Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Ssb 7 зарӕг
  • Цин кӕнӕм ӕнӕхъӕн бон

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цин кӕнӕм ӕнӕхъӕн бон
  • Зарут Иегъовӕйы кадӕн
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Циндзинад – Хуыцауӕй лӕвӕрд миниуӕг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • «Рӕстгӕнӕгӕн Йегъовӕ уыдзӕн йӕ цин»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • «Иегъовӕйӕн зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕнӕм»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
Зарут Иегъовӕйы кадӕн
Ssb 7 зарӕг

7 (19) зарӕг

Цин кӕнӕм ӕнӕхъӕн бон

(Псалом 31:11)

1. Хъӕлдзӕг у! Зар ’мӕ каф!

Мах Хуыцауӕй стӕм рӕвдыд,

Райгӕ алы куыст кӕн,

Ӕмӕ цин кӕн ууыл ды.

Махӕн алцы фаг у. Хуыцау нӕ фарс у.

Цы ма дзы курӕм уымӕй фылдӕр ныр?!

Ссардтам удӕнцой, фарн,

Цардӕй райгонд ныр ыстӕм.

Ис нын алцыдӕр фаг —

Мах Хуыцаумӕ ’нгом лӕууӕм.

Зӕрдӕ цинӕй дзаг у, нӕ фӕндаг раст у,

Зӕрдӕрайгӕйӕ стыр тыллӕг кӕрдӕм.

2. Цин ӕцӕгад хӕссы —

Мах сӕрибар ныр ыстӕм!

Йесо бардзырд дӕтты,

Ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнӕм.

Стӕм йӕ тугӕй ӕлхӕд, йӕ зондыл ӕвӕрд,

’Мӕ уый уылты Хуыцауӕй ’взӕрст ыстӕм.

’Рцыд йӕ Паддзахад ныр,

Уый нын цинты-цин хӕссы!

Ис нын зондджын цагъар,

Йесо йе ’вджид мах кӕны.

Рухсы мах фӕцӕуӕм, ныфсвидар кӕнӕм.

Гъе уыцы ныфс мах хъусын кӕнӕм ныр.

3. Махӕн стырдӕр цин нӕй —

Хорз уац адӕммӕ хӕссӕм.

Ссарӕм сабырты мах,

Ӕмӕ амондджын вӕййӕм!

Кӕд ’мӕ ӕмбырд уарзӕм, нӕ цин у уазӕг,—

Фӕрнӕй ӕмӕ сабырӕй уӕд цӕрӕм.

Дзурӕм Паддзахадыл,

Цин кӕнӕм ӕнӕхъӕн бон.

«Бирӕ адӕм» фӕзынд.

Кӕс, нӕ сын зыны кӕрон!

Уадз Иегъовӕ алкӕд нӕ уд ӕфсадӕд.

Ӕрмӕстдӕр уымӕн кадджын у йӕ ном!

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын