Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй Хуыцауы Ныхасӕй арӕхстджынӕй пайда кӕной
1 Иегъовӕ нын бирӕ цыдӕртӕ дӕтты, цӕмӕй нӕ сахуыр кӕна ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕнын. Уыдӕттӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд «фидар уыдзысты... нӕ санчъехтӕ» (Пс. 36:23, МГТ). Цӕвиттон, Теократон лӕггаддзинады скъола нӕ иу-60 азы дӕргъы ахуыр кӕны рӕсугъд дзурын ӕмӕ ӕцӕгад адӕмӕн раст амонын. Уымӕй уӕлдай ма нын ис лӕггаддзинады фембӕлд дӕр, цыран вӕййы хорз раныхӕстӕ, равдыстытӕ ӕмӕ ныхас хъусджытимӕ.
2 Районон цӕстдарӕг ӕмбырд куы фӕбӕрӕг кӕны, уӕд нын уый дӕр стыр пайда ӕрхӕссы. Службӕйон цӕстдарӕг бабӕрӕг кӕны алы чиныгахуыркӕнынады къорд дӕр ӕмӕ нӕ зӕрдӕбынӕй бафидар кӕны, цӕмӕй уацамынды арӕхстджындӕр уӕм. Уымӕй уӕлдай ма иудадзыг ӕмбӕлӕм уацамындон фембӕлдты, ӕмӕ нын дӕс минутмӕ цы хорз уынаффӕтӕ радтынц, уыдон нӕ бафидар кӕнынц ӕмӕ сӕ уыцы бон уацамынды спайда кӕнӕм (Дзут. 10:23—25). Иегъовӕ нын йӕ организацийы уылты афтӕ кӕй ӕххуыс кӕны, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, хорз уацхъуыд хъусын кӕнын кӕмӕн бафӕдзӕхста, уыдоныл кӕй ауды.
3 Ӕххуыс кӕн ӕрыгӕттӕн ӕмӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдонӕн. Ӕрыгон ӕмӕ ног хъусынгӕнджыты уацамынды ӕдзухдӕр хъӕуы ӕххуыс. Кӕд нӕ алкӕй бон дӕр у иуӕй-иу хатт баххуыс кӕнын, уӕддӕр уый фыццаджыдӕр хъуамӕ кӕной сӕ ныййарджытӕ кӕнӕ та семӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыдон (Гал. 6:6; Еф. 6:4). Уацамынды цасфӕнды хайад ма исой, уӕддӕр сӕхигъӕдӕй Библийӕ арӕхстджынӕй пайда кӕнын нӕ сахуыр уыдзысты. Хъӕуы сын иудадзыг зӕрдӕбынӕй ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сын амонын.
4 Адӕймагӕн ӕххуыс кӕнын хъӕуы, цалынмӕ хъусын кӕнын нӕ райдайа, уӕдмӕ. Ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг чи сси, уыдонӕн бацамон, ныхас хуымӕтӕгӕй райдайӕн куыд ис, уый. Цалынмӕ уацамындыл фӕцахуыр уой ӕмӕ фӕныфсджындӕр уой, уӕдмӕ уал сын, чи зоны, ӕнцондӕр уыдзӕн иу стихӕй пайда кӕнын. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ, цалынмӕ иу хӕдзарӕй иннӕ хӕдзармӕ цӕуат, уӕдмӕ ног хъусынгӕнӕгӕй раппӕл ӕмӕ йын зӕрдӕхӕларӕй бацамон, цы йӕ хъӕуы саразын, уый. Дзур ын, ӕдзухдӕр Хуыцауӕй ӕххуыс курын ахсджиаг кӕй у, уый тыххӕй (Еф. 6:18, 19).
5 Кӕд пионертӕ ӕмӕ иннӕ фӕлтӕрд хъусынгӕнджытӕ арӕхдӕр кусгӕ бонты фӕхъусын кӕнынц, уӕддӕр куыд хорз уаид, уыцы фӕлтӕрд хъусынгӕнджытӕй-иу исчи рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ йӕ график куы фӕивид, цӕмӕй сабат-хуыцаубоны ногтимӕ уацамынды цӕуа. Афтӕмӕй, сӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл кӕй хъуыды кӕнынц, уымӕй сӕ тынг бузныг уыдзысты, сӕ руаджы арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнын чи райдайдзӕн, уыдон (Екк. 4:9, 10).
6 Кӕддӕр нӕ алчидӕр уыди ног ӕмӕ уацамынды ӕвӕлтӕрд. Махӕй бирӕтӕн ӕххуыс кодтой ӕмӕ нӕ ахуыр кодтой фӕлтӕрд хъусынгӕнджытӕ кӕнӕ пионертӕ. Абон хъусын кӕнынмӕ кӕй арӕхсӕм ӕмӕ нын уацамынд циндзинад кӕй хӕссы, уый растдӕр уыцы ӕххуысы руаджы у (Фӕс. н. 27:17; Ап. к. 20:35). Уӕдӕ нӕ Иегъовӕ хъусын кӕнын зӕрдиагӕй кӕй ахуыр кӕны, уымӕй дзы бузныг уӕм, ӕмӕ уӕд нӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕн ӕххуыс кӕндзыстӕм Иегъовӕйы Ныхасӕй арӕхстджындӕрӕй пайда кӕнынӕн.