Йегъовӕ зоны, куыд хъӕуы йӕ адӕмы ирвӕзын кӕнын
«Йегъовӕ зоны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны куыд хъӕуы фӕлварӕнтӕй ирвӕзын кӕнын» (2 ПЕТ. 2:9).
1. «Стыр бӕллӕхы» рӕстӕг дуне цы уавӕры уыдзӕн?
ХУЫЦАУ Сайтаны дунейыл йӕ тӕрхон ӕххӕст кӕнын райдайдзӕн тынг ӕнӕнхъӕлӕджы, адӕм уый ӕнхъӕл ӕппындӕр куы нӕ уой, уӕд (1 Фес. 5:2, 3). «Йегъовӕйы стыр бон» куы райдайа, уӕд ӕгас дуне дӕр схӕццӕ уыдзӕн, бӕстӕ уыдзӕн змӕст (Соф. 1:14–17). Адӕм уыйбӕрц зындзинӕдтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзардзысты, ӕмӕ Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, «уӕд уыдзӕн, дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди, ахӕм стыр бӕллӕх». (Бакӕс Матфейы 24:21, 22.)
2, 3. а) «Стыр бӕллӕхы» рӕстӕг Хӕйрӕг Хуыцауы адӕмӕн цы бакӕнынмӕ хъавдзӕн? ӕ) Йегъовӕйӕн йӕ адӕмы ирвӕзын кӕнын йӕ бон кӕй у, ууыл ноджы тынгдӕр цӕй фӕрцы ӕууӕнддзыстӕм?
2 Пехуымпар Йезекил цы ныффыста, уымӕй бӕрӕг у, уыцы «стыр бӕллӕхы» кӕрон Хуыцауы адӕмы ныхмӕ фӕстаг хатт кӕй рацӕудзысты. Уыцы хъуыддаг бакӕндзӕн, «Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог». Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацӕудзӕн «ӕнӕнымӕц ӕфсад» ӕмӕ уыдзӕн, «зӕхх чи ӕрӕмбӕрзы, уыцы мигъты хуызӕн» (Йез. 38:2, 14–16). Уӕд Йегъовӕйы адӕмӕн зӕххыл иу организаци дӕр нӕ баххуыс кӕндзӕн. Уыдоны хъӕудзӕн сӕ ныфс Хуыцауыл дарын, ӕрмӕстдӕр сӕ уый кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл. Цымӕ Йегъовӕйы адӕм куыд кӕндзысты, се знӕгтӕ сӕ фесафынвӕнд кӕй кӕнынц, уый куы феной, уӕд?
3 Кӕд ды дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг дӕ, уӕд дӕ уырны, «стыр бӕллӕхы» рӕстӕг Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй бауыдзӕн йӕ адӕмы фервӕзын кӕнын? Апостол Петр ныффыста: «Йегъовӕ зоны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны куыд хъӕуы фӕлварӕнтӕй ирвӕзын кӕнын, фыдгӕнджыты та сӕ фесафыны тыххӕй тӕрхоны бонмӕ дарын» (2 Пет. 2:9). Йегъовӕ раджы заманты йӕ лӕггадгӕнджыты куыд ирвӕзын кодта, уыцы хабӕрттыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд ноджы фидардӕрӕй ӕууӕнддзыстӕм, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у йӕ адӕмы ирвӕзын кӕнын, ӕмӕ нӕм фидӕны цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй нӕ тӕрсдзыстӕм. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм ӕртӕ ахӕм хабармӕ.
ДОНЫ ХЪАЙМӔТЫ УДӔГАСӔЙ БАЗЗАД
4. Доны хъаймӕты размӕ цавӕр хъуыддӕгтӕн хъуыди рӕстӕг?
