134 зарӕг
Кӕс-ма, ног дуне!
1. Кӕс-ма, ды дӕр ӕмӕ ӕз дӕр
Дзӕнӕты стӕм, сты уым иннӕтӕ дӕр.
Кӕдӕй-уӕдӕй цӕрыс фӕрнӕй,
Уыныс ӕцӕг цард дӕхи цӕстӕй!
Фыдгӕнджытӕ уым нал уыдзӕн –
Хуыцау йӕ бартӕ ӕрӕвӕрдзӕн.
Ӕрцыди рӕстӕг, цӕмӕй алцы уа ног!
Нӕ зарӕгӕй сисӕм Хуыцауы кад бӕрзонд:
БАЗАРД
«Йегъовӕ Хуыцау, ныр сӕххӕст дӕ фӕнд!
Дӕ Фырты руаджы ысног и ӕппӕт!
Уадз айхъуысӕд ныр алкӕм нӕ зарӕджы зӕлд.
Ӕрмӕстдӕр дӕумӕ ’мбӕлы кад ӕмӕ ӕппӕлд!»
2. Уыныс ды дӕр, ӕмӕ ӕз дӕр,
Хуыцауы ног дуне ’гас зӕххыл дӕр.
Ныр ма кӕнӕд дӕ зӕрдӕ мӕт –
Нӕ баззад тас ӕмӕ мастӕй фӕд.
Хуыцауы фӕнд ныр сӕххӕст ис,
’Мӕ нал дӕр хъарӕг и, нал дӕр рис.
Чи амарди, уыдоны райгас кӕндзӕн,
Уӕд зардзыстӕм семӕ, нӕ зарӕг уӕд нӕрдзӕн:
БАЗАРД
«Йегъовӕ Хуыцау, ныр сӕххӕст дӕ фӕнд!
Дӕ Фырты руаджы ысног и ӕппӕт!
Уадз айхъуысӕд ныр алкӕм нӕ зарӕджы зӕлд.
Ӕрмӕстдӕр дӕумӕ ’мбӕлы кад ӕмӕ ӕппӕлд!»
(Кӕс ма Пс. 37:10, 11; Ис. 65:17; Иоан. 5:28; 2 Пет. 3:13.)