Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Цӕттӕ ут»
    Хъусын кӕныны хъуыддаг 2003 | ноябрь
    • «Цӕттӕ ут»

      1 Ацы дунейы цардӕвӕрды кӕрон цы стыр хабӕрттӕ цӕудзӕн, Йесо уый кой куы кодта, уӕд йӕ разы чи уыд, уыдоны фӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ царды мӕт ма аныхъуырдтаид (Матф. 24:36—39; Лук. 21:34, 35). Стыр бӕллӕх абон-райсом кӕй райдайдзӕн, уымӕ гӕсгӕ нӕ байхъусын хъӕуы Йесойы фӕдзӕхстмӕ: «Цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ кӕцы сахат ӕнхъӕл не стут, ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Матф. 24:44). Цы нӕ хъӕуы уый тыххӕй?

      2 Царды мӕт ӕмӕ дыл сайӕнтӕ ма фӕуӕлахиз уӕнт. «Царды мӕт» уырнындзинадӕн зиан кӕй хӕссы, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм (Лук. 21:34). Иуӕй-иу бӕстӕтӕ фырмӕгуыр кӕй сты, адӕмӕн дзы куыст кӕй нӕй ӕмӕ дзы алцы туджы аргъ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ дзы къӕбӕр амал кӕнын у тынг зын. Иннӕ бӕстӕты та адӕм ӕлхӕнынц, сӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр зӕгъы, уый. Ӕмӕ нӕ мӕт, нӕ сагъӕс ӕрмӕстдӕр исбон ӕмӕ мулкыл куы суой, уӕд нӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ айрох уа Хуыцауы Паддзахад (Матф. 6:19—24, 31—33). Ӕмӕ ныл цӕмӕй ахӕм хабар ма ӕрцӕуа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы чырыстон фембӕлдтӕм цӕуын. Дӕхицӕн фидарӕй загътай, зӕгъгӕ, алы фембӕлдмӕ дӕр цӕудзынӕн? (Дзут. 10:24, 25).

      3 Адӕймаг йӕ рӕстӕг цӕуыл бахардз кӕна, ахӕм сайӕнтӕ ныртӕккӕ бирӕ ис. Зӕгъӕм, компьютер суыдзӕн къӕппӕг-рӕстӕгхор, бон-изӕрмӕ Интернеты раз куы бадӕм, фыстӕджытӕ дзы куы рарвит-барвит кӕнӕм ӕмӕ компьютерон хъӕзтытӕй куы хъазӕм, уӕд. Телевизор, кинотӕ, ацы дунейы чингуытӕ ӕмӕ журналтӕ кӕсыныл, афтӕ ма хиирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ спортыл дӕр уыйбӕрц рӕстӕг ацӕуы, ӕмӕ адӕймагӕн Хуыцауы хъуыддагӕн нал вӕййы нӕдӕр рӕстӕг, нӕдӕр хъарутӕ. Хи ирхӕфсгӕйӕ ӕмӕ фӕллад уадзгӕйӕ адӕймаджы уӕнг фӕрогдӕр вӕййы цасдӕр рӕстӕгмӕ, фӕлӕ Библи нӕхӕдӕг кӕнӕ бинонтимӕ куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нын уый ахъаз уыдзӕн ӕнустӕм (1 Тим. 4:7, 8). Хуыцауы Ныхасыл алы бон дӕр арф хъуыды кӕнынӕн «рӕстӕг ӕлхӕныс»? (Еф. 5:15—17, НД).

      4 Цӕй бузныг стӕм Иегъовӕйы организацийӕ, алы хатт дӕр нын кӕй дӕтты амындтӕ, «цӕмӕй ӕппӕт ӕрцӕуинаг бӕллӕхтӕй аирвӕзӕм ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз балӕууыны аккаг уӕм»! (Лук. 21:36). Цӕй уӕдӕ нын цыдӕриддӕр дӕтты, уымӕй пайда кӕнӕм ӕмӕ «цӕттӕ уӕм», цӕмӕй нӕ уырнындзинад разына «раппӕлынмӕ ӕмӕ намысмӕ ӕмӕ кадмӕ Йесо Чырыстийы фӕзынды» бон (1 Пет. 1:7).

  • Хорз ныхас уадзы ныфс
    Хъусын кӕныны хъуыддаг 2003 | ноябрь
    • Хорз ныхас уадзы ныфс

      1 «Ау, абон дзӕбӕх чызг нӕ уыдтӕн?»— кӕуынхъӕлӕсӕй загъта йӕ мадӕн гыццыл чызг, куы йӕ хуыссын кодта, уӕд. Уыцы ныхӕстӕй мад дурдзӕфау фӕци. Кӕд уыцы бон уыдта, сывӕллон куыд тынг архайдта, цӕмӕй ма фыдуаг кодтаид, ууыл, уӕддӕр дзы нӕ раппӕлыд. Ацы чызджы цӕссыгтӕ нын дзурӕг сты, ӕмӕ алы адӕймагӕй дӕр — уӕлдай нӕу, гыццыл у ӕви стыр — ӕппӕлын хъӕуы. Нӕ зонгӕтӕй, нӕ хиуӕттӕй раппӕлӕм сӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй ӕмӕ сӕ уымӕй ныфс бауадзӕм? (Ӕмб. 25:11).

      2 Не ’мчырыстӕттӕй бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй вӕййы раппӕлӕн. Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ пионертӕ зӕрдиагӕй кусынц ӕмӕ фыдӕбон кӕнынц (1 Тим. 4:10, НД; 5:17). Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыцы ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты, Иегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ хъомыл кӕнынц (Еф. 6:4). Ӕрыгон чырыстӕттӕ «ацы дунейы зондахастимӕ» хъазуатонӕй тох кӕнынц (1 Кор. 2:12, НД; Еф. 2:1—3). Уӕдӕ йӕ сӕрыл халас кӕмӕн сбадт, йе ’нӕниздзинад хорз кӕмӕн нӕу кӕнӕ ӕндӕр зындзинӕдтӕ кӕмӕн ис, уыдон дӕр Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц (2 Кор. 12:7). Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иууылдӕр сты раппӕлинаг. Уыдон афтӕ удуӕлдайӕ кӕй архайынц, уый тыххӕй сын раарфӕ кӕнӕм?

      3 Йӕхицӕн ын ӕй зӕгъ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймагӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, ӕфсымӕр сценӕйӕ ӕмбырдӕй куы раппӕлы. Фӕлӕ адӕймаджы ныфс тынгдӕр бауадзы, йӕхицӕй йын куы раппӕлынц, уый. Цӕвиттон, апостол Павел йӕ фыстӕджы Ромӕгтӕм 16 сӕры фӕарфӕ кодта Фивӕйӕн, Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйӕн, Трифей ӕмӕ Трифосӕн, Персидийӕн ӕмӕ ӕндӕртӕн дӕр (Ром. 16:1—4, 12). Уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕн Павелы ныхӕстӕ цӕй стыр ныфс раттаиккой! Афтӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй куы ӕппӕлӕм, уӕд зондзысты, уӕлдайаг нын кӕй не сты, стӕй кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕндзыстӕм. А-фӕстаг рӕстӕг искӕмӕй раппӕлыдтӕ? (Еф. 4:29).

      4 Зӕрдиагӕй ӕппӕл. Кӕд нӕ искӕй ныфс бауадзын фӕнды, уӕд дзы хъуамӕ зӕрдиагӕй раппӕлӕм. Алы адӕймаг дӕр бамбары, ныхас зӕрдӕйӕ цӕуы ӕви козбау ныхас кӕны (Ӕмб. 28:23). Нӕхи куы ахуыр кӕнӕм, иннӕтӕм хорзӕй цы ис, уый уыныныл, уӕд нӕ фӕнддзӕн ӕппӕлын дӕр. Цӕй уӕдӕ иннӕтӕй зӕрдиагӕй ӕппӕлӕм, уымӕн ӕмӕ «хорз у, ӕвӕдза, йӕ афоныл загъд ныхас!» (Ӕмб. 15:23).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын