52 зарӕг
Дӕ зӕрдӕ хъахъхъӕн
1. Дӕ зӕрдӕ хъахъхъӕн, ’мӕ цӕрай.
Дӕхи рӕдыдӕй хиз.
Хуыцау кӕсы ӕмӕ уыны,
Дӕ зӕрдӕйы цы ис.
Хатт зӕрдӕ адзӕгъӕл вӕййы,
Мӕнгард ’мӕ хивӕнд у.
Дӕ зӕрдӕйыл уӕлахиз кӕн,
Хуыцауы зондыл цу.
2. Дӕ зӕрдӕ уӕд Хуыцаумӕ здӕхт,
Кув уымӕ, ’ххуыс дзы кур.
Ӕдзух ын кад ’мӕ арфӕ кӕн,
Дӕ сагъӕстӕ йын дзур.
Йегъовӕ нын цы амоны,
Уый хъуамӕ ’ххӕст кӕнӕм.
Ӕнувыд ыл дӕ зӕрдӕ уӕд,
Хӕсс цин Йегъовӕйӕн.
3. Рӕдыд фӕндтӕй дӕ зӕрдӕ хиз,
Дӕ зонд дӕр уӕд сыгъдӕг.
Хуыцауы Ныхас алкӕддӕр
Дӕуӕн уӕд тыхдӕттӕг.
Ӕнувыд чи у, уыдоны
Йегъовӕ уарзы тынг.
Лӕггад ын кӕн ӕмӕ йын у
Хӕлар ӕнустӕм ды.
(Кӕс ма Пс. 34:1; Фил. 4:8; 1 Пет. 3:4.)