127 зарӕг
Дӕ ном дын чи хӕссы, уыцы хӕдзар
1. Цӕй стыр кад у махӕн, Йегъовӕ,
Дӕ номыл ыскӕнын хӕдзар!
Дӕуӕн ӕй нывонд кӕнӕм абон,
Цӕмӕй дын ыстыр кад хӕсса!
Цыфӕнды дын ма раттӕм хорзӕй,
Уый райстам дӕ къухӕй кӕддӕр.
Нӕ къухты фыдӕбон, нӕ исбон
Зӕрдӕйӕ дӕуӕн мах дӕттӕм.
БАЗАРД
Ацы хӕдзар дӕуӕн дӕттӕм,
Дӕ номы кад ам нӕрдзӕн.
Ныр ӕй дӕуӕн нывонд кӕнӕм,
Уый дӕ кадджын ном хӕсдзӕн.
2. Нӕ уӕларвон Фыд, ныр дӕ кадӕй
Ыскадджын ис ацы бынат.
Дӕ фӕндагыл чи ’рлӕууа, уыдон
Дӕ кадыл ӕфтаудзысты кад.
Дӕуӕн кувдзӕн ацы ран алчи,
Дӕ хӕдзар уыдзӕни нӕ мӕт.
Дӕ номӕн уыдзӕнис ӕвдисӕн,
Дард айхъуысдзӕн хорз хабар уӕд.
БАЗАРД
Ацы хӕдзар дӕуӕн дӕттӕм,
Дӕ номы кад ам нӕрдзӕн.
Ныр ӕй дӕуӕн нывонд кӕнӕм,
Уый дӕ кадджын ном хӕсдзӕн.
(Кӕс ма 1 Пад. 8:18, 27; 1 Аз. 29:11–14; Хъуыд. 20:24.)