98 зарӕг
Тауӕм Паддзахады мыггаг
1. Ӕрцӕут, Йегъовӕйы адӕм!
Уӕ зӕрдӕ йын радтат, уӕ уд.
Нӕ Хицауы хуыммӕ ӕрцӕут,
Чырыстийау хъусын кӕнут.
Ӕцӕгдзинад таут цингӕнгӕ, цӕй –
Фӕлмӕн зӕрдӕ ратдзӕн тыллӕг,
Йегъовӕ Хуыцауӕн ӕрхӕсдзӕн уый кад,
Кӕд зӕрдиагӕй архайат, уӕд.
2. Кӕд адӕмӕй искӕмӕн абон
Йӕ зӕрдӕ у дурау хъӕбӕр,
Тыллӕг уӕд ӕппындӕр нӕ ратдзӕн,
Кӕд иуцасдӕр хъуса, уӕддӕр.
Куы уа зӕрдӕ ’нӕфсис, хиуарзон, уӕд
Фӕуыдзӕн дзырд сындзыты бын.
Сыгъдӕг, хорз зӕххыл та дзырд рӕздзӕни, зон,–
Уый ныфсджынӕй нӕ бон у зӕгъын.
3. Дӕ къухы цас бафтдзӕн дӕ куысты,
Уый арӕх дӕуыл баст вӕййы.
Фӕразон куы уай ӕмӕ уарзаг,
Уӕд зӕрдӕтӕ ссардзынӕ ды.
Лӕмбынӕг куы уай, куы сӕ уадзай ныфс,–
Фӕлмӕнӕй дӕр, фидарӕй дӕр,–
Уӕд афтӕмӕй ’ркӕрддзынӕ ’нӕмӕнг тыллӕг,
Кӕм – ӕртын, кӕм – сӕдӕ хатт’ фылдӕр.
(Кӕс ма Матф. 13:19–23; 22:37.)