Уацамынды не ’мбалӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн?
1. Дыгӕйттӕй хъусын кӕнын хорз цӕмӕн у?
1 Иухатт Йесо Чырысти йӕ 70 ахуыргӕнинаджы «дыгӕйттӕй арвыста» хъусын кӕнынмӕ (Лук. 10:1). Дыгӕйттӕй кӕй хъусын кодтой, уый фӕрцы кӕрӕдзийӕн уыдысты ныфсы хос ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтой. Искӕимӕ хъусын кӕнынмӕ куы фӕцӕуӕм, уӕд ын нӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын?
2. Уацамынды не ’мбалмӕ куыд хъуамӕ хъусӕм ӕмӕ цӕмӕн?
2 Лӕмбынӕг хъус. Уацамынды рӕстӕг де ’мбал куы дзура, уӕд-иу ӕм лӕмбынӕг хъус (Иак. 1:19). Кӕд адӕймагӕн Библийӕ исты кӕсы, уӕд-иу ды дӕр дӕхи Библимӕ кӕс. Дзургӕ-иу чи кӕна, уымӕ-иу кӕс, фӕнды де ’мбал уа, фӕнды хӕдзары хицау. Ныхасмӕ лӕмбынӕг куы хъусай, уӕд дӕумӕ гӕсгӕ, чи зоны, хӕдзары хицау дӕр лӕмбынӕг хъуса.
3. Уацамынды не ’мбалӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
3 Дӕ ныхас кӕм сфидаудзӕн, ууыл хъуыды кӕн. Кӕд уацамынды нӕ иу ныхас кӕнын райдыдта, уӕд-иу ӕй иннӕ йӕ хъуыды зӕгъын бауадзӕд. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, кӕй йын аргъ кӕнӕм, уый (Ром. 12:10). Бауадз-иу ӕй, цӕмӕй йӕ ныхас кӕронмӕ фӕуа. Фӕлӕ, зӕгъӕм, не ’мбал йӕ хъуыды айрох кодта, кӕнӕ йын адӕймаг йӕ ныхас ӕрдӕгыл аскъуыдта, науӕд ӕм исты фарста радта, уӕд та? Ахӕм уавӕры дын де ’мбал куы бамбарын кӕна, ӕххуыс ӕй кӕй хъӕуы, уӕд-иу ын йӕ ныхас адарддӕр кӕн (Ӕмб. 16:23; Еккл. 3:1, 7). Цы зӕгъдзыстӕм, уый хъуамӕ баст уа, ныхас цӕуыл уыд, уыимӕ (1 Кор. 14:8).
4. Уацамындӕй райгонд кӕд уыдзыстӕм ӕмӕ нын фылдӕр кӕд ӕнтысдзӕн?
4 Йесойы 70 ахуыргӕнинаджы хъусын кӕнын куы фесты, уӕд «цингӕнгӕ ӕрбаздӕхтысты» (Лук. 10:17). Мах дӕр уацамындӕй райгонд уыдзыстӕм ӕмӕ нын фылдӕр бантысдзӕн, не ’мбалмӕ куы хъусӕм ӕмӕ, нӕ ныхас кӕм сфидаудзӕн, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд.