Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w17 октябрь 7–11 фф.
  • «Уарзӕм... хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Уарзӕм... хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ»
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ӔЦӔГ УАРЗОНДЗИНАД ӔМӔ МӔНГ УАРЗОНДЗИНАД
  • НӔ БОН КУЫД У «ХЪУЫДДАГӔЙ, СЫГЪДӔГЗӔРДӔЙӔ» УАРЗЫН
  • «Цӕрут уарзгӕйӕ»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Уарзондзинад – арфӕйаг миниуӕг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Ахуыр кӕн уарзондзинадыл
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
  • Дӕ уарзондзинад ма ӕруазал уӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
w17 октябрь 7–11 фф.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иумӕ кусынц Паддзахады залы

«Уарзӕм... хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ»

«Кӕрӕдзийы ӕрмӕст дзыхӕй, ныхӕстӕй ма уарзӕм, фӕлӕ хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ» (1 ИОАН. 3:18).

ЗАРДЖЫТӔ: 106, 100

БАХЪУЫДЫ КОДТАЙ?

  • Ӕппӕты стырдӕр цавӕр уарзондзинад у?

  • Цы у «ӕнӕхин уарзт»?

  • Куыд ис базонӕн, нӕ уарзондзинад ӕцӕг у ӕви нӕ?

1. Ӕппӕты стырдӕр уарзондзинад цы у ӕмӕ цӕмӕн? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

БИБЛИЙЫ уагӕвӕрдтыл чи ӕнцайы, уыцы уарзондзинад, ага́пе, зӕгъгӕ, Йегъовӕйӕ цӕуы (1 Иоан. 4:7). Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм уарзондзинады ис зӕрдӕйы хъарм дӕр, фӕлӕ йӕ фыццаджыдӕр равдисӕм, нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл кӕй фӕхъуыды кӕнӕм ӕмӕ сын исты хӕрзты кӕй бацӕуӕм, уымӕй. Ага́пе бӕрӕг вӕййы, адӕймаджы цы хъуыддӕгтӕм фӕразӕнгард кӕны, ӕрмӕстдӕр уыдонӕй. Нӕхӕдӕг иннӕты удуӕлдай уарзтӕй куы фӕуарзӕм ӕмӕ мах дӕр ахӕм уарзтӕй куы фӕуарзынц, уӕд нӕ цард фӕхъӕздыгдӕр вӕййы ӕмӕ дзы нӕ зӕрдӕ фӕрайы.

2, 3. Йегъовӕ куыд равдыста, адӕмы удуӕлдай уарзтӕй кӕй уарзы, уый?

2 Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕдмӕ дӕр равдыста, адӕмы кӕй уарзта, уый. Зӕхх афтӕ скодта, цӕмӕй йыл ӕнустӕм цардаиккам, ӕмӕ ӕнӕуи цӕргӕ нӕ, фӕлӕ ма нын цӕмӕй цард циндзинад дӕр хастаид. Йегъовӕ уыдӕттӕ йӕхицӕн не скодта, фӕлӕ махӕн. Ӕмӕ та уый фӕстӕ дӕр адӕммӕ удуӕлдай уарзондзинад равдыста: ӕрцӕрын сӕ кодта, цы «хӕдзар» сын ӕрцӕттӕ кодта, уым ӕмӕ сын балӕвар кодта зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрыны ныфс.

3 Уый фӕстӕ Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд ахӕм удуӕлдай уарзондзинад равдыста, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Йегъовӕ нӕ дызӕрдыг кодта, фидӕны сӕ байзӕддӕгтӕй кӕй разындзӕн, чи йӕ уарздзӕн, ахӕмтӕ. Ӕмӕ сфӕнд кодта йӕ Фырты нывондӕн раттын, цӕмӕй сӕ фервӕзын кӕна (Райд. 3:15; 1 Иоан. 4:10). Йегъовӕ Ирвӕзынгӕнӕгӕй зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ афтӕ нымадта, цыма уыцы нывонд хаст ӕрцыд. Ӕмӕ стӕй иу-4 000 азы фӕстӕ йӕ иунӕг Фырты адӕмы тыххӕй нывондӕн ӕрхаста, кӕд ын тынг зын уыд, уӕддӕр (Иоан. 3:16). Уӕдӕ Йегъовӕйӕ йӕ удуӕлдай уарзондзинады тыххӕй бузныг куыннӕ стӕм!

4. Цӕмӕй у бӕрӕг, ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон кӕй у удуӕлдай уарзтӕй уарзын?

4 Махӕн дӕр нӕ бон у иннӕты удуӕлдай уарзтӕй уарзын, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста. Нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, уый тыххӕй нын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы ахӕм уарзондзинад ӕвдисын, фӕлӕ уӕддӕр уый нӕ бон у. Авел равдыста, Хуыцауы кӕй уарзта, хуыздӕрӕй йӕм цы уыд, уый йын нывондӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй ӕрхаста, уымӕй (Райд. 4:3, 4). Ной равдыста, адӕмы удуӕлдай уарзтӕй кӕй уарзта, уый – бирӕ азты дӕргъы сын Хуыцауы ныхӕстӕ хъусын кодта, кӕд ӕм хъусгӕ дӕр нӕ кодтой, уӕддӕр (2 Пет. 2:5). Авраам цӕттӕ уыд йӕ фырт Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ, ӕмӕ уымӕй равдыста, Хуыцауӕй тынгдӕр кӕй никӕй уарзта (Иак. 2:21). Уыцы иузӕрдион адӕймӕгтау мах дӕр фӕнды ахӕм уарзондзинад ӕвдисын, уый нын ӕнцон куы нӕ уа, уӕд дӕр.

ӔЦӔГ УАРЗОНДЗИНАД ӔМӔ МӔНГ УАРЗОНДЗИНАД

5. Ӕцӕг уарзондзинад цавӕр хъуыддӕгтӕй вӕййы бӕрӕг?

5 Библи ӕмбарын кӕны, ӕцӕг уарзондзинад кӕмӕ ис, уый «ӕрмӕст дзыхӕй, ныхӕстӕй» кӕй нӕ уарзы, «фӕлӕ хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ» (1 Иоан. 3:18). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иннӕтӕн дзургӕ дӕр фӕкӕнӕм, кӕй сӕ уарзӕм, уый (1 Фес. 4:18). Фӕлӕ хатт ӕрмӕст ныхӕстӕ фаг нӕ вӕййынц. Хъуамӕ-иу нӕ уарзондзинад хъуыддагӕй дӕр равдисӕм. Зӕгъӕм, ӕфсымӕр кӕнӕ хо хъуаг куы ӕййафа, уӕд ын ӕрмӕст нӕ хорз ныхӕстӕ ницы ӕххуыс фӕуыдзысты (Иак. 2:15, 16). Стӕй Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауӕй ӕрмӕст кургӕ нӕ кӕнӕм, цӕмӕй «хуыммӕ кусджытӕ рарвита», фӕлӕ нӕхӕдӕг дӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй фыдӕбон кӕнӕм (Матф. 9:38).

6, 7. а) Цы у «ӕнӕхин уарзт»? б) Мӕнг уарзондзинад чи равдыста?

6 Апостол Иоанн ныффыста, иннӕты «хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ» кӕй хъуамӕ уарзӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ уарзт хъуамӕ уа «ӕнӕхин» (Ром. 12:9; 2 Кор. 6:6). Нӕхи афтӕ куы ’вдисӕм, цыма кӕйдӕр уарзӕм, ӕцӕгӕй та афтӕ куы нӕ уа, уӕд уый ӕцӕг уарзондзинад нӕу. Уый афтӕ уыдзӕн, цыма нӕ уӕлӕ маскӕ скодтам. Ӕмӕ, хиндзинад кӕм ис, ахӕм уарзондзинад уӕвгӕ уарзондзинад у? Уым ӕцӕг уарзондзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй.

