106 ЗАРӔГ
Уарзондзинад рӕзын кӕнӕм
1. Хуыцауӕй курӕм сӕрныллӕгӕй,
Цӕмӕй уӕм уый хуызӕн алцӕмӕй.
Ӕппӕты тынгдӕр та архайӕм,
Цӕмӕй Хуыцауы уарзт бафӕзмӕм.
Кӕд мах стӕм зондджын ӕмӕ ныфсхаст,
Фӕлӕ нӕ зӕрдӕйы ’руазал уарзт,
Хуыцаумӕ кувдзыстӕм уӕд, цӕмӕй
Цӕуа ӕцӕг уарзт нӕ зӕрдӕтӕй!
2. Ӕцӕг уарзт хорздзинад аразы
Ӕмӕ йӕхиуыл нӕ мӕт кӕны.
Уарзт алкӕддӕр у хӕларзӕрдӕ,
Ныббары ’нцонтӕй рӕдыдтытӕ.
Быхсы ӕцӕг уарзт зындзинӕдтӕн,
Ӕххуыс ӕмӕ ныфс у иннӕтӕн.
Ысфӕраздзӕн уый цыфӕнды дӕр.
Уыдзӕн ӕцӕг уарзт ӕнустӕм дӕр.
(Ноджыдӕр кӕс Иоан. 21:17; 1 Кор. 13:13; Гал. 6:2.)