-
Нӕ литературӕ куыд фыссынц ӕмӕ йӕ куыд тӕлмац кӕнынц?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
23 СӔР
Нӕ литературӕ куыд фыссынц ӕмӕ йӕ куыд тӕлмац кӕнынц?
Фысджыты хайад (АИШ)
Хуссар Корей
Сомих
Бурунди
Шри-Ланка
Цӕмӕй «хорз хабар... алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн» дӕр фехъусын кӕнӕм, уый тыххӕй литературӕ уадзӕм 750 ӕвзагӕй фылдӕрыл (Раргомад 14:6). Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, уый ӕнцон хъуыддаг кӕй нӕу. Ӕмӕ нын уӕдӕ цӕй фӕрцы ӕнтысы? Уымӕн нын стыр ӕххуыс сты, ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты чи цӕры, уыцы фысджытӕ ӕмӕ тӕлмацгӕнджытӕ. Се ’ппӕт дӕр сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
Ӕрмӕг ныффыссынц англисаг ӕвзагыл. Разамонӕг совет йӕ хъус дары фысджыты хайадмӕ. Уыцы хайад ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады. Фысджыты хайад та, сӕйраг хайады ӕмӕ ӕндӕр филиалты чи лӕггад кӕны, уыцы фысджытӕн бахӕс кӕны цавӕрдӕр фарстайы фӕдыл статья ныффыссын. Нӕ фысджытӕ алы бӕстӕтӕй кӕй сты, уый фӕрцы нӕ бон вӕййы алы ӕмӕ алы адӕмыхӕттыты цард ӕмӕ ӕгъдӕутты тыххӕй ныффыссын. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ литературӕ алыхуызон адӕм зӕрдиагӕй фӕкӕсынц.
Ӕрмӕг арвитынц тӕлмацгӕнджытӕм. Ӕрмӕг фыст куы ’рцӕуы, уӕд ӕй бабӕстон кӕнынц ӕмӕ йӕм Разамонӕг совет ӕркӕсы. Уый фӕстӕ йӕ интернетӕй арвитынц, ӕгас зӕххыл цы тӕлмацгӕнджыты къордтӕ ис, уыдонмӕ. Тӕлмацгӕнджытӕ ӕрмӕг ратӕлмац кӕнынц, англисагимӕ йӕ абарынц ӕмӕ йӕ се ’взаджы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ барӕстытӕ кӕнынц. Уыдон фӕархайынц, цӕмӕй, англисаг тексты цы хъуыды ис, уый се ’взагмӕ раст ратӕлмац кӕной (Екклесиаст 12:10).
Компьютерты фӕрцы нӕ куыст цӕуы тагъддӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, компьютер адӕймаджы бӕсты статья нӕ ныффысдзӕн ӕмӕ йӕ нӕ ратӕлмац кӕндзӕн. Фӕлӕ компьютерты фӕрцы куыст цӕуы тагъддӕр. Компьютерты вӕййы дзырдуӕттӕ ӕмӕ алыхуызон программӕтӕ, стӕй ма дзы вӕййы бирӕ информаци цавӕрфӕнды фарстайы фӕдыл дӕр. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрымысыдысты, бирӕ ӕвзӕгтимӕ кусӕн кӕй фӕрцы ис, ахӕм компьютерон программӕ (MEPS). Уыцы программӕйы фӕрцы текст компьютермӕ бахӕссынц сӕдӕгай ӕвзӕгтыл, стӕй йӕ нывтимӕ баиу кӕнынц ӕмӕ йӕ мыхуырмӕ бацӕттӕ кӕнынц.
Цымӕ ахӕм стыр куыст цӕмӕн кӕнӕм? Цалдӕр мин адӕймаджы йеддӕмӕ кӕуыл нӕ дзуры, суанг ахӕм ӕвзӕгтӕм дӕр нӕ литературӕ цӕмӕн тӕлмац кӕнӕм? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, «цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тимофеймӕ 2:3, 4).
Нӕ литературӕ фыст куыд ӕрцӕуы?
Нӕ литературӕ уыйбӕрц ӕвзӕгтӕм цӕмӕн тӕлмац кӕнӕм?
-
-
Ӕхца нӕм кӕцӕй цӕуы?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
24 СӔР
Ӕхца нӕм кӕцӕй цӕуы?
Непал
Того
Великобритани
Нӕ организаци алы аз дӕр ныммыхуыр кӕны ӕмӕ апарахат кӕны милуангай Библитӕ ӕмӕ ӕндӕр публикацитӕ. Нӕ литературӕ уӕй нӕ кӕнӕм. Аразӕм ма Паддзахады залтӕ ӕмӕ филиалтӕ дӕр ӕмӕ сӕм зилӕм. Стӕй ӕхцайӕ ӕххуыс кӕнӕм, Вефилты ӕмӕ миссионертӕй цы бирӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ лӕггад кӕны, уыдонӕн. Уымӕй уӕлдай ма не ’фсымӕртыл исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд уыдонӕн дӕр сӕ фарсмӕ балӕууӕм. Чи зоны, зӕгъай, ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕн уӕм ӕхца кӕцӕй ис, зӕгъгӕ.
Мах дӕсӕм хай нӕ дӕттӕм ӕмӕ ӕхца дӕр не ’мбырд кӕнӕм. Кӕд хъусын кӕныны хъуыддагыл бирӕ ӕхца хардз кӕнӕм, уӕддӕр ӕхца никӕмӕй курӕм. Журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» уадзын куы райдыдтам, уӕдӕй рацыд сӕдӕ азӕй фылдӕр ӕмӕ йӕ дыккаг номыры фыст уыд, зӕгъгӕ, мах фидарӕй зонӕм, нӕ хъуыддаг размӕ Йегъовӕйы фӕрцы кӕй цӕуы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ адӕмӕй никуы курдзыстӕм ӕмӕ никуы никӕмӕн лӕгъстӕ кӕндзыстӕм, цӕмӕй нын ӕхцайӕ баххуыс кӕной. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, никуы никӕмӕй ракуырдтам ӕххуыс! (Матфейы 10:8).
Нӕ куыст кӕнӕм мысайнӕгты фӕрцы. Абон ӕгас дунейы дӕр цы куыст кӕнӕм, уый тыххӕй бирӕтӕ тынг бузныг сты, ӕмӕ сӕ бафӕнды хъусын кӕныны хъуыддагӕн ӕхцайӕ баххуыс кӕнын. Цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕгас зӕххыл дӕр ӕххӕст кӕна, уый тыххӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхӕдӕг дӕр не ’вгъау кӕнынц сӕ рӕстӕг, сӕ тыхтӕ, се ’хца ӕмӕ ма сӕм ноджыдӕр цы ис, уый (1 Азфыстыты 29:9). Паддзахады залты, стӕй нын конгресстӕ кӕм вӕййы, уыцы бынӕтты вӕййы мысайнӕгты асыччытӕ, ӕмӕ кӕй фӕфӕнды, уый йӕ мысайнаг уым ныппары. Кӕнӕ та мысайнаг арвитӕн ис нӕ сайты уылты дӕр. Уыцы мысайнӕгтӕн сӕ фылдӕр ныппарынц, хъӕздыг чи нӕу, ахӕм адӕм. Уыдон дӕр сты, Чырыстийы рӕстӕджы кувӕндоны ӕхцавӕрӕны дыууӕ лыстӕг ӕхцайы чи ныппӕрста, уыцы мӕгуыр усы хуызӕн (Лукайы 21:1–4). Уӕдӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон у, ӕмӕ-иу, йӕ зӕрдӕ цас зӕгъы, уыйбӕрц ӕхца «хицӕнӕй сӕвӕра» ӕмӕ-иу ӕй стӕй мысайнагӕн ратта (1 Коринфӕгтӕм 16:2; 2 Коринфӕгтӕм 9:7).
Мах фидарӕй зонӕм: Йегъовӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы дарддӕр дӕр разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ Паддзахады хъуыддагӕн дӕттой, «хуыздӕрӕй сӕм цы ис, уый», ӕмӕ афтӕмӕй йӕ фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 3:9).
Нӕ организаци иннӕ динтӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?
Мысайнагӕн цы ӕхца раттынц, уый цӕуыл бахардз кӕнӕм?
-
-
Паддзахады залтӕ цӕмӕн аразӕм ӕмӕ сӕ куыд аразӕм?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
25 СӔР
Паддзахады залтӕ цӕмӕн аразӕм ӕмӕ сӕ куыд аразӕм?
Боливи
Нигери, раздӕр ӕмӕ ныртӕккӕ
Таити
Библийы сӕйраг темӕ у Хуыцауы Паддзахад. Чырысти дӕр уыцы Паддзахады тыххӕй хъусын кодта. Ӕмӕ кӕм ӕрӕмбырд вӕййӕм, уыцы бынӕттӕ дӕр Паддзахады залтӕ уымӕн хонӕм (Лукайы 8:1).
Уым кувӕм Йегъовӕ Хуыцауӕн. Паддзахады залты нын амонынц, нӕ бон куыд у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын, уый ӕмӕ нӕ уыцы хъуыддагӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый дӕр уым райсӕм (Матфейы 24:14). Паддзахады залтӕй иутӕ вӕййынц стырдӕр, иннӕтӕ та – къаддӕр, фӕлӕ се ’ппӕт дӕр сты хуымӕтӕг. Бирӕ рӕтты иу залы фембырд кӕны цалдӕр ӕмбырды. Ӕмбырдты нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ фӕстаг азты сарӕзтам тынг бирӕ ног залтӕ. Рӕстӕмбис нымадӕй алы бон дӕр саразӕм фондз залы. Ахӕм стыр куыст нын цӕй фӕрцы ӕнтысы? (Матфейы 19:26).
Арӕзт цӕуынц мысайнӕгты фӕрцы. Уыцы мысайнӕгтӕ арвитынц филиалмӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы ӕфсымӕртӕн сӕ бон вӕййы ӕмбырдтӕн ӕхца раттын, цӕмӕй Паддзахады зал саразой кӕнӕ йӕ реконструкци скӕной.
Аразынц сӕ, мызд кӕмӕн нӕ фидынц, ахӕм барвӕндон кусджытӕ. Бирӕ бӕстӕты скодтой, Паддзахады залтӕ чи аразы, ахӕм къордтӕ. Уыцы къордты чи ис, уыдон дӕр ӕмӕ сын чи ӕххуыс кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ дӕр схъомыл сты алыхуызон уавӕрты, стӕй сӕм ис алыхуызон курдиӕттӕ. Барвӕндон кусджытӕ иу ранӕй иннӕ ранмӕ цӕуынц, суанг дард рӕттӕм дӕр, цӕмӕй ӕмбырдтӕн Паддзахады залтӕ аразынӕн ӕххуыс кӕной. Иуӕй-иу бӕстӕты та, арӕзтады хъуыддаджы фӕлтӕрд чи у, ахӕм Ӕвдисӕнтӕн сӕ бар бакӕнынц бӕлвырд территоритӕ, цӕмӕй сӕ хъус дарой, Паддзахады залтӕ дзы арӕзт куыд цӕуынц кӕнӕ та сӕ куыд цалцӕг кӕнынц, уымӕ. Паддзахады залтӕ аразынмӕ хӕстӕг рӕттӕй ӕрцӕуынц, уыцы куыст хорз чи зоны, бирӕ ахӕм барвӕндон кусджытӕ. Фӕлӕ уӕддӕр куыстӕн йӕ фылдӕр хай бакӕнынц бынӕттон ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ. Хуыцауы адӕмӕн уыцы хъуыддӕгтӕ уый фӕрцы ӕнтысынц, ӕмӕ сын йӕ сыгъдӕг тыхӕй хай кӕны, стӕй сӕхӕдӕг дӕр «ӕппӕт удӕй» архайынц (Псалом 127:1; Колоссӕгтӕм 3:23).
Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынӕттӕ Паддзахады залтӕ цӕмӕн хонӕм?
Паддзахады залтӕ ӕгас зӕххыл дӕр цӕй фӕрцы аразӕм?
-