23 СӔР
Нӕ литературӕ куыд фыссынц ӕмӕ йӕ куыд тӕлмац кӕнынц?
Фысджыты хайад (АИШ)
Хуссар Корей
Сомих
Бурунди
Шри-Ланка
Цӕмӕй «хорз хабар... алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн» дӕр фехъусын кӕнӕм, уый тыххӕй литературӕ уадзӕм 750 ӕвзагӕй фылдӕрыл (Раргомад 14:6). Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, уый ӕнцон хъуыддаг кӕй нӕу. Ӕмӕ нын уӕдӕ цӕй фӕрцы ӕнтысы? Уымӕн нын стыр ӕххуыс сты, ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты чи цӕры, уыцы фысджытӕ ӕмӕ тӕлмацгӕнджытӕ. Се ’ппӕт дӕр сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
Ӕрмӕг ныффыссынц англисаг ӕвзагыл. Разамонӕг совет йӕ хъус дары фысджыты хайадмӕ. Уыцы хайад ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады. Фысджыты хайад та, сӕйраг хайады ӕмӕ ӕндӕр филиалты чи лӕггад кӕны, уыцы фысджытӕн бахӕс кӕны цавӕрдӕр фарстайы фӕдыл статья ныффыссын. Нӕ фысджытӕ алы бӕстӕтӕй кӕй сты, уый фӕрцы нӕ бон вӕййы алы ӕмӕ алы адӕмыхӕттыты цард ӕмӕ ӕгъдӕутты тыххӕй ныффыссын. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ литературӕ алыхуызон адӕм зӕрдиагӕй фӕкӕсынц.
Ӕрмӕг арвитынц тӕлмацгӕнджытӕм. Ӕрмӕг фыст куы ’рцӕуы, уӕд ӕй бабӕстон кӕнынц ӕмӕ йӕм Разамонӕг совет ӕркӕсы. Уый фӕстӕ йӕ интернетӕй арвитынц, ӕгас зӕххыл цы тӕлмацгӕнджыты къордтӕ ис, уыдонмӕ. Тӕлмацгӕнджытӕ ӕрмӕг ратӕлмац кӕнынц, англисагимӕ йӕ абарынц ӕмӕ йӕ се ’взаджы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ барӕстытӕ кӕнынц. Уыдон фӕархайынц, цӕмӕй, англисаг тексты цы хъуыды ис, уый се ’взагмӕ раст ратӕлмац кӕной (Екклесиаст 12:10).
Компьютерты фӕрцы нӕ куыст цӕуы тагъддӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, компьютер адӕймаджы бӕсты статья нӕ ныффысдзӕн ӕмӕ йӕ нӕ ратӕлмац кӕндзӕн. Фӕлӕ компьютерты фӕрцы куыст цӕуы тагъддӕр. Компьютерты вӕййы дзырдуӕттӕ ӕмӕ алыхуызон программӕтӕ, стӕй ма дзы вӕййы бирӕ информаци цавӕрфӕнды фарстайы фӕдыл дӕр. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрымысыдысты, бирӕ ӕвзӕгтимӕ кусӕн кӕй фӕрцы ис, ахӕм компьютерон программӕ (MEPS). Уыцы программӕйы фӕрцы текст компьютермӕ бахӕссынц сӕдӕгай ӕвзӕгтыл, стӕй йӕ нывтимӕ баиу кӕнынц ӕмӕ йӕ мыхуырмӕ бацӕттӕ кӕнынц.
Цымӕ ахӕм стыр куыст цӕмӕн кӕнӕм? Цалдӕр мин адӕймаджы йеддӕмӕ кӕуыл нӕ дзуры, суанг ахӕм ӕвзӕгтӕм дӕр нӕ литературӕ цӕмӕн тӕлмац кӕнӕм? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, «цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тимофеймӕ 2:3, 4).
Нӕ литературӕ фыст куыд ӕрцӕуы?
Нӕ литературӕ уыйбӕрц ӕвзӕгтӕм цӕмӕн тӕлмац кӕнӕм?