцы арфӕдзинадӕй хайджын уай? Фӕнды! Ӕмӕ уый фӕнды йӕ Фыды дӕр! Кӕд дӕ зӕрдӕ дӕхицӕн ахӕм фидӕн зӕгъы, уӕд дӕ бон цы у, уый араз, цӕмӕй базонай, Едемы цӕхӕрадон чи скодта, уыцы Хуыцауы.
[Фиппаинӕгтӕ]
a Дӕ бон у бакӕсын Райдиан 13:10; Дыккаг закъон 32:8; 2 Самуилы 7:14; 1 Азфыстыты 1:1; Исай 51:3; Йезекил 28:13; 31:8, 9; Лукайы 3:38; Ромӕгтӕм 5:12–14; 1 Коринфӕгтӕм 15:22, 45; 2 Коринфӕгтӕм 11:3; 1 Тимофеймӕ 2:13, 14; Иудӕйы 14 ӕмӕ Раргомад 12:9.
b Чырыстийы нывонды тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 5 сӕрӕй. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
[Рамкӕ/Ныв 10 фарсыл]
ӔНӔХЪӔН БИБЛИ КӔРӔДЗИЙЫЛ ЧИ БӔТТЫ, УЫЦЫ ПЕХУЫМПАР-НЫХАС
«Ӕз дӕу [калмы] ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ уый байзӕддаджы кӕрӕдзийӕн скӕндзынӕн знӕгтӕ. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ» (Райдиан 3:15).
Ай у Библийы фыццаг пехуымпар-ныхас. Загъта йӕ Хуыцау Едемы цӕхӕрадоны. Ныхас дзы цӕуы сылгоймагыл, сылгоймаджы байзӕддагыл, калмыл ӕмӕ калмы байзӕддагыл. Цымӕ чи сты? Цы дыууӕ къорды кой дзы цӕуы, уыдон кӕрӕдзийӕн знӕгтӕ куыд хъуамӕ уыдаиккой?
КАЛМ
Хӕйрӕг (Раргомад 12:9).
СЫЛГОЙМАГ
Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай (Галатӕгтӕм 4:26, 27). Пехуымпар Исай ацы «сылгоймаджы» тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, уымӕй фидӕны рацӕудзӕн «ӕнӕхъӕн адӕмыхатт» (Исай 54:1; 66:8).
КАЛМЫ БАЙЗӔДДАГ
Хӕйрӕджы зондыл чи цӕуы, уыдон (Иоанны 8:44).
СЫЛГОЙМАДЖЫ БАЙЗӔДДАГ
Уый сӕйраджыдӕр у Йесо Чырысти, уымӕн ӕмӕ уый уыд Йегъовӕйы организацийы уӕлӕрвты ӕмӕ ’рцыд зӕхмӕ. Сылгоймаджы байзӕддагмӕ ма хауынц, Чырыстиимӕ уӕлӕрвтӕй разамынд чи хъуамӕ дӕтта, уыдон. Уыдон сты Хуыцауы ’взӕрст адӕм, сты йӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст; Библи сӕ хоны «Хуыцауы Израил» (Галатӕгтӕм 3:16, 29; 6:16; Райдиан 22:18).
ЗӔВӔТЫЛ ФӔХӔЦЫН
Хӕйрӕг Чырыстийӕн цы знаггад ракодта, уый. Хӕйрӕгӕн бантыст Чырыстийы амарын, фӕлӕ йӕ Хуыцау райгас кодта.
СӔР НЫЦЪЦЪӔЛ КӔНЫН
Хӕйрӕгыл цы мӕлӕтдзаг цӕф сӕмбӕлдзӕн, уый. Чырысти Хӕйрӕджы ӕнустӕм фесафдзӕн. Фӕлӕ уал уый размӕ кӕрон скӕндзӕн, Хӕйрӕг Едемы цы сарӕзта, уый аххосӕй цы фыддзинад фӕзынд, уымӕн (1 Иоанны 3:8; Раргомад 20:10).
Библийы сӕйраг темӕйы тыххӕй цыбыртӕй фыст ис брошюрӕйы «Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
[Ныв 11 фарсыл]
Адам ӕмӕ Евӕ сӕ тӕригъӕды аххосӕй хъизӕмӕртты хай фесты