БИОГРАФИ
Йегъовӕ арфӕ кӕны, чи йӕм хъусы, уыдонӕн
«Мах цӕттӕ стӕм!» Ахӕм дзуапп радтам ӕз ӕмӕ мӕ цардӕмбал, стӕй ме ’фсымӕр ӕмӕ йӕ бинойнаг, иу ӕфсымӕр нын иу хъуыддаджы тыххӕй куы загъта, уӕд. Цӕмӕн сразы стӕм ӕмӕ нын Йегъовӕ куыд раарфӕ кодта? Уый дӕр уын радзурдзынӕн, фӕлӕ уал уын фыццаг мӕхи тыххӕй гыццыл радзурон.
ӔЗ РАЙГУЫРДТӔН 1923 азы горӕт Хемсуэрты (графство Йоркшир, Англи). Уыди мын хистӕр ӕфсымӕр, Боб. 9 азы мыл куы цыд, уӕд мӕ фыдӕн чидӕр радта цавӕрдӕр чингуытӕ, фыст дзы уыд, мӕнг динтӕ адӕмы куыд сайынц, уый тыххӕй. Цы бакаст, уый йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, уымӕн ӕмӕ уыдта, дины разамонджытӕ дзургӕ иу кӕй кодтой, аразгӕ та – ӕндӕр. Цалдӕр азы фӕстӕ нӕм ӕрбацыд Боб Аткинсон ӕмӕ нын патефоныл сӕвӕрдта ӕфсымӕр Рутерфорды раныхӕстӕй иу. Уӕд ӕй бамбӕрстам, мӕ фыд цы чингуытӕ каст, уыдон дӕр ацы дины уагъд кӕй уыдысты! Мӕ ныййарджытӕ ӕфсымӕр Аткинсонӕн загътой, цӕмӕй-иу нӕм алы изӕр дӕр ӕхсӕвӕрмӕ ӕрбацыдаид ӕмӕ-иу нын, Библийӕ нӕм цы бирӕ фарстатӕ уыд, уыдонӕн дзуапп раттаид. Ӕфсымӕр Аткинсон нӕ иу ӕфсымӕры хӕдзармӕ ӕмбырдтӕм фӕхуыдта, уый уыд махӕй цалдӕр километры дарддӕр. Мах ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтам, ӕмӕ Хемсуэрты фӕзынд гыццыл ӕмбырд. Хӕдзары-иу нӕм ӕрлӕууыдысты зоналон лӕггадгӕнджытӕ (ныр сӕ хонынц цӕуӕг цӕстдарджытӕ), стӕй-иу, ӕввахс нӕм чи цард, уыцы пионерты немӕ иумӕ къӕбӕр бахӕрынмӕ фӕхуыдтам. Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ мын стыр ӕххуыс фесты.
Уыцы рӕстӕг нӕ бинонтӕ райдыдтой мебель аразын ӕмӕ йӕ уӕй кӕнын. Фӕлӕ мӕ фыд ме ’фсымӕрӕн загъта: «Кӕд дӕ фӕнды пионерӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ искуыдӕм ацӕуын, уӕд ацы куыст ныууадзӕм». Боб сразы, ӕмӕ 21-аздзыдӕй хӕдзарӕй ацыд, цӕмӕй пионерӕй лӕггад кодтаид. Дыууӕ азы фӕстӕ, 16 азы мыл куы цыд, уӕд, ӕз дӕр пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон. Улӕфгӕ бонты-иу искӕимӕ ацыдтӕн уацамынды, иннӕ бонты та-иу арӕхдӕр иунӕгӕй хъусын кодтон, пайда-иу кодтон уацамындон карточкӕтӕй ӕмӕ патефонӕй. Йегъовӕ мын раарфӕ кодта ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон, тагъд рӕстӕджы донаргъуыд чи райста, иу ахӕм сылгоймагимӕ. Фӕстӕдӕр уыцы сылгоймагӕн йӕ бинонтӕй бирӕтӕ рӕстдзинады фӕндагыл ӕрлӕууыдысты. Иннӕ аз мӕ снысан кодтой сӕрмагонд пионерӕй Мэри Хеншеллимӕ. Арвыстой нӕ графство Чеширмӕ, иу ӕмбырдмӕ дӕр чи нӕ хауд, ахӕм территоримӕ.
Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг сылгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ цавӕрдӕр куыстытӕ кодтаиккой, цӕмӕй хӕстӕн ӕххуыс кодтаиккой. Дины кусӕгыл нымад чи уыд, уыдоны-иу хӕстмӕ нӕ кодтой, ӕмӕ, сӕрмагонд пионертӕй кӕй лӕггад кодтам, уымӕ гӕсгӕ хъуыды кодтам, зӕгъгӕ, мах дӕр ахӕм куыстытӕй ссӕрибар кӕндзысты. Фӕлӕ тӕрхондоны не сразы сты, ӕмӕ мӕ 31 бонмӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Иннӕ аз мыл сӕххӕст 19 азы, ӕмӕ ма мӕ уӕд ноджыдӕр дыууӕ хатты бахъуыди тӕрхондоны раз ӕрлӕууын, ме ’фсарм мын хӕстимӕ баст хъуыддӕгты архайыны бар кӕй нӕ лӕвӕрдта, уый тыххӕй. Фӕлӕ мын мӕ хъуыддаг дыууӕ хатты дӕр сӕхгӕдтой. Ӕз ӕй зыдтон, уыцы рӕстӕг мын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй ӕххуыс кодта ӕмӕ мӕ кӕй фидар кодта (Ис. 41:10, 13).
БАЗОНГӔ ДӔН МӔ ФИДӔНЫ ЦАРДӔМБАЛИМӔ
Артур Маттьюзимӕ базонгӕ дӕн 1946 азы. Артур ӕртӕ мӕйы ахӕстоны фӕбадт, хӕстмӕ кӕй нӕ цыд, уый тыххӕй, ӕмӕ гъеуӕд суӕгъд. Йе ’фсымӕр Деннис лӕггад кодта сӕрмагонд пионерӕй горӕт Хемсуэрты, ӕмӕ Артур йемӕ лӕггад кӕнын райдыдта. Сӕ фыд сын гыццылтӕй Йегъовӕйы бауарзын кодта, ӕмӕ рӕзгӕ кары дыууӕйӕ дӕр донаргъуыд райстой. Иумӕ лӕггад кӕнын куы райдыдтой, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Деннисы снысан кодтой Ирландимӕ, ӕмӕ Артур ӕнӕ ӕмбалӕй баззад. Мӕ ныййарджыты зӕрдӕмӕ тынг цыд, уыцы ӕрыгон зынгзӕрдӕ пионер йӕхи куыд дардта, уый. Ӕмӕ йын загътой, цӕмӕй семӕ цардаид. Ӕз-иу сӕм куы ныццыдтӕн, уӕд-иу Артуримӕ арӕх хӕрды фӕстӕ тӕбӕгътӕ иумӕ ӕхсадтам. Фӕстӕдӕр кӕрӕдзимӕ писмотӕ фыссын райдыдтам. 1948 азы та Артуры ногӕй ӕртӕ мӕймӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Уый фӕстӕ 1949 азы январы нӕ цард баиу кодтам, ӕмӕ нӕ фӕндыд дарддӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын, цалынмӕ нын нӕ уавӕртӕ амыдтаиккой, уӕдмӕ. Дзӕгъӕл хӕрдзтӕ-иу нӕ кодтам, стӕй-иу отпусчы рӕстӕг ӕхца акуыстам дыргътӕ ӕмбырд кӕнынӕй. Йегъовӕ нын арфӕ кодта, ӕмӕ нӕ бон уыди дарддӕр пионертӕй лӕггад кӕнын.
