100 зарӕг
Мах стӕм Йегъовӕйы ӕфсад!
(Иоил 2:7)
1. Мах стӕм Хуыцауӕн йе ’фсад,
Уый дӕлбар ыстӕм.
«Йесо ӕрвтыл у Паддзах»,–
Алкӕм хъусын кӕнӕм.
Стӕм Хуыцауыл иузӕрдыг,
Размӕ у нӕ каст,
Тохы стӕм зынгзӕрдӕ,
Алкӕддӕр – ныфсхаст.
БАЗАРД
Мах стӕм Хуыцауӕн йе ’фсад,
Раздзог у йӕ Фырт.
Цины хабар дзурӕм:
«Паддзахад ӕрцыд!»
2. Мах стӕм Хуыцауы адӕм,
Ис нын абон куыст:
Чи у ныфссаст ’мӕ иунӕг,
Раттӕм уыдонӕн ныфс.
Се ’ппӕтӕн кӕнӕм ӕххуыс –
Ногӕй сӕм цӕуӕм,
Немӕ сӕ ӕдзухдӕр
Хонӕм не ’мбырдтӕм.
БАЗАРД
Мах стӕм Хуыцауӕн йе ’фсад,
Раздзог у йӕ Фырт.
Цины хабар дзурӕм:
«Паддзахад ӕрцыд!»
3. Мӕнӕ Хуыцауӕн йе ’фсад!
Тохмӕ сты цӕттӕ,
Йесо цӕуы сӕ разӕй,
Фидар сты се ’ппӕт дӕр.
Хъуамӕ абон уӕм къӕрцхъус,
Иузӕрдион уӕм,
Раст фӕндагыл алкӕд
Фидарӕй цӕуӕм.
БАЗАРД
Мах стӕм Хуыцауӕн йе ’фсад,
Раздзог у йӕ Фырт.
Цины хабар дзурӕм:
«Паддзахад ӕрцыд!»