Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Кӕимӕ хъусын кӕнӕм, уымӕн ӕххуыс кӕнӕм
Уый ахсджиаг цӕмӕн у. Йесо зыдта, куыд хорз у, уацамынды демӕ исчи уа, уый. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй 70 адӕймагӕн хъусын кӕнын куы бахӕс кодта, уӕд сӕ дыгӕйттӕй арвыста (Лук. 10:1). Уацамынды рӕстӕг хъусынгӕнӕг ӕнӕнхъӕлӕджы зын уавӕры куы бахауа кӕнӕ адӕймагӕн цы зӕгъа, уый куы нӕ зона, уӕд йемӕ чи уа, уый йын баххуыс кӕндзӕн (Еккл. 4:9, 10). Ахӕм адӕймагӕн йӕ бон у йе ’мбалӕн йӕхи фӕлтӕрддзинадӕй исты радзурын ӕмӕ йын стӕм хатт уынаффӕ дӕр раттын, цӕмӕй уый дӕр ноджы арӕхстджындӕр хъусынгӕнӕг суа (Ӕмб. 27:17). Цалынмӕ иу хӕдзарӕй иннӕ хӕдзармӕ цӕуой, уӕдмӕ йӕ бон у йе ’мбалӕн йӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын (Фил. 4:8).
Бафӕлвар мӕйы дӕргъы:
Уацамынды фӕстӕ-иу де ’мбалӕй раппӕл ӕмӕ йын-иу зӕгъ, цавӕр бӕлвырд ныхӕстӕй кӕнӕ дын хъуыддӕгтӕй баххуыс кодта.