Нӕ бон у Йегъовӕйӕн лӕвӕрттӕ кӕнын
1 Уый зыдтай, адӕмӕн сӕ бон кӕй у Хуыцауӕн лӕвӕрттӕ кӕнын? Авел, Ной ӕмӕ Иов сӕ фосы хуыздӕртӕй Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хастой (Райд. 4:4; 8:20; Иов 1:5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм нывӕндтӕ Сфӕлдисӕджы хъӕздыг нӕ кодтой, уымӕн ӕмӕ ӕнӕуидӕр алцыдӕр йӕхи у. Фӕлӕ уыцы нывӕндтӕ ӕвдыстой, иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ Хуыцауы куыд тынг уарзтой, уый. Ныр дӕр нӕ бон у нӕ рӕстӕгӕй, нӕ хъарутӕй ӕмӕ нӕ исбонӕй Йегъовӕйӕн «кады нывонд» хӕссын (Дзут. 13:15).
2 Нӕ рӕстӕг. Раппӕлинаг у, ахсджиаг цы хъуыддӕгтӕ не сты, нӕ рӕстӕг уыдоныл кӕй нӕ хардз кӕнӕм, фӕлӕ фылдӕр кӕй лӕггад кӕнӕм, уый (Еф. 5:15, 16). Чи зоны, нӕ бон у нӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй афӕдзы дӕргъы иу кӕнӕ цалдӕр мӕйы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнӕм. Нӕ бон ма у уацамындӕн фылдӕр рӕстӕг рахицӕн кӕнын. Цас рӕстӕг фӕхъусын кӕнӕм, уымӕй уӕлдай алы къуыри дӕр 30 минуты фылдӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд мӕйы мидӕг, ӕппынкъаддӕр, дыууӕ сахаты фылдӕр лӕггад кӕндзыстӕм.
3 Нӕ хъарутӕ. Цӕмӕй нӕм хъусын кӕнынӕн хъарутӕ уа, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, нӕ фӕллад куыд уадзӕм, уымӕ, ӕмӕ фыргуыст ма кӕнӕм, кӕннод нӕ бон нӕ уыдзӕн, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый Йегъовӕйӕн дӕттын. Стӕй хъуамӕ ӕгӕр бирӕ дӕр ма хъуыды кӕнӕм, зӕрдӕ кӕмӕй «ныууӕззау вӕййы», ахӕм хъуыддӕгтыл, цӕмӕй ма ӕрлӕмӕгъ уӕм ӕмӕ нӕ бон уа Хуыцауӕн ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнын (Ӕмб. 12:25). Кӕд нӕ ӕцӕгдӕр исты тыхсын кӕны, уӕд цас хуыздӕр уаид, нӕ мӕт Йегъовӕйыл сӕвӕрын! (Пс. 55:22; Фил. 4:6, 7).
4 Нӕ исбон. Нӕ бон ма у мысайнаг дӕттын дӕр, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуа. Апостол Павел йе ’мчырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй, «цы сӕм уыд, уымӕй хицӕнӕй ӕвӕрдтаиккой», ӕмӕ-иу фӕкӕсын кӕмӕ хъуыд, уыдонӕн баххуыс кодтаиккой (1 Кор. 16:1, 2). Афтӕ-иу абон дӕр не ’хцайӕ рахицӕн кӕнӕм ӕмбырды ӕмӕ ӕппӕтдунеон хъуыддӕгтӕн. Йегъовӕ стыр аргъ кӕны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын цы дӕттӕм, уымӕн, кӕд нӕ бон бирӕ нӕу, уӕддӕр (Лук. 21:1–4).
5 Йегъовӕ нын бирӕ лӕвӕрттӕ скодта (Иак. 1:17). Кӕй сын аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон равдисын у, нӕ рӕстӕгӕй, нӕ хъарутӕй ӕмӕ йын нӕ исбонӕй кӕй хай кӕнӕм, уымӕй. Афтӕмӕй нӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс уыдзӕн, «уымӕн ӕмӕ Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы» (2 Кор. 9:7).