Библийы 24 чиныг – Йереми
Ныффыста йӕ: Йереми
Кӕм ӕрцыд фыст: Иудӕ ӕмӕ Египеты
Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 580 азы
Цы рӕстӕгыл дзы цӕуы дзырд: н. э. агъоммӕ 647–580 азтӕ
ПЕХУЫМПАР Йереми цард тынг тӕссаг ӕмӕ тыхст рӕстӕджы. Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕй сӕвӕрдта н. э. агъоммӕ 647-ӕм азы, Иудӕйы сӕргъы иузӕрдион паддзах Иоси куы ’рлӕууыд ӕмӕ уымӕй 13 азы куы рацыд, уӕд. Йегъовӕйы кувӕндон куы цалцӕг кодтой, уӕд дзы ссардтой Йегъовӕйы Закъоны чиныг ӕмӕ йӕ паддзахӕн бакастысты. Уӕд уый зӕрдиагӕй бавнӕлдта, цы фыст дзы уыд, уый сӕххӕст кӕнынмӕ, фӕлӕ адӕмы мӕнгхуыцӕуттӕй ӕрмӕстдӕр рӕстӕгмӕ раздӕхта. Иосийы фыды фыд Манасси, паддзахӕй фӕци 55 азы, йӕ фыд Амон та 2 азы, уымӕн ӕмӕ йӕ йӕ бынатӕй раппӕрстой ӕмӕ йӕ амардтой. Сӕ дыууӕ дӕр ӕвзӕр зондыл хӕст уыдысты: адӕмы бафтыдтой цъаммар хъуыддӕгтыл ӕмӕ ӕлгъаг ӕгъдӕуттыл, уыйонг сӕ ’ркодтой, ӕмӕ сӕм диссаг нал каст «арвы ус-паддзахӕн» буд судзын ӕмӕ адӕмы мӕнгхуыцӕуттӕн нывондӕн хӕссын дӕр. Манасси Иерусалим ӕнаххос адӕмы тугӕй байдзаг кодта (Йер. 1:2; 44:19; 4 Пад. 21:6, 16, 19–23; 23:26, 27).
2 Йеремийыл уыдис зын хӕс ӕвӕрд. Уый уыд Йегъовӕйы пехуымпар ӕмӕ хъуамӕ хъусын кодтаид, адӕймаджы уырнгӕ дӕр цы нӕ бакодтаид, ахӕм бӕллӕхтӕ: Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы ныппырх кӕндзысты, Йегъовӕйы кувӕндон, дисӕн кӕй хастой, уый басудздзысты, ӕмӕ йын Йӕ адӕмы та уацары акӕндзысты! Уыцы хабӕрттӕ Иерусалимы хъусын кодта 40 азы дӕргъы, ӕвзӕр паддзӕхтӕ Иоахаз, Иоаким, Иехони ӕмӕ Седекийы рӕстӕджы (Йер. 1:2, 3). Фӕстӕдӕр та Египеты хъусын кодта, дзуттаг лыгъд адӕм уым мӕнгхуыцӕуттӕн кӕй куывтой, уый тыххӕй. Йӕ чиныг фыст фӕци н. э. агъоммӕ 580 азы. Уӕдӕ Йереми фыссы, Иудӕйы адӕмы царды 67 азы дӕргъы цы бирӕ хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй (52:31).
3 Дзуттагау пехуымпары ном ӕмӕ йӕ чиныджы ном у Йирмейа кӕнӕ Йирмейагъу, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, нысан кӕны «Йегъовӕ бӕрзонд кӕны» кӕнӕ «Йегъовӕ уӕгъд кӕны» (гӕнӕн ис, мады гуыбынӕй). Чиныг ссарӕн ис Дзуттаг Фыстыты алкӕцы номхыгъды дӕр, ӕмӕ Библийы канонмӕ кӕй хауы, уый, зӕгъӕн ис, ничи дызӕрдыггаг кӕны. Йеремийӕн йӕхи рӕстӕджы бирӕ пехуымпарӕдтӕ кӕй сӕххӕст, уымӕй хуыздӕр ницы бӕлвырд кӕны, ӕцӕг хабӕрттӕ дзы кӕй ис фыст, уый. Уымӕй уӕлдай ма, Йеремийы тыххӕй цалдӕр ран дзырдӕуы Чырыстон Грекъаг Фыстыты (Матф. 2:17, 18; 16:14; 27:9). Йесо кувӕндон уӕйгӕнджытӕй куы сыгъдӕг кодта, уӕд Йеремийы 7:11 ӕмӕ Исайы 56:7 ныхӕстӕ кӕй ӕрхаста, уымӕй бӕрӕг у, Йеремийы чиныг хорз кӕй зыдта (Марчы 11:17; Лук. 19:46). Йесо уӕндонӕй ӕмӕ фидарӕй кӕй хъусын кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ адӕмӕй иуӕй-иутӕ Йереми ӕнхъӕлдтой (Матф. 16:13, 14). Йереми ног бадзырды тыххӕй цы пехуымпарад загъта (Йер. 31:31–34), уый Павел ӕрхаста Дзуттӕгтӕм 8:8–12 ӕмӕ Дзт 10:16, 17. Павел ма загъта Йеремийы 9:24 ныхӕстӕ: «Сӕрыстыр чи у, уый сӕрыстыр уӕд Йегъовӕйӕ» (1 Кор. 1:31). Вавилон ӕппӕрст кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй Йеремийы чиныджы цы фыст ис (Йер. 51:63, 64), уый ноджы ирддӕрӕй ӕвдыст цӕуы Раргомады 18:21.
4 Йеремийы фыстытӕ раст кӕй сты, уый ма бӕлвырд кӕны, археологтӕ цы ссардтой, уый дӕр. Цӕвиттон, Вавилоны азфысты дзырдӕуы, зӕгъгӕ, н. э. агъоммӕ 617 азы Навуходоносор Иерусалим бацахста, паддзахы (Иехонийы) ӕрцахста ӕмӕ йын йӕ бынаты сӕвӕрдта, йӕхӕдӕг кӕй равзӕрста, уый (Седекийы) (24:1; 29:1, 2; 37:1)a.
5 Моисейы йеддӕмӕ, иннӕ рагон пехуымпартӕй Йеремийӕ фылдӕр никӕй тыххӕй зонӕм. Йереми бирӕ фыссы йӕхи тыххӕй, ӕргом кӕны йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ йе ’нкъарӕнтӕ. Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, фидар ӕмӕ хъӕбатыр кӕй уыд, стӕй сӕрныллӕг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ. Уый ӕрмӕст пехуымпар нӕ уыд, фӕлӕ сауджын, Сыгъдӕг Фыстады фыссӕг ӕмӕ историк дӕр. Йереми уыди сауджын Хелкийы фырт. Хелки уыд Анафофӕй, Иерусалимӕй цӕгатырдӕм «Вениамины зӕххы» сауджынты сахарӕй (1:1). Йереми фыссы хуымӕтӕг, комкоммӕ ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн ӕвзагӕй. Тынг арӕх пайда кӕны цӕвиттонтӕ ӕмӕ ирд фӕлгонцтӕй, чиныг арӕзт у радзырды ӕмӕ ӕмдзӕвгӕйы хуызы дӕр.
ЦЫ ПАЙДА У
36 Ацы пехуымпарад Хуыцауы фӕндӕй фыст у, фидар кӕны адӕймаджы ӕмӕ у пайда. Ӕркӕсӕм ма хъӕбатыр пехуымпарӕн йӕхи цардмӕ. Хуыцауы чи ферох кодта, уыцы адӕмӕн Йереми ӕдӕрсгӕйӕ хъусын кодта, сӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цыд, уыцы хабар. Йе сӕфт уыдта ӕвзӕргӕнджытӕй. Ӕмбӕрста, Йегъовӕйы хабар ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, ӕмӕ йӕхи ӕгасӕй дӕр радта Йегъовӕйы хъуыддаг ӕххӕст кӕнынӕн ӕмӕ йыл кӕронмӕ уыд ӕнувыд. Хуыцауы ныхас пиллон артау сыгъд йӕ риуы ӕмӕ йын стыр циндзинад хаста (Йер. 15:16–20; 20:8–13). Цӕй уӕдӕ мах дӕр алкӕддӕр афтӕ зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм Йегъовӕйы ныхас! Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн дӕр ӕнувыдӕй ӕххуыс кӕнӕм, Варух Йеремийӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ. Фӕзминаг нын у, Рехавиттӕ Йегъовӕмӕ куыд зӕрдӕбынӕй хъуыстой, уый дӕр, ӕмӕ Авдемелех куыд хӕларзӕрдӕйӕ ӕххуыс кодта ӕфхӕрд чи ’ййӕфта, уыцы пехуымпарӕн (36:8–19, 32; 35:1–19; 38:7–13; 39:15–18).
37 Йегъовӕ Йеремийӕн цыдӕриддӕр загъта, уый сӕххӕст. Уый нын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фидар кӕны не ’ууӕнк Йегъовӕйы пехуымпарӕдтыл. Райсӕм, Йеремийы рӕстӕг цы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст, уыдон: Седекийы ӕрцахстой ӕмӕ Иерусалим ныппырх кодтой (21:3–10; 39:6–9), паддзах Саллум (Иоахаз) паддзахы бынатӕй ист ӕрцыд ӕмӕ уацары амард (Йер. 22:11, 12; 4 Пад. 23:30–34; 2 Пар. 36:1–4), Иехонийы (Хонийы) Вавилонмӕ акодтой (Йер. 22:24–27; 4 Пад. 24:15, 16), ӕмӕ, иу аз дӕр нӕ рацыд, афтӕмӕй мӕнг пехуымпар Анани амард (Йер. 28:16, 17). Ацы пехуымпарӕдтӕ иууылдӕр, ӕмӕ ма ӕндӕртӕ дӕр, сӕххӕст сты, раст Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ. Фӕстӕдӕр Йегъовӕйы пехуымпартӕ ӕмӕ йӕ иннӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр Йеремийы чиныгыл ӕууӕндыдысты ӕмӕ йын аргъ кодтой. Зӕгъӕм, Данел Йеремийы фыстытӕм гӕсгӕ сбӕлвырд кодта, Иерусалим 70 азы дӕргъы ӕдзӕрӕг кӕй хъуамӕ уыдаид. Ездрӕ дӕр дзырдта, Йеремийы ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст сты уыцы 70 азы кӕрон (Дан. 9:2; 2 Пар. 36:20, 21; Езд. 1:1; Йер. 25:11, 12; 29:10).
38 Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕныны фӕтк куы сфидар кодта, уӕд банысан кодта, кӕй ӕххӕст кӕны Йеремийы пехуымпарад ног бадзырды тыххӕй. Йесо загъта: «Ног бадзырд – уый фидаргонд цӕуы, сымах тыххӕй чи ныккӕлдзӕн, мӕ уыцы тугӕй». Уый руаджы уыдонӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуынц ӕмӕ сӕ Йегъовӕ ӕмбырд кӕны, цӕмӕй йӕ уӕларвон фырттӕ уой (Лук. 22:20; Йер. 31:31–34). Сӕрст чырыстӕттимӕ Йесо Паддзахады ног бадзырд сарӕзта, цӕмӕй йемӕ уӕларвыл паддзӕхтӕ уой (Лук. 22:29; Рарг. 5:9, 10; 20:6). Йереми йӕ чиныджы арӕх амоны уыцы Паддзахадмӕ. Иерусалимы адӕмӕй Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыдоны тӕригъӕдтӕ ӕргом кӕнгӕйӕ Йереми уӕддӕр дзуры ныфсы ныхӕстӕ: «Кӕс ма! Ӕрцӕуы рӕстӕг,– дзуры Йегъовӕ,– ӕмӕ ӕз ратдзынӕн рӕстаг тау Давидӕн. Ӕмӕ паддзах паддзахиуӕг кӕндзӕн ӕмӕ архайдзӕн зондджынӕй ӕмӕ тӕрхон кӕндзӕн рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ ацы зӕххыл». О, паддзахы ном нысан кодта «Йегъовӕ у нӕ рӕстдзинад» (Йер. 23:5, 6).
39 Ногӕй та Йереми дзуры, уавӕр кӕй фӕивдзӕн, уый тыххӕй: «Ӕмӕ уыдон лӕггад кӕндзысты сӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕмӕ сӕ паддзах Давидӕн, ногӕй сын кӕй сӕвӕрон, уымӕн» (30:9). Фӕстагмӕ хъусын кӕны, Израил ӕмӕ Иудӕйы тыххӕй Йегъовӕ цы арфӕйы ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Уыцы бонты ӕмӕ уыцы рӕстӕджы [Йегъовӕ] ратдзӕн Давидӕн рӕстаг тау», цӕмӕй йӕ мыггаг сбирӕ уа ӕмӕ цӕмӕй фӕзына, «йӕ паддзахбадӕнӕй чи хицауиуӕг кӕна, ахӕм фырт» (33:15, 21). Иудейтӕй ма чи баззад, уыдон Вавилонӕй куыд ӕрыздӕхтысты, афтӕ уыцы рӕстаг «тауы» Паддзахад дӕр ӕгас зӕххыл архайдзӕн рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ (Лук. 1:32).
[Фиппаинаг]
a «Фыстады ӕмбарынад», 2 том, 326, 480 фф. (англ.).