103 зарӕг
Иу хӕдзарӕй иннӕмӕ
1. Мах иу хӕдзарӕй иннӕмӕ
Хуыцауы дзырд хӕссӕм.
Ӕппӕт хъӕуты ’мӕ горӕтты
Йӕ «фыстӕм» мах кӕсӕм.
Куыд загъта Йесо, афтӕ ныр
Йӕ адӕм се ’ппӕт дӕр
Хӕссынц Хуыцауы хорз хабар
Ӕппӕт бӕстӕтӕм дӕр.
2. Мах иу хӕдзарӕй иннӕмӕ
Цӕуӕм, хабар хӕссӕм:
Йегъовӕмӕ куы кувай, уӕд
Дӕу фервӕзын кӕндзӕн.
Ӕрмӕст, куыд кувой искӕмӕ,
Куы нӕ йӕ зоной, уӕд?
’Мӕ уый тыххӕй уадз алчидӕр
Йӕ рухс ном базонӕд.
3. Цӕуӕм ӕппӕт хӕдзӕрттӕм дӕр
’Мӕ дзурӕм хорз хабар.
Кӕд ӕм нӕ байхъусой, уӕддӕр
Уый у сӕ фӕнд, сӕ бар.
Хуыцауы ном ӕмӕ йӕ фӕнд
Куы фехъусын кӕнӕм,
Уӕд афтӕмӕй Йегъовӕйӕн
Йӕ «фысты» ссардзыстӕм.
(Кӕс ма Хъуыд. 2:21; Ром. 10:14.)