Иегъовӕйӕ йӕ уарзты тыххӕй бузныг куы уӕм, уӕд уыдзыстӕм арфӕгонд (1-аг хай)
1 Апостол Иоанн фыста: «Уарздзыстӕм Уый, уымӕн ӕмӕ Йӕхӕдӕг [Иегъовӕ] раздӕр бауарзта мах» (1 Иоан. 4:19). Иегъовӕйы хорздзинӕдтыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды зӕрдӕбынӕй бузныг зӕгъын. Йӕсо нын ныууагъта цӕвиттон, Хуыцауы номы тыххӕй ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй кӕй хъусын кодта, уымӕй (Иоан. 14:31). Хорз уаид, куы ӕркӕсиккам, Иегъовӕйӕ йӕ уарзты тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый куыд ис ӕвдисӕн ӕмӕ нын уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы.
2 Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ. Йесо амыдта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый. Йӕ амындтӕм гӕсгӕ уыдон дӕр хъусын кодтой хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕмӕ хӕлиу кодтой хорз уацхъуыд (Лук. 9:1—6; 10:1—7). Кӕд нӕм абон адӕм нӕ хъусынц ӕмӕ нӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр ӕнӕрлӕугӕйӕ хъуамӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисӕм, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый. Стӕй афтӕ куы кӕнӕм, уӕд, фыццаджыдӕр, нӕхицӕн уыдзӕн пайда, уымӕн ӕмӕ нӕ уырнындзинад ӕмӕ нӕ ныфс кӕнынц фидардӕр, не ’ууӕнк — стырдӕр.
3 Ацы куыст зӕдты разамындӕй кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ ссардтам ӕцӕгадӕй бирӕ ӕххормаг ӕмӕ дойныгӕнӕг адӕмы (Рар. 14:6). Иуӕй-иутӕ радзурынц, зӕгъгӕ сӕм цалынмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дуар нӕ бахостой, уӕдмӕ кӕй куывтой Хуыцаумӕ ӕххуысы тыххӕй. Карибы сакъадахтӕй иуы дыууӕ хойы иу гыццыл лӕппуимӕ хъусын кодтой хӕдзарӕй-хӕдзармӕ. Иу афон хотӕ куы загътой, абон фаг у, зӕгъгӕ, уӕд лӕппу фӕраздӕр ис ӕмӕ иннӕ хӕдзармӕ бахоста. Ракасти йӕм иу ӕрыгон сылгоймаг. Хотӕ уый куы федтой, уӕд уыдон дӕр бацыдысты ӕмӕ йемӕ ныхас кӕнын райдыдтой. Сылгоймаг сӕ хӕдзармӕ бакодта ӕмӕ сын загъта, зӕгъгӕ мӕм цалынмӕ дуар не ’рбахостат, уӕдмӕ куывтон Хуыцаумӕ, цӕмӕй мӕм ӕрбарвита Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты, ӕмӕ мемӕ Библи ахуыр кӕной!
4 Уынгты хъусынгӕнгӕйӕ. Иуӕй-иу рӕтты тынг зын кӕй у адӕмы сӕ хӕдзӕртты баййафын, уымӕ гӕсгӕ уынгты хъусын кӕнын у хорз фадат адӕмӕн ӕвдисӕнад радтынӕн. Бирӕтӕ ма, сӕрибарӕй бацӕуӕн кӕдӕм нӕй ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ кӕм ис, ахӕм хӕдзӕртты кӕй цӕрынц, уымӕ гӕсгӕ сын хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын нӕ бон нӕу. Фӕлӕ Иегъовӕйӕ йӕ уарзты тыххӕй бузныг куы уӕм, уӕд ӕппӕт амӕлттӕ дӕр агурдзыстӕм, цӕмӕй адӕмимӕ Паддзахады тыххӕй ныхас кӕнӕм, уыимӕ уынджы дӕр (Ӕмб. 1:20, 21).
5 Дыккаг хатт бацӕугӕйӕ. «Ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары», ахӕм адӕмы агургӕйӕ хъуамӕ зонӕм, цы сӕ хъӕуы, уый (Матф. 5:3, НД). Уый тыххӕй цы ӕцӕгады мыггӕгтӕ байтауӕм, уыдоныл хъӕуы дон кӕнын (1 Кор. 3:6—8). Австралийы иу хо иу сылгоймагӕн ныууагъта трактат. Зӕгъӕн уыд, ӕмӕ уыцы сылгоймаджы Хуыцауы Ныхас нӕ цымыдис кодта. Фӕлӕ нӕ хо архайдта, цӕмӕй йӕ хӕдзары баййафтаид. Ӕмӕ йӕ куы баййӕфта, уӕд федта, йӕ фыццаг бацыды фӕстӕ сылгоймаг зынаргъ Библи кӕй балхӕдта, уый. Нӕ хо райдыдта йемӕ Библи ахуыр кӕнын!
6 Адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ. Адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын нӕ лӕггаддзинады у ӕппӕты ӕхсызгондӕр ӕмӕ ахъаззагдӕр куыст. Цӕй стыр арфӕдзинад у адӕмӕн Иегъовӕйы базонынӕн ӕххуыс кӕнын, ӕмӕ, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын куы райдайынц, Хуыцауӕн нывонддзырд куы радтынц, стӕй донаргъуыд куы райсынц, уый нӕхи цӕстӕй уынын! (1 Фес. 2:20; 3 Иоан. 4).
7 Иннӕ номыры ӕркӕсдзыстӕм, Иегъовӕйӕ йӕ уарзты тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый ма нын цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы.