-
Дӕхи хиз Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй!Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 15 август
-
-
Дӕхи хиз Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй!
«Хӕйрӕджы къӕппӕгӕй раирвӕз» (2 ТИМ. 2:26).
1, 2. Ацы статьяйы Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй кӕцытӕм ӕркӕсдзыстӕм?
ХӔЙРӔГ зилы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты фӕдыл. Фӕлӕ йӕ нысан ӕнӕмӕнг уый нӕу, цӕмӕй сӕ амара, цуанон сырд куыд амары, афтӕ. Хӕйрӕджы сӕйраджыдӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ амӕттаджы удӕгасӕй ӕрцахса ӕмӕ йӕ цы фӕнды, уый йын аразын кӕна. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 2:24–26.)
2 Цуаноны куы фӕфӕнды сырд удӕгасӕй ӕрцахсын, уӕд ын ӕрцӕттӕ кӕны алыхуызон къӕппӕджытӕ. Зӕгъӕм, йе ’мбӕхсӕн бынатӕй йӕ расайы ӕмӕ йӕ стӕй истӕмӕй ӕрцахсы. Кӕнӕ та йын йӕ размӕ къӕппӕг сӕвӕры, куыд нӕ зына, афтӕ, ӕмӕ дзы сырд бахауы. Афтӕ Хӕйрӕг дӕр ахӕм къӕппӕджытӕ ӕрцӕттӕ кӕны, цӕмӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджыты удӕгасӕй ахса. Ӕмӕ нӕ кӕд нӕ фӕнды йӕ къӕппӕджыты бахауын, уӕд хъуамӕ уӕм къӕрцхъус ӕмӕ нӕ хъус дарӕм, Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕ цӕй фӕрцы ис базонӕн, уыдӕттӕм. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Хӕйрӕгӕн кӕйдӕрты ӕрцахсын кӕй фӕрцы бантысы, уыцы къӕппӕджытӕй ӕртӕмӕ. Уыдон сты: 1) адӕймаг йе ’взаджы рохтыл куы нӕ хӕца; 2) адӕмӕй куы тӕрса ӕмӕ, уыдоны цы фӕнды, уый куы араза ӕмӕ 3) адӕймаг фӕсмонӕй йӕхи ӕгӕр куы хӕра. Иннӕ статьяйы та аныхас кӕндзыстӕм ноджыдӕр дыууӕ къӕппӕгыл.
ДЕ ’ВЗАДЖЫ РОХТЫЛ ХӔЦ – ӔМБЫРДЫ АРТ МА ССУДЗ
3, 4. Не ’взаджы рохтыл куы нӕ хӕцӕм, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
3 Цуаноны куы фӕфӕнды сырдты се ’мбӕхсӕн бынатӕй расайын, уӕд иуӕй-иу хатт хъӕдыл арт бафтауы. Ӕмӕ сырдтӕ лидзынмӕ куы фӕвӕййынц, уӕд сӕ ӕрцахсы. Афтӕ Хӕйрӕджы дӕр фӕнды чырыстон ӕмбырдыл арт бафтауын. Ӕмӕ уый йӕ къухы куы бафта, уӕд ӕмбырды адӕм уыцы ӕдас бынатӕй лидзынмӕ фӕуыдзысты ӕмӕ комкоммӕ йӕ дзӕмбытӕм бахаудзысты. Куыд ис уымӕн гӕнӕн, ӕмӕ йӕ нӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕнӕм, афтӕ Хӕйрӕгӕн уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй йӕ къӕппӕджы бахауӕм?
4 Ахуыргӕнинаг Иаков ӕвзаг абарста зынгимӕ, кӕнӕ артимӕ. (Бакӕс Иаковы 3:6–8.) Не ’взаджы рохтыл куы нӕ хӕцӕм, уӕд ӕмбырдыл ахӕм арт бафтаудзыстӕм, ӕмӕ йын бауромӕн нал уыдзӕн. Куыдӕй? Ахъуыды-ма кӕн ахӕм цӕвиттоныл: ӕмбырды фехъусын кодтой, ахӕм ӕмӕ ахӕм хойы пионерӕй снысан кодтой, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ӕмбырды фӕстӕ дыууӕ хъусынгӕнӕджы ууыл ныхас кӕнынц. Иуӕн уыцы хабар тынг ӕхсызгон у ӕмӕ уыцы хойӕн йӕ зӕрдӕ зӕгъы, хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый. Иннӕ та дзуры, зӕгъгӕ, дам, ӕй уӕртӕ фӕнды ӕмбырды йӕхи равдисын ӕмӕ, дам, пионер дӕр уый тыххӕй сси. Уыцы дыууӕ адӕймагӕй дӕхицӕн ӕмбалӕн кӕй равзарис? Сӕ дыууӕйӕ ӕмбырдыл арт кӕцы бафтаудзӕн, уый зын бамбарын нӕу.
5. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй не ’взаджы рохтыл хӕцын зонӕм ӕмӕ ӕмбырды арт ма ссудзӕм?
5 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй не ’взаджы рохтыл хӕцын зонӕм ӕмӕ ӕмбырды арт ма ссудзӕм? Йесо загъта: «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йедзаг цӕмӕй вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны» (Матф. 12:34). Уӕдӕ фыццаг къахдзӕф у нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын. Мыййаг, адӕймагмӕ ӕвзӕр зӕрдӕ нӕ дарӕм? Кӕд афтӕ у, уӕд уый не ’взагӕн бензинӕй уӕлдай нӕ уыдзӕн, ӕмӕ иннӕтӕн нӕ ныхӕстӕй зиан хӕсдзыстӕм. Зӕгъӕм, искӕцы ӕфсымӕры тыххӕй куы базонӕм, ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕм кӕй тырны, уӕд цы ахъуыды кӕндзыстӕм? Афтӕ зӕгъдзыстӕм, зӕгъгӕ, уый Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕныны тыххӕй аразы? Ӕви зӕгъдзыстӕм, йӕхицӕн кад агуры, зӕгъгӕ? Кӕд иннӕтыл фаутӕ ӕвӕрын ахуыр стӕм, уӕд хорз уаид, куы-иу ӕрхъуыды кӕниккам, иуафон Хӕйрӕг дӕр Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иовыл фаутӕ кӕй ӕвӕрдта (Иов 1:9–11). Кӕуылдӕр ӕнӕууӕнк кӕныны бӕсты-иу фӕлтау ахъуыды кӕнӕм, ахӕм цӕстӕй йӕм цӕмӕн кӕсӕм, ууыл. Уӕвгӕ нын исты ӕфсон ис, ӕмӕ йӕм ахӕм цӕстӕй кӕсӕм? Кӕд, мыййаг, нӕ зӕрдӕ ацы дунейы зондахастӕй фӕхъӕстӕ, ома ацы фӕстаг бонты адӕм кӕрӕдзи кӕй нӕ уарзынц, уый махыл дӕр бандӕвта? (2 Тим. 3:1–4).
6, 7. а) Иуӕй-иу хатт иннӕтыл фаутӕ цӕмӕн февӕрӕм? ӕ) Исчи нӕ ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ куы кӕна, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм?
6 Искӕуыл ма фаутӕ ноджыдӕр цӕмӕн февӕрӕм? Чи зоны нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй, цы сарӕзтам, уый иннӕтӕ дӕр базоной ӕмӕ нӕ ӕппӕлой. Ӕмӕ кӕуылдӕр фаутӕ ӕвӕргӕйӕ нӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр сӕвӕрӕм. Кӕнӕ та нӕхӕдӕг цыдӕр хъуамӕ сарӕзтаиккам, фӕлӕ йӕ нӕ сарӕзтам, ӕмӕ йӕ кӕйдӕр аххос кӕнӕм. Адӕймаг искӕуыл фаутӕ февӕры, сӕрбӕрзонд кӕй у, хӕлӕг кӕй кӕны кӕнӕ ӕнӕныфсхаст кӕй у, уый тыххӕй. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа – йӕ ныхӕстӕй стыр зиан ӕрхӕссы.
7 Иуӕй-иу хатт нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ кӕйдӕр кой дзӕгъӕлы нӕ кӕнӕм. Чи зоны, уыцы адӕймаг йӕхӕдӕг дӕр нӕ кой кодта ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ скъахта. Фӕлӕ йын ӕй ды дӕр уымӕй куы фидай, уӕд дзы хорзӕй ницы рауайдзӕн. Арт ма тынгдӕр бандзардзынӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндон не ’ххӕст кӕндзынӕ, фӕлӕ Хӕйрӕджы фӕндон (2 Тим. 2:26). Ахӕм уавӕры хъуамӕ Чырыстийы бафӕзмӕм. Алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ йын куы кодтой, «уӕд сӕ уый не ’фхӕрдта», «фӕлӕ йӕхи бакодта, раст тӕрхон чи кӕны, уый бар» (1 Пет. 2:21–23). Йесо йӕ фидарӕй зыдта, цы хъӕуы, уый Йегъовӕ кӕй сараздзӕн, йӕхи куыд фӕнды, афтӕ, ӕмӕ йӕхи кӕд фӕнды, уӕд. Мах дӕр нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл афтӕ хъуамӕ дарӕм. Нӕ ныхӕстӕ-иу иннӕтӕн ӕвдадзы хос куы уой, уӕд не ’мбырды фарн ӕмӕ иудзинад хъахъхъӕндзыстӕм. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:1–3.)
АДӔМӔЙ МА ТӔРС ӔМӔ, УЫДОНЫ ЦЫ ФӔНДЫ, УЫЙ МА АРАЗ
8, 9. Пилат Йесойӕн мӕлӕты тӕрхон цӕмӕн рахаста?
8 Сырд къӕппӕджы куы бахауы, уӕд йӕ бон змӕлын нал вӕййы, сӕрибар нал вӕййы. Раст афтӕ, исчи адӕмӕй куы фӕтӕрсы ӕмӕ, уыдоны цы фӕнды, уый куы фӕаразы, уӕд йӕ цардыл ӕнӕхъӕнӕй йӕ бар нал фӕцӕуы. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 29:25.) Ӕркӕсӕм, адӕмӕй чи фӕтарст ӕмӕ, уыдоны цы фӕндыд, уый чи сарӕзта, дыууӕ ахӕм адӕймаджы хабармӕ ӕмӕ фенӕм, зондзонӕн нын куыд сты, уый.
9 Ромаг хицау Понтий Пилат зыдта, Йесо аххосджын кӕй нӕ уыд, ӕмӕ, куыд зыны, афтӕмӕй йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй йын ӕвзӕрӕй исты сарӕзтаид. Афтӕ дӕр ма загъта, зӕгъгӕ, дам, ын «мӕлӕты тӕрхон цӕй тыххӕй рахӕссон», ахӕмӕй ницы сарӕзта. Фӕлӕ уӕддӕр Пилат Йесойӕн мӕлӕты тӕрхон рахаста. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Пилат бакодта, адӕм дзы цы домдтой, уый (Лук. 23:15, 21–25). Уыдон хъӕр кодтой: «Куы йӕ рауадзай, уӕд Ромы паддзахӕн ӕмбал нӕ дӕ». Ӕмӕ йын афтӕмӕй аразын кодтой, сӕхи цы фӕндыд, уый (Иоан. 19:12). Ӕвӕццӕгӕн, Пилат тарсти, Чырыстийы фарс куы рахӕца, уӕд йӕ бынат, стӕй, чи зоны, йӕ цард дӕр, кӕй фесафдзӕн. Афтӕмӕй къӕппӕджы бахауд ӕмӕ, Хӕйрӕджы цы фӕндыд, уый сарӕзта.
10. Петр цӕуылнӕ басаст, Чырыстийы кӕй зыдта, ууыл?
10 Апостол Петр уыди Йесойы хуыздӕр ӕмбӕлттӕй сӕ иу. Уый ӕргом загъта, Йесо Мессийӕ кӕй у (Матф. 16:16). Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы ныхӕстӕ куы нӕ бамбӕрстой ӕмӕ йӕ куы ныууагътой, уӕд ыл Петр иузӕрдионӕй баззад (Иоан. 6:66–69). Ӕмӕ знӕгтӕ Йесойы ӕрцахсынмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд Петр хъама фелвӕста, цӕмӕй йӕ Хицауы бахъахъхъӕдтаид (Иоан. 18:10, 11). Фӕлӕ фӕстӕдӕр адӕмӕй фӕтарсти ӕмӕ суанг, Чырыстийы кӕй зыдта, ууыл дӕр нӕ басаст. Рӕстӕгмӕ Петр бахауди къӕппӕджы ӕмӕ уый тыххӕй йӕ бон нӕ уыди хъӕбатырӕй архайын (Матф. 26:74, 75).
11. Фидар фӕлӕууын нӕ кӕд фӕхъӕуы?
11 Чырыстӕтты фӕхъӕуы фидар фӕлӕууын, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ сын куы фӕаразын кӕнынц, уӕд. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нын не ’мкусджытӕ кӕнӕ нӕ зонгӕтӕ аразын кӕной, сайдыл нымад чи у, ахӕм хъуыддаг кӕнӕ нӕ ӕнӕгъдау митыл ӕфтауой. Скъоладзаутӕн кӕнӕ студенттӕн се ’мбӕлттӕ фӕдзурынц, цӕмӕй сайой экзаменты, порнографимӕ кӕсой, тамако дымой, наркотиктӕ кӕной, нуазой кӕнӕ ӕнӕгъдау митӕ кӕной. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уыцы къӕппӕджы ма бахауӕм, ома адӕмӕй ма фӕтӕрсӕм ӕмӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый ма саразӕм?
12. Пилат ӕмӕ нын Петры хабӕрттӕ зондзонӕн куыд сты?
12 Пилат ӕмӕ нын Петры хабӕрттӕ зондзонӕн куыд сты? Кӕд Пилат Йесо Чырыстийы тыххӕй бирӕ нӕ зыдта, уӕддӕр зыдта, Йесо аххосджын кӕй нӕ уыд, стӕй хуымӕтӕг адӕймаг дӕр кӕй нӕ уыд, уый. Фӕлӕ Пилат сӕрныллӕг нӕ уыд ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы нӕ уарзта. Ӕмӕ йӕ Хӕйрӕг дӕр йӕ къӕппӕджы ӕнцонтӕй ӕрцахста. Петр та Хуыцауы уарзгӕ дӕр кодта, стӕй бӕлвырдӕй зыдта, ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти чи сты, уый. Фӕлӕ-иу хаттӕй-хатт йӕхицӕй ӕгӕр фӕныфсджын ӕмӕ-иу бонзонгӕ нӕ разынд, кӕнӕ та-иу дзы тас бацыд ӕмӕ-иу фӕрӕдыд. Йесойы куы ’рцахстой, уый размӕ Петр йӕхицӕй ӕппӕлыд: «Се ’ппӕт дӕр дӕ куы ныууадзой, уӕддӕр дӕ ӕз нӕ ныууадздзынӕн!» (Мар. 14:29). Петр дӕр псаломзарӕггӕнӕгау йӕ ныфс Хуыцауыл куы дардтаид, уӕд фӕлварӕнтӕм хуыздӕр цӕттӕ уыдаид. Псаломзарӕггӕнӕг афтӕ зарыд: «Йегъовӕ у мӕ фарс, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?» (Пс. 118:6). Йесо зӕххыл фӕстаг ӕхсӕв куы уыд, уӕд Петры ӕмӕ ма ноджыдӕр дыууӕ апостолы йемӕ акодта Гефсиманийы дыргъдонмӕ. Йесо сын загъта, цӕмӕй ма бафынӕй уыдаиккой, фӕлӕ Петр дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр бафынӕй сты. Йесо сӕ куы райхъал кодта, уӕд сын загъта: «Ма бафынӕй ут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууат» (Мар. 14:38). Фӕлӕ та Петр уӕддӕр бафынӕй, ӕмӕ фӕстӕдӕр адӕмӕй фӕтарст ӕмӕ фӕрӕдыд.
13. Исты ӕвзӕр хъуыддаг нын куы аразын кӕной, уӕд фидар цӕй фӕрцы фӕлӕудзыстӕм?
13 Пилат ӕмӕ нын Петры хабӕрттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, цӕмӕй адӕмӕй ма фӕтӕрсӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы бӕлвырд зонындзинӕдтӕ, сӕрныллӕгдзинад, бонзонгӕдзинад, хъуамӕ Хуыцауы уарзӕм ӕмӕ дзы тӕрсӕм. Нӕ уырнындзинадӕн йӕ бындур бӕлвырд зонындзинӕдтӕ куы уой, уӕд, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй ныфсджынӕй дзурдзыстӕм. Ӕмӕ нын уый та баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу адӕмы зондахасты ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ сӕ ма тӕрсӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ нӕхицӕй ныфсджын ма уӕм. Хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ йӕ ӕмбарӕм, фидар фӕлӕууынӕн нӕ Хуыцауы тых кӕй хъӕуы. Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых курӕм ӕмӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый нӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна, цӕмӕй йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрӕм ӕмӕ йын йӕ ном мацӕмӕй фӕчъизи кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ фӕлварӕнтӕм нӕхи рагацау бацӕттӕ кӕнӕм. Зӕгъӕм, нӕ сывӕллӕтты-иу рагацау куы бацӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ-иу семӕ куы скувӕм, уӕд зондзысты, куыд бакӕной, се ’мбӕлттӕ сын исты ӕвзӕр хъуыддаг куы аразын кӕной, уӕд (2 Кор. 13:7)a.
ДӔХИ ФӔСМОНӔЙ ӔГӔР МА ХӔР
14. Хӕйрӕг нӕ цавӕр хъуыдыйыл ӕфтауы?
14 Хатт цуанон сӕвӕры ахӕм къӕппӕг: сырдтӕ кӕм фӕрацу-бацу кӕнынц, уым фӕндаджы сӕрмӕ ӕрцауындзы стыр хъӕд кӕнӕ стыр дур. Стӕй фӕндаджы сӕрты айвазы тел, ӕмӕ йыл сырд куы андзӕвы, уӕд ыл дур кӕнӕ хъӕд ӕрхауы ӕмӕ йӕ быны фӕвӕййы. Нӕхи фӕсмонӕй ӕгӕр куы хӕрӕм, уӕд уый уыдзӕн, цыма ныл ахӕм стыр дур ныффӕлдӕхт ӕмӕ йӕ быны фестӕм, уый хуызӕн. Нӕ раздӕры рӕдыдтытыл хъуыдыгӕнгӕйӕ хатгай «нӕ зӕрдӕ бынтон асӕтты». (Бакӕс Псалом 38:3–5, 8.) Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй нӕ ахӕм хъуыдыйыл бафтауа, ӕмӕ нын Йегъовӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ нын никуы рауайдзӕн йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын.
15, 16. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕхи фӕсмонӕй ӕгӕр ма хӕрай?
15 Дӕ бон куыд у дӕхи ацы къӕппӕгӕй бахизын? Кӕд уӕззау тӕригъӕд сарӕзтай, уӕд ӕнцад ма лӕуу, фӕлӕ ӕвӕстиатӕй бацархай фӕстӕмӕ Йегъовӕимӕ бафидауыныл. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракур (Иак. 5:14–16). Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый сараз, цӕмӕй дӕ рӕдыд сраст кӕнай (2 Кор. 7:11). Зонд дын куы бацамоной, уӕд-иу дӕхимӕ ма ныхъхъус, уымӕн ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ уарзы (Дзут. 12:6). Дӕхицӕн фидарӕй зӕгъ, ахӕм тӕригъӕд кӕй нал сараздзынӕ ӕмӕ дӕ уымӕ цы ӕркодта, уыдӕттӕй дӕхи кӕй хиздзынӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ дӕ фӕндмӕ гӕсгӕ архай. Ӕмӕ иугӕр ӕрфӕсмон кодтай ӕмӕ дӕ цард аивтай, уӕд дӕ фидарӕй уырнӕд, Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы дӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй ӕрцӕудзысты (1 Иоан. 4:9, 14).
16 Иуӕй-иутӕ ма ныр дӕр сӕхи фӕхӕрынц, Хуыцау сын кӕй ныххатыр кодта, уыцы тӕригъӕдты тыххӕй. Кӕд ды дӕр афтӕ кӕныс, уӕд-иу ӕрхъуыды кӕн, Йегъовӕ Петрӕн ӕмӕ иннӕ апостолтӕн кӕй ныххатыр кодта, йӕ уарзон Фырты йын йӕ тӕккӕ зындӕр сахат кӕй ныууагътой, уый. Йегъовӕ ныххатыр кодта, Коринфы ӕмбырдӕй амӕй-ай хӕлддӕр мийы тыххӕй кӕй ацух кодтой, фӕлӕ уый фӕстӕ чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы адӕймагӕн (1 Кор. 5:1–5; 2 Кор. 2:6–8). Хуыцауы Ныхасы фыст ис, уӕззау тӕригъӕдтӕ чи сарӕзта, ахӕм адӕмы тыххӕй. Фӕлӕ сыл ӕрфӕсмон кодтой, ӕмӕ сын сӕ Хуыцау ныххатыр кодта (2 Аз. 33:2, 10–13; 1 Кор. 6:9–11).
17. Чырыстийы нывонд нын цы пайда хӕссы?
17 Кӕд дӕ рӕдыдтытыл зӕрдӕйӕ фӕсмон кӕныс ӕмӕ дӕ уырны, Йегъовӕ дӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй равдисдзӕн, уӕд дын сӕ ӕнӕмӕнг ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ сӕ ферох кӕндзӕн. Афтӕ макуы ахъуыды кӕн, ӕмӕ Йесойы нывонды фӕрцы дӕр нӕй дӕ тӕригъӕдтӕн ныххатыр кӕнӕн. Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, уӕд Хӕйрӕджы къӕппӕджы бахаудтӕ. Хӕйрӕг дӕ цыфӕнды хъуыдытыл ма ӕфтауа, уӕддӕр уыцы нывонды фӕрцы хатыргонд цӕуынц алкӕй тӕригъӕдтӕ дӕр, кӕд сыл ӕрфӕсмон кодтой, уӕд (Ӕмб. 24:16). Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндыс, уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕхи фӕсмонӕй ӕгӕр ма хӕрай ӕмӕ уыцы уӕззау уаргъ де уӕхсчытӕй аппарай. Стӕй ма дӕм уый фӕрцы фӕзындзӕн хъарутӕ, цӕмӕй Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнай (Матф. 22:37).
САЙТАН КУЫД АРХАЙЫ, УЫЙ НЫН ӔНӔЗОНГӔ НӔУ
18. Нӕ бон куыд у Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй нӕхи бахизын?
18 Хӕйрӕгӕн уӕлдай нӕу, йӕ къӕппӕджытӕй кӕцыйы бахаудзыстӕм, уый. Йӕ нысан у, цӕмӕй нӕ ӕрцахса, ӕмӕ кӕцыфӕнды къӕппӕг дӕр уӕд. Фӕлӕ, куыд архайы, уый нын ӕнӕзонгӕ нӕу. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у нӕхи бахъахъхъӕнын, цӕмӕй ныл хинӕй ма рацӕуа (2 Кор. 2:10, 11). Фӕлварӕнты Хуыцауӕй зонд куы курӕм, уӕд Хӕйрӕджы къӕппӕджыты нӕ бахаудзыстӕм. Иаков ныффыста: «Кӕд искӕмӕ зонд фаг нӕй, уӕд курӕд Хуыцауӕй,– уымӕн ӕмӕ уый алкӕмӕн дӕр дӕтты рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй,– ӕмӕ йын ӕнӕратгӕ нӕ фӕуыдзӕн» (Иак. 1:5). Ӕмӕ нын цӕмӕй Йегъовӕ зонд ратта, уый тыххӕй та хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр Библи ӕдзух ахуыр кӕнӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайӕм. Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар цы литературӕ уадзы, уый ӕргом кӕны Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕ ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ нӕхи бахизӕм.
19, 20. Ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт цӕмӕн хъуамӕ уынӕм?
19 Хуыцаумӕ кӕй фӕкувӕм ӕмӕ Библи кӕй фӕахуыр кӕнӕм, уый фӕрцы тынгдӕр бауарзӕм, хорз цы у, уый. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынын сахуыр уӕм (Пс. 97:10). Нӕ зӕрдӕйы хиуарзон фӕндтӕ нӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд сӕ фӕдыл нӕ ацӕудзыстӕм (Иак. 1:14, 15). Ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынын ӕмӕ, хорз цы у, уый ӕцӕгдӕр уарзын куы сахуыр уӕм, уӕд, Хӕйрӕг йӕ къӕппӕджыты цы сайӕнтӕ ӕвӕры, уыдонмӕ нӕ зӕрдӕ не ’хсайдзӕн, уыдзысты нын ӕнад.
20 Хуыцау нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ныл Сайтан хинӕй ма рацӕуа. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг куыннӕ стӕм! Йегъовӕ нӕ йӕ сыгъдӕг тыхы, йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ организацийы фӕрцы ирвӕзын кӕны «Фыдбылызӕй» (Матф. 6:13). Иннӕ статьяйы ма аныхас кӕндзыстӕм, Хӕйрӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджыты удӕгасӕй кӕмӕй ӕрцахсы, уыцы къӕппӕджытӕй дыууӕйыл ӕмӕ сӕ нӕхи куыд бахизӕм, ууыл.
-
-
Фидар лӕуу ӕмӕ ма бахау Хӕйрӕджы къӕппӕджыты!Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 15 август
-
-
Фидар лӕуу ӕмӕ ма бахау Хӕйрӕджы къӕппӕджыты!
«Хӕйрӕджы хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕуут» (ЕФ. 6:11).
1, 2. а) Хӕйрӕг сӕрст чырыстӕттӕн ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕн» тӕригъӕд цӕуылнӕ кӕны? ӕ) Ацы статьяйы Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй кӕцытӕм ӕркӕсдзыстӕм?
САЙТАН ХӔЙРӔГ адӕмӕн ӕппындӕр нӕ тӕригъӕд кӕны, уӕлдайдӕр та, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕн. Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдонимӕ Хӕйрӕг тох кӕны (Рарг. 12:17). Уыцы чырыстӕттӕ разамынд дӕттынц хъусын кӕныны хъуыддагӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ныфсджынӕй хъусын кӕнынц, стӕй адӕмӕн ӕргом кӕнынц, ацы дунейы хицау Сайтан кӕй у. Хӕйрӕг йе сӕфт уыны «ӕндӕр фыстӕй» дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр сӕрст чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнынц, стӕй сӕ ныфс ис ӕнусон цардӕй, Хӕйрӕг та уыцы цардӕй ӕнӕхай фӕци (Иоан. 10:16). Уӕдӕ мӕстӕй куыннӕ хъуамӕ тона! Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл цӕрыны ныфс,– Хӕйрӕджы мах мӕт ӕппындӕр нӕй. Йӕ нысан у, цӕмӕй нӕ ӕрцахса (1 Пет. 5:8).
2 Ӕмӕ цӕмӕй йӕ нысан йӕ къухы бафта, уый тыххӕй Хӕйрӕг сӕвӕрдта алыхуызон къӕппӕджытӕ. Ӕнӕуырнджытӕн сӕ сӕрызонд кӕй «бакуырм кодта», уый тыххӕй уыдон хорз хабармӕ нӕ хъусынц ӕмӕ уыцы къӕппӕджытӕ дӕр нӕ уынынц. Фӕлӕ, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдонӕй дӕр кӕйдӕрты ӕрцахсы (2 Кор. 4:3, 4). Айразмӕйы статьяйы ныхас кодтам Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй ӕртӕйыл. Уыдон сты: 1) адӕймаг йе ’взаджы рохтыл куы нӕ хӕца; 2) адӕмӕй куы тӕрса ӕмӕ, уыдоны цы фӕнды, уый куы араза ӕмӕ 3) адӕймаг фӕсмонӕй йӕхи ӕгӕр куы хӕра. Ныр та ӕркӕсӕм, нӕ бон куыд у нӕхи ноджыдӕр дыууӕ къӕппӕгӕй бахизын. Уыдон та сты: мулчы фӕдыл ацӕуын ӕмӕ хӕтындзинад.
АДӔЙМАДЖЫ МУЛК ЙӔ ФӔДЫЛ АСАЙЫ ӔМӔ ЙӔ НЫХХУРХ КӔНЫ
3, 4. Ацы царды сагъӕсты тыххӕй адӕймаг мулчы фӕдыл куыд ацӕуы?
3 Йӕ фӕсномыг ныхӕстӕй иуы Йесо дзырдта, нӕмыг сындзыты ’хсӕн кӕй ӕрхауд, уый тыххӕй. Уый загъта, зӕгъгӕ, дам, адӕймаг дзырд фехъусы, «фӕлӕ ацы царды сагъӕстыл свӕййы, хъӕздыгдзинад ӕй йӕ фӕдыл асайы, ӕмӕ дзырд нал сырӕзы. Гъемӕ тыллӕг нӕ ратты» (Матф. 13:22). Ацы стихы дзырдбаст «дзырд нал сырӕзы» ратӕлмац кӕнӕн ис афтӕ дӕр: «дзырд ныххурх вӕййы». О, адӕймаджы мулк йӕ фӕдыл кӕй асайы, уый у, не знаг Хӕйрӕг кӕмӕй пайда кӕны, уыцы къӕппӕджытӕй иу.
4 Дзырд нал сырӕзы дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй. Иу у «ацы царды сагъӕстӕ». Мах цӕрӕм «тынг уӕззау рӕстӕджы», ӕмӕ адӕймаг бирӕ цӕуылдӕрты фӕтыхсы (2 Тим. 3:1). Алцыдӕр зынаргъдӕр кӕй кӕны ӕмӕ бирӕтӕн сӕ бон кӕй нӕу куыст ссарын, уый тыххӕй сын зын у цардамӕлттӕ кӕнын. Науӕд та, чи зоны, сагъӕс кӕныс дӕ сомбоныл ӕмӕ хъуыды кӕныс, пенсийы куы ацӕуон, уӕд мын цымӕ фаг кӕндзӕн, зӕгъгӕ. Ахӕм сагъӕсты тыххӕй иуӕй-иутӕ хъӕздыгдзинады фӕдыл ацыдысты, уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕм ӕхца куы уа, уӕд ӕнӕмӕт цард кӕндзысты.
5. Хъӕздыгдзинад адӕймаджы йӕ фӕдыл куыд асайы?
5 Йесо ма загъта, адӕймаджы «хъӕздыгдзинад... йӕ фӕдыл асайы», зӕгъгӕ. Ӕмӕ адӕймаг царды сагъӕстыл дӕр куы суа ӕмӕ ма йӕ хъӕздыгдзинад дӕр йӕ фӕдыл куы асайа, уӕд ӕнцонтӕй бахаудзӕн мулк уарзыны къӕппӕджы. Библийы фыст ис, адӕймаджы «ӕхца... хъахъхъӕны», зӕгъгӕ (Еккл. 7:12). Ома нӕм ӕхца куы уа, уӕд нӕ бон уыдзӕн, цы нӕ хъӕуы, уыдӕттӕ балхӕнын. Фӕлӕ хъӕздыгдзинады фӕдыл цӕуын зондджын ми нӕу. Бирӕтӕ бамбӕрстой, хъӕздыгдзинадмӕ цас тынгдӕр тырнынц, уыйас тынгӕй-тынгдӕр кӕй кӕнынц мулкуарзаг ӕмӕ сын зын кӕй у уыцы къӕппӕгӕй раирвӕзын. Чидӕртӕ ма хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр систы (Матф. 6:24).
6, 7. а) Куыст адӕймагӕн къӕппӕг куыд свӕййы? ӕ) Чырыстоны фӕскуыст кусын куы хъӕуа, уӕд цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕна?
6 Хатт адӕймаг хъӕздыгдзинадмӕ бӕллын райдайы, йӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бамбары, афтӕмӕй. Ахъуыды-ма кӕн ахӕм цӕвиттоныл. Куысты дӕм дӕ хицау ӕрбацыд ӕмӕ дын зӕгъы: «Хорз хабар мӕм ис! Нӕ компаниимӕ арӕзт ӕрцыд стыр контракт. Ӕмӕ дӕ бахъӕудзӕн цалдӕр мӕйы дӕргъы арӕх фӕскуыст дӕр кусын. Фӕлӕ фӕсмон нӕ фӕкӕндзынӕ – бирӕ ӕхца бакусдзынӕ». Куыд бакӕнис ахӕм уавӕры? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис дыл хӕс – хъӕуы дӕ дӕ бинонты дарын,– ӕмӕ уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Фӕлӕ дыл ӕрмӕст уыцы хӕс нӕй (1 Тим. 5:8). Хъӕуы дӕ ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтыл дӕр ахъуыды кӕнын. Фӕскуыст дӕ цас хъӕудзӕн кусын? Дӕ куыст дӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕ аразын нӕ бахъыгдардзӕн, зӕгъӕм, ӕмбырдтӕм цӕуын кӕнӕ дӕ бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнын?
7 Уыцы фарста скъуыддзаг кӕнгӕйӕ дын ахсджиагдӕр цы уыдзӕн – фылдӕр ӕхца дӕм кӕй фӕзындзӕн, уый, ӕви дын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уый? Фылдӕр ӕхца бакусын дӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй Хуыцауы Паддзахад дӕ царды фыццаг бынаты нал ӕвӕрдзынӕ? Ӕмбарыс ӕй, дӕхи уырнындзинадыл дӕр ӕмӕ дӕ бинонты уырнындзинадыл дӕр куы нӕ тыхсай ӕмӕ мулчы фӕдыл куы ацӕуай, уӕд дыл уый куыд фӕзындзӕн? Кӕд ныртӕккӕ ахӕм уавӕры дӕ, ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард дӕ, уӕд дӕ бон куыд у фидар фӕлӕууын, цӕмӕй дӕ мулчы къӕппӕг ма ныххурх кӕна? (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:9, 10.)
8. Библийӕ нын цавӕр цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты нӕ цардыл ахъуыды кӕнынӕн?
8 Цӕмӕй дӕ мулчы къӕппӕг ма ныххурх кӕна, уый тыххӕй-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ дӕ цардыл ахъуыды кӕн. Хъуамӕ ма уай, Хуыцауы хъуыддӕгтӕн чи нӕ аргъ кодта, уыцы Исавы хуызӕн (Райд. 25:34; Дзут. 12:16). Стӕй хъуамӕ ма уай, Йесо кӕимӕ ныхас кодта, уыцы хъӕздыг лӕппуйы хуызӕн дӕр. Йесо йын загъта, цӕмӕй йӕ фӕллӕйттӕ ауӕй кодтаид, йе ’хца мӕгуыртыл байуӕрстаид ӕмӕ йӕ фӕдыл цыдаид. Фӕлӕ уыцы лӕппу «ӕнкъардӕй ацыд, уымӕн ӕмӕ йӕм стыр фӕллӕйттӕ уыди» (Матф. 19:21, 22). Уый бахауд хъӕздыгдзинады къӕппӕджы ӕмӕ ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаджы фӕдылдзӕуӕг не сси – ахӕм стыр кадӕй ӕнӕхай фӕци! Ды дӕ Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинаг, ӕмӕ дӕхи хъахъхъӕн, цӕмӕй уыцы кадӕй ӕнӕхай ма фӕуай.
9, 10. Библийы мулчы тыххӕй цы фыст ис? Куыд ӕй бамбӕрстай?
9 Цӕмӕй нӕ мулк йӕ фӕдыл ма асайа, уый тыххӕй хъуамӕ байхъусӕм Йесойы уынаффӕмӕ: «Мӕт макуы кӕнут ӕмӕ ма дзурут, зӕгъгӕ, цы хӕрӕм, цы нуазӕм, кӕнӕ, нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм. Ӕппӕт уыдӕттыл ацы дунейы адӕм тыхсынц. Сымахӕн та уӕ уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц» (Матф. 6:31, 32; Лук. 21:34, 35).
10 Цӕмӕй дӕ хъӕздыгдзинад йӕ фӕдыл ма асайа ӕмӕ дӕ уыцы къӕппӕг ма ныххурх кӕна, уый тыххӕй хорз уаид Библийы фыссӕг Агуры бафӕзмын. Уый афтӕ загъта: «Ма бауадз, цӕмӕй ӕгӕр мӕгуыр дӕр суон ӕмӕ ӕгӕр хъӕздыг дӕр. Ратт мын, цы мӕ хъӕуы, ӕрмӕстдӕр уый» (Ӕмб. 30:8, Contemporary English Version). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Агур ӕмбӕрста, ӕхца адӕймаджы хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕны. Фӕлӕ ма уый дӕр ӕмбӕрста, ӕмӕ хъӕздыгдзинад сайгӕ кӕй кӕны. Рох дӕ ма уӕд, ацы царды сагъӕстыл куы суай ӕмӕ дӕ хъӕздыгдзинад йӕ фӕдыл куы асайа, уӕд дӕ уырнындзинад кӕй ныххурх уыдзӕн. Уыдӕттыл ӕгӕр куы мӕт кӕнай, уӕд дын уый дӕ рӕстӕг дӕр хӕрдзӕн, тыхтӕ дӕр-иу дӕм нал баззайдзӕн ӕмӕ дӕ Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты ӕвӕрын дӕр нал фӕнддзӕн. Уӕдӕ дӕхицӕн фидарӕй зӕгъ, Хӕйрӕджы къӕппӕджы кӕй нӕ бахаудзынӕ – мулчы фӕдыл кӕй нӕ ацӕудзынӕ! (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:5.)
ХӔТЫНДЗИНАД – ХОРЗ ӔМБӔХСТ ДЗЫХЪХЪ
11, 12. Чырыстон йӕ куысты хӕтындзинады къӕппӕджы куыд бахауы?
11 Цуаноны куы фӕфӕнды стыр сырд ӕрцахсын, уӕд хатгай скъахы дзыхъхъ, сырдтӕ кӕм фӕрацу-бацу кӕнынц, уыцы фӕндагыл. Уыцы дзыхъхъ ӕрӕмбӕрзы къӕцӕлтӕй ӕмӕ сыджытӕй. Хӕйрӕг ӕппӕты ӕнтыстджындӕрӕй кӕмӕй пайда кӕны, уыцы къӕппӕджытӕй иу у ахӕм дзыхъхъы хуызӕн. Уый у хӕтындзинад (Ӕмб. 22:14; 23:27). Чырыстӕттӕй чидӕртӕ уыцы «дзыхъхъы» ныххаудысты, уымӕн ӕмӕ сӕхи нӕ бахъахъхъӕдтой, фӕрӕдийын ӕнцон кӕм уыди, ахӕм уавӕртӕй. Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕй дӕр иуӕй-иутӕ сӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй рацыдысты, сӕ зӕрдӕйы ӕндӕр кӕмӕндӕр бынат кӕй скодтой, уый тыххӕй.
12 Гӕнӕн ис, ӕмӕ чырыстон лӕг кӕнӕ ус йӕ зӕрдӕйы бынат скӕна йе ’мкусджытӕй искӕмӕн. Йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи рацыд, уыцы сылгоймӕгтӕн се ’мбис ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕн та сӕ фылдӕр ӕмуат ӕрцыдысты се ’мкусӕгимӕ. Вӕййы афтӕ, ӕмӕ хойы фӕхъӕуы нӕлгоймӕгтимӕ кусын, ӕфсымӕры та – сылгоймӕгтимӕ. Кӕд ды дӕр ахӕм куысты кусыс, уӕд дӕхи де ’мкусджытимӕ куыд фӕдарыс? Дӕхицӕн фидарӕй загътай, куыстӕй дарддӕр уын иумӕйагӕй кӕй ницы уыдзӕн? Зӕгъӕм, нӕ хо кусы нӕлгоймагимӕ. Цалдӕр хатты сӕ царды хабӕрттыл куы аныхас кодтой, уӕд уыцы нӕлгоймагӕн йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ дзурын райдыдта, суанг ма, йӕ лӕгимӕ кӕрӕдзи цӕйдӕр тыххӕй кӕй не ’мбарынц, уый дӕр. Кӕнӕ та не ’фсымӕр, кӕимӕ кусы, ахӕм сылгоймагимӕ бахӕлар ӕмӕ хъуыдытӕ кӕны: «Исты йын куы фӕдзурын, уӕд мӕм куыд лӕмбынӕг фӕхъусы. Стӕй мын аргъ дӕр кӕны. Бӕргӕ, мӕ ус дӕр мын афтӕ куы аргъ кӕнид!» Уыныс ӕй, чырыстӕттӕн ахӕм уавӕрты куыд тӕссаг у ӕмӕ сын хӕтындзинадмӕ иу къахдзӕф йеддӕмӕ куыд нӕ вӕййы?
13. Уымӕн куыд ис гӕнӕн, ӕмӕ чырыстон лӕг кӕнӕ ус ӕмбырдӕй ӕндӕр искӕмӕн йӕ зӕрдӕйы бынат скӕна?
13 Гӕнӕн ис, ӕмӕ чырыстон лӕг кӕнӕ ус ӕмбырдӕй дӕр ӕндӕр искӕмӕн йӕ зӕрдӕйы бынат скӕна. Ӕркӕсӕм-ма, иу лӕг ӕмӕ усыл цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Дэниел ӕмӕ Сарӕa лӕггад кодтой пионертӕй. Дэниел уыд хистӕр нӕлгоймаг дӕр, ӕмӕ, йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй «нӕ» дзурын нӕ зыдта. Цыфӕнды йын ма бахӕс кодтаиккой, алцӕуыл дӕр-иу сразы. Дэниел фондз лӕппуимӕ Библи ахуыр кодта, ӕмӕ дзы ӕртӕйӕ донаргъуыд райстой. Уыцы ног ӕфсымӕрты нырма ӕххуыс хъуыди, хъуыди-иу сын ныфсытӕ бавӕрын. Ӕмӕ-иу Дэниел ӕмбырды хъуыддӕгтӕ куы кодта, уӕд-иу уыцы лӕппутӕн ӕххуыс кодта Сарӕ. Афтӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ уыд. Фӕлӕ Сарӕйы дӕр хъуыди, цӕмӕй-иу йӕхӕдӕг дӕр искӕимӕ аныхӕстӕ кодтаид, исчи йӕм байхъуыстаид, ӕмӕ йын ахӕм ӕххуыс уыдысты, Дэниел Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыцы ӕфсымӕртӕ. Уый уыди тынг тӕссаг къӕппӕг. Дэниел дзуры: «Мӕ бинойнаг цалдӕр мӕйы йӕ хъарутӕ не ’вгъау кодта, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кодтаид, ӕмӕ тынг сфӕлмӕцыд. Хъуамӕ-иу ын йӕхи дӕр исчи бафидар кодтаид, йӕ ныфсыл ын ныфс бафтыдтаид. Стӕй ма йын-иу ӕз дӕр рӕстӕг не ссардтон, ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕркодтой фыдбылызмӕ. Мӕ бинойнаг, раздӕр Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уыдонӕй иуимӕ ӕмуат ӕрцыд. Ӕмбырды мыл цы хӕстӕ уыд, уыдоныл афтӕ сдӕн, ӕмӕ мӕ бинойнагӕн йӕ уырнындзинад бонӕй-бонмӕ куыд лӕмӕгъ кодта, уый уынгӕ дӕр нӕ кодтон». Дӕ бон куыд у дӕхи ахӕм бӕллӕхӕй бахизын?
14, 15. Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хӕтындзинады «дзыхъхъы» ма ныххауой?
14 Цӕмӕй хӕтындзинады «дзыхъхъы» ма ныххауай, уый тыххӕй-иу ахъуыды кӕн, дӕ цардӕмбалыл иузӕрдион уай, уый цы нысан кӕны. Йесо загъта: «Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матф. 19:6). Афтӕ макуы хъуыды кӕн, ӕмӕ ӕмбырды хъуыддӕгтӕ дӕ цардӕмбалӕй ахсджиагдӕр сты. Стӕй кӕд арӕх афтӕ рауайы, ӕмӕ, ахсджиаг чи нӕу, ахӕм хъуыддӕгты фӕдыл ацӕуыс ӕмӕ дӕ цардӕмбалы иунӕгӕй ныууадзыс, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уӕ бинонты цардӕн тӕссаг у. Уый стыр тӕригъӕдмӕ дӕр ӕркӕндзӕн.
15 Кӕд хистӕр нӕлгоймаг дӕ, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ ӕмбырдыл тыхсай. Апостол Петр ныффыста: «Хуыцауы дзуг, уӕ бар уын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, хизут тыххӕй кӕнӕгау нӕ, фӕлӕ ӕнӕзивӕгӕй, уӕхицӕн дзы исты спайда кӕныны тыххӕй нӕ, фӕлӕ зӕрдиагӕй» (1 Пет. 5:2). Дӕ бар чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты рохуаты уадзӕн нӕй. Фӕлӕ уый тыххӕй хъуамӕ дӕ цардӕмбал рохуаты ма баззайа. Цы пайда у, дӕ хъарутӕ иууылдӕр уымӕ куы саразай, цӕмӕй ӕмбырд «ӕфсадай», дӕ хӕдзары та дӕ цардӕмбал «ӕххормагӕй куы мӕла»? Уый ма уӕ бинонты цардӕн тӕссаг дӕр у. Дэниел зӕгъы: «Царды ӕппӕты ахсджиаг уый нӕу, ӕмӕ дӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕныныл архайай, кӕд дӕ бинонтӕн уый зиан хӕссы, уӕд».
16, 17. а) Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕн куысты сӕ бон цы у саразын, цӕмӕй бӕрӕг уа, сӕ цардӕмбалыл сӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивдзысты? ӕ) Радзур, нӕ публикациты цы уыд фыст, чырыстӕттӕ сӕхи хӕтындзинадӕй куыд бахизой, уый тыххӕй.
16 Журналты «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Пробудитесь!» вӕййы бирӕ хорз уынаффӕтӕ, бинонтӕ кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕн, цӕмӕй сӕхи бахизой хӕтындзинады къӕппӕгӕй. Зӕгъӕм, 2006 азы 15 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уыди ахӕм уынаффӕтӕ: «Куысты дӕр ӕмӕ ӕндӕр искуы дӕр дӕхи хъахъхъӕн, ӕмуат ӕрцӕуынмӕ чи ’ркӕна, ахӕм уавӕртӕй. Зӕгъӕм, фӕскуыст-иу дӕ кусын куы хъӕуа, уӕд-иу де ’мкусджытӕй искӕимӕ иунӕгӕй куы баззайай, уӕд уый, гӕнӕн ис, фӕлварӕн суа. Бинонджын адӕймаг кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ дӕ ныхасӕй ӕмӕ дӕ уагахастӕй бӕрӕг уа, дӕ цардӕмбалыл дӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивдзынӕ. Хуыцауыл иузӕрдион кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ иннӕты дӕхимӕ нӕ кӕсын кӕндзынӕ хъазӕнфӕлгъауӕнтӕй ӕмӕ ӕнӕфсарм конд ӕмӕ уындӕй... Кӕм кусыс, уым дӕ цардӕмбал ӕмӕ дӕ сывӕллӕтты къамтӕ дӕ разы куы уой, уӕд уый дӕуӕн дӕр ӕмӕ де ’мкусджытӕн дӕр хорз зӕрдылдарӕн уыдзӕн, фыццаг бынаты дын дӕ бинонтӕ кӕй сты. Макуы макӕй зӕрдӕйы ӕвзӕрын кӕн уарзондзинады ӕнкъарӕнтӕ, стӕй макуы быхс искӕй хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ».
17 2009 азы апрелы номыры журналы «Пробудитесь!» уыди статья «Супружеская верность. Что это на самом деле?». Дзырд дзы цыди, зӕгъгӕ, адӕймаг хъуамӕ йӕхи хъахъхъӕна, цӕмӕй йӕм ма фӕзына, йӕ цардӕмбал чи нӕу, уыцы адӕймаджы тыххӕй ӕнӕфсарм хъуыдытӕ. Уыцы статьяйы ма фыст уыд, зӕгъгӕ, адӕймаг йӕ зӕрдӕйы ахӕм хъуыдытӕн бынат куы скӕна, уӕд ӕй уымӕ дӕр ӕркӕндзысты, ӕмӕ ӕцӕгдӕр искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕудзӕн (Иак. 1:14, 15). Кӕд дын бинонтӕ ис, уӕд хорз уаид, дӕ цардӕмбалимӕ-иу ахӕм ӕрмӕгыл рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ куы аныхас кӕниккат. Бинонты цардӕн бындур Йегъовӕ сӕвӕрдта, ӕмӕ у табуйаг. Дӕ цардӕмбалимӕ-иу уӕ иумӕйаг цардыл аныхас кӕнынӕн рӕстӕг куы рахицӕн кӕнат, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, табуйаг цы у, уымӕн кӕй аргъ кӕнут (Райд. 2:21–24).
18, 19. а) Хӕтындзинад цӕмӕ ӕркӕны? ӕ) Дӕ цардӕмбалыл иузӕрдион куы уай, уӕд цавӕр хорзӕхтӕй хайджын уыдзынӕ?
18 Кӕд ӕй ӕмбарыс, ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы ӕндӕр кӕмӕндӕр бынат фӕзынд, уӕд ахъуыды кӕн, хӕтындзинад цы стыр бӕллӕхтӕм ӕркӕны, ууыл (Ӕмб. 7:22, 23; Гал. 6:7). Ӕнӕгъдау ми чи бакӕны, уый фӕриссын кӕны Йегъовӕйы зӕрдӕ, стӕй йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ цардӕмбалӕн дӕр ӕрхӕссы зиан. (Бакӕс Малахийы 2:13, 14.) Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн, сыгъдӕг цард чи кӕны, уыдон цы стыр хорзӕхтӕй хайджын сты, ууыл. Ӕрмӕст ӕнусон царды ныфс сын нӕй, фӕлӕ ныртӕккӕ дӕр сӕ цард у фӕрнӕйдзаг ӕмӕ сӕ цӕсгом у сыгъдӕг. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3:1, 2.)
19 Псаломзарӕггӕнӕг Хуыцауы тыххӕй зарыд: «Дӕ закъон дын чи уарзы, уыдон хайджын сты бирӕ фарнӕй, ӕмӕ сын нӕй цӕлхдур» (Пс. 119:165). Уӕдӕ рӕстдзинад уарз ӕмӕ, «куыд цӕрыс, уымӕ лӕмбынӕг кӕс, цӕмӕй ӕнӕзонд ма уай, фӕлӕ зондджын» ацы ӕвзӕр рӕстӕджы (Еф. 5:15, 16). Нӕ фӕндагыл алы къахдзӕфыл дӕр ӕвӕрд ис Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕ – фӕнды йӕ, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ӕрцахса. Фӕлӕ нын Йегъовӕ алцыдӕр радта, цӕмӕй «фидар фӕлӕууӕм», Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй нӕхи бахъахъхъӕнӕм ӕмӕ «Фыдбылызы судзгӕ фаттӕ се ’ппӕт дӕр ахуыссын кӕнӕм»! (Еф. 6:11, 16).
-