Уацамынды кӕрӕдзи фидар кӕнӕм
1 Алкӕмӕн дӕр нӕ ӕхсызгон вӕййы, исчи нӕ куы бафидар кӕны йӕ афоныл загъд ныхасӕй (Ӕмб. 25:11). Нӕ бон куыд у уацамынды нӕ ныхасӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ныфс уадзын?
2 Кӕрӕдзи ныхасӕй фидар кӕнӕм. Куыд тынг бафидар вӕййӕм, хъусын кӕнгӕйӕ кӕрӕдзиимӕ Хуыцауы хъуыддӕгтыл куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд! (Пс. 37:30). Нӕ бон у, адӕймагимӕ цӕуыл дзурдзыстӕм, ууыл аныхас кӕнын кӕнӕ уацамындӕй исты ӕхсызгон хабар радзурын (Ап. хъ. 15:3). Цымӕ ногӕй ницы базыдтай Библи ӕмӕ журналтӕ кӕсгӕйӕ кӕнӕ ӕмбырды? Нӕ бон у аныхас кӕнын, ӕрӕджы ӕмбырды цы раныхас фехъуыстам, ууыл дӕр.
3 Уацамынды адӕймаджы фарстӕн нӕ бон дзуапп раттын куы нӕ вӕййы, уӕд нӕ ныфс асӕтты. Хорз уаид, не ’мбалимӕ куы аныхас кӕниккам, цавӕр дзуапп раттӕн ис, ууыл. Уый тыххӕй ис спайда кӕнӕн брошюрӕйӕ «Как завести и продолжить разговор на библейскую тему». Кӕнӕ та, зӕгъӕм, де ’мбал йӕ ныхас куыд райдыдта, уый дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, уӕд дзы зӕрдиагӕй раппӕл.
4 Дӕхӕдӕг-иу фӕраздӕр у. Мыййаг, дӕ чиныгахуырӕй искӕимӕ уацамынды рагӕй нал уыдтӕ? Немӕ хъусын кӕнынмӕ искӕй куы фӕхонӕм, уӕд «кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уыдзыстӕм» (Ром. 1:12). Ӕххӕстрӕстӕг ӕмӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕн тынг ахсджиаг у, цӕмӕй сын уацамынды ӕмбал уа, уӕлдайдӕр та райсомӕй ӕмӕ фӕссихор, иннӕ хъусынгӕнджытӕй бирӕты бон хъусын кӕнын куы нӕ вӕййы, уӕд. Пионертимӕ кӕй ацӕуӕм, уымӕй сын стыр ӕххуыс бакӕнӕм. Зоныс, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй йе ’нӕниздзинады тыххӕй йӕ бон бирӕ хъусын кӕнын кӕмӕн нӕу, ахӕмты? Ахӕм адӕймаджы демӕ Библийы ахуырмӕ куы акӕнай, уӕд уый уӕ дыууӕйӕн дӕр стыр пайда фӕуыдзӕн (Ӕмб. 27:17).
5 Иннӕтӕй куы раппӕлӕм ӕмӕ сын бузныг куы фӕзӕгъӕм, суанг гыццыл истӕй тыххӕй дӕр, уӕд сӕ ныфс бауадзӕм. Уыцы хъуыддаг хъуамӕ алы хатт дӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ хъусын кӕнынмӕ куы ацӕуӕм, уӕд, уымӕн ӕмӕ мах фӕнды «кӕрӕдзийы фидар кӕнын» (1 Фес. 5:11).