4 Фыццаг уал аныхас кӕнӕм, Нойы рӕстӕджы цы Доны хъаймӕт уыд, ууыл. Цӕмӕй Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кодтаид, уый тыххӕй хъуыди рӕстӕг – Доны хъаймӕты размӕ хъуыди бӕлвырд хъуыддӕгтӕ бакӕнын. Хъуыди тынг стыр нау саразын ӕмӕ дзы цӕрӕгойты бакӕнын. Райдианы чиныджы афтӕ фыст нӕй, зӕгъгӕ, Йегъовӕ ӕнхъӕлмӕ каст, цалынмӕ уыцы нау арӕзт ӕрцыдаид, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ снысан кодта Доны хъаймӕты бон, цыма афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ, мыййаг, цы бон снысан кӕна, уыцы бонмӕ арӕзт куы не ’рцӕуа. Хуыцау Нойӕн нау саразын куы бахӕс кодта, уымӕй бирӕ раздӕр аскъуыддзаг кодта, Доны хъаймӕт кӕд райдайдзӕн, уый. Цӕмӕ гӕсгӕ у нӕ бон афтӕ зӕгъын?
5. Райдианы 6:3 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ цы загъта ӕмӕ кӕд?
5 Библийы фыст ис, Йегъовӕ уӕлӕрвты уынаффӕ кӕй рахаста. Райдианы 6:3 стихы фыст ис, афтӕ кӕй загъта: «Мӕ уд адӕймагӕн ӕнустӕм нӕ быхсдзӕн, уымӕн ӕмӕ адӕймаг йеддӕмӕ ницы у. Гъемӕ ма цӕрӕд сӕдӕ дыууын азы». Уӕд Йегъовӕ, адӕймаг цас хъуамӕ цӕра, уый кой нӕ кодта. Йегъовӕ фехъусын кодта, зӕххыл ӕппӕт фыддзинад дӕр кӕд фесафдзӕн, уыйa. Доны хъаймӕт райдыдта н. э. размӕ 2370 азы. Уӕдӕ Хуыцау уыцы ныхӕстӕ загътаид н. э. размӕ 2490 азы. Уӕд Нойыл цыди 480 азы (Райд. 7:6). Хуыцау уынаффӕ куы рахаста, уымӕй-иу 20 азы фӕстӕ, ома н. э. размӕ 2470 азы, Нойӕн райгуырд йӕ фыццаг фырт, ӕмӕ уый фӕстӕ та иннӕтӕ дӕр (Райд. 5:32). Нойӕн йе ’ртӕ фырты дӕр куы райгуырдысты, уӕд ма Доны хъаймӕтмӕ хъуыди 100 азы бӕрц. Фӕлӕ Йегъовӕ уӕд дӕр Нойӕн нӕма загъта, цы ахсджиаг хъуыддаг ын бахӕс кӕнынмӕ хъавыд ӕмӕ уыцы хъуыддаджы фӕрцы адӕм куыд хъуамӕ аирвӕзтаиккой, уый тыххӕй. Цымӕ ма Хуыцау цас банхъӕлмӕ каст, цалынмӕ уый Нойӕн раргом кодта, уӕдмӕ?
6. Йегъовӕ Нойӕн нау саразын кӕд бахӕс кодта?
6 Куыд зыны, афтӕмӕй бирӕ азтӕ рацыд, цалынмӕ Йегъовӕ Нойӕн йӕ фӕнд раргом кодта, уӕдмӕ. Цӕмӕ гӕсгӕ ис афтӕ зӕгъӕн? Библийы фыст ис, Хуыцау Нойӕн нау саразын куы бахӕс кодта, уӕд Нойы фырттӕ стыртӕ кӕй уыдысты ӕмӕ сын устытӕ дӕр кӕй уыд. Йегъовӕ Нойӕн загъта: «Демӕ... ӕз аразын бадзырд. Ды хъуамӕ бацӕуай наумӕ, ӕмӕ демӕ иумӕ хъуамӕ бацӕуой дӕ фырттӕ, дӕ ус ӕмӕ дӕ фыртты устытӕ» (Райд. 6:9–18). Уӕдӕ Хуыцау Нойӕн нау саразын куы бахӕс кодта, уӕд ма Доны хъаймӕтмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыди ӕрмӕстдӕр 40 кӕнӕ 50 азы.
7. а) Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ уырнындзинад куыд равдыстой? ӕ) Доны хъаймӕт бӕлвырдӕй кӕд райдайдзӕн, уый Хуыцау Нойӕн кӕд загъта?
7 Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ нау аразгӕйӕ куыннӕ хъуыды кодтаиккой, Хуыцау Доны хъаймӕт куыд рауадздзӕн ӕмӕ уыцы хабар кӕд райдайдзӕн, ууыл. Фӕлӕ кӕд уыдӕттӕ нӕ зыдтой, уӕддӕр нау дарддӕр арӕзтой ӕмӕ уымӕй равдыстой сӕ уырнындзинад. Библи зӕгъы: «Ной алцыдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Раст афтӕ бакодта» (Райд. 6:22). Ӕппынфӕстаг Йегъовӕ Нойӕн загъта, Доны хъаймӕтмӕ ма 7 боны кӕй хъӕуы. Уыцы рӕстӕг фаг уыд, цӕмӕй Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ цӕрӕгойты наумӕ бакодтаиккой. Уӕдӕ «Нойӕн йӕ царды ӕхсӕзсӕдӕйӕм азы, дыккаг мӕйы, мӕйӕн йӕ ӕвддӕсӕм бон» къӕвда уарын куы райдыдта, уӕд алцыдӕр уыд цӕттӕ (Райд. 7:1–5, 11).
8. Доны хъаймӕты хабарӕй куыд у бӕрӕг, Йегъовӕ кӕй зоны, йӕ адӕмы фервӕзын кӕнын кӕд хъӕуы, уый?
8 Доны хъаймӕты хабарӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ алкӕддӕр кӕй фӕзоны, йӕ адӕмы фервӕзын кӕнын ӕппӕты хуыздӕр кӕд ӕмӕ куыд уыдзӕн, уый. Ацы фыддунейы кӕрон ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕны, ӕмӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕйы фӕндтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты, цы рӕстӕг сын снысан кодта, уӕд – растдӕр «уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат» (Матф. 24:36; бакӕс Аввакумы 2:3).
ФЕРВӔЗЫН СӔ КОДТА СЫРХ ДЕНДЖЫЗЫ РАЗ
9, 10. Йегъовӕ йӕ адӕмы уылты египетӕгты ӕфсад къӕппӕгмӕ куыд басайдта?
9 Доны хъаймӕты хабарӕй базыдтам, Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй йӕ хъус кӕй дары, кӕд цы ’рцӕудзӕн, уымӕ. Ныр та ӕркӕсдзыстӕм дыккаг хабармӕ. Уый дӕр нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дарӕм, уымӕн ӕмӕ уыцы хабарӕй ирдӕй зыны: Йегъовӕйӕн йӕ бон у йӕ ӕнӕкӕрон тыхӕй спайда кӕнын, цӕмӕй йӕ адӕмы фервӕзын кӕна ӕмӕ йӕ фӕндон сӕххӕст кӕна. Йегъовӕйӕн йӕ адӕмы фервӕзын кӕнын йӕ бон ма бауа, уымӕн гӕнӕн нӕй. Афтӕ кӕй у, уый зыны уымӕй, ӕмӕ-иу Йегъовӕ хатт бауагъта, цӕмӕй-иу йӕ адӕм тӕссаг уавӕры бахаудаиккой ӕмӕ-иу сын афтӕмӕй се знӕгты къӕппӕгмӕ басайдтаид. Раст афтӕ ӕрцыд, Йегъовӕ израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уӕд.
10 Египетӕй рацыд ӕртӕ милуан израиладжы бӕрц. Йегъовӕ сӕ Моисейӕн ахӕм фӕндагыл акӕнын кодта, цӕмӕй фараон афтӕ ахъуыды кодтаид, зӕгъгӕ, фӕдзӕгъӕл сты. (Бакӕс Рацыд 14:1–4.) Ӕмӕ сӕ фараон дӕр йе ’фсадимӕ фӕстейӕ асырдта ӕмӕ сӕ Сырх денджызы раз баййӕфта. Афтӕ зынди, цыма израилӕгтӕн аирвӕзӕн нал ис (Рац. 14:5–10). Фӕлӕ сын ӕцӕгӕй та тӕссаг ӕппындӕр ницӕмӕй уыд. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ раст уыцы рӕстӕг Йегъовӕ хъуамӕ сӕ сӕрыл тохы бацыдаид.
