109 зарӕг
Скад кӕнут Йегъовӕйы Фыццаггуырдӕн!
1. Скад кӕнут зӕрдӕйӕ
Хуыцауы Фыццаггуырдӕн!
Йӕ Паддзахад рӕстаг у,
Йӕ хӕрзтӕй мах бафсаддзӕн.
Кад, намысимӕ размӕ
Уӕлахизмӕ тындзы,
Йегъовӕйӕн йӕ бартӕ
Ӕрфидар кӕндзӕн уый.
БАЗАРД
Скад кӕнут зӕрдӕйӕ
Хуыцауы Фыццаггуырдӕн!
Сси Паддзах уый Сионыл –
У хицау ӕгас зӕххӕн!
2. Скад кӕнут зӕрдӕйӕ
Хуыцауы Фыццаггуырдӕн!
Йӕ цард нывондӕн радта,
Цӕмӕй ныфс уа не ’ппӕтӕн.
Чырыстийӕн йӕ «усаг» –
Урс дарӕсты йӕ раз’.
Сӕ чындзӕхсӕв Хуыцауӕн
Ӕрхӕсдзӕни стыр кад.
БАЗАРД
Скад кӕнут зӕрдӕйӕ
Хуыцауы Фыццаггуырдӕн!
Сси Паддзах уый Сионыл –
У хицау ӕгас зӕххӕн!
(Кӕс ма Пс. 2:6; 45:3, 4; Рарг. 19:8.)