53 (130) зарӕг
Хуыцауӕн зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕнӕм
1. Райгӕ кусӕм мах Хуыцау ’мӕ Паддзахӕн,
Уый тыххӕй нӕ курдиӕттӕ, нӕ тых дӕттӕм.
Афтӕ бирӕ саразын кӕд нӕу нӕ бон —
У бӕрӕг нӕ уарзт ӕмӕ стӕм иузӕрдион.
2. Ис Иегъовӕмӕ ныр куыст нӕ алкӕй фаг,
Уымӕн ’мӕ хуымгӕрдӕн абон у сӕйраг.
Ацы уаз хӕслӕвӕрд райстам уӕлӕрвтӕй,
Махӕн уыцы куыст хӕссы ыстыр хӕрзтӕ.
3. Уадз мӕнгарды ’цӕгад ’ппындӕр ма уырна,—
Зонӕм, нӕй гӕнӕн, Хуыцау фӕсайа мах.
Хъусын кӕнӕм хорз хабар ӕвӕллайгӕ:
Мах ӕууӕндӕм, уымӕн нӕй ӕнӕрцӕугӕ.
4. Зӕрдӕрайгӕ ацы куысты архайӕм,
Алкӕмӕндӕр хорз хабар зӕгъын тырнӕм.
Хайджын стӕм Хуыцауы хорзӕхӕй ӕппӕт,
Уымӕн у нӕ лӕггад, уымӕн — кад, ӕппӕлд.