11, 12. а) Йегъовӕ израилӕгтӕн куыд баххуыс кодта ӕмӕ хабар цӕуыл фӕци? ӕ) Уыцы хабарӕй нӕ бон Йегъовӕйы тыххӕй цы у базонын?
11 Израилӕгты разӕй чи цыд, уыцы «мигъы хуызӕн цӕджындз» ацыд ӕмӕ сӕ фӕстӕ слӕууыд, ӕмӕ египетӕгтӕн сӕ фӕндаг ӕрӕхгӕдта – афтӕ бакодта, ӕмӕ египетӕгты ’рдыгӕй бӕстӕ нытталынг. Израилӕгты ’рдыгӕй та суанг ӕхсӕв дӕр рухс уыди. (Бакӕс Рацыд 14:19, 20.) Стӕй Йегъовӕ скӕсӕнӕй тыхджын дымгӕ рауагъта, дон дыууӕ дихы фӕкодта, ӕмӕ денджызы бын бахус. Куыд зыны, афтӕмӕй уымӕн бирӕ рӕстӕг бахъуыд, уымӕн ӕмӕ Рацыды чиныджы дарддӕр фыст ис, зӕгъгӕ, дымгӕ дымдта «ӕнӕхъӕн ӕхсӕв», ӕмӕ уый фӕстӕ «Израилы фырттӕ денджызы астӕуты сур зӕххыл ацыдысты». Израилӕгтӕ египетӕгты хӕстон бӕхуӕрдӕттӕй бирӕ сындӕгдӕр цыдысты, фӕлӕ сӕ уӕддӕр египетӕгтӕ нӕ баййӕфтаиккой, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмы сӕрыл тохы бацыд. Йегъовӕ египетӕгты кӕрӕдзи мидӕг скодта. «Афтӕ бакодта, ӕмӕ сӕ бӕхуӕрдӕтты цӕлхытӕ хауын райдыдтой, ӕмӕ бӕхуӕрдӕттӕ размӕ нал цыдысты» (Рац. 14:21–25).
12 Израилӕгтӕ иууылдӕр денджызӕн йӕ иннӕ фарсмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Дӕ къух денджызмӕ адар, цӕмӕй дон йӕ бынатмӕ раздӕха ӕмӕ египетӕгтӕ, сӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ дӕр ӕмӕ сӕ барджытӕ дӕр, доны бын фӕуой». Египетӕгтӕ донӕй лидзынмӕ куы фесты, уӕд сӕ «Йегъовӕ денджызы ныккалдта». Алидзӕн сын никӕдӕмуал уыд. «Иу дӕр сӕ нӕ аирвӕзт» (Рац. 14:26–28). Уӕд Йегъовӕ равдыста, уыцы тых ӕм кӕй ис, цӕмӕй йӕ адӕмы цыфӕнды тӕссаг уавӕрӕй дӕр фервӕзын кӕна.
ИЕРУСАЛИМ КУЫ НЫППЫРХ КОДТОЙ, УӔД АИРВӔЗТЫСТЫ
13. Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы бафӕдзӕхста ӕмӕ сӕм уый фӕдыл цавӕр фарста фӕзындаид?
13 Ныр та ӕркӕсӕм ӕртыккаг хабармӕ. Уый у, фыццаг ӕнусы Ромы ӕфсад Иерусалимыл куы ӕртыхст, уыцы хабар. Уӕд цы ’рцыд, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ хорз кӕй зоны, хабӕрттӕ куыд цӕудзысты ӕмӕ афтӕмӕй йӕ фӕнд куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый. Н. э. 70 азы Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уый размӕ Иерусалимы ӕмӕ Иудейӕйы цы чырыстӕттӕ царди, уыдонӕн Йегъовӕ Йесо Чырыстийы уылты бацамыдта, цы аразын сӕ хъӕудзӕн, уый. Йесо сын бафӕдзӕхста: «Пехуымпар Данел куыд дзырдта, афтӕ, бӕстӕ чи сафы, уыцы ӕлгъагдзинад сыгъдӕг бынаты лӕугӕ куы фенат... уӕд, Иудейӕйы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм» (Матф. 24:15, 16). Фӕлӕ ацы ныхӕстӕ ӕххӕст кӕнын кӕй райдыдтой, уый Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ куыд хъуамӕ базыдтаиккой?
14. Йесойы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты, уый цавӕр хабӕрттӕй рабӕрӕг?
14 Йесойы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты, уый цалынмӕ рабӕрӕг, уӕдмӕ рацыд бирӕ азтӕ. Н. э. 66 азы Ромы ӕфсад, Цестий Галл йӕ сӕргъы, афтӕмӕй, ӕрцыд Иерусалиммӕ, цӕмӕй, Иудейӕйы цы змӕстытӕ уыд, уыдон ӕрсабыр кодтаиккой. Ромы хицауады ныхмӕ чи цыд, уыцы дзуттӕгтӕ,– хуыдтой сӕ зелоттӕ,– бамбӕхстысты кувӕндоны. Ӕмӕ уӕд ромаг ӕфсӕддонтӕ кувӕндоны къул пырх кӕнын райдыдтой. Йесо Чырыстийы фӕдзӕхст йӕ зӕрдыл чи дардта, уыцы чырыстӕттӕ бамбӕрстой, уыцы хабар цӕуыл дзурӕг уыд: кувӕндоны къулы раз, ома «сыгъдӕг бынаты», лӕууыд мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг ромӕгты ӕфсад сӕ тырысатимӕ, ома «ӕлгъагдзинад». Уӕдӕ уый уыд, Йесойы фӕдылдзӕуджыты хӕхтӕм лидзын кӕд хъуыди, уыцы рӕстӕг. Фӕлӕ, знӕгтӕ кӕуыл ӕртыхстысты, уыцы горӕтӕй куыд хъуамӕ рацыдаиккой? Дарддӕр цы ’рцыд, уый ӕнхъӕл ничи уыд.
15, 16. а) Чырысти бӕлвырдӕй цы бафӕдзӕхста? Уыцы фӕдзӕхстмӕ байхъусын йӕ фӕдылдзӕуджытӕн тынг ахсджиаг цӕмӕн уыд? ӕ) Нӕ ирвӕзындзинад цӕуыл баст уыдзӕн?
15 Ӕнӕнхъӕлӕджы Цестий Галл ӕмӕ йе ’фсад Иерусалимӕй ацыдысты. Ӕмӕ сӕ уӕд зелоттӕ фӕстейӕ асырдтой. Ныр Ромы ӕфсад ӕмӕ зелоттӕ горӕты куы нал уыдысты, уӕд Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн алидзыны фадат фӕзынд. Чырысти сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕмӕй хъуамӕ горӕтӕй ацыдаиккой ӕвӕстиатӕй, сӕ дзаумӕттӕй дӕр семӕ хъуамӕ мацы рахастаиккой. (Бакӕс Матфейы 24:17, 18.) Афтӕ тагъд кӕнын сӕ цӕмӕн хъуыди? Уымӕн ӕмӕ цалдӕр боны фӕстӕ зелоттӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ Иерусалимы ӕмӕ Иудейӕйы цӕрджыты сӕ фарс тыхӕй лӕууын кодтой. Дзуттӕгты къордтӕй алкӕцы дӕр бартӕ йӕ къухмӕ райсыныл кӕй архайдта, уый тыххӕй уавӕр бонӕй-бонмӕ фыддӕр кодта. Иерусалимӕй ацӕуын зындӕрӕй-зындӕр уыди. Ӕмӕ н. э. 70 азы ромӕгтӕ Иерусалиммӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд та дзы ӕппындӕр нал уыд рацӕуӕн (Лук. 19:43). Горӕты чидӕриддӕр баззад, уыдон къӕппӕджы бахаудысты! Фӕлӕ Чырыстийы ныхӕстӕм чи байхъуыста ӕмӕ хӕхтӕм чи алыгъд, уыцы чырыстӕтты цардӕн тӕссаг нӕ уыд. Уыдон ӕй сӕхи цӕстӕй федтой, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр кӕй зоны, йӕ адӕмы ирвӕзын кӕнын куыд хъӕуы, уый. Уыцы хабарӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у?
16 «Стыр бӕллӕхы» рӕстӕджы дӕр чырыстӕтты хъӕудзӕн, Хуыцау сын йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ организацийы уылты цы амындтӕ дӕтта, уыдонмӕ хъусын. Зӕгъӕм, Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, хӕхтӕм-иу лидзут, зӕгъгӕ. Мах дӕр «стыр бӕллӕхы» рӕстӕг фехъусдзыстӕм бӕлвырд амындтӕ ӕмӕ нӕ хъӕудзӕн «лидзын». Фӕлӕ куыд? Уый нырма нӕ зонӕмb. Фӕлӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, уыцы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ нӕ цы аразын хъӕудзӕн, уый нын Йегъовӕ йӕ афоныл кӕй бамбарын кӕндзӕн. Уӕдӕ хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Йегъовӕ йӕ адӕмӕн абон цы амындтӕ дӕтты, уыдонмӕ хъусын? Уайтагъд сӕм байхъусын ӕви абон-райсом фӕкӕнын?» (Иак. 3:17).
ФИДӔНЫ НӔМ ЦЫ ’НХЪӔЛМӔ КӔСЫ, УЫМӔЙ НӔ ТӔРСӔМ
17. Гог Хуыцауы адӕмы ныхмӕ кӕй рацӕудзӕн, уыцы хабары тыххӕй пехуымпар Аввакумы ныхӕстӕй цы ис базонӕн?
17 Ныр та ногӕй аныхас кӕнӕм, статьяйы райдианы цӕй кой кодтам, ома Гог Хуыцауы адӕмы ныхмӕ кӕй рацӕудзӕн, уый тыххӕй. Уыцы рӕстӕджы тыххӕй ма Йезекилӕй уӕлдай фыста пехуымпар Аввакум дӕр. Уый загъта: «Ӕз уый фехъуыстон, ӕмӕ мӕ хуылфыдзаумӕттӕ сызмӕлыдысты. Уыцы хабарӕй мӕ былтӕ базыр-зыр кодтой. Ме стджытӕ ӕмбийын райдыдтой. Фыртӕссӕй барызтӕн, фӕлӕ уӕддӕр ӕнцад ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн бӕллӕхы бонмӕ. Уый [ома Хуыцау] ӕрцӕудзӕн ӕмӕ адӕмыл йӕхи ныццӕвдзӕн» (Ав. 3:16). Знӕгтӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацӕуинаг кӕй сты, Аввакум уый тыххӕй куы фехъуыста, уӕд йӕ хуылф срыст, йӕ былтӕ базыр-зыр кодтой, хъару йӕм нал баззад. Фӕлӕ уый цӕттӕ уыди Йегъовӕйы стыр бонмӕ «ӕнцад ӕнхъӕлмӕ кӕсынмӕ». Гог ӕмӕ йе ’фсад нӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд мах дӕр, чи зоны, тас бацӕуа. Фӕлӕ Аввакумау махӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл (Ав. 3:18, 19).
18. а) Не знӕгтӕ нӕ ныхмӕ кӕй рацӕудзысты, уымӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм? ӕ) Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
18 Ацы статьяйы цы ӕртӕ хабармӕ ӕркастыстӕм, уыдонӕй ирдӕй зыны, Йегъовӕ, йӕ адӕмы ирвӕзын кӕнын куыд хъӕуы, уый хорз кӕй зоны. Хуыцауы фӕнд ӕнӕмӕнгӕй сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ йе знӕгтӕй иу дӕр нал баззайдзӕн. Ӕмӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы стыр уӕлахизы бон мах дӕр цин кӕнӕм, уӕд хъуамӕ кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайӕм. Цымӕ нын Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йыл абон иузӕрдион уӕм? Ууыл аныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы.
[Фиппаинӕгтӕ]
b Кӕс 1999 азы 1 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 25, 26 фӕрстӕ.
[Ныв 24 фарсыл]
Израилӕгтӕн фараоны ӕфсадӕй ӕцӕгдӕр тӕссаг уыд?