43 сӕр
Йесо ахуыр кӕны фӕсномыг ныхӕстӕй
ЙЕСО фарисейтӕн куы уайдзӕф кодта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Капернаумы уыд. Уыцы бон фӕстӕдӕр Йесо ацыд Галилейы денджызы былмӕ, ӕмӕ йӕм уырдӕм ӕрӕмбырд бирӕ адӕм. Бӕлӕгъы сбадгӕйӕ, иу-цасдӕр аленк кодта ӕмӕ уырдыгӕй, былыл цы адӕм уыд, уыдон ахуыр кӕнын райдыдта Хуыцауы уӕларвон Паддзахадыл. Йесо ӕрхаста ӕрвылбоны цардӕй цалдӕр фӕсномыг ныхасы кӕнӕ цӕстуынгӕ цӕвиттоны.
Фыццаг уал радзырдта тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас. Мыггӕгтӕй иутӕ ӕрхаудтой фӕндагыл ӕмӕ сӕ мӕргътӕ рауыгътой. Иннӕтӕ ӕрхаудтой дурджын зӕххыл. Зайӕгхал сзад, фӕлӕ йӕ уидаг арф кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ тӕвды бахус. Аннӕтӕ та ныххаудысты сындзыты ’хсӕн, ӕмӕ куы сывзӕрдысты, уӕд сӕ сындзытӕ фӕбынӕй кодтой. Ӕппынфӕстаг мыггӕгтӕй иуӕй-иутӕ ӕрхаудтой хорз зӕххыл ӕмӕ ӕрхастой дыргъ: иу сӕдӕ хатты, иннӕ ӕхсай, аннӕ та — ӕртын.
Иннӕ фӕсномыг ныхасы та Йесо Хуыцауы Паддзахад абарста мыггагтауӕг адӕймагимӕ. Бонтӕ куыд цӕуынц, афтӕ мыггаг рӕзы, адӕймаг фынӕй уа ӕви хъал, уымӕ нӕкӕсгӕйӕ. Ӕмӕ куыд рӕзы, уый адӕймаг нӕ зоны. Сырӕзы ӕмӕ стӕй ӕфсир ратты. Мӕнӕу кӕрдынмӕ куы сбӕззы, уӕд адӕймаг тыллӕг бафснайы.
Ӕртыккаг фӕсномыг ныхас Йесо радзырдта, йӕ хуымы хорз мыггаг чи байтыдта, уыцы адӕймаджы тыххӕй. ‘Адӕм куы фынӕй кодтой’, уӕд знаг бацыд ӕмӕ мӕнӕуты ’хсӕн мӕгъӕлдатӕ байтыдта. Уый фенгӕйӕ, уыцы адӕймагӕй йӕ цагъартӕ курынц, цӕмӕй сӕ ауадза ӕмӕ мӕгъӕлдатӕ барувой. Фӕлӕ сын уый дзуапп дӕтты: «Нӕ, цӕмӕй мӕгъӕлдатӕ рувгӕйӕ ма стонат семӕ мӕнӕуы дӕр; уадзут сӕ рӕзын иумӕ кӕрдын афонмӕ; ӕмӕ кӕрдын афон ӕз зӕгъдзынӕн хуымгӕрдджытӕн: ӕрӕмбырд кӕнут раздӕр мӕгъӕлдатӕ ӕмӕ сӕ сбӕттут куыристӕ, цӕмӕй сыгъд ӕрцӕуой; мӕнӕу та бафснайут мӕ хордоны».
Былыл адӕмимӕ ныхасгӕнгӕйӕ, Йесо ноджыдӕр радзырдта дыууӕ фӕсномыг ныхасы. Уый бамбарын кодта, «Уӕларвон Паддзахад» кӕй у, адӕймаг кӕй байтыдта, ахӕм хъыцъыйы нӕмыджы хуызӕн. Кӕд уый ӕппӕт мыггӕгтӕй къаддӕр у, уӕддӕр куы сырӕзы, уӕд дыргъдоны ӕппӕт зайӕгойтӕй вӕййы бӕрзонддӕр. Уый вӕййы бӕлас, ӕмӕ йӕ къалиуты мӕргътӕ бамбӕхсынц.
Абон иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, хъыцъыйы нӕмыгӕй къаддӕр мыггӕгтӕ дӕр ис. Фӕлӕ ам Йесо ботаникӕйы урок нӕ уагъта. Уӕды рӕстӕджы Галилейы цӕрджытӕ цы мыггӕгтӕ зыдтой, уыдонӕй ӕцӕгдӕр хъыцъыйы нӕмыг уыд ӕппӕты къаддӕр. Уымӕй Йесойы фӕсномыгӕй равдисын фӕндыд ӕнахуыр диссаджы рӕзт.
Ӕппынфӕстаг Йесо «Уӕларвон Паддзахад» абарста, сылгоймаг ӕртӕ барӕн ссадимӕ кӕй сызмӕста, ахӕм ӕнхъизӕнимӕ. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ фӕстагмӕ хыссӕ иуылдӕр сӕнхъызтис.
Уыцы фондз фӕсномыг ныхасы фӕстӕ Йесо адӕмы ауагъта ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр, цы хӕдзары ӕхсӕвиуат кодта, уырдӕм ацыд. Гыццыл фӕстӕдӕр уырдӕм ӕрбацыдысты йӕ 12 апостолы ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр.
Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕй пайда исын
Йесо адӕмы былыл куы ахуыр кодта, уый фӕстӕ йӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цымыдисгӕнгӕйӕ фӕрсынц йӕ ахуыры ног методы тыххӕй. Йесо раздӕр дӕр дзырдта фӕсномыг ныхӕстӕ, фӕлӕ сӕ афтӕ уӕрӕх никуы пайда кодта. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ фӕрсынц: «Цӕй тыххӕй дзурыс фӕсномыг ныхӕстӕй уыдонӕн?»
Фыццаджыдӕр, афтӕмӕй Йесо ӕххӕст кӕны пехуымпарады ныхӕстӕ: «Байгом кӕндзынӕн фӕсномыг ныхӕсты Мӕ дзых; дунейы сфӕлдисынӕй нырмӕ сусӕг цы у, уыдон радзурдзынӕн». Фӕлӕ ма уымӕн ис ӕндӕр аххосӕгтӕ дӕр. Йесо фӕсномыг ныхӕстӕй пайда кӕны адӕмы зӕрдӕты ахаст сбӕрӕг кӕнынӕн.
Уӕвгӕ адӕмӕн сӕ фылдӕры Йесо уый тыххӕй нӕ цымыдис кӕны, цӕмӕй йӕ сӕ Хицауыл банымайой ӕмӕ йӕ ӕнувыд фӕдылдзӕуджытӕ суой, фӕлӕ куыд хорз таурӕгъгӕнӕг ӕмӕ диссӕгтӕ аразӕг. Уыдоны нӕдӕр сӕ зондахаст фӕивын фӕнды, нӕдӕр сӕ цардыуаг. Нӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй сыл Йесойы уацамынд бандава.
Уымӕ гӕсгӕ Йесо ӕмбарын кӕны: «Уымӕн дзурын уыдонӕн фӕсномыгӕй, ӕмӕ уыдон кӕсгӕйӕ нӕ уынынц, ӕмӕ хъусгӕйӕ нӕ хъусынц ӕмӕ не ’мбарынц; ӕмӕ уыдоныл ӕххӕст кӕны Исайы раздӕры загъд, кӕцы зӕгъы: „... уымӕн ӕмӕ сдӕрзӕг [«ныддури», НФ] сӕ зӕрдӕ ацы адӕмӕн“».
Дарддӕр ахӕм ныхӕстӕ зӕгъы Йесо: «Сымахӕн та тӕхудиаг сты уӕ цӕстытӕ, кӕй уынынц, ӕмӕ уӕ хъустӕ кӕй хъусынц; уымӕн ӕмӕ ӕцӕг зӕгъын сымахӕн, бирӕ пехуымпарты ӕмӕ рӕстгӕнджыты фӕндыд фенын сымах цы уынут, ӕмӕ нӕ федтой, ӕмӕ фехъусын сымах цы хъусут, ӕмӕ нӕ фехъуыстой».
Ӕцӕгдӕр, 12 апостолы ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ зӕрдӕмӕ арф исынц Йесойы ахуырӕдтӕ. Уымӕ гӕсгӕ сын Йесо дзуры: «Уымӕн ӕмӕ сымахӕн лӕвӕрд у Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын, уыдонӕн та нӕу». Ахуыргӕнинӕгтӕ зӕрдӕбынӕй кӕй цымыдис кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ сын Йесо ӕмбарын кӕны тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас.
«Мыггаг у Хуыцауы дзырд,— дзуры Йесо,— зӕхх та — зӕрдӕ». Хъӕбӕр зӕххыл цы мыггаг ӕрхауд, уый тыххӕй та зӕгъы: «Ӕрбацӕуы хӕйрӕг ӕмӕ дзырд ахӕссы сӕ зӕрдӕйӕ, цӕмӕй уыдон ма баууӕндой ӕмӕ ма фервӕзой».
Дурджын зӕххыл цы мыггаг ӕрхауд, уый та абарӕн ис, дзырд ӕхсызгонӕй чи райста, уыдоны зӕрдӕтимӕ. Фӕлӕ уыцы зӕрдӕты дзырдӕн йӕ бон арф уидӕгтӕ ауадзын кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ фӕлварӕнты кӕнӕ ӕфхӕрды рӕстӕджы ахауынц.
Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сындзыты цы мыггаг ныххауд, уый та хауы, дзырд чи фехъуыста, фӕлӕ ацы царды сагъӕстӕ, хъӕздыгдзинадмӕ цыбӕлдзинад ӕмӕ ӕхцондзинӕдтӕм тырнындзинады аххосӕй иу хъуыддаг дӕр кӕронмӕ чи нӕ ахӕццӕ кӕны, ахӕм адӕммӕ.
Ӕппынфӕстаг хорз зӕххыл цы мыггаг ӕрхауд, уый та хауы дзырд чи фехъуыста, йӕ зӕрдӕмӕ йӕ чи айста ӕмӕ фӕразонӕй дыргъ чи хӕссы, уыдонмӕ.
Цӕй амондджын сты, Йесойы чи ссардта ӕмӕ йӕ ахуырӕдтӕ кӕмӕн ӕмбарын кӕны, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ! Йесойы фӕнды, цӕмӕй йын йӕ фӕсномыг ныхӕстӕ бамбарой ӕмӕ иннӕ адӕмы ӕцӕгадыл ахуыр кӕной. «Цырагъ мыййаг уый тыххӕй ӕрбахӕссынц, цӕмӕй йӕ сӕвӕрой мигӕнӕны бын, кӕнӕ сынтӕджы бын? уый тыххӕй йӕ нӕ ӕрбахӕссынц, цӕмӕй йӕ сӕвӕрой цырагъдарӕныл?» — фӕрсы сӕ Йесо. Ӕмӕ дарддӕр зӕгъы: «Уӕдӕ уӕ цӕст дарут, куыд хъусут сымах».
Хорзӕхджын ӕрцыдысты фылдӕр зонындзинӕдтӕй
Йесо тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас куы бамбарын кодта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕнды ноджы фылдӕр базонын. «Бамбарын нын кӕн хуымы мӕгъӕлдаты тыххӕй фӕсномыг ныхас»,— хатынц ӕм.
Цӕй тынг хицӕн кӕны ахуыргӕнинӕгты зондахаст, денджызы былыл цы адӕм уыд, уыдоны зондахастӕй! Уыдоны зӕрдиагӕй нӕ фӕнды фӕсномыг ныхӕсты ӕцӕг нысаниуӕг базонын; Йесо иумӕйагӕй цы радзырдта, уый дӕр сын фаг у. Былыл цы адӕм уыд, уыдоны ӕмӕ йӕм хӕдзармӕ чи ӕрбацыд, уыцы зондмондаг ахуыргӕнинӕгты кӕрӕдзиимӕ абаргӕйӕ, Йесо дзуры:
«Цавӕр барӕнӕй барут, ахӕмӕй барст уыдзӕн сымахӕн ӕмӕ ма ӕфтыд уыдзӕн сымахӕн хъусджытӕн». Ахуыргӕнинӕгтӕ лӕмбынӕгӕй хъусынц Йесомӕ ӕмӕ хорзӕхджын цӕуынц фылдӕр зонындзинӕдтӕй. Уый фӕстӕ сын Йесо дзуапп дӕтты сӕ фарстӕн:
«Хорз мыггаг тауӕг у Адӕймаджы Фырт; быдыр у дуне; хорз мыггаг — Паддзахады фырттӕ, мӕгъӕлдатӕ та — хинӕйдзаджы фырттӕ; знаг, уыдон байтауӕг, у хӕйрӕг; хуымгӕрдын у дунейы кӕрон [«ацы цардыуагон системӕйы кӕрон», НД], хуымгӕрдджытӕ та сты Зӕдтӕ».
Фӕсномыг ныхасы хицӕн хӕйттӕ бамбарынгӕнгӕйӕ, Йесо дзуры, куыд сӕххӕст уыдзӕн, ууыл. Ацы цардыуагон системӕйы кӕрон, дзуры Йесо, кӕрдджытӕ, ома зӕдтӕ, мӕгъӕлдаты хуызӕн мӕнг чырыстӕтты ахицӕн кӕндзысты «Паддзахады [ӕцӕг] фырттӕй». Уӕд «хинӕйдзаджы фырттӕ» нысангонд ӕрцӕудзысты куынӕгдзинадӕн, Хуыцауы Паддзахады фырттӕ, «рӕстгӕнджытӕ», та сӕрттивдзысты сӕ Фыды Паддзахады.
Уый фӕстӕ Йесо йӕ зондмондаг ахуыргӕнинӕгтӕн радзырдта ноджыдӕр ӕртӕ фӕсномыг ныхасы. Фыццаг у ахӕм: «Ноджы Уӕларвон Паддзахад у быдыры ӕмбӕхст хӕзнайы хуызӕн, кӕцыйы адӕймаг, ссаргӕйӕ басусӕг кодта, ӕмӕ ууыл цингӕнгӕ ацӕуы, ӕмӕ йӕм цы ис, уыдон ӕппӕт дӕр ауӕй кӕны, ӕмӕ балхӕны уыцы быдыр».
Дарддӕр Йесо дзуры: «Ноджы Уӕларвон Паддзахад у хорз налхъуыт агурӕг сӕудӕджеры хуызӕн, кӕцы ссаргӕйӕ иу зынаргъ налхъуыт, ацыд ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыд, уыдон ауӕй кодта, ӕмӕ йӕ балхӕдта».
Йесо йӕхӕдӕг у, ӕмбӕхст хӕзнатӕ чи ссардта, ахӕм адӕймаджы хуызӕн, ӕмӕ зынаргъ налхъуыт кӕмӕ бафтыд, ахӕм сӕудӕджеры хуызӕн. Зӕгъӕн ис, уӕларвыл йӕ кадджын бынат ныууадзгӕйӕ, уый ауӕй кодта ӕппӕтдӕр ӕмӕ сси хуымӕтӕг зӕххон адӕймаг. Ӕмӕ ныр ам зӕххыл ӕвзары ӕнӕуынондзинад, худинаг ӕмӕ ӕфхӕрд, ӕмӕ уымӕй бӕлвырд кӕны, уый аккаг кӕй у, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады Хицау суа.
Афтӕ Йесойы фӕдылдзӕуджыты дӕр хъӕуы ӕппӕтдӕр ауӕй кӕнын, цӕмӕй райсой стырдӕр хорзӕх: кӕнӕ Чырыстиимӕ уӕларвыл хицауиуӕг кӕной кӕнӕ та зӕххыл Паддзахады дӕлбарады цӕрой. Хуыцауы Паддзахады нын бынат кӕй ис, уый царды ӕппӕты ахсджиагдӕрыл нымайдзыстӕм ӕмӕ йын зынаргъ хӕзна кӕнӕ налхъуытау аргъ кӕндзыстӕм?
Ӕппынфӕстаг Йесо «Уӕларвон Паддзахад» абарста, алыхуызон кӕсӕгтӕ чи ӕрцахста, ахӕм хызимӕ. Кӕсӕгтӕ ӕвзаргӕйӕ, ӕвзӕр кӕсаг аппарынц, хорз та бафснайынц. Йесо зӕгъы, зӕгъгӕ, ацы цардыуагон системӕйы кӕрон дӕр афтӕ уыдзӕн; зӕдтӕ фыдгӕнджыты рӕстгӕнджытӕй ахицӕн кӕндзысты, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ куынӕггонд ӕрцӕудзысты.
Йӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕм ‘адӕймӕгтӕ ахсынмӕ’ фӕсидгӕйӕ, Йесо йӕхӕдӕг фыццаг райдыдта кӕсагахсыны куыст. Зӕдты разамындӕй кӕсагахсыны куыст цӕуы бирӕ ӕнусты дӕргъы. Ӕппынфӕстаг ӕрцӕудзӕн «хыз» денджызӕй раласыны рӕстӕг; уыцы «хыз» ӕвдисы, абон зӕххыл йӕхи чырыстоныл чи нымайы, ӕппӕт уыцы организацитӕ, уыимӕ сӕрст чырыстӕтты ӕмбырд дӕр.
Ӕвзӕр кӕсӕгтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы куынӕгдзинад, фӕлӕ нӕ амондӕн ис, чи баззайдзӕн, ахӕм «хорз кӕсаг» дӕр. Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтау кӕд мах дӕр фылдӕр базонынмӕ ӕмӕ бамбарынмӕ тырнӕм, уӕд нын Хуыцау канд фылдӕр зонындзинӕдтӕ нӕ ратдзӕн, фӕлӕ ма ӕнусон цард дӕр. Матфейы 13:1—52; Маркы 4:1—34; Лукайы 8:4—18; Псалом 77:2; Исай 6:9, 10.
▪ Йесо адӕмӕн кӕд ӕмӕ кӕм дзырдта фӕсномыг ныхӕстӕ?
▪ Цавӕр фондз фӕсномыг ныхасы радзырдта Йесо адӕмӕн?
▪ Цӕмӕн загъта Йесо, зӕгъгӕ, хъыцъыйы нӕмыг ӕппӕт мыггӕгтӕй дӕр къаддӕр у?
▪ Йесо фӕсномыг ныхӕстӕй цӕмӕн дзырдта?
▪ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ адӕмӕй кӕй хицӕн кӕнынц, уый куыд равдыстой?
▪ Куыд бамбарын кодта Йесо тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас?
▪ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ, былыл цы адӕм уыд, уыдонӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?
▪ Кӕй кӕнӕ цы ӕвдисынц тауӕг, хуым, хорз мыггаг, знаг, хуымгӕрдӕн ӕмӕ кӕрдджытӕ?
▪ Йесо ма ноджыдӕр цавӕр ӕртӕ фӕсномыг ныхасы радзырдта ӕмӕ нӕ уыцы фӕсномыг ныхӕстӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?