Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yb13 78–173 фф.
  • Мьянмӕ (Бирмӕ)

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Мьянмӕ (Бирмӕ)
  • 2013 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Сӕргӕндтӕ
  • Хъусын кӕнын куыд райдыдтой
  • «Рейчел, ӕз рӕстдзинад ссардтон!»
  • Хъӕбатыр пионертӕ
  • Диссаджы конгресс
  • Фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ карентӕй
  • Зындзинӕдтӕ Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг
  • Фӕстӕмӕ та иумӕ
  • Галаады скъолайӕ фыццаг миссионертӕ
  • Бӕстӕйы цӕрджытӕ сызмӕстой!
  • Бирмӕйаг ӕвзагыл хъусын кӕнынц ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнынц
  • Стыр «тыллӕг» Мандалайы
  • Миссионерты бӕстӕйӕ рарвыстой
  • Ацыдысты штат Чинмӕ
  • Хӕхтыл цӕуынц
  • «Мьичинӕйы „фыстӕ“ нӕй»
  • Вагӕттӕ фӕхицӕн кодтой
  • Нагайы адӕмыхатт ахуыр кӕнӕм
  • Нӕ ныхмӕ цӕуынц «Сызгъӕрин ӕртӕкъуымоны»
  • Сӕхи хызтой политикӕйӕ ӕмӕ хӕстмӕ нӕ цыдысты
  • Ӕфсӕддонтӕ систы чырыстӕттӕ
  • Ныхас кӕнынц «алыхуызон адӕмимӕ»
  • Конгресстӕ змӕстыты рӕстӕг
  • Чырыстон фембӕлдтӕ нӕ цух кодтой
  • Мыхуыр кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуы
  • Хъӕуы ног филиал
  • «Хъаруйы фӕрцы [нӕ], фӕлӕ мӕ тыхы фӕрцы»
  • Аразынц ног Паддзахады залтӕ
  • Миссионертӕ ӕрцыдысты
  • Миссионертӕ бирӕтӕн баххуыс кодтой
  • Хуыздӕр тӕлмац ӕрхаста стыр пайда
  • Циклон «Наргис»
  • Уыцы хабар ферох кӕнӕн нӕй
  • «Фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ»
2013 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
yb13 78–173 фф.

Мьянмӕ (Бирмӕ)

АЗИЙЫ стырдӕр бӕстӕтӕ Инди ӕмӕ Китайы ’хсӕн ӕрбынат кодта Мьянмӕ. Уый у диссаджы бӕстӕa. Мьянмӕйы стырдӕр горӕттӕй иу у Янгон (раздӕр Рангун). Горӕты фидауц сты йӕ бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕ. Йӕ дуканиты адӕмӕй къух бакӕн дӕр нӕй ӕмӕ йӕ уынгты машинӕтӕ ӕмызмӕлд кӕнынц. Фӕлӕ Янгонӕй иугыццыл куы рацӕуай, уӕд фенӕн ис бынтон ӕндӕрхуызон цард. Цӕст кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы быдыртӕ хуым кӕнынц къамбецтӕй. Хъӕуты адӕм кӕнынц сабыр ӕмӕ хуымӕтӕг цард ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕм уыцы цымыдис хуызӕй фӕкӕсынц.

Абоны Мьянмӕмӕ кӕсгӕйӕ адӕймаджы зӕрдыл ӕрлӕууы кӕддӕры Ази. Йӕ дзыхъхъытӕ-мыхъхъытӕ фӕндӕгтыл размӕ тындзынц хӕлӕццаг автобустӕ, адӕм базармӕ галуӕрдӕттыл ласынц сӕ хор, быдырты сойджын кӕрдӕгыл фыййӕуттӕ хизынц сӕгъты дзугтӕ. Мьянмӕйы нӕлгоймӕгтӕ нырма дӕр дарынц националон дарӕс: сӕ астӕутыл ӕрбатухынц хъуымац (ло́нджи). Сылгоймӕгтӕ сӕ цӕсгӕмттӕ ахорынц бӕласы рыгӕй арӕзт кремӕй (танака́). Адӕм сты тынг дингӕнаг. Буддисттӕ моладзантӕн куыд кад кӕнынц, афтӕ дзырддзӕугӕ адӕмӕн нӕ кад кӕнынц, ӕмӕ алы бон дӕр Буддӕйы цыртытыл фӕныхасынц сызгъӕрин сыфтӕ.

Мьянмӕйы цӕрджытӕ сты сабыр, фӕлмӕн ӕмӕ зондмондаг. Ацы бӕстӕйы цӕры 8 стыр адӕмыхатты ӕмӕ ӕппынкъаддӕр 127 гыццыл адӕмыхатты. Алы адӕмыхаттӕн дӕр ис йӕхи ӕвзаг, йӕхи дарӕс, йӕхи хӕринаг ӕмӕ йӕхи культурӕ. Адӕмӕн сӕ фылдӕр цӕрынц, стыр цӕугӕдон Аеярвади (Иравади) донӕй кӕй ӕфсады, уыцы дӕлвӕзы. Ацы цӕугӕдон йӕ фӕндаг ракӕны цъитисӕр Гималайтӕй хъарм Андаманы денджызмӕ, йӕ дӕргъ у 2 170 километры. Милуангай адӕм та цӕры Иравадийы стыр дельтӕйы ӕмӕ Мьянмӕйы хӕхбӕсты. Мьянмӕйы сыхаг бӕстӕтӕ сты Бангладеш, Китай, Инди, Лаос ӕмӕ Таиланд.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Мьянмӕйы фӕзындысты иу-100 азы размӕ. Кӕд бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстой, уӕддӕр Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ нӕ сивтой ӕмӕ фидар фӕлӕууыдысты. Сӕхи политикӕйӕ хызтой, адӕм-иу куы сызмӕстой ӕмӕ-иу иу хицауад иннӕйы куы раппӕрста, уӕд (Иоан. 17:14). Кӕд сӕ ӕфхӕрдтой, дины разамонджытӕ сӕ ныхмӕ цыдысты ӕмӕ сын ӕгас дунейы цы ӕфсымӕртӕ ис, уыдонӕй дард уыдысты, уӕддӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕвӕллайгӕйӕ хъусын кодтой. Уӕдӕ сын сӕ диссаджы хабӕрттӕ бакӕсӕм.

100 азы дӕргъы не ’фсымӕртӕ Мьянмӕйы бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстой, фӕлӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ нӕ сивтой

Хъусын кӕнын куыд райдыдтой

1914 азы, историйы стыр фӕд чи ныууагъта, уыцы азы, дыууӕ англисаг нӕлгоймаджы науӕй ӕрхызтысты Янгоны наулӕууӕны. Фыртӕвдӕй дзы сулӕфӕнтӕ дӕр нӕ уыд. Пионертӕ, Хендри Кармайкл ӕмӕ йе ’мбал, ӕрцыдысты Индийӕ, цӕмӕй Бирмӕйы хъусын кӕнын райдыдтаиккой. Сӕ территори уыди ӕгас бӕстӕ дӕр.

«Кӕд разы дӕ, цӕмӕй ног дунемӕ дӕ бӕсты ӕндӕр исчи бацӕуа, уӕд цӕуылнӕ!»

Хендри ӕмӕ йе ’мбал сӕ куыст райдыдтой Янгоны. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ фембӕлдысты, Паддзахады тыххӕй хорз хабар кӕй бацымыдис кодта, дыууӕ ахӕм нӕлгоймагыл, Бертрам Марселлин ӕмӕ Вернон Френчыл, уыдысты англо-индиӕгтӕb. Уыдон уайтагъд ныууагътой чырыстон аргъуан ӕмӕ алы фадатӕй дӕр пайда кодтой, цӕмӕй сӕ хӕлӕрттӕн хъусын кодтаиккой. Цасдӕры фӕстӕ-иу Бертрамы хӕдзары Библи ахуыр кӕнынмӕ ӕрӕмбырд 20 адӕймаджы бӕрц, ахуыр та кодтой журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»c.

1928 азы Индийӕ Бирмӕмӕ ӕрцыд ӕндӕр пионер, Джордж Райт, уыди англисаг. Уый ӕгас бӕстӕйыл фондз мӕймӕ ӕрзылд ӕмӕ тынг бирӕ литературӕ байуӕрста, уыимӕ ма 1920 азы уагъд буклет «Абон чи цӕры, уыдонӕй милуантӕ никуы амӕлдзысты!». Нӕ литературӕйӕ бирмӕйаг ӕвзагмӕ фыццаг хатт ацы буклет ӕрцыд тӕлмац.

Дыууӕ азы фӕстӕ Янгонмӕ ӕрцыдысты пионертӕ Клод Гудман ӕмӕ Рональд Типпин, цӕмӕй бабӕрӕг кодтаиккой ӕфсымӕрты гыццыл къорд. Бынӕттон ӕфсымӕртӕ ӕмбырды фембӕлдтӕ уагътой, фӕлӕ сӕ бон никуыд уыди хъусын кӕнын райдайын. «Ӕфсымӕрты разӕнгард кодтам, цӕмӕй алы хуыцаубон дӕр уацамынды цыдаиккой,– загъта Клод.– Иу ӕфсымӕр бафарста, зӕгъгӕ, уый гӕнӕн ис, цӕмӕй мӕ бӕсты исчи хъусын кӕна, ӕз та сымахӕн, пионертӕн, ӕхцайӕ ӕххуыс кӕндзынӕн. Уӕд ын Рон загъта: „Кӕд разы дӕ, цӕмӕй ног дунемӕ дӕ бӕсты ӕндӕр исчи бацӕуа, уӕд цӕуылнӕ!“». Уыцы ӕфсымӕртимӕ ӕргом кӕй аныхас кодтой, уый сын фаг уыди. Цасдӕры фӕстӕ Клод ӕмӕ Рональдӕн фӕзынд, уацамынды кӕимӕ цыдаиккой, уый.

«Рейчел, ӕз рӕстдзинад ссардтон!»

Уыцы аз ма Рон ӕмӕ Клод фембӕлдысты Янгоны ӕфсӕнвӕндаджы станцӕйы хицауимӕ, Сидни Кутимӕ. Сидни райста дӕс рӕсугъд хуызджын чиныджы, уыцы комплект хуыдтой «арвӕрдын». Иу чиныгӕй цыдӕртӕ куы бакаст, уӕд йӕ ус Рейчелмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Рейчел, ӕз рӕстдзинад ссардтон!» Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Куты бинонтӕ иууылдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтой.

Сидни тынг лӕмбынӕг иртӕста Фыстад. Йӕ чызг Нормӕ Барбер бирӕ азты дӕргъы фӕлӕггад кодта миссионерӕй, ныр та лӕггад кӕны Великобританийы филиалы. Уый дзуры: «Мӕ фыд йӕхицӕн скодта чиныг, цӕмӕй-иу дзы Библийы стихтӕм фиппаинӕгтӕ фыстаид. Библийы ахуырӕдтӕй искӕцы чи ӕмбарын кӕны, ахӕм стих-иу куы ссардта, уӕд-иу ӕй йӕ чиныджы ныффыста, цы дӕлсӕргондмӕ хауди, уый бынмӕ. Йӕ чиныг схуыдта „Кӕм ӕй ис ссарӕн?“».

Сиднийы ӕрмӕст Библи ахуыр кӕнын нӕ фӕндыд, уый ма фӕндыд хорз хабар иннӕтӕн дӕр дзурын. Уымӕ гӕсгӕ Индийы филиалмӕ ныффыста, зӕгъгӕ, Бирмӕйы Ӕвдисӕнтӕ ис ӕви нӕ. Цасдӕры фӕстӕ Сидни райста стыр хъӕдын асыкк литературӕимӕ ӕмӕ мыггӕгты номхыгъд. «Мӕ фыд уыцы номхыгъдӕй алкӕмӕ дӕр писмо ныффыста, зӕгъгӕ нӕм уазӕгуаты ӕрцӕут,– дзуры Нормӕ.– Фӕстӕдӕр нӕм иу-ӕхсӕз ӕфсымӕры ӕрцыд, ӕмӕ нын равдыстой, фадат дын куы фӕзына, уӕд хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый. Мӕ ныййарджытӕ уыцы литературӕ ӕвӕстиатӕй нӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ нӕ сыхӕгтыл айуӕрстой. Стӕй ма писмотӕ ӕмӕ литературӕ арвыстой нӕ хӕстӕджытӕй алкӕмӕ дӕр».

Сиднийы хо Дейзи Д’Суза царди Мандалайы. Уый Сиднийӕ райста писмо ӕмӕ буклет «Паддзахад – дунейы ныфс». Дейзи уайтагъд йе ’фсымӕрмӕ фӕстӕмӕ писмо афыста ӕмӕ дзы ракуырдта фылдӕр публикацитӕ ӕмӕ Библи. «Мӕ мад уыцы литературӕ иртасын афтӕ тынг уарзта ӕмӕ-иу ыл уыдон кӕсгӕйӕ сбон ис,– дзуры йӕ чызг Филис Цатос.– Иубон нӕ, ӕхсӕз сывӕллоны, ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ нын загъта: „Ӕз Католикон аргъуанӕй цӕугӕ кӕнын, уымӕн ӕмӕ ссардтон рӕстдзинад!“». Фӕстӕдӕр Дейзийы лӕг ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ дӕр рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыдысты. Абон Д’Сузайы бинонтӕй цыппар фӕлтӕры Йегъовӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц.

Хъӕбатыр пионертӕ

1930 азты райдианы зынгзӕрдӕ пионертӕ хорз хабар хъусын кодтой, Янгонӕй Мьичинӕмӕ цӕгатырдӕм цы ӕфсӕнвӕндаг цыди, уымӕн йӕ фӕйнӕ фарс цы горӕттӕ ӕмӕ хъӕутӕ уыди, уым. Мьичинӕ у гыццыл горӕт Китайы арӕнмӕ ’ввахс. Уыдон ма хъусын кодтой, Янгонӕй скӕсӕнырдӕм ӕмӕ ныгуылӕнырдӕм денджызы был цы горӕттӕ уыди, уым дӕр – Моламьяйны (Моулмэйн) ӕмӕ Ситуэйы (Акьяб). Цыбыр рӕстӕгмӕ Моламьяйны ӕмӕ Мандалайы фӕзынд гыццыл ӕмбырдтӕ.

1938 азы онг Бирмӕйы хъусын кӕныны хъуыддагмӕ йӕ хъус дардта Индийы филиал, уыцы азӕй фӕстӕмӕ та – Австралийы филиал. Бирмӕмӕ пионертӕ цӕуын райдыдтой Австрали ӕмӕ Ног Зеландийӕ. Уыцы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджыты ’хсӕн уыдысты Фред Пейтон, Гектор Оутс, Фрэнк Дьюар, Мик Энгель ӕмӕ Стьюарт Келти. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ ацы ӕфсымӕртӕн пионерты зӕрдӕйы уаг сӕ туджы ахъардта.

Фред Пейтон радзырдта: «Цыппар азы хъусын кодтон Бирмӕйы, ӕмӕ, зӕгъӕн ис, ӕгас бӕстӕйыл дӕр ӕрзылдтӕн. Уыцы рӕстӕг ӕз фӕрынчын дӕн тӕфсӕгӕй, тифӕй, гуыбыннизӕй ӕмӕ ма мӕм ӕндӕр низтӕ дӕр фӕзынд. Арӕх-иу афтӕ рауад, ӕмӕ-иу ӕнӕхъӕн бон фӕхъусын кодтон, фӕлӕ-иу кӕм бахсӕвиуат кодтаин, уый мын нӕ уыди. Фӕлӕ мыл Йегъовӕ алкӕддӕр тыхсти ӕмӕ мын йӕ сыгъдӕг тыхы уылты хъарутӕ лӕвӕрдта». Ног Зеландийӕ Фрэнк Дьюар, фидӕрттӕ арӕзт ӕфсымӕр, дзуры: «Фембӕлдтӕн-иу бандиттыл, змӕнтджытыл ӕмӕ хъал хицӕуттыл. Ӕмӕ иу хъуыддаг бамбӕрстон: сабыр, уӕздан, сӕрныллӕг ӕмӕ ӕмбаргӕ куы уай, уӕд цыфӕнды зындзинӕдты сӕрты дӕр ахиздзынӕ. Адӕмӕн сӕ фылдӕр цыбыр рӕстӕгмӕ бамбӕрстой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй тӕрсын кӕй нӕ хъӕуы».

Пионертӕ тынг хицӕн кодтой, бынӕттон цӕрджытӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй чи каст, уыцы ӕндӕрбӕстӕгтӕй – адӕмӕн аргъ кодтой ӕмӕ сӕ уарзтой. Бирмӕйӕгтӕ сты сӕрныллӕг адӕм ӕмӕ нӕ уарзынц быцӕу ӕмӕ тыхныхас кӕнын, фӕлӕ сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, семӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй куы фӕныхас кӕнынц. Пионертӕ дӕр сӕ ныхӕстӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй равдыстой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй сты, уый (Иоан. 13:35).

Диссаджы конгресс

Пионертӕ куы ’рцыдысты, уымӕй цалдӕр мӕйы фӕстӕ Австралийы филиал спълан кодта Янгоны конгресс ауадзын. Конгрессӕн равзӕрстой Янгоны сӕйраг галуан, хъӕздыг агъуыст мрамор асинтӕ ӕмӕ стыр бронзӕ дуӕрттимӕ. Конгресдзаутӕ уыдысты Таиланд, Малайзи ӕмӕ Сингапурӕй. Австралийы филиалы лӕггадгӕнӕг Алекс Магилливрей йемӕ ӕркодта ӕфсымӕрты Сиднейӕ.

Уыцы рӕстӕг хӕсты сау мигътӕ ӕмбырд кӕнын райдыдтой. Ӕфсымӕртӕ алы рӕтты адӕмы хуыдтой раныхасмӕ «Дунеон хӕст ӕввахс у», зӕгъгӕ, ӕмӕ бирӕтӕ бацымыдис кодтой. «Никуы ма федтон, ӕмӕ зал афтӕ тагъд айдзаг уа,– загъта Фред Пейтон.– Бахизӕны дуӕрттӕ куы байгом кодтон, уӕд дуне адӕм залмӕ асинтыл дугъ радтой. Дӕс минут дӕр нӕ рацыд, афтӕ 850 бынаты кӕм уыди, уыцы залы 1000 адӕймаджы балӕууыд». «Мидӕмӕ чи гуылф кодта, уыцы адӕмыл бахизӕны дуӕрттӕ сӕхгӕдтам, ӕддейӕ ма лӕууыд ноджыдӕр иу мин адӕймаджы,– загъта Фрэнк Дьюар.– Фӕлӕ уӕддӕр ӕрыгӕттӕй чидӕртӕ, фӕрсырдыгӕй цы гыццыл дуӕрттӕ уыди, уыдоныл мидӕмӕ бабырыдысты».

Ӕфсымӕртӕ тынг бадис кодтой, цас адӕм ӕрбацыд, ӕрмӕст ууыл нӕ, фӕлӕ ма алыхуызон адӕмыхӕттытӕй кӕй уыдысты, ууыл дӕр. Уӕдмӕ бынӕттон цӕрджытӕй хорз хабармӕ стӕмтӕ йеддӕмӕ ничи хъуыста, уымӕн ӕмӕ сӕ фылдӕр уыдысты буддисттӕ. Сӕхи чырыстӕттӕ чи хуыдта, уыдон та – сӕйрагдӕр карентӕ, качинтӕ ӕмӕ чинтӕ – цардысты, хорз хабар кӕдӕм нӕма фӕхӕццӕ, уыцы районты. Уый ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ бынӕттон хуымтӕ кӕрдынмӕ сцӕттӕ сты. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ, Библи «тынг бирӕ адӕм» кӕй хоны, уыдонмӕ ӕрбаиу сты Бирмӕйы цӕрӕг алыхуызон адӕмыхӕттытӕ дӕр (Рарг. 7:9).

Фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ карентӕй

1940 азы иу пионер-хо Руби Гофф иубон хъусын кодта Инсейны, Янгонмӕ ’ввахс гыццыл горӕты. Фӕлӕ Рубимӕ рӕстмӕ ничи байхъуыста ӕмӕ Хуыцаумӕ скуывта: «Йегъовӕ, курӕг дӕ дӕн, баххуыс-ма мын кӕн, цӕмӕй, цалынмӕ хӕдзармӕ нӕ ацӕуон, уӕдмӕ иу „фыс“ уӕддӕр ссарон». Иннӕ дуар куы бахоста, уӕд ӕм ракаст Хмуэ Чайн, каренты адӕмыхаттӕй. Уыди баптист, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хабармӕ хорз байхъуыста. Цасдӕры фӕстӕ Хмуэ Чайн ӕмӕ йӕ чызджытӕ Чу Мей (Дейзи) ӕмӕ Хнин Мей (Лили) Библи ахуыр кӕнын райдыдтой ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидар кодта. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Хмуэ Чайн амард. Фӕстӕдӕр, йӕ кӕстӕр чызг Лили сси каренты адӕмыхаттӕй фыццаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Дейзи дӕр донаргъуыд райста.

Лили ӕмӕ Дейзи уыдысты зынгзӕрдӕ пионертӕ ӕмӕ сӕ фыдӕбонӕн йӕ аргъ ӕнусты дӕргъы дӕр нӕ фесӕфдзӕн. Абон сӕ байзӕддӕгтӕй ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, уыдонӕй тынг бирӕтӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц Мьянмӕйы ӕмӕ фӕсарӕнты.

Зындзинӕдтӕ Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг

1939 азы Дыккаг дунеон хӕст ныггуыпп кодта, ӕмӕ ӕгас дунейыл дӕр йӕ уылӕнтӕ анхъӕвзтой. Хӕст тынгӕй-тынгдӕр куыд кодта, афтӕ чырыстон дины сауджынтӕ дӕр Бирмӕйы колониалон хицауад тынгдӕр ардыдтой, цӕмӕй нын нӕ литературӕ уыцы бӕстӕмӕ ласын мауал уагътаиккой. Уымӕ гӕсгӕ Мик Энгель, Янгоны нӕ литературӕйы скъладӕн дзуапп чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕр, ныффыста иу стыр хицаумӕ (АИШ-ы минӕвармӕ) ӕмӕ дзы куырдта, цӕмӕй йын бар радтаид нӕ литературӕ аласынӕн. Уыцы хицау ӕм ныффыста, йӕ бон кӕй у Бирмӕйы сӕйраг фӕндагыл Китаймӕ ӕфсӕддон грузовиктыл дыууӕ тонны литературӕ аласын.