Хемсуэрты, нӕ чындзӕхсӕвӕй гыццыл фӕстӕдӕр, 1949 аз
Иу азы фӕстӕ нӕ снысан кодтой Цӕгат Ирландимӕ, фыццаг Армамӕ, стӕй та Ньюримӕ. Уыцы горӕтты адӕмӕн сӕ фылдӕр уыдысты католиктӕ ӕмӕ ӕндӕр динтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кастысты. Уымӕ гӕсгӕ хъусын кодтам ӕмбаргӕйӕ ӕмӕ хъавгӕйӕ. Ӕмбырдтӕ-иу нын уыд, кӕм цардыстӕм, уырдыгӕй 16 километры дарддӕр иу ӕфсымӕры хӕдзары, йӕ бинойнаг дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уыд. Иу-аст адӕймагӕй-иу уыдыстӕм. Хатт-иу ӕхсӕвы дӕр уым ӕрлӕууыдыстӕм. Хуыссыдыстӕм-иу пъолыл, райсомӕй та-иу дзӕбӕх фӕминас кодтам. Уыцы рӕтты ныртӕккӕ бирӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй ис, уый мын стыр цины хос у.
«МАХ ЦӔТТӔ СТӔМ!»
Ме ’фсымӕр ӕмӕ йӕ бинойнаг Лотти дӕр лӕггад кодтой Цӕгат Ирландийы сӕрмагонд пионертӕй, ӕмӕ 1952 азы цыппарӕй ацыдыстӕм облӕстон конгресмӕ Белфастмӕ. Иу ӕфсымӕр нӕ йӕхимӕ суазӕг кодта. Немӕ ма уыди Прайс Хьюз, Великобританийы филиалы цӕстдарӕг чи уыд, уыцы ӕфсымӕр. Иу изӕр ныхас кодтам, Ирландийы адӕмӕн кӕй рауагътой, уыцы брошюрӕйыл, «Хуыцауы фӕндаг – уарзондзинад», зӕгъгӕ. Ӕфсымӕр Хьюз нын радзырдта, Ирландийы Республикӕйы католиктӕн хъусын кӕнын куыд зын уыд, уый тыххӕй. Ӕфсымӕртӕ-иу цӕрынӕн кӕй баххуырстой, уыцы бынӕттӕй-иу сӕ ратардтой, сауджынтӕ та-иу адӕмы ӕфсымӕртыл сардыдтой, цӕмӕй-иу сын исты разнаггад кодтаиккой. Прайс загъта: «Мах агурӕм, машинӕтӕ кӕмӕ ис, ахӕм бинонты, цӕмӕй сӕрмагонд зиу саразӕм ӕмӕ ӕнӕхъӕн бӕстӕйы уыцы брошюрӕ апарахат кӕнӕм». Ӕмӕ гъеуӕд загътам, «мах цӕттӕ стӕм!», зӕгъгӕ.
Иннӕ пионертимӕ мотоциклыл
Дублины-иу пионертӕ арӕх ӕрлӕууыдысты, бирӕтӕ «мамӕ Ратленд» кӕй хуыдтой, уыцы хомӕ. Уыцы хо Йегъовӕйӕн бирӕ азты иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Мах дӕр уымӕ ӕрлӕууыдыстӕм ӕмӕ нӕ дзауматӕй цыдӕртӕ ауӕй кодтам. Уый фӕстӕ иу бон Бобы мотоциклыл цыппарӕй сбадтыстӕм ӕмӕ машинӕ агурӕг ацыдыстӕм. Ӕмӕ ссардтам, нырма дзӕбӕх чи куыста, иу ахӕм машинӕ. Фӕлӕ нӕ машинӕ скъӕрын ничи зыдта, ӕмӕ йӕ хицауӕн загътам, цӕмӕй нын ӕй хӕдзармӕ ӕрбатардтаид. Уыцы бон Артур ӕнӕхъӕн изӕр йӕ сынтӕгыл афтӕ бадти, цыма машинӕйыл бады ӕмӕ йӕ скъӕргӕ кӕны. Иннӕ райсом машинӕ гаражӕй ӕддӕмӕ ратӕрыныл куы архайдта, уӕд нӕм ӕрбацыд иу миссионер-хо, Милдред Уиллетт (фӕстӕдӕр смой кодта Джон Баррмӕ). Уый машинӕ скъӕрын зыдта! Ӕмӕ нӕ гыццыл куы ацахуыр кодта, уӕд цӕуынмӕ цӕттӕ уыдыстӕм.
Нӕ машинӕ ӕмӕ нӕ фургон
Стӕй хъуамӕ ссардтаиккам, кӕм цардаиккам, ахӕм бынат. Ӕфсымӕртӕ нӕ бафӕдзӕхстой, цӕмӕй фургон ма агуырдтаиккам, фӕлӕ хӕдзар, уымӕн ӕмӕ, дам, знӕгтӕ фургон судзгӕ дӕр бакӕндзысты. Гъемӕ хӕдзар фӕцагуырдтам, фӕлӕ не ссардтам. Уыцы ӕхсӕв машинӕйы бафынӕй кодтам. Иннӕ бон дӕр та цӕрӕнбынат агурын райдыдтам, фӕлӕ хиконд гыццыл фургон йеддӕмӕ ницы ссардтам. Йӕ мидӕг уыд, иу иннӕйы сӕрмӕ чи уыд, дыууӕ ахӕм гыццыл сынтӕджы. Уыцы фургон сси нӕ хӕдзар. Диссаг уый уыд, ӕмӕ-иу ӕй нӕ бон уыд сӕрибарӕй сӕвӕрын, хорз цӕстӕй-иу нӕм чи ракаст, уыцы фермерты зӕххытыл. Хъусын кӕнынмӕ-иу ацыдыстӕм нӕ фургонӕй 16–24 километры дарддӕр. Ӕндӕр ранмӕ-иу куы ацыдыстӕм, уӕд та-иу хъусын кӕнынмӕ ӕрбаздӕхтыстӕм, нӕ фургон-иу уый размӕ кӕм лӕууыд, уыцы ранмӕ.
Ирландийы Республикӕйы хуссар-скӕсӕн хайы цы хӕдзӕрттӕ уыд, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр ӕрзылдыстӕм, тынг нӕ ничи бахъыгдардта, афтӕмӕй. Байуӕрстам дзы 20 000 брошюрӕйӕ фылдӕр ӕмӕ Великобританийы филиалмӕ арвыстам, хорз нӕм чи байхъуыста, уыцы адӕмы нӕмттӕ. Ирландийы уыцы рӕтты ныр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тынг бирӕ сты, ӕмӕ уый стыр арфӕдзинад куыннӕ у!
ФӔСТӔМӔ АНГЛИМӔ, СТӔЙ ШОТЛАНДИМӔ
Цалдӕр азы фӕстӕ нӕ снысан кодтой Лондоны хуссар хаймӕ. Уымӕй цалдӕр къуырийы фӕстӕ Великобританийы филиалӕй ӕфсымӕртӕ Артурмӕ фӕдзырдтой ӕмӕ йын загътой, цӕуӕг цӕстдарӕгӕй йӕ кӕй снысан кодтой ӕмӕ йӕ бон кӕй уыд иннӕ бон йӕ лӕггадмӕ бавналын! Иу къуыри нӕ ахуыр кодтой, стӕй ацыдыстӕм Шотландимӕ нӕ районмӕ. Артурӕн йӕ раныхӕстӕ бацӕттӕ кӕнынӕн рӕстӕг тынг гыццыл уыд, фӕлӕ уый алкӕддӕр цӕттӕ уыд Хуыцауы хъуыддаджы цыфӕнды зын хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнынмӕ дӕр. Уый мӕнӕн дӕр стыр ныфсы хос уыд. Нӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди ахӕм хуызы лӕггад кӕнын. Цалдӕр азы, иу ӕмбырдмӕ дӕр чи нӕ хауд, ахӕм территорийы кӕй лӕггад кодтам, уымӕ гӕсгӕ стыр арфӕдзинадыл нымадтам, уыйбӕрц хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты кӕй уыдтам, уый.
1962 азы Артуры Галаады скъоламӕ куы фӕхуыдтой, уӕд нын уынаффӕ рахӕссын ӕнцон нӕ уыд. Скъола хъуамӕ дӕс мӕйы цыдаид, мӕнӕн та мӕ бон йемӕ ацӕуын нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ мӕн нӕ фӕхуыдтой. Мах аскъуыддзаг кодтам, Артур кӕй хъуамӕ сразы уа. Пионерӕй кӕимӕ лӕггад кодтаин, ахӕм ӕмбал мын кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ мӕ филиал ногӕй снысан кодта Хемсуэртмӕ сӕрмагонд пионерӕй. Артур афӕдзы фӕстӕ куы ’рцыд, уӕд ӕй облӕстон цӕстдарӕгӕй снысан кодтой. Нӕ территоримӕ хауди Шотланди, Английы цӕгат хай ӕмӕ Цӕгат Ирланди.
НӔ ЛӔГГАД ФӔИВТА
1964 азы Артуры снысан кодтой Ирландийы Республикӕйы филиалы цӕстдарӕгӕй. Фыццаг куыддӕр тыхстӕн, уымӕн ӕмӕ, ӕмбырдтӕ кӕй бӕрӕг кодтам, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Фӕлӕ ныр фӕстӕмӕ куы акӕсын, уӕд фӕцин кӕнын, Вефилы лӕггад кӕныны кад мӕм кӕй ӕрхауд, ууыл. Ӕз ӕй зонын: кӕд дӕ кӕдӕмдӕр снысан кодтой ӕмӕ дӕ нӕ фӕнды уыцы хъуыддаг аразын, фӕлӕ сразы дӕ, уӕд дын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн. Вефилы кодтон алыхуызон куыстытӕ: куыстон офисы, литературӕ ӕрвитынмӕ цӕттӕ кодтон, хӕринаг кодтон ӕмӕ ӕфснайдтон. Хатт-иу Артур облӕстон цӕстдарӕджы хӕстӕ дӕр ӕххӕст кодта, ӕмӕ-иу ӕнӕхъӕн бӕстӕйы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ зонгӕ кодтам. Стӕй ма-иу нын ӕхсызгон уыд, Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдон дӕр-иу рӕстдзинады фӕндагыл кӕй ӕрлӕууыдысты, уый. Уыдӕтты фӕрцы нӕ ирландиаг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ кӕрӕдзийӕн тынг садджын стӕм. Уый стыр арфӕдзинад куыннӕ у!
АХСДЖИАГ ХАБАР ИРЛАНДИЙЫ
Ирландийы фыццаг ӕхсӕнадӕмон конгресс уыд 1965 азы Дублины. Конгресс хорз ацыд, кӕд хъыгдарджытӕ бирӕ уыд, уӕддӕр. Уыди дзы 3 948 адӕймаджы, ӕмӕ дзы 65 адӕймаджы донаргъуыд райстой. Конгресмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕрцыд 3 500 адӕймаджы. Дублины цы адӕммӕ ӕрлӕууыдысты, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр Ирландийы филиал арвыста писмотӕ арфӕйы ныхӕстимӕ. Стӕй фысымтӕ дӕр сӕ уазджытӕй ӕппӕлыдысты. Ирландийы уый уыд ӕцӕгдӕр ахсджиаг хабар.
Артур салам дӕтты Нейтан Норрӕн, уый конгресмӕ куы ’рцыд, уӕд, 1965 аз
Артур ӕвдисы, ирландиаг ӕвзагыл цы ног чиныг рацыд, уый, 1983 аз
1966 азы Ирландийы цӕгат хайӕн дӕр ӕмӕ хуссар хайӕн дӕр разамынд дӕттын райдыдта, Дублины цы филиал уыд, уый. Уыцы дыууӕ хайы кӕй баиу сты, уый тынг хицӕн кодта, ӕнӕхъӕн сакъадахыл цы уавӕр уыд, уымӕй – адӕм дзы дихтӕ кодтой политикӕйы ӕмӕ динты аххосӕй. Уыйбӕрц католиктӕ рӕстдзинад кӕй базыдтой ӕмӕ, раздӕр протестанттӕ чи уыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ иумӕ Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодтой, уый диссаг уыд.
БЫНТОН ӔНДӔР РАНМӔ НӔ СНЫСАН КОДТОЙ
2011 азы нӕ цард бынтондӕр фӕивта. Великобританийы ӕмӕ Ирландийы филиалтӕ баиу кодтой ӕмӕ нӕ Лондоны Вефилмӕ снысан кодтой. Уыцы рӕстӕг Артуры ӕнӕниздзинадмӕ мӕ зӕрдӕ ӕхсайын райдыдта. Дохтыртӕ загътой, Паркинсоны низ ӕм кӕй ис. Хъыгагӕн, 2015 азы 20 майы мӕ цардӕмбал, 66 азы «а» ӕмӕ «о»-йӕ кӕимӕ фӕцардыстӕм, уый, фӕзиан.
Артурыл тынг фӕмаст кодтон, мӕхимӕ дӕр-иу ныхъхъуыстон. Раздӕр алкӕддӕр мӕ фарсмӕ уыд. Куыд тынг ӕй мысын, уый куы зониккат! Фӕлӕ адӕймаг ахӕм уавӕрты куы бахауы, уӕд Йегъовӕмӕ тынгдӕр баввахс вӕййы. Артуры иннӕтӕ куыд уарзтой, уый тыххӕй куы фехъусын, уӕд мын тынг ӕхсызгон вӕййы. Писмотӕ мӕм фервыстой хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Ирландийӕ, Великобританийӕ ӕмӕ ма суанг Америкӕйӕ дӕр. Уыцы писмотӕ мӕ тынг бафидар кодтой. Стыр ныфсы хос ма мын фесты Артуры ӕфсымӕр Деннис ӕмӕ йӕ бинойнаг Мейвис, стӕй ме ’фсымӕры чызджытӕ Рут ӕмӕ Джуди дӕр.
Мӕ ныфсыл мын ныфс бафтауы Исайы 30:18 стих. Фыст дзы ис: «Йегъовӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн, цӕмӕй уын фӕтӕригъӕд кӕна, сыстдзӕн, цӕмӕй уӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдиса. Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у, раст тӕрхон чи кӕны, уыцы Хуыцау. Амондджын сты, чи йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон иууылдӕр». Йегъовӕ фӕразонӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй нӕ не ’ппӕт зындзинӕдтӕй дӕр фервӕзын кӕна ӕмӕ нын йӕ ног дунейы диссаджы хъуыддӕгтӕ бабар кӕна, уый мын стыр ныфсы хос у.
Нӕ цардыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд ӕй бамбарын, Йегъовӕ Ирландийы хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд куыд лӕвӕрдта ӕмӕ йын куыд арфӕ кодта. Уыцы хъуыддаджы ӕз дӕр цыдӕр кӕй сарӕзтон, уый мӕхицӕн стыр кадыл нымайын. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕмӕ куы фӕхъусӕм ӕмӕ нын цы фӕдзуры, уый куы фӕаразӕм, уӕд нын алкӕддӕр раарфӕ кӕны!