Уарзондзинады фӕрцы ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕнӕм
1 «Ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз уӕ уаргъ фӕрог кӕндзынӕн» (Матф. 11:28). Ацы фӕлмӕн ныхӕстӕй бӕрӕг у, Чырысти адӕмы куыд тынг уарзта, уый. Мах, Хуыцауы лӕггадгӕнджыты, фӕнды Йесойау зӕрдиагӕй уарзын, ацы дурзӕрдӕ дунейы аххосӕй ныфссаст чи у, уыцы адӕмы. Уӕдӕ хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ нӕ уарзондзинад куыд ӕвдисӕм?
2 Ныхасӕй. Йесо адӕмы кӕй уарзта, уый тыххӕй алы фадатӕй дӕр пайда кодта, цӕмӕй сын хорз хабар хъусын кодтаид (Иоан. 4:7–14). Махӕн дӕр уарзондзинад ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ма ’фсӕрмы кӕнӕм, фӕлӕ уӕндонӕй хъусын кӕнӕм, фадат нын куы фӕзыны, уӕд. Ӕхсӕзаздзыд чызг Хуыцауы тыххӕй радзырдта, дохтырмӕ рады чи лӕууыд, иу ахӕм сылгоймагӕн. Цӕмӕн? Чызг загъта: «Афтӕ мӕм фӕкаст, цыма йын Йегъовӕйы тыххӕй радзурын хъӕуы».
3 Адӕмыл кӕй тыхсӕм, уый ӕвдисӕм нӕ фӕлмӕн мидбылты худт ӕмӕ хъӕлӕсы уагӕй. Цы дзурынц, уымӕ лӕмбынӕг куы хъусӕм, сӕ сагъӕстӕ сын куы ӕмбарӕм ӕмӕ адӕймагыл бацин кӕнын куы зонӕм, уӕд уый дӕр нӕ уарзондзинадыл дзурдзӕн (Ӕмб. 15:23). Мах дӕр Йесойау хъуамӕ сӕйрагдӕр дзурӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар, ӕмӕ Йегъовӕ адӕмы кӕй уарзы ӕмӕ сын кӕй тӕригъӕд кӕны, уый (Матф. 24:14; Лук. 4:18).
4 Хъуыддагӕй. Йесо куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ каст, адӕмы цы тыхсын кодта, уымӕ, ӕмӕ-иу сын хъуыддагӕй дӕр баххуыс кодта (Матф. 15:32). Махӕн дӕр нӕ бон вӕййы уацамынды нӕ уарзондзинад хъуыддагӕй равдисын. Иу хо бафиппайдта, иу сылгоймаг куыд архайдта, телефонӕй йын цы дзырдтой, уый бамбарыныл. Хо йын ратӕлмац кодта, телефонӕй чи дзырдта, уый ныхӕстӕ. Кӕй йын баххуыс кодта, уый фӕрцы йӕ бон сси сылгоймагимӕ Библийыл аныхас кӕнын ӕмӕ йемӕ ахуыр кӕнын дӕр райдайын. Иннӕ хабар та уыд ахӕм. Ӕфсымӕр, уыйразмӕ кӕимӕ ныхас кодта, уыцы адӕймагмӕ ногӕй куы ӕрбаздӕхт, уӕд ӕй мӕстыйӕ ӕрбаййӕфта – дуары йын ныффидар, мидӕмӕ цы уӕззау диван хаста, уый. Ӕфсымӕр ын баххуыс кодта, ӕмӕ уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уыцы диваныл бадт ӕмӕ йемӕ Библи ахуыр кодта.
5 Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм (Матф. 22:36–40). Нӕ уарзондзинад ныхасӕй ӕмӕ хъуыддагӕй куы ’вдисӕм, уӕд сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм ӕмбардзысты, ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм.