62 зарӕг
Кӕй бар кӕнӕм нӕ цард?
1. Кӕй бар кӕныс дӕ цард?
Кӕй хоныс ӕцӕг Хуыцау?
Дӕ хицауыл ды кӕй нымайыс,
Гъе уымӕн табу дӕр кӕныс.
Дыууӕ хуыцауӕн нӕй
Лӕггад кӕнӕн иухуызон.
Дыууӕ хицауӕн нӕй снывонд кӕнӕн
Ӕппӕт зӕрдӕ ӕмӕ зонд.
2. Кӕй бар кӕныс дӕ цард?
Кӕй схондзынӕ ныр хуыцау?
Сӕ иу у ӕцӕг, у иннӕ мӕнг,–
Дӕхӕдӕг дӕ уый равзарӕг.
Ды паддзахыл, мыййаг,
Уыдзынӕ ныр иузӕрдыг?
Ӕви ныр уыдзӕн Йегъовӕ дӕуӕн
Дӕ хицау ӕмӕ дӕ Фыд?
3. Кӕй бар кӕнын мӕ цард?
Йегъовӕ мын у Хуыцау.
Мӕ Фыдӕн ӕз кувдзынӕн ӕрмӕст,
Мӕ дзырд ӕххӕст кӕндзынӕн ӕз.
Уый бафыста стыр аргъ,
Мӕ зӕрдӕ йын ӕз дӕттын.
Йӕ Фырты мӕлӕт цард радта мӕнӕн.
Йӕ ном ын кадджын кӕнын!
(Кӕс ма Йес. Н. 24:15; Пс. 116:14, 18; 2 Тим. 2:19.)