7 Ӕркӕсӕм, йӕ уарзондзинад мӕнг кӕмӕн уыд, уыдоны цӕвиттонтӕм. Едемы цӕхӕрадоны Хӕйрӕг йӕхи афтӕ равдыста, цыма Евӕйы мӕт кодта. Ӕцӕгӕй та, куыд архайдта, уымӕй бӕрӕг уыд, хиуарзон ӕмӕ мӕнгард кӕй у (Райд. 3:4, 5). Паддзах Давиды ӕмбал Ахитофел разынд ницӕйаг ӕмбал. Ахитофел йӕхи пайдайы тыххӕй Давидыл гадзрахатӕй рацыд (2 Сам. 15:31). Нӕ рӕстӕджы дӕр, раст дины ныхмӕ чи сси ӕмӕ йӕ чи ныууагъта, уыдон ӕмӕ ма ноджыдӕр ӕмбырды иуты иннӕты ныхмӕ чи кӕны, уыцы адӕм хоты ӕмӕ ’фсымӕрты «рӕсугъд, зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕй сайынц» (Ром. 16:17, 18). Сӕхи афтӕ ӕвдисынц, цыма иннӕты уарзынц, фӕлӕ ӕцӕгӕй та сӕхи мӕт йеддӕмӕ ӕндӕр никӕй мӕт кӕнынц.

8. Нӕ бон цавӕр фарстайыл у ахъуыды кӕнын?

8 Мӕнг, цӕстмӕ уарзондзинад адӕймаджы уӕлдайдӕр уымӕн ӕгад кӕны, ӕмӕ афтӕмӕй иннӕты сайгӕ кӕны. Фӕлӕ кӕд адӕмы ис асайӕн, уӕд Йегъовӕйы нӕ асайдзынӕ. Йесо Чырысти загъта, зӕгъгӕ, цӕстмӕ митӕ чи кӕны, уыдоны «карзӕй» бафхӕрдзысты (Матф. 24:51). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты нӕ фӕнды, ӕмӕ сӕ уарзондзинад ахӕм уа. Фӕлӕ хорз уаид ахӕм фарстайыл ахъуыды кӕнын: «Цымӕ мӕ уарзондзинад ӕнӕхин у, хиуарзондзинад ӕмӕ йӕм мӕнгдзинадӕй ницы хӕццӕ кӕны?» Ӕркӕсӕм, «ӕнӕхин уарзт» цы фараст хъуыддагӕй ис равдисӕн, уыдонмӕ.

НӔ БОН КУЫД У «ХЪУЫДДАГӔЙ, СЫГЪДӔГЗӔРДӔЙӔ» УАРЗЫН

9. Ӕцӕг уарзондзинад нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕндзӕн?

9 Иннӕтӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕн, куы ничи дӕ уына, уӕд дӕр. Куы йӕ зонай, ӕмӕ, де ’фсымӕрӕн цы хорздзинад аразынмӕ хъавыс, уый тыххӕй никуы ничи базондзӕн, уӕддӕр хъуамӕ цӕттӕ уай ахӕм хъуыддӕгтӕ аразынмӕ. (Бакӕс Матфейы 6:1–4.) Зӕгъӕм, Анани ӕмӕ Сапфирӕ ӕндӕр зондыл хӕст уыдысты. Уыдоны фӕндыд, цӕмӕй, мысайнаг кӕй радтой, уый тыххӕй иннӕтӕ дӕр базыдтаиккой, ӕмӕ ма сайгӕ дӕр акодтой, не ’хца, дам, иууылдӕр ӕрбахастам. Ӕмӕ сӕ хиндзинады ӕмӕ сӕ цӕстмӕ миты тыххӕй сӕхи бӕллӕхы хай бакодтой (Хъуыд. 5:1–10). Иннӕты ӕцӕгӕй куы уарзӕм, уӕд сын хорздзинад зӕрдиагӕй араздзыстӕм ӕмӕ-иу ӕй адӕмыл нӕ ныхъхъӕр кӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, Разамонӕг советӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг цӕттӕ кӕнынӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕ никӕмӕн фӕдзурынц, цӕуыл куыстой, уый ӕмӕ сӕхицӕн кад нӕ фӕагурынц.

10. Нӕ бон куыд у иннӕтӕн кад кӕнын?

10 Иннӕтӕн кад кӕнынмӕ-иу фӕраздӕр у. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:10.) Йесо иннӕтӕн кӕй кад кодта, уый равдыста, йӕ апостолты къӕхтӕ кӕй ныхсадта, уымӕй (Иоан. 13:3–5, 12–15). Мах дӕр хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй Йесойау сӕрныллӕг суӕм ӕмӕ иннӕтӕн кад кӕнӕм. Апостолтӕ дӕр, Йесо афтӕ цӕмӕн бакодта, уый кӕронмӕ нӕ бамбӕрстой, цалынмӕ фӕстӕдӕр сыгъдӕг тыхӕй не схайджын сты, уӕдмӕ (Иоан. 13:7). Ахуырад нӕм кӕй ис, иннӕтӕй хъӕздыгдӕр кӕй стӕм кӕнӕ Хуыцауы хъуыддаджы нӕ бар кадджын хӕстӕ кӕй ис, уый тыххӕй-иу нӕхицӕй куы нӕ ныхъхъал уӕм, уӕд уымӕй дӕр ӕвдисдзыстӕм, иннӕтӕн кӕй кад кӕнӕм (Ром. 12:3). Ӕмӕ искӕмӕй истӕй тыххӕй куы ’ппӕлой, уӕд сӕм хӕлӕг нӕ кӕндзыстӕм, фӕлӕ сын сӕ циныл цин кӕндзыстӕм, кӕд мах дӕр уыцы хъуыддаджы цыдӕр сарӕзтам ӕмӕ нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уыцы кад махмӕ дӕр ӕмбӕлы, уӕддӕр.

11. Иннӕтӕй сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕппӕлӕм?

11 Иннӕтӕй сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ӕппӕл. Хъуамӕ-иу иннӕтӕй раппӕлынӕн фадӕттӕ агурӕм, уымӕн ӕмӕ адӕймаг ахӕм ныхӕстӕй бафидар вӕййы (Еф. 4:29). Фӕлӕ уый хъуамӕ аразӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, ӕнӕхинӕй. Кӕннод афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ кӕйдӕр зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй гӕдыныхӕстӕ кӕнӕм кӕнӕ кӕмӕндӕр уынаффӕ нӕ радтам, кӕд ын ӕмбӕлд, уӕддӕр (Ӕмб. 29:5). Искӕмӕй куы раппӕлӕм ӕмӕ стӕй йӕ фыдкой куы кӕнӕм, уӕд уый дӕр ӕнӕхин уарзт схонӕн нӕ уыдзӕн. Апостол Павел йӕхи ахӕм къӕппӕгӕй хызта ӕмӕ-иу иннӕтӕй куы ’ппӕлыд, уӕд-иу равдыста ӕнӕхин уарзондзинад. Зӕгъӕм, коринфаг чырыстӕттӕй сӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй раппӕлыд (1 Кор. 11:2). Фӕлӕ, раст цы нӕ бакодтой, уый тыххӕй дӕр сын комкоммӕ загъта, ӕрмӕст фӕлмӕнӕй (1 Кор. 11:20–22).

Хо къонверты ӕхца нывӕрдта ӕмӕ сӕ радта, ӕххуысхъуаг чи у, ахӕм хойӕн

Хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн бахъуаджы сахат куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, кӕй сӕ уарзӕм ӕмӕ рӕдау кӕй стӕм (кӕс 12 абзац)

12. Нӕ уазӕгуарзондзинад ӕцӕг уарзондзинадыл дзурӕг кӕд уыдзӕн?

12 Уазӕгуарзон у. Йегъовӕ нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй рӕдау уӕм ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн хорздзинад аразӕм. (Бакӕс 1 Иоанны 3:17.) Фӕлӕ уый хъуамӕ аразӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, нӕхи пайдайы тыххӕй нӕ, фӕлӕ. Нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Мӕхимӕ арӕхдӕр кӕй фӕхонын? Ме ’ввахс ӕмбӕлтты, ӕмбырды мӕ цӕсты уӕлдай кад кӕмӕн ис кӕнӕ мын уый фӕстӕ мӕ хорздзинад истӕмӕй чи бафиддзӕн, уыдоны? Ӕви, хорз кӕй нӕ зонын кӕнӕ мын мӕ хорздзинад истӕмӕй бафидын йӕ бон кӕмӕн нӕу, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты дӕр?» (Лук. 14:12–14). Кӕнӕ ахъуыды кӕн ахӕм уавӕртыл: чырыстӕттӕй чидӕр раст уынаффӕ нӕ рахаста ӕмӕ уый аххосӕй ныр хъуаг ӕййафы. Науӕд нын, уазӕгуаты кӕй фӕхуыдтам, уыцы хо кӕнӕ ӕфсымӕр бузныг дӕр нӕ загъта. Уӕд хъуамӕ архайӕм мӕнӕ ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Уӕ кӕрӕдзийы-иу ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй суазӕг кӕнут» (1 Пет. 4:9). Афтӕ куы кӕнай, уӕд уыдзынӕ амондджын, уымӕн ӕмӕ дӕ рӕдаудзинад цӕудзӕн дӕ зӕрдӕйӕ (Хъуыд. 20:35).

13. а) Лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнын уӕлдай зын кӕд вӕййы? б) Нӕ бон куыд у лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнын?

13 Ӕххуыс кӕн лӕмӕгътӕн. Библийы ис ахӕм фӕдзӕхст, «лӕмӕгъты фидар кӕнут, алкӕимӕ дӕр ут бирӕфӕразон», зӕгъгӕ (1 Фес. 5:14). Ӕмӕ ацы фӕдзӕхст куыд ӕххӕст кӕнӕм, уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, нӕ уарзондзинад ӕцӕг у ӕви нӕ. Лӕмӕгъ чи вӕййы, уыдонӕй бирӕтӕн цасдӕры фӕстӕ сӕ уырнындзинад сфидар вӕййы. Фӕлӕ кӕмӕндӕрты та фӕхъӕуы бирӕ рӕстӕг ӕххуыс кӕнын, ӕмӕ уымӕн фӕхъӕуы фӕразондзинад. Нӕ бон сӕ у, Библийы цы хъуыдытӕ ис, уыдоны фӕрцы фидар кӕнын, немӕ сӕ уацамынды кӕнын кӕнӕ та сӕм ӕнӕуи байхъусын. Стӕй раст нӕ уаид хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй афтӕ хъуыды кӕнын, ай фидар у, ай та лӕмӕгъ у, зӕгъгӕ. Хъуамӕ йӕ ӕмбарӕм, алчидӕр нӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгты фидар кӕй у, стӕй алкӕмӕ дӕр лӕмӕгъдзинӕдтӕ дӕр кӕй ис. Суанг апостол Павел дӕр дзырдта, лӕмӕгъдзинӕдтӕ йӕм кӕй уыд (2 Кор. 12:9, 10). Уымӕ гӕсгӕ нӕ алкӕй дӕр фӕхъӕуы иннӕты ӕххуыс.

14. Цӕмӕй не ’фсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?

14 Искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарат, уӕд-иу йемӕ бафидау. Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ нӕ чидӕр раст нӕ бамбӕрста, кӕнӕ нӕ исчи дзӕгъӕлы куы бафхӕра, уӕддӕр хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм не ’фсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрыныл. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:17, 18.) Кӕд искӕй фӕхъыг кодтам, уӕд хорз уаид, хатыр дзы куы ракуриккам, фӕлӕ уыдон хъуамӕ ӕфсоны ныхӕстӕ ма уой. Зӕгъӕм, афтӕ зӕгъыны бӕсты, «Зын мын у, раст мӕ кӕй нӕ бамбӕрстай», зӕгъгӕ, фӕлтау зӕгъ: «Бахатыр мын кӕн, мӕ ныхӕстӕй дӕ кӕй фӕхъыг кодтон». Ӕмӕ афтӕмӕй равдисдзынӕ, дӕу аххос дӕр дзы кӕй уыд. Фарн хъахъхъӕнын уӕлдай ахсджиаг у бинонты царды. Раст нӕ уаид, лӕг ӕмӕ ус адӕмы цӕстмӕ сӕхи афтӕ куы ’вдисиккой, цыма кӕрӕдзи тынг уарзынц, хибарӕй та мадзуратӕ куы кӕниккой, кӕрӕдзи куы ӕфхӕриккой кӕнӕ кӕрӕдзимӕ сӕ къух куы исиккой.

15. Адӕймагӕн зӕрдиагӕй кӕй ныххатыр кодтам, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

15 Зӕрдиагӕй хатыр кӕн. Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд ын хъуамӕ ныххатыр кӕнӕм ӕмӕ хъуамӕ нӕ маст ссӕуа. Ӕмӕ афтӕ хъӕуы бакӕнын, адӕймаг нӕ кӕй фӕхъыг кодта, уый ӕмбаргӕ дӕр куы нӕ бакӕна, уӕд дӕр. Библийы фыст ис: «Уарзондзинады фӕрцы кӕрӕдзийӕн барут, зӕрдиагӕй архайут, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы иудзинады цӕрыныл ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст ут фарны тӕгтӕй» (Еф. 4:2, 3). Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн иннӕтӕн зӕрдиагӕй хатыр кӕнын. Кӕд адӕймагӕн ӕцӕгдӕр ныххатыр кодтам, уӕд, цы сарӕзта, ууыл нал хъуыды кӕндзыстӕм. Уарзондзинад, «ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уыдон нӕ нымайы» (1 Кор. 13:4, 5). Искӕмӕ нӕ зӕрдӕйы маст куы хӕссӕм, уӕд уый тынг тӕссаг у. Афтӕмӕй ӕрмӕст нӕ хо кӕнӕ не ’фсымӕрӕй нӕ адард уыдзыстӕм, фӕлӕ ма Йегъовӕйӕ дӕр (Матф. 6:14, 15). Адӕймагӕн зӕрдиагӕй кӕй ныххатыр кодтам, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, уыцы адӕймаджы тыххӕй Хуыцаумӕ куы кувӕм, уымӕй дӕр (Лук. 6:27, 28).

16. Йегъовӕйы хъуыддаджы нын нӕ бар цы кадджын хӕстӕ бакӕнынц, уыдонмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

16 Дӕхи пайдайыл ма хъуыды кӕн. Йегъовӕйы хъуыддаджы нын нӕ бар цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ куы бакӕной, уӕд нӕ уарзондзинад равдисдзыстӕм, нӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ иннӕты пайдайыл куы хъуыды кӕнӕм, уымӕй (1 Кор. 10:24). Зӕгъӕм, конгрессты уагдартӕ чи вӕййы, уыцы ӕфсымӕртӕ иннӕтӕй раздӕр ӕрбацӕуынц. Ӕмӕ сӕ бон уаид сӕхицӕн ӕмӕ сӕ бинонтӕн хуыздӕр бынӕттӕ бацахсын. Фӕлӕ уыдон афтӕ нӕ фӕкӕнынц. Уыдон сӕхи удты мӕт нӕ фӕкӕнынц, фӕлӕ равдисынц ӕцӕг, удуӕлдай уарзондзинад. Дӕ бон сӕ нӕ уаид бафӕзмын?

17. Уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы чырыстоны ӕцӕг уарзондзинад цӕмӕ сразӕнгард кӕндзӕн?

17 Дӕ тӕригъӕд-иу раргом кӕн ӕмӕ-иу дӕ цард аив. Уӕззау тӕригъӕд чи саразы, уыцы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ сӕ тӕригъӕд фембӕхсынц, уымӕн ӕмӕ сӕм, чи зоны, худинаг фӕкӕсы кӕнӕ та сӕ нӕ фӕфӕнды иннӕты зӕрдӕ фӕриссын кӕнын (Ӕмб. 28:13). Фӕлӕ уый уарзондзинадыл дзурӕг нӕу, уымӕн ӕмӕ уый зиан хӕссы, тӕригъӕд чи сарӕзта, уымӕн йӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр. Гӕнӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ ӕмбырд йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕнӕхай фӕкӕна ӕмӕ йын мауал арфӕ кӕна, ӕмӕ дзы уӕд фарн ӕмӕ иудзинад нал уыдзӕн (Еф. 4:30). Уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы чырыстоны ӕцӕг уарзондзинад сразӕнгард кӕндзӕн хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕнынмӕ, цӕмӕй йын баххуыс кӕной (Иак. 5:14, 15).

18. Ӕцӕг уарзондзинад нӕм цӕмӕн хъуамӕ уа?

18 Уарзондзинадӕй диссагдӕр ӕмӕ ахсджиагдӕр миниуӕг нӕй (1 Кор. 13:13). Иннӕты кӕй уарзӕм, уымӕй бӕрӕг у, Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм ӕмӕ Йегъовӕйы, уарзондзинад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауы, кӕй фӕзмӕм, уый (Еф. 5:1, 2). Павел ныффыста, зӕгъгӕ, дам, «мӕм уарзондзинад куы нӕ уа, уӕд ӕз ницы дӕн» (1 Кор. 13:2). Гъемӕ уӕдӕ дарддӕр нӕ уарзондзинад ӕвдисӕм, ӕмӕ ӕрмӕст «ныхӕстӕй» нӕ, фӕлӕ «хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын