135 зарӕг
Кӕронмӕ фидар лӕуу
1. Хуыцауы Ныхас у ӕцӕг,
Стӕм фидар уый фӕрцы.
Цы базыдтай, цы бауарзтай,–
Бындур дӕ ныфсӕн ысты.
Хуыцауы бон дӕ зӕрдыл дар
Ӕмӕ фидарӕй ӕууӕнд.
Фӕлварӕнты дӕ удыхъӕд
Хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕнӕд.
2. Цӕхӕрӕй судзӕд алкӕддӕр
Дӕуӕн дӕ фыццаг уарзт.
Зындзинӕдты куы уай, уӕддӕр
Дӕ къухтӕ макуы ӕруадз.
Фыдӕвзарӕнты ма фӕтӕрс,
Ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕн:
Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн,
Дӕ фарсмӕ ӕдзух уыдзӕн.
3. Кӕронмӕ фидар чи лӕууа,
Уый фервӕздзӕни, зон.
Хуыцауы царды чиныджы
Уыдзӕн ӕнустӕм йӕ ном.
Цӕй, фидар лӕуу кӕддӕриддӕр,
’Мӕ уай алцӕмӕй ӕххӕст.
Хуыцау дӕ райгонд уӕд уыдзӕн,
Уыдзынӕ уӕд цинӕфсӕст.
(Кӕс ма Дзут. 6:19; Иак. 1:4; 2 Пет. 3:12; Рарг. 2:4.)