131 зарӕг
Йегъовӕ – нӕ Ирвӕзынгӕнӕг
1. Йегъовӕ, ды ӕцӕг Хуыцау дӕ, удӕгас.
Дӕ къухты конд ысты зӕхх, денджыз ӕмӕ арв.
Мӕнг хуыцӕуттӕн сӕ иумӕ нӕй ахӕм тых – сты ӕдых.
’Рцӕудзысты знӕгтӕ цагъд.
БАЗАРД
Йегъовӕ йӕ адӕмӕн у сӕ Къӕдзӕх,
Ӕххуыс сын дӕтты ’мӕ сӕ ирвӕзын кӕны.
Цӕй ’мӕ не ’ппӕт ныфсджын уымӕй уӕм, кад ын хӕссӕм
Ӕмӕ алкӕд Йегъовӕйы ном бӕрзонд кӕнӕм.
2. Мӕлӕты хызтӕ сты мӕ разы, сидын ӕз:
«Йегъовӕ, ратт мын тых, мӕ ныфсыл бафтау ныфс.
Хуыцау, мӕ куывд мын фехъус, ӕххуыс мын ратт, у мӕ уарт,
Де уазӕг бакӕн мӕн».
БАЗАРД
Йегъовӕ йӕ адӕмӕн у сӕ Къӕдзӕх,
Ӕххуыс сын дӕтты ’мӕ сӕ ирвӕзын кӕны.
Цӕй ’мӕ не ’ппӕт ныфсджын уымӕй уӕм, кад ын хӕссӕм
Ӕмӕ алкӕд Йегъовӕйы ном бӕрзонд кӕнӕм.
3. Дӕ нӕргӕ хъӕлӕс де знӕгты тас бауадздзӕн,
Дӕ адӕмӕн та уӕд стыр цины бон уыдзӕн.
Дӕ ном ысрухс кӕндзынӕ, уыдзӕн ӕргом уыцы бон:
Ирвӕзын ды кӕныс.
БАЗАРД
Йегъовӕ йӕ адӕмӕн у сӕ Къӕдзӕх,
Ӕххуыс сын дӕтты ’мӕ сӕ ирвӕзын кӕны.
Цӕй ’мӕ не ’ппӕт ныфсджын уымӕй уӕм, кад ын хӕссӕм
Ӕмӕ алкӕд Йегъовӕйы ном бӕрзонд кӕнӕм.
(Кӕс ма Пс. 18:1, 2; 144:1, 2.)