Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ
2–8 ИЮЛЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛУКАЙЫ 6, 7
«Рӕдауӕй дӕттут»
(Лукайы 6:37) Макӕй кой кӕнут, ӕмӕ уӕ кой дӕр никуы ничи ракӕндзӕн. Макӕй фаут, ӕмӕ сымах дӕр никуы ничи рафаудзӕн. Хатыр кӕнут, ӕмӕ уын уыдзӕни хатыр.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 6:37 стихмӕ
хатыр кӕнут, ӕмӕ уын уыдзӕни хатыр «Хатыр кӕнын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый комкоммӕ нысан кӕны «ауадзын, арвитын, ссӕрибар кӕнын (зӕгъӕм, ахст адӕймаджы). Ацы стихы ацы ныхӕстӕ ныхмӕвӕрд цӕуынц дзырдбӕстытимӕ «кой кӕнын» ӕмӕ «фауын». Ӕмӕ йӕ хъуыды у, хатыр кӕнын ӕмӕ сраст кӕнын, афтӕ куы кӕса, ӕмӕ чидӕр бафхӕрыны кӕнӕ маст сисыны аккаг у, уӕд дӕр.
Хорздзинад аразут
13 Матфейы Евангелийы кӕсӕм Йесойы ныхӕстӕ: «Макӕй кой кӕнут, ӕмӕ сымах кой дӕр ничи кӕндзӕн» (Матф. 7:1). Лукайы Евангелийы та кӕсӕм: «Макӕй кой кӕнут, ӕмӕ уӕ кой никуы ничи ракӕндзӕн. Макӕй фаут, ӕмӕ сымах дӕр никуы ничи рафаудзӕн. Хатыр кӕнут, ӕмӕ уын уыдзӕни хатыр» (Лук. 6:37). Ацы стихты «макӕй кой кӕнут»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уымӕн ма йӕ хъуыды у «ма тӕрхон кӕнут» дӕр. Фыццаг ӕнусы фарисейтӕ адӕмыл карзӕй тӕрхон кодтой сӕ ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ. Кӕд Йесойы ныхӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй искӕмӕ хаудысты, уӕд афтӕ хъуамӕ мауал кодтаид. Уый бӕсты уыдон хъуамӕ иннӕтӕн хатыр кодтаиккой сӕ рӕдыдтытӕ. Уӕлдӕр куыд федтам, афтӕмӕй ма хатыр кӕныны тыххӕй ахӕм уынаффӕ радта апостол Павел дӕр.
14 Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ адӕмӕн кӕй хатыр кодтаиккой, уымӕй сын сӕхи дӕр хатыр кӕнынмӕ разӕнгард кодтаиккой. «Иннӕтӕй цы дзурат, уый дзурдзысты сымахӕй дӕр,– загъта Йесо,– ӕмӕ уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, ахӕм барӕнӕй бардзысты сымахӕн дӕр» (Матф. 7:2). Иннӕтӕн куыд стӕм, уый тыххӕй дӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ, цы байтауӕм, уый ӕркӕрддзыстӕм (Гал. 6:7).
(Лукайы 6:38) Дӕттут, ӕмӕ уын дӕтдзысты. Уӕ роны уын ӕркӕндзысты рӕдауӕй, ӕрнӕмдзысты йӕ, сцӕгъддзысты йӕ ӕмӕ йӕ афтӕ байдзаг кӕндзысты, ӕмӕ ма дзы кӕлгӕ дӕр кӕндзӕн. Уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, ахӕм барӕнӕй бардзысты сымахӕн дӕр.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 6:38 стихмӕ
дӕттут «Дӕттут»-ӕй цы грекъаг мивдисӕг ратӕлмац кодтой, уый нысан кӕны, адӕймаг афтӕ ӕппынӕдзух кӕй хъуамӕ кӕна.
(Лукайы 6:38) Дӕттут, ӕмӕ уын дӕтдзысты. Уӕ роны уын ӕркӕндзысты рӕдауӕй, ӕрнӕмдзысты йӕ, сцӕгъддзысты йӕ ӕмӕ йӕ афтӕ байдзаг кӕндзысты, ӕмӕ ма дзы кӕлгӕ дӕр кӕндзӕн. Уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, ахӕм барӕнӕй бардзысты сымахӕн дӕр.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 6:38 стихмӕ
уӕ роны Ацы грекъаг дзырд комкоммӕ нысан кӕны «риу». «Уӕ роны уын ӕркӕндзысты», зӕгъгӕ, амоны, рагзаманты цы ӕгъдау уыд, уымӕ: ӕлхӕнӕг-иу йӕ уӕрӕх уӕлӕдарӕсы фӕдджи басчъил кодта, ронӕй-иу ӕй ӕрбабаста ӕмӕ-иу ын дзы уӕйгӕнӕг хор ныккодта.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Лукайы 6:12, 13) Иуафон Йесо хохмӕ кувынмӕ ссыди, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв арвыста Хуыцаумӕ кувгӕйӕ. 13 Куы сбон, уӕд та йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕдзырдта, ӕмӕ дзы дыууадӕсы равзӕрста, схуыдта сӕ апостолтӕ.
w07-U 1/8 6 ф., 1 абз.
Нӕ уырнындзинад фидар цӕй фӕрцы уыдзӕн?
Чырысти-иу бирӕ рӕстӕг куывта (Иоанны 17:1–26). Зӕгъӕм, йӕ 12 апостолы равзарыны размӕ «хохмӕ кувынмӕ ссыди, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв арвыста Хуыцаумӕ кувгӕйӕ» (Лукайы 6:12). Кӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв кувӕм, уӕддӕр, йӕ уырнындзинад фидар кӕнын кӕй фӕнды, уыдон Чырыстийы фӕзмынц. Исты ахсджиаг уынаффӕ рахӕссыны размӕ Хуыцаумӕ скувынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнынц, цӕмӕй сын ратта, сӕ уырнындзинад сын чи бафидар кӕндзӕн, ахӕм разамынд.
(Лукайы 7:35) Куыдфӕнды ма уа,– зонд бӕрӕг вӕййы раст хъуыддӕгтӕй.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 7:35 стихмӕ
раст хъуыддӕгтӕй Зонд бӕрӕг вӕййы хъуыддӕгтӕй – Аргъауӕг Иоанны ӕмӕ Чырыстийы хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд, мӕнг ныхӕстӕ сӕ кӕй кодтой. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Чырысти афтӕ загъта: «Кӕй ӕфхӕрынц, уымӕн йӕ раст хъуыддӕгтӕ ӕмӕ уагахастмӕ бакӕсут, ӕмӕ бамбардзыстут, мӕнг ныхӕстӕ дзы кӕй кӕнынц».
Библийӕ бакӕсинаг
(Лукайы 7:36–50) Фарисейтӕй иу чидӕр Йесойы нал уагъта, цом, иумӕ къӕбӕр бахӕрӕм, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕм уый дӕр бацыд ӕмӕ фынгыл ӕрбадт. 37 Уыцы рӕстӕг, горӕты тӕригъӕдджынӕй кӕй зыдтой, иу ахӕм сылгоймаг фехъуыста, Йесо фарисейы хӕдзары фынгыл кӕй бады, уый, ӕмӕ ӕрбахаста дурын хӕрздӕф соимӕ. 38 Бацыд Йесомӕ, фӕстӕрдыгӕй йӕ къӕхты раз ӕрбадт, ӕмӕ кӕуын байдыдта, ӕмӕ йын йӕ цӕссыг йӕ къӕхтыл калдта ӕмӕ йын сӕ йӕ дзыккутӕй сӕрфта, йӕ къӕхтӕн ын пъатӕ кодта ӕмӕ йын сӕ хӕрздӕф сойӕ сӕрста. 39 Йесойы чи ’рбахуыдта, уыцы фарисей уый куы федта, уӕд йӕхинымӕр ахъуыды кодта: «Ацы адӕймаг пехуымпар куы уаид, уӕд ын йӕ къӕхтӕм цавӕр сылгоймаг ӕвналы, уый зонид – зонид ӕй, тӕригъӕдджын кӕй у». 40 Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Симон, иу цыдӕр дын хъуамӕ зӕгъон». Уый йын загъта: «Хъусын дӕм, Ахуыргӕнӕг!» 41 «Иу ӕфстаудӕттӕгӕй дыууӕ лӕджы дардтой хӕс: сӕ иу фондзсӕдӕ динары, иннӕ та – фӕндзай. 42 Фӕлӕ йын йӕ хӕс цӕмӕй бафыстаиккой, уый сӕм кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ хӕларзӕрдӕйӕ сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ хӕс ныххатыр кодта. Уыцы дыууӕйӕ йӕ фылдӕр кӕцы уарздзӕн?» 43 Симон ын дзуапп радта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, фылдӕр кӕмӕн ныххатыр кодта, уый». Йесо та йын загъта: «Раст зӕгъыс». 44 Уый фӕстӕ сылгоймаджы ’рдӕм разылд ӕмӕ Симонӕн загъта: «Ацы сылгоймаджы уыныс? Ӕз дӕ хӕдзармӕ ’рбацыдтӕн, фӕлӕ мын ды мӕ къӕхтӕ ныхсынӕн дон не ’ркодтай. Уый та мын мӕ къӕхтӕ йӕ цӕссыгтӕй ныхсадта ӕмӕ мын сӕ йӕ дзыккутӕй ныссӕрфта. 45 Ды мӕ размӕ куы рацыдтӕ, уӕд мын нӕ апъа кодтай, уый та мын, куы ’рбацыдтӕн, уӕдӕй нырмӕ мӕ къӕхтӕн пъатӕ кӕны. 46 Ды мын мӕ сӕрыл сой нӕ рауагътай, ацы сылгоймаг та мын мӕ къӕхтӕ хӕрздӕф сойӕ байсӕрста. 47 Уымӕ гӕсгӕ дын зӕгъын: ацы сылгоймагӕн йӕ тӕригъӕдтӕ кӕд бирӕ сты, уӕддӕр ын хатыргонд цӕуынц, уымӕн ӕмӕ стыр уарзтӕй бауарзта. Фӕлӕ гыццыл кӕмӕн ныххатыр кӕнынц, уый уарзгӕ дӕр гыццыл фӕкӕны». 48 Ӕмӕ уый фӕстӕ сылгоймагӕн загъта: «Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ». 49 Уӕд, йемӕ фынгыл чи бадт, уыдон сӕхинымӕр райдыдтой хъуыды кӕнын: «Чи у ацы адӕймаг, тӕригъӕдтӕ дӕр куы хатыр кӕны?» 50 Фӕлӕ Йесо сылгоймагӕн загъта: «Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Фарнимӕ цу».
9–15 ИЮЛЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛУКАЙЫ 8, 9
«„Мӕ фӕдыл рацу“. Уый тыххӕй цы хъӕуы?»
(Лукайы 9:57, 58) Фӕндагыл ын иу чидӕр загъта: «Кӕдӕмфӕнды ма цӕуай,– ӕз дӕр ацӕудзынӕн дӕ фӕдыл». 58 Фӕлӕ йын Йесо афтӕ бакодта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, ӕмӕ мӕргътӕн – ахстӕттӕ, Адӕймаджы Фыртӕн та, йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».
it-U, «Гнездо»
Ахстон
Иухатт чиныджыдӕснытӕй иу Чырыстийӕн загъта: «Ахуыргӕнӕг, кӕдӕмфӕнды ма цӕуай,– ӕз дӕр ацӕудзынӕн дӕ фӕдыл». Фӕлӕ йын Йесо афтӕ бакодта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, ӕмӕ мӕргътӕн – ахстӕттӕ, Адӕймаджы Фыртӕн та, йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй» (Мф 8:19, 20; Лк 9:57, 58). Уыцы ныхӕстӕй Чырысти бамбарын кодта: йӕ ахуыргӕнинаг суа, уый кӕй фӕнды, уый хъуамӕ йӕ хорз цард ныууадза ӕмӕ йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл сӕвӕра. Уыцы хъуыды бӕрӕг у, Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын куы ахуыр кодта, уӕд цы загъта, уымӕй дӕр: «Ратт нын къӕбӕр абоны фаг», ӕмӕ ацы ныхӕстӕй «Уӕдӕ уын зӕгъын: сымахӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый чи нӕ ныууадза, уый мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы» (Мф 6:11; Лк 14:33).
(Лукайы 9:59, 60) Иннӕмӕн та загъта: «Мӕ фӕдыл рацу». Уый йын афтӕ бакодта: «Хицау, ауадз мӕ, ӕмӕ уал мӕ фыды баныгӕнон». 60 Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Мӕрдтӕ сӕхӕдӕг ныгӕнӕнт сӕ мӕрдты. Ды та ацу ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй алкӕмдӕр хъусын кӕн».
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 9:59, 60 стихтӕм
мӕ фыды баныгӕнон Уыцы лӕджы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг нӕ уыдысты, ӕмӕ йӕ фыд амард ӕмӕ йӕ ныгӕнынмӕ цыди. Афтӕ куы уыдаид, уӕд ӕй Йесоимӕ ныхас кӕнынмӕ кӕцӕй ӕвдӕлдаид. Раджы заманты-иу Ӕввахс Скӕсӕны адӕймаг куы фӕзиан, уӕд-иу ӕй арӕхдӕр уыцы бон баныгӕдтой. Уӕдӕ уыцы лӕджы фыд, ӕвӕццӕгӕн, ацӕргӕ кӕнӕ рынчын уыди. Чырысти йын афтӕ нӕ загътаид, цӕмӕй йӕ рынчын ӕмӕ фӕкӕсынхъуаг фыды ныууагътаид. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы лӕгӕн йӕ бинонтӕй искӕмӕн йӕ бон уыдаид йӕ фыдмӕ фӕкӕсын (Мч 7:9–13). Ӕндӕр ныхасӕй, уыцы лӕг афтӕ загъта: «Ӕз дӕ фӕдыл нӕ ацӕудзынӕн, цалынмӕ мӕ фыд ӕгас у, уӕдмӕ. Куы амӕла ӕмӕ йӕ куы баныгӕнон, уӕдмӕ банхъӕлмӕ кӕс». Фӕлӕ Чырысти ӕмбӕрста, уыцы лӕг Хуыцауы Паддзахад йӕ царды фыццаг бынаты сӕвӕрынмӕ цӕттӕ кӕй нӕ уыд (Лк 9:60, 62).
мӕрдтӕ сӕхӕдӕг ныгӕнӕнт сӕ мӕрдты Лк 9:59 стихмӕ цы уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг ис, уымӕй бӕрӕг у, Чырысти кӕимӕ ныхас кодта, уыцы нӕлгоймагӕн йӕ фыд удӕгас кӕй уыд – ӕвӕццӕгӕн, ацӕргӕ кӕнӕ рынчын уыд. Ӕндӕр ныхасӕй, Чырысти уыцы нӕлгоймагӕн загъта: «Уырнындзинады хъуыддаджы мард чи у, уыдон сӕ мӕрдты ныгӕнӕнт». Уӕдӕ уыцы адӕймаг хъуамӕ йӕ фыды йӕ хиуӕтты бар бакодтаид, цӕмӕй йӕм уыдон йӕ мӕлӕты онг кастаиккой. Чырыстийы фӕдыл куы ацыдаид, уӕд ын ӕнусон цардӕй ныфс уыдаид ӕмӕ, Хуыцауы цӕсты мард чи, уыдоны ’хсӕн нӕ уыдаид. Чырыстийы дзуаппӕй бӕрӕг у: цӕмӕй адӕймаг уырнындзинады хъуыддаджы мард ма уа, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы Паддзахад йӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕра ӕмӕ уыцы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕна.
(Лукайы 9:61, 62) Иу чидӕр та йын загъта: «Хицау, ӕз дӕ фӕдыл ацӕудзынӕн, фӕлӕ мӕ ауадз, ӕмӕ уал мӕ бинонтӕн хӕрзбон зӕгъон». 62 Уӕд ын Йесо загъта: «Гутоныл хӕцгӕйӕ фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс чи кӕны, уый Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуыны аккаг нӕу».
nwtsty, нывтӕ
Хуым кӕнын
Сӕрды тӕвд мӕйты фӕстӕ-иу фӕззӕджы къӕвдатӕй зӕхх куы сфӕлмӕн, уӕд-иу ӕй бахуым кодтой. (Кӕс sgd 19 хай.) Гутӕттӕ уыдысты алыхуызӕттӕ, зӕгъӕм, цыргъ хъил ӕфсӕйнаг бырынкъимӕ, ӕмӕ-иу ӕй бафидар кодтой, иу кӕнӕ цалдӕр цӕрӕгойыл цы ӕфсондз конд уыд, ууыл. Зӕхх-иу куы бахуым кодтой, уӕд-иу ӕй байтыдтой. Уыцы куыст алчидӕр кӕй зыдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ Дзуттаг Фыстыты цӕвиттонӕн арӕх хастой (Трх 14:18; Ис 2:4; Йер 4:3; Мх 4:3). Ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бамбарын кӕныны тыххӕй-иу Чырысти арӕх ракодта зӕххы куыст ӕмӕ кусӕнгӕрзты кой. Зӕгъӕм, хуым кӕныны тыххӕй цӕвиттон ӕрхаста, цӕмӕй бамбарын кодтаид, Хуыцауӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын кӕй хъӕуы (Лк 9:62). Хуымгӕнӕг хъуамӕ фӕстӕмӕ ма кастаид, цӕмӕй йӕ гутонвӕд зылын-мылын ма рауадаид. Хуыцауы лӕггадгӕнӕгӕн ӕндӕр хъуыддӕгтӕ куы суой ахсджиагдӕр, уӕд Хуыцауы Паддзахады аккаг нал уыдзӕн.
bw521 15, 16 фф., 11–13 абз.
Дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ уӕд
11 Йесойы цӕвиттонмӕ-ма лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм, цӕмӕй хуыздӕр бамбарӕм, зондӕн дзы райсӕн цы ис, уый. Кусӕг быдыры хуым кӕны. Фӕлӕ хуымгӕнгӕйӕ йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр сты йӕ хӕдзарыл. Хӕдзармӕ куы ацӕуид, уӕд уым фенид йӕ бинонты, йе ’мбӕлтты, бахӕрид адджын хӕринаг, байхъусид музыкӕмӕ, фӕхудид ӕмӕ аууоны абадид. Уыдӕттӕ тынг мысы. Афтӕ тынг сӕ мысы, ӕмӕ иуцасдӕр акуыста, ӕмӕ «фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс» кӕнын райдыдта. Кӕд хор байтауыны размӕ нырма бирӕ куыст бакӕнын хъӕуы, уӕддӕр кусӕг йе ’ргом ӕндӕр цӕмӕдӕрты аздӕхта ӕмӕ йӕ куыст хорз нӕ сарӕзта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый йӕ хицауы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ кусӕг йӕ куыст кӕронмӕ нӕ сарӕзта.
12 Ныр та ӕркӕсӕм, абон та ахӕм хабар адӕймагыл куыд ӕрцӕуы, уымӕ. Уыцы кусӕгимӕ абарӕн ис, фыццаг бакастӕй, алцыдӕр куыд ӕмбӕлы, афтӕ чи аразы, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ тӕссаг уавӕры кӕмӕн ис, ахӕм чырыстоны. Зӕгъӕм, ӕфсымӕр ӕмбырдтӕм дӕр цӕуы ӕмӕ уацамынды дӕр вӕййы. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ мауал хъуыды кӕна, ацы дунейы цы уарзы, уыдӕттыл. Уӕддӕр сӕм йӕ зӕрдӕ ’хсайы. Уыцы ӕфсымӕр уыдӕттӕм афтӕ тынг бӕллы, ӕмӕ цалдӕр азы фӕлӕггад кодта, фӕлӕ стӕй «фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс» кӕнын райдыдта. Кӕд хъусын кӕныны хъуыддаджы нырма бирӕ куыст ис, уӕддӕр уыцы ӕфсымӕр «царды дзырдыл фидар [нӕ] хӕцы» ӕмӕ Хуыцауӕн раздӕрау зӕрдиагӕй нал лӕггад кӕны (Фил. 2:16). Йегъовӕйӕн, «хуымы Хицауӕн», тынг зын вӕййы, йӕ кусджытӕй исчи кӕронмӕ фидар куы нӕ фӕлӕууы, уӕд (Лук. 10:2).
13 Уӕдӕ бӕрӕг у, ацы хабарӕй зондӕн цы ис райсӕн. Ӕмбырдтӕ ма цух кӕнай ӕмӕ уацамындмӕ ӕдзух цӕуай, уый, бӕгуыдӕр, хорз у. Фӕлӕ ӕрмӕст уый фаг нӕу, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ уа (2 Аз. 25:1, 2, 27). Кӕд чырыстон йӕ зӕрдӕйы мидӕг «фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс кӕны», ома ацы дунейы цардыуаг уарзы, уӕд ын тӕссаг у, Йегъовӕйӕ кӕй адард уыдзӕн, уымӕй (Лук. 17:32). Цӕмӕй «Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуыны аккаг» уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынӕм, хорз цы у, ууыл та фидар хӕцӕм» (Лук. 9:62; Ром. 12:9). Кӕд нӕм Хӕйрӕджы дунейы цыдӕртӕ пайда кӕнӕ ӕхсызгон кӕсынц, уӕддӕр хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй нӕ мацы бахъыгдара Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынӕн (2 Кор. 11:14; бакӕс Филиппӕгтӕм 3:13, 14).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Лукайы 8:3) Ироды хӕдзары уынаффӕгӕнӕг Хузӕйы ус Иоаннӕ, Сусаннӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр сылгоймӕгтӕ дӕр. Уыдон Йесойӕн ӕмӕ йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕн, цы сӕм уыд, уый не ’вгъау кодтой, ӕмӕ сын афтӕмӕй лӕггад кодтой.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 8:3 стихмӕ
лӕггад кодтой Кӕнӕ сын ӕххуыс кодтой. Грекъаг дзырд диаконе́о амоны цӕмӕйдӕр баххуыс кӕнынмӕ, зӕгъӕм, цыдӕртӕ ӕлхӕнынмӕ, хӕринаг кӕнынмӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Ахӕм хъуыды ис Лк 10:40 («ӕппӕт кӕнинӕгтӕ»), Лк 12:37 («лӕггад кӕндзӕн»), Лк 17:8 («лӕггад кӕн») ӕмӕ Хъд 6:2 («хӕринаг уарӕм»). Фӕлӕ ма фӕамоны ӕндӕр хъуыддӕгтӕм дӕр. 2 ӕмӕ 3 стихты ацы мивдисӕг амоны, цы сылгоймӕгты кой дзы ис, уыдон Чырысти ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд ӕххуыс кодтой, Хуыцау сын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый ӕххӕст кӕнынӕн. Афтӕмӕй уыцы сылгоймӕгтӕ Хуыцауы кадджын кодтой. Ӕмӕ сӕм Хуыцау дӕр йӕ хорзӕх равдыста – Библийы ныффыссын кодта, куыд рӕдау уыдысты, уый тыххӕй (Ӕм 19:17; Дзт 6:10). Уыцы грекъаг дзырд ма ӕмбӕлы, Мф 27:55 ӕмӕ Мч 15:41 сылгоймӕгты кой кӕм ис, уым.
(Лукайы 9:49, 50) Уӕд ын Иоанн афтӕ бакодта: «Ахуыргӕнӕг, мах федтам, дӕ номӕй хӕйрӕджыты чи суры, иу ахӕм адӕймаджы. Ӕмӕ йын загътам, цӕмӕй афтӕ мауал кӕна, уымӕн ӕмӕ махӕй нӕу». 50 Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Уадзут ӕй, уымӕн ӕмӕ, уӕ ныхмӕ чи нӕу, уый уӕ фарс у».
Ахсджиаг хъуыдытӕ Лукайы чиныгӕй
9:49, 50 – Адӕмӕй хӕйрӕджыты чи сырдта, уыцы лӕгӕн Йесо цӕуылнӕ исты загъта, кӕд йӕ фӕдыл нӕ цыд, уӕд? Йесо йын уымӕн ницы загъта, ӕмӕ уӕд чырыстон ӕмбырд нӕма уыд. Уӕдӕ цӕмӕй Йесойыл ӕууӕндыдаид ӕмӕ адӕмӕй хӕйрӕджыты сырдтаид, уый тыххӕй йӕ Йесойы фӕдыл цӕуын ӕнӕмӕнг нӕ хъуыд (Марчы 9:38–40).
Библийӕ бакӕсинаг
(Лукайы 8:1–15) Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йесо араст ӕмӕ горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл зылди ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта. Йемӕ уыдысты йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы, 2 стӕй, дӕлимонты кӕмӕй расырдта ӕмӕ сӕ низтӕй кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы сылгоймӕгтӕй чидӕртӕ: Магдалинӕ кӕй хуыдтой, уыцы Марийӕ – авд дӕлимоны кӕмӕй рацыд, уый, 3 Ироды хӕдзары уынаффӕгӕнӕг Хузӕйы ус Иоаннӕ, Сусаннӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр сылгоймӕгтӕ дӕр. Уыдон Йесойӕн ӕмӕ йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕн, цы сӕм уыд, уый не ’вгъау кодтой, ӕмӕ сын афтӕмӕй лӕггад кодтой. 4 Уый фӕстӕ Йесомӕ ӕрбамбырд бирӕ адӕм, уыимӕ, иу горӕтӕй иннӕ горӕтмӕ йемӕ чи цыди, уыдон дӕр, ӕмӕ сын радзырдта фӕсномыг ныхас: 5 «Иу бон тауӕг рацыд хор тауынмӕ. Таугӕ-тауын нӕмгуытӕй иутӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон ӕмӕ къӕхты бын фесты, ӕмӕ сӕ мӕргътӕ рауыгътой. 6 Иннӕтӕ ӕрхаудысты къӕдзӕхыл, ӕмӕ ӕвзар куы суагътой, уӕд донхъуагӕй бахус сты. 7 Иуӕй-иутӕ та дзы ӕрхаудысты сындзыты ’хсӕн. Сындзытӕ дӕр семӕ ссыдысты ӕмӕ сӕ рӕзын нал суагътой. 8 Нӕмгуытӕй ӕрхауди хорз зӕххыл дӕр, ӕмӕ куы равзӕрдысты, уӕд радтой тыллӕг сӕдӕ хатты фылдӕр». Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд хъӕрӕй загъта: «Хъустӕ хъусынӕн кӕуыл ис, уый хъусӕд». 9 Уӕд ӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фӕрсын байдыдтой, уыцы фӕсномыг ныхас цы нысан кӕны, зӕгъгӕ. 10 Уый сын загъта: «Сымахӕн лӕвӕрд у Хуыцауы паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ ӕмбарыны хъомыс, иннӕтӕн та сты ӕрмӕстдӕр фӕсномыг ныхӕстӕ, цӕмӕй кӕсой, фӕлӕ мацы уыной, хъусой, фӕлӕ йӕ ма ӕмбарой. 11 Фӕсномыг ныхас та мӕнӕ цы нысан кӕны: нӕмыг у Хуыцауы дзырд. 12 Фӕндаггӕрон цы нӕмгуытӕ ӕрхауд, уыдон сты ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ дзырд фехъусынц, фӕлӕ уый фӕстӕ Хӕйрӕг ӕрбацӕуы ӕмӕ сын ӕй сӕ зӕрдӕтӕй ахӕссы, цӕмӕй ма баууӕндой ӕмӕ ма фервӕзой. 13 Къӕдзӕхыл цы нӕмгуытӕ ӕрхауд, уыдон сты ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ дзырд куы фехъусынц, уӕд ӕй сӕ зӕрдӕмӕ цингӕнгӕ айсынц, фӕлӕ сын уидаг нӕ вӕййы. Ӕмӕ иуцасдӕр феууӕндынц, фӕлварӕнты куы бахауынц, уӕд та уырнындзинадӕй фӕиппӕрд вӕййынц. 14 Сындзыты ’хсӕн цы нӕмгуытӕ ӕрхауд, уыдон сты ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ дзырд фехъусынц, фӕлӕ ацы царды сагъӕстыл, хъӕздыгдзинадыл ӕмӕ ирхӕфсӕнтыл свӕййынц ӕмӕ нал сырӕзынц, гъемӕ кӕронмӕ ницы ахӕццӕ кӕнынц. 15 Хорз зӕххыл цы нӕмгуытӕ ӕрхауд, уыдон та сты, хорз ӕмӕ фӕлмӕн зӕрдӕ кӕмӕн ис, ахӕм адӕймӕгтӕ: уыдон дзырд куы фехъусынц, уӕд ӕй сӕ зӕрдӕты арф нывӕрынц ӕмӕ, фӕразон кӕй вӕййынц, уый фӕрцы раттынц тыллӕг».
16–22 ИЮЛЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛУКАЙЫ 10, 11
«Фӕсномыг ныхас самариаг лӕджы тыххӕй»
(Лукайы 10:29–32) Фӕлӕ уыцы лӕг, рӕстаг адӕймаг дӕн, зӕгъгӕ, уый равдисыны тыххӕй Йесойы бафарста: «Ӕмӕ, кӕй хъуамӕ уарзон, уыцы иннӕтӕ чи сты?» 30 Уӕд ын Йесо ракодта иу хабар: «Иу лӕг Иерусалимӕй Иерихонмӕ ӕрцӕйцыд ӕмӕ фӕндагыл абырджыты къухтӕм бахауд. Уыдон ӕй сбӕгънӕг кодтой, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ уым ӕрдӕгмардӕй ныууагътой. 31 Ныр рауад афтӕ, ӕмӕ уыцы фӕндагыл ӕрцӕйцыд иу сауджын, ӕмӕ йӕ куы федта, уӕд фӕндагӕн йӕ иннӕ фарсмӕ ахызт ӕмӕ йӕ рӕзты аивгъуыдта. 32 Афтӕ левит дӕр, уыцы бынатмӕ куы ’рхӕццӕ ӕмӕ йӕ куы федта, уӕд фӕндагӕн йӕ иннӕ фарсмӕ ахызт ӕмӕ йӕ рӕзты аивгъуыдта».
nwtsty, видеоролик
Иерусалимӕй Иерихонмӕ фӕндаг
Ацы цыбыр видеороликы ӕвдыст цӕуы фӕндаг (1), ӕмӕ дзы базонӕн ис, абон дӕр ӕмӕ раджы заманты дӕр Иерусалимӕй Иерихонмӕ цыхуызӕн фӕндаг уыд, уый. Йӕ дӕргъ уыд 20 километры ӕмӕ цыди уырдыгмӕ. Уыцы ӕдзӕрӕг бынаты-иу абырджытӕ адӕмы арӕх бастыгътой. Уымӕ гӕсгӕ-иу уыцы фӕндагыл хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрдтой. Ромаг Иерихон (2) уыди, Иудейӕйы ӕдзӕрӕг бынат кӕм фӕуд кодта, уым. Зӕронд Иерихон (3) та уыди ромаг горӕтӕй иу-2 километры дарддӕр.
w02 1/9 24, 25 фф., 14, 15 абз.
«Ӕнӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй сын ницы дзырдта»
14 Дыккаг цӕвиттон: нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм хӕларзӕрдӕ самариаг лӕджы хабар. Йесо уый тыххӕй йӕ ныхас райдыдта афтӕ: «Иу кӕцыдӕр адӕймаг цыд Иерусалимӕй Иерихонмӕ ӕмӕ бахаудта абырджытӕм, кӕцытӕ йын раластой йӕ дарӕстӕ, фӕцӕфтӕ йӕ кодтой, ӕмӕ ацыдысты, уый ӕрдӕгмардӕй ныууадзгӕйӕ» (Лукайы 10:30). Йесо хуымӕтӕджы нӕ дзырдта, «Иерусалимӕй Иерихонмӕ» цы фӕндаг цыди, уый тыххӕй. Ацы фӕсномыг ныхас радзырдта Иудейы, Иерусалиммӕ хӕстӕг. Уӕдӕ йын йӕ ныхасмӕ чи хъуыста, уыдон куыннӕ зыдтаиккой уыцы фӕндаджы тыххӕй? Уӕд адӕм хорз зыдтой, уыцы фӕндагыл цӕуын тӕссаг кӕй уыд, уӕлдайдӕр та иунӕгӕй. Уыцы гакъон-макъон фӕндаг цыди ӕдзӕрӕг рӕттыл – ӕмӕ ма абырджыты ӕндӕр цы хъуыд.
15 «Иерусалимӕй Иерихонмӕ» цы фӕндаг цыди, уый кой ма Йесо ноджыдӕр иу цӕйдӕр тыххӕй ракодта. Фӕсномыг ныхасмӕ гӕсгӕ, уыцы фӕндагыл фыццаг фӕцӕйцыд сауджын, уый фӕстӕ та – левит, фӕлӕ диссаг, сӕ иу дӕр не ’рлӕууыд ӕмӕ нӕ баххуыс кодта уыцы мӕгуыр лӕгӕн (Лукайы 10:31, 32). Сауджынтӕ Иерусалимы лӕггад кодтой кувӕндоны, левиттӕ та сын ӕххуыс кодтой. Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй бирӕтӕ цардысты Иерихоны, кувӕндоны-иу сӕ куыстытӕй куы ссӕрибар сты, уӕд, уымӕн ӕмӕ Иерихон Иерусалимӕй 23 километры дӕрддзӕг йедтӕмӕ нӕ уыд. Уӕдӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, уыцы фӕндагыл цыдысты. Зӕгъын ма хъӕуы уый, ӕмӕ уыцы сауджын дӕр ӕмӕ левит дӕр «Иерусалимӕй» кӕй цыдысты, уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ кувӕндонмӕ нӕ, фӕлӕ кувӕндонӕй кӕй цыдысты. Уӕдӕ сӕ сӕрыл никӕй бон у рахӕцын, зӕгъгӕ, сауджын ӕмӕ левит цӕфтӕ лӕджы рӕзты уымӕн ахызтысты, ӕмӕ йӕ мард банхъӕлдтой, ӕмӕ мардмӕ куы бавнӕлдтаиккой, уӕд та сын цасдӕр рӕстӕг кувӕндоны лӕггад кӕнын нӕ уыдаид (Левит 21:1; Нымӕцтӕ 19:11, 16). Уӕдӕ бӕрӕг нӕу, Йесо цӕстуынгӕ цӕвиттоны цӕй тыххӕй дзырдта, уый адӕм хорз кӕй зыдтой?
(Лукайы 10:33–35) Фӕлӕ ма уыцы фӕндагыл фӕцӕйцыд иу самариаг лӕг дӕр. Уый йӕ цурмӕ куы бахӕццӕ ӕмӕ йӕ куы ауыдта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта. 34 Гъемӕ йӕм бацыд, йӕ цӕфтыл ын сой ӕмӕ сӕн рауагъта ӕмӕ йын сӕ бабаста. Стӕй йӕ йӕ хӕрӕгыл сӕвӕрдта, фысымуатмӕ йӕ баласта ӕмӕ йӕм базылд. 35 Дыккаг бон фысымуаты хицауӕн дыууӕ динары радта ӕмӕ йын загъта: «Ацы лӕгмӕ дӕ хъус фӕдар. Уымӕй уӕлдай ма йыл цы схардз кӕнай, уый та дын, куы ӕрыздӕхон, уӕд бафиддзынӕн».
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 10:33, 34 стихтӕм
иу самариаг лӕг Дзуттӕгтӕ самариӕгты ницӕмӕ дардтой ӕмӕ сӕ сӕхи хызтой (Ин 4:9). Дзуттӕгтӕй-иу исчи адӕймаджы бафхӕрынмӕ куы хъавыди, уӕд-иу ӕй самариаг рахуыдта (Ин 8:48). Иу раввины ныхӕстӕ фыст ӕрцыдысты Мишнӕйы: «Самариаджы къухӕй къӕбӕр бахӕрын, хуыйы фыд бахӕрынӕй уӕлдай нӕу» (Шебиит 8:10). Дзуттӕгтӕй бирӕтӕ самариӕгты ныхасыл не ’ууӕндыдысты кӕнӕ сӕ куыстмӕ нӕ истой. Чырысти зыдта, дзуттӕгтӕ самариӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсынц, уый ӕмӕ сын йӕ фӕсномыг ныхасы фӕрцы ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кодта. Уыцы фӕсномыг ныхас арӕх фӕхонынц хӕларзӕрдӕ самариаг лӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас.
йӕ цӕфтыл ын сой ӕмӕ сӕн рауагъта ӕмӕ йын сӕ бабаста Лука дохтыр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ бӕстон радзырдта Чырыстийы фӕсномыг ныхас ӕмӕ ныффыста, уыцы заман адӕймаджы цӕфтӕ куыд дзӕбӕх кодтой, уый тыххӕй. Сой ӕмӕ сӕнӕй пайда кодтой цӕфтӕ дзӕбӕх кӕнынӕн. Иуӕй-иу хатт-иу хъӕдгӕмттӕ сойӕ байсӕрстой, цӕмӕй сфӕлмӕн уыдаиккой (абар Ис 1:6), сӕнӕй та сӕ сӕрстой, цӕмӕй дзы инфекци ма бахаудаид. Лука ма ныффыста, самариаг уыцы лӕгӕн йӕ цӕфтӕ кӕй бабаста, цӕмӕй йӕ уавӕр ма фӕфыддӕр уыдаид.
фысымуатмӕ Цы грекъаг дзырдӕй йӕ ратӕлмац кодтой, уый комкоммӕ нысан кӕны «алкӕйдӕр кӕм суазӕг кӕнынц, ахӕм бынат». Уым-иу фӕндаггонтӕн дӕр ссардтой бынат ӕмӕ сӕ цӕрӕгойтӕн дӕр. Фысымуаты-иу чи ӕрлӕууыд, уыдонӕн-иу, куыд ӕмбӕлд, афтӕ суазӕг кодтой, фӕлӕ-иу йӕ хицауӕн фылдӕр куы бафыстой, уӕд-иу фӕкасти, йӕ бӕрны йын кӕй бакодтой, уымӕ.
(Лукайы 10:36, 37) «Куыд дӕм кӕсы, абырджыты къухтӕм чи бахауд, уыцы адӕймаджы уыцы ӕртӕйӕ чи уарзта?» 37 Уый йын дзуапп радта: «Чи йын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын чи баххуыс кодта, уый». Уӕд ын Йесо загъта: «Уӕдӕ ацу ӕмӕ ды дӕр афтӕ кӕн».
w98-U 1/7 31 ф., 2 абз.
Самариаг лӕг хӕларзӕрдӕ разынд
Чырыстийы фӕсномыг ныхасӕй бӕрӕг у, Хуыцауы закъон ӕрмӕст ӕххӕст чи кӕны, рӕстгӕнӕг уый кӕй нӕу, фӕлӕ Хуыцауы миниуджытӕ чи ӕвдисы, уыцы адӕймаг (Ефесӕгтӕм 5:1). Зӕгъӕм, Библийы фыст ис: «Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны» (Хъуыддӕгтӕ 10:34). Цымӕ нӕ бон у Хуыцауы уыцы хъуыддаджы фӕзмын? Чырыстийы фӕсномыг ныхас нӕ ахуыр кӕны, адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕй хъӕуамӕ кӕсӕм, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой ӕмӕ цыфӕнды диныл хӕст ма уой, уӕддӕр. Чырыстӕттӕ хъуамӕ «алкӕмӕн дӕр хорздзинад аразой» – цавӕрдӕр адӕмыхаттӕй чи у кӕнӕ цавӕрдӕр бынат чи ахсы ӕмӕ се ’муырнӕг чи у, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ, фӕлӕ (Галатӕгтӕм 6:10).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Лукайы 10:18) Уӕд сын уый афтӕ бакодта: «Ӕз федтон, арвӕрттывд куыд вӕййы, афтӕ Сайтан арвӕй куыд ӕрхауд».
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 10:18 стихмӕ
ӕз федтон, арвӕрттывд куыд вӕййы, афтӕ Сайтан арвӕй куыд ӕрхауд Ӕвӕццӕгӕн, Чырысти дзырдта, фидӕны чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уыцы хабары тыххӕй – Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст кӕй ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ йӕ афтӕ дзырдта, цыма хабар уӕдмӕ ӕрцыд. Рар 12:7–9 фыст ис, уӕлӕрвты хӕст кӕй уыдзӕн ӕмӕ Хӕйрӕг сырд кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уӕд Мессийӕйы Паддзахад кӕй фӕзындзӕн. Чырысти бамбарын кодта, кӕд Хуыцау 70 адӕймагӕн – хуымӕтӕг ӕнӕххӕст адӕмӕн – дӕлимонты сурыны хъару радта, уӕд Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ уыцы хӕсты кӕй фӕхӕрд уыдзысты (Лк 10:17).
Ахсджиаг хъуыдытӕ Лукайы чиныгӕй
10:18 – Йесойы йӕ 70 ахуыргӕнинагӕн цы зӕгъын фӕндыд ацы ныхӕстӕй: «Ӕз федтон, арвӕрттывд куыд вӕййы, афтӕ Сайтаны арвӕй ӕрхаугӕ»? Йесойы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг нӕ уыдысты, ӕмӕ Сайтан уӕдмӕ дӕр ӕрцыд ӕппӕрст арвӕй. Уыцы хабар ӕрцыд, Чырысти 1914 азы уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр (Рарг. 12:1–10). Фидӕны чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уыцы хабары тыххӕй ивгъуыд афоны дзургӕйӕ Йесо зӕгъынмӕ хъавыд, уый ӕнӕмӕнгӕй кӕй ӕрцӕудзӕн.
(Лукайы 11:5–9) Стӕй ма сын загъта: «Зӕгъӕм, кӕмӕндӕр уӕ ис ӕрдхорд. Ӕмбисӕхсӕв ӕм бацыдтӕ ӕмӕ йын загътай: „Ме ’рдхорд, ӕртӕ дзулы-ма мын ӕфстау авӕр. 6 Гыццыл раздӕр мӕм ме ’мбал ӕрбацыд, фӕндагыл уыд, ӕмӕ йын йӕ разы цы ӕрӕвӕрон, уый мӕм нӕй“. 7 Уый та дӕм ӕддӕмӕ радзырдта: „Ныууадз мӕ! Дуар дӕр сӕхгӕдтон, мӕ сывӕллӕттӕ дӕр мӕ фарсмӕ хуыссынц. Сыстон ӕмӕ дын исты раттон, уый мӕ бон нӕу“. 8 Зӕгъын уын: ӕрдхӕрдтӕ кӕй сты, уый тыххӕй куы нӕ сыста ӕмӕ йын куы ницы ратта, уӕддӕр ӕй куы нал ӕмӕ куы нал уадза, уӕд сыстдзӕн ӕмӕ йӕ цы хъӕуа, уый йын ратдзӕн. 9 Уӕдӕ уын зӕгъын: курут, ӕмӕ уын ратдзысты, агурут, ӕмӕ ссардзыстут, хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты».
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 11:5–9 стихтӕм
ме ’рдхорд, ӕртӕ дзулы-ма мын ӕфстау авӕр Ӕввахс Скӕсӕны уазӕг алкӕддӕр кадджын уыд, ӕмӕ уый бӕрӕг у ацы фӕсномыг ныхасӕй. Кӕд уазӕг ӕхсӕвы ӕнафоны ӕрбацыд (уӕды заман-иу афтӕ уыд, ӕмӕ-иу адӕймаг фӕндагыл бафӕстиат, ӕнхъӕл цас нӕ уыд, уыйбӕрц), уӕддӕр фысым йӕ хӕсыл нымадта уазӕгӕн исты бахӕрын кӕнын. Уый тыххӕй ма суанг йӕ сыхаджы дӕр райхъал кодта ӕмӕ дзы хӕринаг ракуырдта.
ныууадз мӕ Фӕсномыг ныхасы цы сыхаг уыд, уый йын, нӕ, зӕгъгӕ, уый тыххӕй нӕ загъта, ӕмӕ йӕ баххуыс кӕнын нӕ фӕндыд, фӕлӕ фынӕй кӕй кодта, уый тыххӕй. Уыцы рӕстӕг арӕх хӕдзары иу стыр уат йеддӕмӕ нӕ уыд, уӕлдайдӕр мӕгуыр адӕймаджы хӕдзары. Ӕмӕ уыцы адӕймаг куы сыстадаид, уӕд йӕ бинонты се ’ппӕты дӕр райхъал кодтаид, уыимӕ сывӕллӕтты дӕр.
куы нал ӕмӕ куы нал уадза Ацы ныхӕстӕ цы грекъаг дзырдӕй ратӕлмац кодтой, уый комкоммӕ нысан кӕны «ӕдзӕсгом» кӕнӕ «ӕнӕфсарм». Фӕлӕ ацы контексты ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цыдӕр ӕппынӕдзух кӕнӕ зӕрдиагӕй аразын кӕй хъӕуы. Чырыстийы фӕсномыг ныхасы цы лӕг уыд, уый йе ’рдхорды кӕй нал ӕмӕ нал уагъта, уый фӕрцы йӕ къухы бафтыд, цы йӕ хъуыд, уый. Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, уыдон дӕр Хуыцаумӕ ӕппынӕдзух зӕрдиагӕй кӕй хъуамӕ кувой (Лк 11:9, 10).
Библийӕ бакӕсинаг
(Лукайы 10:1–16) Уыцы хабӕртты фӕстӕ ма Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй равзӕрста ӕвдай адӕймаджы ӕмӕ, йӕхӕдӕг цӕуинаг кӕдӕм уыд, уыцы горӕттӕм ӕмӕ сӕ уыцы бынӕттӕм йӕ разӕй дыгӕйттӕй арвыста. 2 Ӕмӕ сын загъта: «Кӕрдинаг, бӕгуыдӕр, бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл. Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита. 3 Цӕут! Ӕз сымах ӕрвитын, уӕрыччыты бирӕгъты ’хсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. 4 Уемӕ ма ахӕссут нӕдӕр ӕхцадон, нӕдӕр хызын, нӕдӕр дзабыртӕ, стӕй-иу фӕндагыл салам дӕтгӕйӕ хъӕбыстӕ макӕмӕн кӕнут. 5 Цы хӕдзармӕ-иу бацӕуат, уым-иу фыццаг зӕгъут: „Фарн ацы хӕдзары!“ 6 Ӕмӕ кӕд уыцы хӕдзары фарнуарзаг адӕймаг нӕ уа, уӕд уӕ фарн уӕхимӕ раздӕхдзӕн. Кӕд дзы фарнуарзаг адӕймаг уа, уӕд та уӕ фарнӕй фӕхайджын уыдзӕн. 7 Гъемӕ-иу уыцы хӕдзары ӕрлӕуут, ӕмӕ-иу уын уӕ разы цы ӕрӕвӕрой, уый-иу бахӕрут ӕмӕ бануазут, уымӕн ӕмӕ фыдӕбонгӕнӕг уый аккаг у, ӕмӕ йын йӕ фыдӕбонӕн бафидой. Фӕлӕ иу хӕдзарӕй иннӕ хӕдзармӕ ма цӕут – уӕ бынат ма раив-баив кӕнут. 8 Стӕй, искӕцы горӕтмӕ дӕр куы бацӕуат ӕмӕ уӕ уым куы суазӕг кӕной, уӕд-иу уын уӕ разы цы ӕрӕвӕрой, уый-иу бахӕрут. 9 Уыцы горӕты цы рынчынтӕ уа, уыдоны-иу сдзӕбӕх кӕнут ӕмӕ-иу се ’ппӕтӕн дӕр дзурут: „Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг“. 10 Фӕлӕ искӕцы горӕтмӕ куы бацӕуат ӕмӕ уӕ куы не суазӕг кӕной, уӕд та-иу рацӕут уыцы горӕты стыр уынгтӕм ӕмӕ-иу зӕгъут: 11 „Уӕ горӕты нӕ къӕхтыл цы рыг сбадт, уый дӕр нӕ къӕхтӕй цӕгъдӕм, цӕмӕй йӕ зонат, кӕй рӕдийут. Фӕлӕ зонут: Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг“. 12 Зӕгъын уын: уыцы бон Содомӕн уыцы горӕтӕй ӕнцондӕр уыдзӕн. 13 Мӕгуыр дӕ бон, Хоразин! Мӕгуыр дӕ бон, Вифсаидӕ! Сымах цы диссӕгтӕ федтат, уыдон Тир ӕмӕ Сидоны цӕрджытӕ куы федтаиккой, уӕд сӕ тӕригъӕдтыл раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой: сӕ уӕлӕ хъисынтӕ скодтаиккой ӕмӕ фӕнычы сбадтаиккой. 14 Уӕдӕ тӕрхоны рӕстӕг Тир ӕмӕ Сидонӕн сымахӕй ӕнцондӕр уыдзӕн. 15 Науӕд ды, Капернаум, афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ дӕ арвмӕ сисдзысты? Дӕлдзӕхмӕ ныххаудзынӕ! 16 Сымахмӕ чи хъусы, уый хъусы мӕнмӕ дӕр. Сымах чи ницӕмӕ дары, уый ницӕмӕ дары мӕн дӕр. Ӕмӕ мӕн чи ницӕмӕ дары, уый та ницӕмӕ дары, мӕн чи рарвыста, уый дӕр».
23–29 ИЮЛЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛУКАЙЫ 12, 13
«Сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут»
(Лукайы 12:6) Фондз сырддонцъиуы дыууӕ лыстӕг ӕхцайыл нӕ уӕй кӕнынц? Фӕлӕ дзы Хуыцауӕй иу дӕр рох нӕу.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 12:6 стихмӕ
сырддонцъиуы Грекъаг дзырд струти́он амоны гыццыл цъиутӕй кӕцыфӕндымӕ дӕр, фӕлӕ арӕхдӕр фӕамоны сырддонцъиутӕм, уыдон уыдысты, хӕрынӕн кӕй ӕлхӕдтой, уыцы цъиутӕй ӕппӕты асламдӕр.
(Лукайы 12:7) Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр иууылдӕр нымад сты. Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 12:7 стихмӕ
сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр иууылдӕр нымад сты Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй адӕймаджы сӕрыл рӕстӕмбис нымадӕй ис 100 мин сӕрыхъуынӕй фылдӕр. Йегъовӕ ахӕм гыццыл хъуыддӕгтӕ дӕр кӕй зоны, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй алкӕй тыххӕй дӕр алцыдӕр зоны.
(Лукайы 12:7) Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр иууылдӕр нымад сты.
Хуыцау нын аргъ кӕны
Библийы фыст ис, иуӕй-иу хатт ныл нӕ зӕрдӕ кӕй фӕхуды ӕмӕ нӕхимӕ ницӕйаг кӕй фӕкӕсӕм. Чи зоны, афтӕ фӕхъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцау нӕ уарзы ӕмӕ йӕ цӕсты ницы стӕм. Фӕлӕ Библи дзуры: «Хуыцау нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр у ӕмӕ алцыдӕр зоны» (1 Иоанны 3:19, 20). Хуыцау нӕ нӕхицӕй хуыздӕр зоны. Уый нӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый тынг хицӕн кӕны, нӕхӕдӕг нӕхимӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕй. Ӕмӕ Хуыцау цы хъуыды кӕны, уымӕй ахсджиагдӕр та ницы ис. Уӕдӕ нын цы аргъ ис Хуыцауы цӕсты? Дзуапп базондзыстӕм, Йесо Чырысти дыууӕ хатты цы зӕрдӕмӕхъаргӕ цӕвиттон радзырдта, уымӕй.
Иухатт Чырысти загъта, зӕгъгӕ, «дыууӕ сырддонцъиуы лыстӕг ӕхцайыл... уӕй кӕнынц» (Матфейы 10:29, 31). Лукайы 12:6, 7 дӕр кӕсӕм Чырыстийы ныхӕстӕ: «Фондз сырддонцъиуы дыууӕ лыстӕг ӕхцайыл нӕ уӕй кӕнынц? Фӕлӕ дзы Хуыцауӕй иу дӕр рох нӕу... Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут». Ацы хуымӕтӕг, фӕлӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕй базонӕн ис, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕ дӕр цы цӕстӕй кӕсы, уый.
Сырддонцъиутӕ уыдысты, хӕрынӕн кӕй ӕлхӕдтой, уыцы цъиутӕй ӕппӕты асламдӕр. Чырысти-иу базары федта, уыцы гыццыл цъиуты сӕ бинонты бафсадынӕн чи ӕлхӕдта, уыцы мӕгуыр сылгоймӕгты. Чи зоны, уыцы сылгоймӕгты ’хсӕн уыд йӕ мад дӕр. Дыууӕ сырддонцъиуы балхӕнӕн уыди иу лыстӕг ӕхцайӕ, кӕнӕ абоны нымадӕй 1 сом ӕмӕ 20 капеккӕй. Сырддонцъиутӕ афтӕ аслам уыдысты, ӕмӕ дыууӕ ӕвзист ӕхцайӕ балхӕнӕн уыди цыппар цъиуы нӕ, фӕлӕ фондз – фӕндзӕм цъиуы та-иу лӕвар радтой.
Чырысти бамбарын кодта, зӕгъгӕ, сырддонцъиутӕй «Хуыцауӕй иу дӕр рох нӕу» кӕнӕ дзы «иу дӕр зӕхмӕ... Фыд ӕй ма зона, афтӕмӕй не ’рхаудзӕн» (Матфейы 10:29). Йегъовӕ уыны, цӕф сырддонцъиу зӕхмӕ куы ӕрхауы кӕнӕ хӕринаг агурӕг куы ӕрбады, суанг уый дӕр. Иугӕр Йегъовӕ ацы гыццыл цъиуты сфӕлдыста, уӕд сӕ ницӕйагыл нӕ нымайы. Уӕдӕ сӕ уӕд рох дӕр куыд хъуамӕ фӕкӕна?! Йегъовӕ сын аргъ кӕны, уымӕн ӕмӕ удӕгас сты. Куыд дӕм кӕсы, ацы цӕвиттонӕй Чырысти цы зӕгъинаг уыд?
Цӕмӕй-иу Чырысти исты ахсджиаг хъуыды бамбарын кодтаид, уый тыххӕй-иу арӕх абарста гыццыл хъуыддаг стыримӕ. Иухатт загъта: «[Халӕттӕ] нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ, ӕмӕ сын нӕдӕр къутутӕ ис, нӕдӕр хордӕттӕ, фӕлӕ сӕ Хуыцау ӕфсады. Ӕмӕ уӕд сымах та цас зынаргъдӕр стут мӕргътӕй!» (Лукайы 12:24). Ацы ныхӕстӕ нын ноджы хуыздӕр ӕмбарын кӕнынц, сырддонцъиуты тыххӕй цы цӕвиттон радзырдта, уый. Кӕд Йегъовӕ уыцы гыццыл цъиутӕн аргъ кӕны, уӕд ын цас зынаргъдӕр сты, чи йӕ уарзы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыцы адӕм!
Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, нӕхимӕ хъуамӕ ницӕйаг ма кӕсӕм ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, уый аккаг кӕй не стӕм, цӕмӕй, «нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр [чи] у ӕмӕ алцыдӕр [чи] зоны», уыцы Хуыцау нӕ уарза ӕмӕ ныл тыхса. Уӕдӕ куыд ӕхсызгон у зонын, не Сфӕлдисӕг нын нӕхицӕй тынгдӕр кӕй аргъ кӕны!
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Лукайы 13:24) Уӕ тых, уӕ бонӕй архайут нарӕг дуарыл бахизыныл. Зӕгъын уын: бирӕтӕ архайдзысты бахизыныл, фӕлӕ сӕ бон нӕ бауыдзӕн.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 13:24 стихмӕ
уӕ тых, уӕ бонӕй архайут Кӕнӕ «дарддӕр дӕр тох кӕнут». Чырысти загъта, ӕппӕт хъарутӕй архайын кӕй хъӕуы, цӕмӕй нарӕг дуарыл бахизӕм. Грекъаг мивдисӕг агони́зомай арӕзт ӕрцыд номдар аго́н ӕмӕ дзы арӕх фӕпайда кӕнынц спортивон ерысты кой кӕнгӕйӕ. Дзт 12:1 ацы номдарӕй спайда кодтой ахӕсгӕ хуызы, чырыстӕттӕ царды фӕндагыл кӕй «згъорынц», уый бамбарын кӕныны тыххӕй. Стӕй ма йын вӕййы ӕндӕр хъуыды дӕр, зӕгъӕм, «тох кӕнын» (Фп 1:30; Кл 2:1; 1Тм 6:12; 2Тм 4:7). Лк 13:24 цы грекъаг мивдисӕг ис, уый ма ратӕлмац кодтой «ерысты архайджытӕ» (1Кр 9:25), «ӕппӕт хъарутӕй архайын» (Кл 1:29; 1Тм 4:10) ӕмӕ «тох кӕн» (1Тм 6:12). Ацы ныхас райдианы спортивон ерыстӕм кӕй амыдта, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Чырысти дзырдта, цӕмӕй адӕймаг ӕппӕт хъарутӕй архайа, афтӕмӕй йӕ хӕрзиуӕг райсынмӕ тырна.
(Лукайы 13:33) Фӕлӕ уӕддӕр, абон, райсом ӕмӕ иннӕбон дӕр мӕнӕн мӕ фӕндагыл цӕугӕ у, уымӕн ӕмӕ пехуымпары Иерусалимы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр искуы амарой, уымӕн гӕнӕн нӕй.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 13:33 стихмӕ
уымӕн гӕнӕн нӕй Кӕнӕ «ууыл дзырд дӕр нӕй». Библийы пехуымпарӕдӕтӕй иуы дӕр комкоммӕ афтӕ загъд нӕй, ӕмӕ Мессийӕ Иерусалимы амӕлдзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, афтӕ ахъуыды кӕнӕн ис Дан 9:24–26 цы ныхӕстӕ ис, уыдоны тыххӕй. Стӕй ма кӕд дзуттӕгтӕ хъуамӕ пехуымпары, уӕлдайдӕр та Мессийӕйы амардтаиккой, уӕд ӕй хъуамӕ уыцы горӕты амардтаиккой. Уымӕн ӕмӕ уыцы горӕты уыди дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондон, уыди дзы 71 адӕймаджы, ӕмӕ-иу тӕрхон кодтой, мӕнг пехуымпарыл-иу кӕй банымадтой, уыцы адӕмӕн. Уымӕй уӕлдай ма Чырыстийӕ рох нӕ уыд, Хуыцауӕн-иу нывӕндтӕ Иерусалимы кӕй хастой ӕмӕ-иу Куадзӕны уӕрыкк дӕр уым кӕй аргӕвстой. Чырыстийы ныхӕстӕ раст разындысты: Иерусалимы сӕйраг тӕрхоны раз ӕрлӕууыд ӕмӕ йын мӕлӕты тӕрхон рахастой. Ӕмӕ растдӕр Иерусалимы горӕты къулы ӕдде амард – «Куадзӕны уӕрыккау» нывондӕн хаст ӕрцыд (1Кр 5:7).
Библийӕ бакӕсинаг
(Лукайы 12:22–40) Уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: уӕ удтыл мауал мӕт кӕнут, цы хӕрат, науӕд уӕ уӕлӕ цы скӕнат, 23 уымӕн ӕмӕ уд хӕринаг ӕмӕ уӕлӕдарӕсӕй зынаргъдӕр у. 24 Акӕсут-ма халӕттӕм – уыдон нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ, ӕмӕ сын нӕдӕр къутутӕ ис, нӕдӕр хордӕттӕ, фӕлӕ сӕ Хуыцау ӕфсады. Ӕмӕ уӕд сымах та цас зынаргъдӕр стут мӕргътӕй! 25 Стӕй, куы мӕт кӕнат, уӕд уӕ уымӕй йӕ цардыл иу гыццыл дӕр исчи бафтаудзӕн? 26 Уӕдӕ кӕд уыцы гыццыл хъуыддаджы уӕ бон ницы у бакӕнын, уӕд ма иннӕ хъуыддӕгтыл цы мӕт кӕнут? 27 Акӕсут-ма, быдыры дидинджытӕ куыд рӕзынц, уымӕ – уыдон нӕдӕр фыдӕбон кӕнынц, нӕдӕр ӕлвисгӕ. Фӕлӕ уын зӕгъын: Соломоны хуызӕн хъӕздыг лӕг нӕ уыд, ӕмӕ-иу уый дӕр уыдоны хуызӕн рӕсугъд нӕ сарӕзта йӕхи. 28 Ӕмӕ кӕд Хуыцау, абон чи ис ӕмӕ райсом та пецы кӕй баппардзысты, уыцы кӕрдӕг афтӕ сфӕлынды, уӕд сымах ӕнӕ дарӕсӕй куыд хъуамӕ ныууадза! Кӕм ис уӕ уырнындзинад? 29 Уӕдӕ, цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, ууыл мауал тыхсут ӕмӕ мауал мӕт кӕнут, 30 уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ацы дунейы адӕм агурынц. Сымахӕн та уӕ Фыд зоны, уыдӕттӕ уӕ кӕй хъӕуынц. 31 Уӕдӕ йын агурут йӕ паддзахад, ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕй дӕр цух нӕ уыдзыстут. 32 Ма тӕрс, гыццыл дзуг, уымӕн ӕмӕ уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн паддзахад раттын. 33 Цы уӕм ис, уый ауӕй кӕнут ӕмӕ дзы мӕгуыртӕн баххуыс кӕнут. Уӕхицӕн скӕнут, ихсийгӕ чи нӕ кӕны, ахӕм ӕхцадӕттӕ, къаддӕр чи нӕ кӕны, ахӕм хӕзнатӕ уӕлӕрвты – уым сӕм давӕг хӕстӕг нӕ цӕуы ӕмӕ сӕ рӕмпӕг нӕ хӕры. 34 Уӕ хӕзна кӕм уа, уым уыдзысты уӕ зӕрдӕтӕ дӕр. 35 Уӕ астӕутӕ баст уӕнт, уӕ цырӕгътӕ судзӕнт, 36 ӕмӕ ут, чындзӕхсӕвӕй йӕ хицауы ӕрцыдмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ахӕм адӕймӕгты хуызӕн – куыддӕр сӕ хицау ӕрбацӕуа ӕмӕ ӕрбахойа, афтӕ йын дуар бакӕндзысты. 37 Амондджын сты уыцы цагъартӕ, сӕ хицау ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ кӕй ӕрӕййафа! Ӕцӕг уын зӕгъын: йӕ астӕу ӕрбабӕтдзӕн, фынгыл сӕ ӕрбадын кӕндзӕн, сӕ уӕлхъус ӕрлӕудзӕн ӕмӕ сын лӕггад кӕндзӕн. 38 Ӕмӕ ӕмбисӕхсӕв, суанг кӕркуасӕнты дӕр куы ’рцӕуа ӕмӕ сӕ афтӕмӕй куы ӕрӕййафа, уӕд амондджын сты! 39 Фӕлӕ йӕ зонут: хӕдзары хицау, давӕг сӕм цы афон бацӕудзӕн, уый куы зонид, уӕд йӕ цӕстытӕ цъынд дӕр не ’ркӕнид ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзармӕ бабырын нӕ бауадзид. 40 Афтӕ сымах дӕр уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ, цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт».
30 ИЮЛЫ – 5 АВГУСТЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛУКАЙЫ 14–16
«Фӕсномыг ныхас сӕфт фырты тыххӕй»
(Лукайы 15:11–16) Стӕй йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты. 12 Ӕмӕ иу бон кӕстӕр фырт йӕ фыдӕн загъта: „Мӕ фыд, дӕ исбонӕй мӕм цы хай хауы, уый мын ратт“. Гъемӕ фыд дӕр йӕ исбон йӕ фырттыл адих кодта. 13 Цалдӕр боны фӕстӕ кӕстӕр фырт, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый бамбырд кодта ӕмӕ дард бӕстӕм ацыд. Уым алы ӕвзӕр митыл бафтыд ӕмӕ йӕ мулк бахордта. 14 Куы ницыуал ӕм баззад, раст уыцы рӕстӕг уыцы бӕстӕйы скодта тынг ӕххормаг рӕстӕг, ӕмӕ хъуаг ӕййафын байдыдта. 15 Гъемӕ уӕд ацыд ӕмӕ уыцы бӕстӕйы цӕрджытӕй иумӕ йӕхи ӕххуырстӕй айсын кодта. Уый йӕ арвыста йӕ быдыртӕм хуытӕ хизынмӕ. 16 Бӕргӕ-иу бӕллыд, йӕ гуыбын хуыты хӕринагӕй уӕддӕр куы бафсӕстаид, фӕлӕ йын уый дӕр ничи лӕвӕрдта».
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 15:11–16 стихтӕм
иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты Сӕфт фырты тыххӕй фӕсномыг ныхас иннӕ фӕсномыг ныхӕстӕй тынг хицӕн кӕны, уымӕн ӕмӕ даргъ у, стӕй дзы бинонтыл цӕуы дзырд. Иннӕ фӕсномыг ныхӕсты-иу Чырысти арӕх цӕвиттонӕн ӕрхаста ӕндӕр цыдӕртӕ, зӕгъӕм, тауинаг кӕнӕ зӕхх, стӕй хицау ӕмӕ цагъартӕ (Мф 13:18–30; 25:14–30; Лк 19:12–27). Фӕлӕ ацы фӕсномыг ныхасы Чырысти равдыста, фыд ӕмӕ йӕ фырттӕ кӕрӕдзимӕ цы зӕрдӕ дардтой, уый. Ацы фӕсномыг ныхасмӕ чи хъуыста, уыдонӕй бирӕтӕн, чи зоны, ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕ фыд нӕ уыд. Ацы фӕсномыг ныхасӕй базонӕн ис, нӕ уӕларвон Фыд куыд тӕригъӕдгӕнаг у ӕмӕ нӕ куыд тынг уарзы, чи йын лӕггад кӕны, уыдоны дӕр ӕмӕ йӕ чи ныууагъта ӕмӕ йӕм стӕй фӕстӕмӕ чи ӕрбаздӕхт, уыдоны дӕр.
кӕстӕр Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ фыццаггуырд фыртмӕ фыды бынтӕй дыууӕ хайы ӕмбӕлд (Д.з 21:17). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ кӕстӕр фырты хай хистӕр фырты хайӕ къаддӕр уыд.
бахордта Ам цы грекъаг дзырд ис, уый комкоммӕ нысан кӕны «ныппырх кӕнын (алырдӕмты)» (Лк 1:51; Хъд 5:37). Мф 25:24, 26 та йӕ ратӕлмац кодтой «дымгӕмӕ дарын». Ацы фӕсномыг ныхасы йӕ хъуыды у «ныппапылой кӕнын», «дзӕгъӕл хардз кӕнын».
ӕвзӕр митыл бафтыд Кӕнӕ «фӕстауӕрц кӕнын нӕ зонын (ӕнӕмӕт, ӕнӕзонд цард кӕнын)». Ахӕм хъуыды кӕнӕм ис, ӕндӕр ахӕм грекъаг дзырд ӕмбӕлы Еф 5:18; Тит 1:6; 1Пт 4:4.
хуытӕ хизынмӕ Хуыцауы Закъоны хуы чъизи цӕрӕгойыл нымад кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ дзуттӕгтӕн хуытӕ хизын ӕгад уыд (Лв 11:7, 8).
хуыты хӕринагӕй Лӕппу йӕ хъал цардӕй ахӕм уавӕрмӕ ӕрхауд, ӕмӕ хуыты хӕринагӕй дӕр «нӕ» нӕ загътаид. Уыцы хӕринаг ӕрмӕст хуытӕ нӕ хӕрынц, фӕлӕ ма бӕхтӕ ӕмӕ стуртӕ дӕр. (Кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 15:15 стихмӕ.)
(Лукайы 15:17–24) Йӕ рӕдыд куы бамбӕрста, уӕд загъта: «Ай мӕ фыдмӕ дуне ӕххуырстытӕ куы ис, ӕмӕ сын дзул фагӕй дӕр фылдӕр куы ис, ӕз та ам ӕххормагӕй мӕлын! 18 Цӕуон мӕ фыдмӕ ӕмӕ йын зӕгъон: „Мӕ фыд, ӕз стыр тӕригъӕд ракодтон Хуыцауы раз дӕр ӕмӕ дӕ разы дӕр. 19 Дӕ фырт мӕ хонай, уый аккаг нал дӕн. Фӕлӕ мӕ ӕххуырстӕй айс дӕхимӕ“. 20 Гъемӕ сыстад ӕмӕ йӕ фыдмӕ араст. Нырма дард уыд, афтӕ йӕ йӕ фыд ауыдта ӕмӕ йӕ зӕрдӕ суынгӕг. Ӕмӕ йӕм азгъордта, ныхъхъӕбыс ын кодта ӕмӕ йын апъа кодта. 21 Фырт та йын загъта: „Мӕ фыд, ӕз стыр тӕригъӕд ракодтон Хуыцауы раз дӕр ӕмӕ дӕ разы дӕр. Дӕ фырт мӕ хонай, уый аккаг нал дӕн. Фӕлӕ мӕ ӕххуырстӕй айс дӕхимӕ“. 22 Фыд та йӕ цагъартӕн загъта: „Рӕвдздӕр! Ӕппӕты хуыздӕр даргъ дарӕс ын рахӕссут ӕмӕ йыл ӕй скӕнут, йӕ къухыл ын бакӕнут къухдарӕн, йӕ къӕхтыл та йын скӕнут дзабыртӕ. 23 Ӕмӕ ракӕнут хаст уӕныг, аргӕвдут ӕй, ӕмӕ фӕцин-фӕминас кӕнӕм, 24 уымӕн ӕмӕ мын ацы фырт уыд мард, ӕмӕ райгас, уыд сӕфт, ӕмӕ фӕзынд“. Гъемӕ хъазт, минас бацайдагъ».
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 15:17–24 стихтӕм
дӕ разы Кӕнӕ «дӕ ныхмӕ». Грекъаг хайыг эно́пион-ӕн (комкоммӕ нысан кӕны «йӕ разӕй; йӕ цӕстыты раз») ахӕм хъуыды ис Септуагинтӕйы 1См 20:1. Ацы стихы Давид Ионафаны бафарста: «Цавӕр тӕригъӕд ракодтон дӕ фыды раз?»
ӕххуырстӕй Кӕстӕр фырт хӕдзармӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд ӕй фӕндыд йӕ фыдӕн зӕгъын, цӕмӕй йӕ йӕхимӕ ӕххуырстӕй райстаид. Ахӕм адӕймаг цагъарӕй уӕлдай хӕдзароныл нымад нӕ уыд, арӕх-иу ахӕм кусӕджы иу бонмӕ баххуырстой (Мф 20:1, 2, 8).
ӕмӕ йын апъа кодта Ацы ныхӕстӕ цы грекъаг дзырдӕй ратӕлмац кодтой, уый ма ратӕлмац кӕнӕн ис «фӕлмӕн пъа йын акодта» кӕнӕ «зӕрдиагӕй йын апъа кодта». Фӕсномыг ныхасы фыд йӕ фыртыл афтӕ зӕрдиагӕй ӕмӕ хӕларзӕрдӕйӕ кӕй сӕмбӕлд, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ, кӕй ӕрыздӕхт, уый йын ӕхсызгон уыд.
дӕ фырт мӕ хонай Иуӕй-иу къухфыстыты ма йӕм бафтыдтой: «Де ’ххуырст кусӕгыл мӕ банымай». Фӕлӕ ныртӕккӕ нӕ Библийы куыд фыст у, уый раст кӕй у, уымӕн бӕлвырдгӕнӕн сты, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм рагон къухфыстытӕ. Ахуыргӕндтӕй кӕйдӕрты хъуыдымӕ гӕсгӕ ацы ныхӕстӕ бафтыдтой, цӕмӕй ацы стих Лк 15:19 хуызӕн уа.
дарӕс... къухдарӕн... дзабыртӕ Фыртӕн кӕй рахастой, уыцы дарӕс уыди ӕппӕты хуыздӕр, ӕвӕццӕгӕн, рӕсугъд нывӕфтыдимӕ, кадджын уазӕгӕн-иу кӕй рахастой, ахӕм. Йӕ къухыл ын къухдарӕн кӕй бакодтой, уый та ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йӕм фыд хорз зӕрдӕ кӕй дары, кӕй йӕ уарзы, кӕй йын аргъ кӕны ӕмӕ та йӕ фыртыл нымад уа, уый аккагыл ӕй кӕй нымайы. Цагъартӕ къухдарӕнтӕ ӕмӕ дзабыртӕ нӕ дардтой. Уымӕ гӕсгӕ фыд равдыста, йӕ фырт йӕ бинонтӕй кӕй у.
(Лукайы 15:25–32) Хистӕр фырт та уыцы афон уыди быдыры. Фӕстӕмӕ куы ’рбацӕйцыд ӕмӕ хӕдзармӕ куы баввахс, уӕд фехъуыста цагъд ӕмӕ, чи кафыд, уыдоны хъӕлӕба. 26 Ӕмӕ фӕдзырдта лӕггадгӕнджытӕй иумӕ ӕмӕ йӕ бафарста, цы хабар нӕм ис, зӕгъгӕ. 27 Уый йын дзуапп радта: «Де ’фсымӕр ӕрцыд, ӕмӕ дӕ фыд хаст уӕныг аргӕвста, фӕстӕмӕ йыл дзӕбӕхӕй кӕй сӕмбӕлд, уый номыл“. 28 Хистӕр фырт тынг смӕсты ӕмӕ мидӕмӕ дӕр нал куымдта. Уӕд ӕм фыд рацыд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнын байдыдта. 29 Фӕлӕ йын уый афтӕ бакодта: „Ныр дын уал азы цагъары куыст кӕнын, дӕ ныхасы сӕрты никуы ахызтӕн, ӕмӕ мӕнӕн афтӕ дӕр никуы загътай, мӕнӕ дын сӕныкк ӕмӕ де ’мбӕлттимӕ абад, зӕгъгӕ. 30 Хӕлд сылгоймӕгтимӕ дын дӕ мулк чи бахордта, уыцы фырт та дӕм куыддӕр фӕзынд, афтӕ йын хаст уӕныг аргӕвстай“. 31 Фыд та йын загъта: „Мӕ хъӕбул, ды ӕдзух мемӕ дӕ, ӕмӕ мӕм цыдӕриддӕр ис, уый дӕу у. 32 Фӕлӕ куыннӕ хъуамӕ уӕм хъӕлдзӕг ӕмӕ куыннӕ хъуамӕ цин кӕнӕм, кӕд ӕмӕ де ’фсымӕр уыд мард, ӕмӕ райгас, уыд сӕфт, ӕмӕ фӕзынд?“».
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Лукайы 14:26) Мӕнмӕ чи ӕрцӕуа, уый йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ сывӕллӕтты, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты ӕмӕ суанг йӕ уд дӕр мӕнӕй фылдӕр куы уарза, уӕд мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 14:26 (фип.) стихмӕ
мӕнӕй къаддӕр куы нӕ уарза Комкоммӕ «йе сӕфт куы нӕ уына». Библийы йын ис цалдӕр нысаниуӕджы. Зӕгъӕм, чидӕр кӕмӕдӕр знаджы цӕстӕй кӕсы, мӕстӕй йӕм фыцы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын исты зиан ӕрхӕсса. Кӕнӕ та кӕмӕдӕр ӕнӕуынон цӕстӕй кӕсы ӕмӕ дзы йӕхи хизы. Йе та чидӕр кӕйдӕр тынг нӕ уарзы. Зӕгъӕм, Иаков Лийӕйӕ йе сӕфт уыдта, зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йӕ Рахилӕй къаддӕр уарзта (Райд. 29:31, фип.; Дык. з. 21:15, фип.). Уыцы дзырдӕн ахӕм хъуыды кӕй ис, уый фенӕн ис ӕндӕр рагон дзуттаг литературӕйы дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Чырысти афтӕ нӕ дзырдта, ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ хъуамӕ се сӕфт уыной сӕ бинонтӕй ӕмӕ сӕхицӕй. Уымӕн ӕмӕ уый, Библийы ӕндӕр рӕтты цы фыст ис, уый ныхмӕ уыдаид. (Абар Мар. 12:29–31; Еф. 5:28, 29, 33.) Уымӕ гӕсгӕ ацы стихы «йе сӕфт уына» ратӕлмац кодтой «къаддӕр куы нӕ уарза».
(Лукайы 16:10–13) Гыццыл хъуыддаджы ӕууӕнкджын чи у, уый ӕууӕнкджын уыдзӕн стыр хъуыддаджы дӕр, гыццыл хъуыддаджы ӕнӕууӕнк чи у, уый та стыр хъуыддаджы дӕр уыдзӕн ӕнӕууӕнк. 11 Уӕдӕ кӕд, мӕнгард хъӕздыгдзинадимӕ куыд архайын хъӕуы, уымӕй уӕхи ӕууӕнкджынӕй нӕ равдыстат, уӕд уыл ӕцӕг хъӕздыгдзинад чи баууӕнддзӕн? 12 Ӕмӕ кӕд, искӕй хъӕздыгдзинадимӕ куыд архайын хъӕуы, уымӕй уӕхи ӕууӕнкджынӕй нӕ равдыстат, уӕд уын, сымахӕн цы у цӕттӕ, уый чи ратдзӕн? 13 Иу лӕггадгӕнӕгӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа – сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕн, сӕ иуыл ӕнувыд уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр.
bw584 8, 9 фф., 7, 8 абз.
Агурӕм ӕцӕг хъӕздыгдзинад
7 Бакӕс Лукайы 16:10–13. Йесойы фӕсномыг ныхасы уынаффӕгӕнӕг йӕхицӕн ӕмбӕлттӕ скодта йӕхи пайдайӕн. Фӕлӕ Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ сӕхицӕн уӕлӕрвты хӕлӕрттӕ сӕхи пайдайӕн кӕй хъуамӕ скодтаиккой. Уый бамбарын кодта, «мӕнгард хъӕздыгдзинадӕй» куыд пайда кӕнӕм, уымӕй кӕй уыдзӕн бӕрӕг, Хуыцауыл иузӕрдион стӕм ӕви нӕ. Уый нӕ бон цавӕр хъуыддӕгтӕй у равдисын?
8 Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый равдисынӕн иу мадзал у, ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ кӕй дӕттӕм, уый (Матф. 24:14). Индийы иу гыццыл чызгӕн уыд, ӕхца кӕм ӕмбырд кодта, ахӕм гыццыл къопп, ӕмӕ-иу дзы рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ лыстӕг ӕхцатӕ ныппӕрста. Уый тыххӕй йӕхицӕн хъазӕнтӕ ӕлхӕнын дӕр нал куымдта. Ӕмӕ йӕ къопп куы байдзаг, уӕд йе ’хцатӕ иууылдӕр хъусын кӕныны хъуыддагӕн мысайнагӕн радта. Индийы иу ӕфсымӕрмӕ ис кокосты фермӕ, ӕмӕ иухатт бирӕ кокостӕ балӕвар кодта, ӕвзаг малаяламмӕ чи тӕлмац кӕны, уыцы офисӕн. Уыцы ӕфсымӕр афтӕ ахъуыды кодта: ӕнӕуи дӕр сӕ фӕхъӕуы кокостӕ ӕлхӕнын, ӕмӕ сын кокостӕ куы балӕвар кӕнон, уӕд уый ӕхцайы мысайнагӕй хуыздӕр уыдзӕн. Уый схонӕн ис «сӕрӕндзинад», кӕнӕ куырыхон зонд. Афтӕ Грецийы дӕр ӕфсымӕртӕ Вефилы бинонтӕн ӕдзухдӕр мысайнагӕн фӕдӕттынц оливӕйы сой, цыхт ӕмӕ ма ӕндӕр хойрӕгтӕ дӕр.
Библийӕ бакӕсинаг
(Лукайы 14:1–14) Иу сабатбон Йесо бацыд фарисейты хистӕртӕй иуы хӕдзармӕ къӕбӕр хӕрынмӕ, ӕмӕ дзы чи уыд, уыдон ӕм иууылдӕр лӕмбынӕг кастысты. 2 Уым уыди доннизӕй рынчын адӕймаг. 3 Гъемӕ Йесо, Закъон хорз чи зыдта, уыдоны ӕмӕ фарисейты бафарста: «Сабаты рынчынты дзӕбӕх кӕнын ӕмбӕлы ӕви нӕ?» 4 Фӕлӕ уыдон ницы дзырдтой. Уӕд уыцы лӕгыл йӕ къух ӕрӕвӕрдта, сдзӕбӕх ӕй кодта ӕмӕ йын загъта, ныр ацу, зӕгъгӕ. 5 Уыдонӕн та загъта: «Искӕмӕн уӕ йӕ фырт кӕнӕ йӕ гал сабаты цъайы куы ныххауа, уӕд ӕй уайтагъд не сласдзӕн?» 6 Ӕмӕ йын сӕ бон ницы уыд зӕгъын. 7 Йесо бафиппайдта, уазджытӕй алчидӕр фынгыл уӕлейӕ сбадыныл куыд архайдта, уый, ӕмӕ сын загъта: 8 «Исчи дӕ чындзӕхсӕвмӕ куы фӕхона, уӕд-иу фынгыл уӕлейӕ ма сбад. Науӕд уазджытӕй исчи дӕуӕй кадджындӕр куы разына, 9 уӕд дӕм, уӕ дыууӕйы дӕр чи фӕхуыдта, уый бацӕудзӕн ӕмӕ дын зӕгъдзӕн: „Мӕнӕ-ма ацы лӕджы ам бауадз“. Ӕмӕ уӕд къӕмдзӕстыгӕй дӕлдӕр абаддзынӕ. 10 Фӕлӕ дӕ куы фӕхоной, уӕд-иу ацу ӕмӕ-иу фынгыл дӕлейӕ сбад, цӕмӕй дӕм фысым бацӕуа ӕмӕ дын зӕгъа: „Мӕ хӕлар, уӕлдӕр сбад“. Ӕмӕ дын уӕд иннӕ уазджыты цӕсты уыдзӕни стыр кад. 11 Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн». 12 Уый фӕстӕ фысымӕн дӕр загъта: «Сихор кӕнӕ ӕхсӕвӕрмӕ искӕй куы хонай, уӕд мадӕр де ’рдхӕрдты фӕхон, мадӕр де ’фсымӕрты, мадӕр дӕ хӕстӕджыты, мадӕр дӕ хъӕздыг сыхӕгты. Кӕннод дӕ иу бон уыдон дӕр фӕхондзысты, ӕмӕ дӕ хорздзинад уымӕй фыст ӕрцӕудзӕн. 13 Фӕлӕ куывд куы кӕнай, уӕд-иу фӕхон мӕгуырты, цӕнкуылты, къуылыхты ӕмӕ куырмыты. 14 Ӕмӕ уӕд уыдзынӕ амондджын, уымӕн ӕмӕ дын уыдон дӕ хорздзинад цӕмӕй бафидой, уый сӕм нӕй. Дӕ хорздзинад дын фыст ӕрцӕудзӕн, рӕстгӕнджытӕ куы ӕгас кӕной, уӕд.