Арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнӕм
1 Нӕ уӕларвон Фыдӕн ӕхсызгон сты йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнтыстдзинӕдтӕ. Уымӕ ахӕссӕн ис, хорз хабар арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнын. Павел Тимофейы разӕнгард кодта, цӕмӕй дарддӕр ӕппӕт хъарутӕй архайдтаид ӕмӕ йе ’нтыстдзинад бӕрӕг уыдаид (1 Тим. 4:13–15). Не ’ппӕт дӕр хъуамӕ архайӕм хуыздӕр хъусын кӕныныл, кӕд фӕлтӕрдджын стӕм, уӕд дӕр.
2 Нӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрӕм. Цӕмӕй хуыздӕр арӕхсӕм хъусын кӕнынмӕ, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрӕм. Зӕгъӕм, хуыздӕр пайда кӕнӕм нӕ «хъамайӕ» – Библийӕ (Еф. 6:17). Чи зоны, фӕхуыздӕр кӕнӕн ис, уынджы, телефонӕй кӕнӕ куыстуӕтты куыд хъусын кӕнӕм, уый. Кӕнӕ адӕммӕ ногӕй куы бацӕуӕм, уӕд нӕ ныхас куыд райдайӕм, уый. Нӕ бон ма у фӕхуыздӕр кӕнын, адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын куыд райдайӕн ис ӕмӕ дарддӕр йемӕ куыд ахуыр кӕнӕм, уый.
3 Цы нын баххуыс кӕндзӕн. Ӕмбырдтӕ, уӕлдайдӕр Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола ӕмӕ Хъусын кӕныны фембӕлд нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй хуыздӕр хъусын кӕнӕм. Уыцы фембӕлдтӕм нӕхи цас хуыздӕр цӕттӕ кӕнӕм, цас сӕм ӕнӕзивӕгдӕрӕй цӕуӕм ӕмӕ цас зӕрдиагдӕрӕй пайда кӕнӕм, цы уынаффӕтӕ дзы вӕййы, уыдонӕй, уыйас нын ӕнтысгӕ дӕр фылдӕр кӕндзӕн (2 Кор. 9:6).
4 Стӕй ма нӕ хъӕуы кӕрӕдзийы ӕххуыс дӕр, цӕмӕй арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнӕм (Ӕмб. 27:17). Иннӕтӕ куыд хъусын кӕнынц, уымӕ лӕмбынӕг уӕм. Стӕй ма нын нӕ чиныгахуыры цӕстдарӕджы бон дӕр у баххуыс кӕнын. Цӕй стыр арфӕдзинад у, фӕлтӕрдджын пионертӕ кӕнӕ нын иннӕ хъусынгӕнджытӕ куы ӕххуыс кӕной, цӕмӕй ноджы хуыздӕр арӕхсӕм хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ нын нӕ лӕггад стырдӕр циндзинад хӕсса! Мыййаг дӕ чиныгахуыры ног хъусынгӕнӕг ис? Йемӕ баныхас кӕн ӕмӕ уацамынды ацӕут.
5 Абон хъусын кӕнынӕй ахсджиагдӕр ницы ис. Мах Йегъовӕйӕн «алкӕддӕр хӕссӕм кады нывонд» ӕмӕ нӕ фӕнды, нӕ бон цы у, уый аразын (Дзут. 13:15). Хуыздӕр хъусын кӕныныл зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд, «йӕ куысты тыххӕй йӕ цӕсгом кӕмӕн нӕ судзы, ӕцӕгдзинады ныхас раст чи амоны, ахӕм кусджытӕ» уыдзыстӕм (2 Тим. 2:15).