23 (48) зарӕг
Иегъовӕйӕн кад кӕн
1. Иегъовӕйӕн кад кӕн,
У уарзӕгой Фыд,
Ӕмӕ нын уый загъта
Ӕцӕгад хӕссын.
Цыдӕрид хъӕуы дӕу,
Ис алцы дӕуӕн.
Дӕ Дарӕг Хуыцау у —
Кад уый номӕн кӕн.
2. Уадз уый цӕуӕд разӕй,
Йӕ фӕстӕ та ды.
Уӕд уымӕн йӕ ирд рухс
Хӕсдзынӕ дӕрдтыл.
Цу алкӕд йӕ разы,
Йӕ хорзӕх ын ссар.
Дӕ царды сӕйрагӕн
Йӕ хӕслӕвӕрд дар.
3. Хуыцауы куыст дарддӕр
Ды райгӕйӕ кӕн
’Мӕ аргъ кӕн дӕ хӕстӕн,
Кӕй дӕтта дӕуӕн.
Иегъовӕйӕн кад кӕн
’Мӕ дзур цины уац,
Ӕгас зӕххыл уый ном
Стыр, кадджын куыд уа.