73 зарӕг
Кӕрӕдзийы уарзӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ
1. Уарзондзинад зӕрдӕйы уӕд,
Арф уидӕгтӕ дзы ауадзӕд,
Не ’фсымӕртӕн сӕ зын, сӕ мӕт
Мах уӕд ӕмбардзыстӕм.
Агурдзыстӕм фадат, цӕмӕй
Батавӕм сӕ фӕлмӕн уарзтӕй,
Алкӕмӕн дӕр цӕстуарзонӕй
Не ’ххуысы къух дӕттӕм.
Уарзт хъуыддагӕй равдисӕм,
Чи у тыхст – йӕ фарсмӕ балӕууӕм,
Алкӕддӕр цӕттӕ куыд уӕм
Хорздзинад кӕнынмӕ мах.
Кад кӕнӕм, цӕй, не ’фсымӕртӕн,
Се ’ппӕтмӕ уӕм хӕларзӕрдӕ,
Хатыр кӕнӕм рӕдыдтытӕ.
Не ’хсӕн уӕд уыдзӕни фарн,
Иудзинад у стыр лӕвар.
2. Артау судзӕд не ’нувыд уарзт,
Никуы уыдзӕн уӕд не ’хсӕн маст,
Не ’фсымӕртӕм кӕсдзыстӕм раст,
Фау сӕм нӕ хӕсдзыстӕм.
Иузӕрдыг стӕм не ’мбӕлттыл мах,
Алкӕмӕн сӕ кӕнӕм стыр аргъ.
Не ’мбырд у махӕн тынг зынаргъ –
Бафидар дзы вӕййӕм.
Стӕм рӕдийаг не ’ппӕт дӕр,
Хатт фӕхъыг кӕнӕм кӕрӕдзи дӕр.
Хъуамӕ уӕм фӕлмӕнзӕрдӕ,
Уый Хуыцауы раз у раст.
Уарзты тӕгтӕ фидар ысты,
Уый нӕ кӕрӕдзийыл бӕтты,
Зонынц мах адӕм уый фӕрцы.
Цӕй, фӕзмӕм Хуыцауы уарзт,
Кад Йегъовӕйӕн куыд уа.
(Кӕс ма 1 Пет. 2:17; 3:8; 4:8; 1 Иоан. 3:11.)