Ацы видеофильм уавӕр хуыздӕр ӕмбарын кӕны ӕмӕ зӕрдӕ фидар кӕны!
1951 аз, апрель, Советон Цӕдис. Мингай Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты — ӕнӕхъӕн бинонтӕй — уӕзласӕн вагӕтты сбадын кодтой ӕмӕ сӕ Сыбырмӕ арвыстой. Цӕмӕн архайдта хъомысджын советон хицауад уыцы дин скуынӕг кӕныныл? Куыд бафӕрӕзтой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ азты дӕргъы ӕгъатыр фӕдылзылдӕн ӕмӕ абон афтӕ бирӕ цӕй фӕрцы сты? Ацы фарстытӕн дзуаппытӕ ссарӕн ис видеофильмы «Фыдӕвзарӕнты иузӕрдион. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Советон Цӕдисы» (уыр.). Бакӕс ӕм, ӕмӕ дын баххуыс кӕнӕд цыфӕнды фыдӕвзарӕнты дӕр Иегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайынӕн!
Дӕ бон у ацы фарстытӕн дзуапп раттын? 1) Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Уӕрӕсейы хицауад фыццаг хатт динон организацийыл кӕд банымадта? 2) Дыккаг дунеон хӕсты размӕ ӕмӕ йӕ фӕстӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй мингай бинонтӕ Советон Цӕдисмӕ куыд бахаудтой? 3) Сӕ ахуырӕдтӕ марксистон-ленинон идеологийы ныхмӕ куыд уыдысты? 4) Цы у операци «Север», ӕмӕ Сталины уый ӕххуысӕй цы фӕндыд саразын? 5) Хаст Ӕвдисӕнтӕм цы ӕнхъӕлмӕ каст ӕмӕ сӕ цӕмӕй Сыбырмӕ ма арвыстаиккой, уый тыххӕй сын цы аразын кодтой? 6) Сыбырмӕ дард фӕндагыл цӕугӕйӕ не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ кӕрӕдзийӕн ныфсытӕ куыд ӕвӕрдтой ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнджытӕ цӕуыл дис кодтой? 7) Сыбыры цы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстой? 8) Иегъовӕйы адӕм цавӕр монон ӕххуысӕн кодтой стыр аргъ ӕмӕ цӕмӕн? 9) Не ’фсымӕртӕ литературӕйы сӕраппонд сӕ цард раттынмӕ дӕр цӕмӕн уыдысты цӕттӕ, ӕмӕ сӕ кӕд хицауады кусджытӕ хъыгдардтой, уӕддӕр ӕй куыд истой? 10) Хрущевы рӕстӕджы та Хуыцауы адӕмы куыд ӕфхӕрдтой? 11) Хицауады кусджытӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕтты уырнындзинад бамынӕг кӕныныл куыд архайдтой? 12) Ӕфсымӕртӕн цавӕр раст ӕмбарынад уыд, сӕ фӕдыл цӕмӕн зылдысты, уый тыххӕй? («Ӕрвылазон чиныг» 2002 азӕн, 203, 204 фф., уыр.) 13) Хуыцауы организацийыл алырдыгӕй сӕхи кӕй ныццавтой, уый бынтон ӕндӕр фӕстиуджытӕм куыд ӕркодта? («Ӕрвылазон чиныг» 2002 азӕн, 220, 221 фф., уыр.) 14) Раздӕры Советон Цӕдисы цӕрӕг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты бӕллицтӕй кӕцытӕ сӕххӕст сты? 15) Не ’фсымӕртӕн Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайынӕн цы баххуыс кодта ӕмӕ кинонывы фӕстаг кадрты куыд бӕлвырд кӕны Иеремийы 1:19 фыст ныхӕсты растдзинад? 16) Радзур, фыдӕвзарӕнты иузӕрдионӕй чи баззад, уыдонӕй дӕ уӕлдайдӕр кӕй цӕвиттон бафидар кодта?