Иегъовӕйӕ йӕ уарзты тыххӕй бузныг куы уӕм, уӕд уыдзыстӕм арфӕгонд (2-аг хай)
1 Ацы темӕйы 1-аг хайы равзӕрстам, Иегъовӕйӕ йӕ уарзты тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый уацамынды нӕ бон равдисын куыд у, уымӕн цыппар мадзалы (1 Иоан. 4:9—11). Ацы статьяйы ма равзардзыстӕм ноджыдӕр фондз мадзалы уый аразынӕн. Иннӕтӕн Хуыцауы базонынӕн ӕппӕт тыхтӕй куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕд арфӕгонд уыдзыстӕм.
2 Фадат куы фӕзына, уӕд хъусын кӕнын. Уый у тынг хорз мадзал, рӕстдзинад зӕрдиагӕй чи агуры, ахӕм адӕмы ссарынӕн ӕмӕ сын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм литературӕ радтынӕн. Уымӕн хорз уаид, «ӕмбӕлон рӕстӕг [куы] ӕлхӕниккам» ӕмӕ кӕмфӕнды дӕр ӕмӕ кӕмӕнфӕнды дӕр куы хъусын кӕниккам (Еф. 5:16). Гӕнӕн ис, ахӕм хуызы хъусын кӕнынмӕ нӕ ныфс ма хӕссӕм, фӕлӕ Хуыцауы уарзондзинады тыххӕй бузныг куы уӕм ӕмӕ адӕмӕн сӕ монон домӕнтӕ куы уынӕм, уӕд алы фадатӕй дӕр пайда кӕндзыстӕм, цӕмӕй сын хъусын кӕнӕм (2 Тим. 1:7, 8).
3 Иу миссионерӕн стыр арфӕдзинад ӕрхаста, таксийы йе ’мбӕлццонимӕ ныхас кӕнын кӕй райдыдта, уый. Лӕг бацымыдис кодта. Не ’фсымӕр ӕм цалдӕр хатты бацыд, ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Уыцы лӕг ӕцӕгад базыдта, зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын райдыдта, ӕмӕ ныр у ӕмбырды хистӕр нӕлгоймаг!
4 Фыстӕджытӕ фыссын. Чи зоны, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын нӕ бон нӕу, не ’нӕниздзинад нӕ кӕй хъыгдары кӕнӕ боныхъӕд ӕвзӕр кӕй у, уый аххосӕй. Нӕ бон у фыстӕджытӕ фыссын ӕмӕ афтӕмӕй нӕ зонгӕтӕн кӕнӕ йӕ зынаргъ адӕймаг кӕмӕн амард, йе та нӕ участокыл хӕдзары кӕй нӕ баййӕфтам, уыдонӕн цыбыртӕй ӕцӕгады тыххӕй радзурын. Фыстӕгимӕ нӕ бон у нывӕрын нӕ трактаттӕй иу, цӕмӕй дзы бакӕса Библийӕ ист цымыдисаг уац ӕмӕ йӕм кӕд исты фарстытӕ фӕзына, уӕд ӕй дзуапп ныффыссынмӕ сразӕнгард кӕна. Къонвертыл ныффысс дӕхи кӕнӕ Паддзахады залы адрис; курӕг уӕ стӕм, филиалы адрис ыл ма фыссут.
5 Телефонӕй хъусын кӕнын. Уый иттӕг хорз мадзал у, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ нӕ бон кӕй нӕу баййафын, уыдоны ссарынӕн. Ӕмбаргӕйӕ, хӕларзӕрдӕйӕ, уӕзданӕй ӕмӕ арӕхстджынӕй куы дзурӕм, уӕд нӕм, гӕнӕн ис, хорз байхъусой. «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы 2001 азы февралы номыры 6-ӕм фарсыл 33—41 абзацты цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдон нын баххуыс кӕндзысты ӕнтыстджындӕрӕй хъусын кӕнынӕн.
6 Иу хо, телефонӕй хъусынгӕнгӕйӕ, иу сылгоймаджы бафарста, зӕгъгӕ, искуы лӕмбынӕг ахъуыды кодтай, дӕ бинонтӕм ӕмӕ дӕхимӕ фидӕны цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл. Сылгоймаг загъта, зӕгъгӕ, о. Радзырдта йын, йӕ сӕрӕн кӕй ницыуал ӕмбары, уый тыххӕй хӕдзарӕй ӕддӕмӕ кӕй никуыдӕм уал цӕуы. Нӕ хо йыл афтӕ зӕрдӕбынӕй кӕй батыхст, уый сылгоймаджы зӕрдӕ бацагайдта ӕмӕ сразы ис, ӕввахсдӕр сӕм цы дукани уыд, уым йемӕ фембӕлыныл. Ӕппынфӕстаг, уыцы сылгоймаг зӕрдиагӕй райдыдта Библи ахуыр кӕнын!
7 Уазджытӕм хӕларзӕрдӕдзинад ӕвдисын. Кӕд адӕмы уарзӕм, уӕд цӕттӕ уыдзыстӕм, не ’мбырдмӕ фыццаг хатт чи ӕрбацыд, уымӕ хорз цӕстӕй ракӕсынмӕ, цӕмӕй бамбара, йе ’рбацыд нын ӕхсызгон кӕй у (Ром. 15:7). Уадз ӕмӕ фена, йӕ монон домӕнтыл ын чи тыхсы, уыдоны ’хсӕн кӕй ис. Зӕрдӕбынӕй йыл куы батыхсӕм ӕмӕ йын хӕдзары Библи ахуыр кӕныны тыххӕй куы зӕгъӕм, уӕд ӕй уый, гӕнӕн ис, сразӕнгард кӕна не ’ххуыс райсынмӕ.
8 Нӕ хорз уагахаст. Нӕ хорз уагахаст у ӕцӕгады фидауц (Тит. 2:10, НФ). Дунейы адӕмӕй исчи махӕй, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй, хорз куы фӕдзуры, уӕд уыдон афтӕмӕй фӕкадджын кӕнынц нӕ Хуыцауы (1 Пет. 2:12). Уый дӕр ӕххуыс кӕны иннӕтӕн царды фӕндагыл слӕууынӕн.
9 Иегъовӕйӕ йе стыр уарзты тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый равдисынӕн цы фондз мадзалыл ӕрдзырдтам, уыдоныл цӕуылнӕ ис ноджы иу хатт ахъуыды кӕнӕн ӕмӕ сӕ царды спайда кӕнӕн? (1 Иоан. 4:16). Афтӕмӕй хайджын уыдзынӕ стыр арфӕдзинӕдтӕй.