Фред Пейтон ӕмӕ Гектор Оутс литературӕ аластой Китайы арӕнмӕ ’ввахс горӕт Лашойы ӕфсӕнвӕндаджы станцӕмӕ. Китаймӕ цы транспорт цыди, уымӕн дзуапдӕттӕг афицермӕ куы бацыдысты, уӕд сыл уый иу хъӕр фӕласта: «Цы, дам, цы?! Мӕнӕ ӕфсӕддон дзауматӕ ӕмӕ хостӕ сӕфгӕ куы кӕнынц, цӕуыл сӕ арвитон, уый куы нӕй, уӕд уӕ ницӕйаг трактаттӕн мӕ грузовиктыл бынат куыд хъуамӕ ссарон?!» Фред ӕнӕдзургӕйӕ йӕ пъартфел бакодта, писмо дзы систа ӕмӕ йын бамбарын кодта, хицауы коммӕ куы нӕ бакӕса, уӕд хабар хорз кӕй нӕ уыдзӕн. Уӕд сын уыцы афицер ссардта гыццыл грузовик ӕд шофыр ӕмӕ ма сӕ цы хъуыди, уыдӕттӕ дӕр. Ӕфсымӕрты Китайы хуссар-централон хаймӕ, Чунцинмӕ, бахъуыд 2 400 километры бӕрц цӕуын. Уым сӕ литературӕ апарахат кодтой ӕмӕ ма хорз хабар радзырдтой Чан Кайшийӕн дӕр, Китайы националистикон хицауады сӕргълӕууӕгӕн.

Хицӕуттӕ литературӕ байсынмӕ куы бацыдысты, уӕд дзы ницыуал баййӕфтой

1941 азы майы Индийы колониалон хицауад Янгоны хицауадмӕ телеграммӕ арвыста, цӕмӕй нын нӕ литературӕ байстаид. Телеграфы чи куыста, дыууӕ ахӕм ӕфсымӕры телеграммӕ куы федтой, уӕд уайтагъд Мик Энгелӕн уый тыххӕй фехъусын кодтой. Мик фӕдзырдта Лили ӕмӕ Дейзимӕ, ӕмӕ ӕвӕстиатӕй скъладмӕ ацыдысты. Скълады уыди 40 къоппы литературӕимӕ ӕмӕ сӕ бамбӕхстой, Янгонмӕ ӕввахс тӕссаг кӕм нӕ уыди, ахӕм рӕтты. Хицӕуттӕ литературӕ байсынмӕ куы бацыдысты, уӕд дзы ницыуал баййӕфтой.

1941 азы 11 декабры Япони Пёрл-Харборыл бомбӕтӕ куы ӕркалдта, уымӕй ӕртӕ боны фӕстӕ Бирмӕйыл дӕр бомбӕтӕ калын байдыдта. Уыцы къуырийы кӕрон Ӕвдисӕнты гыццыл къорд ӕрӕмбырд, Янгоны сӕйраг ӕфсӕнвӕндаджы станцӕйы сӕрмӕ гыццыл агъуысты. Диссаджы раныхасы фӕстӕ Лили ваннӕйы донаргъуыд райста.

Дыууӕ мӕй ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ япойнаг ӕфсад Янгонмӕ бабырста, фӕлӕ горӕты змӕлӕг дӕр нӕ уыди. Сӕдӕ мин адӕймагӕй фылдӕр алыгъдысты Индимӕ. Мингӕйттӕ фӕндагыл амардысты ӕххормагӕй, фырфӕлладӕй ӕмӕ низтӕй. Сидни Кут дӕр йӕ бинонтимӕ алыгъди, фӕлӕ Индийы арӕнтӕм ӕввахс церебралон тӕфсӕгӕй амарди. Ӕндӕр ӕфсымӕры та фехстой япойнаг салдӕттӕ, иннӕ ӕфсымӕры хӕдзарыл та бомбӕ ӕрхауд, ӕмӕ йӕ бинонтӕ фӕмард сты.

Бирмӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ нӕ баззад. Лили ӕмӕ Дейзи алыгъдысты Пьин У Луинмӕ (Мемьо), Мандалайы цур хӕхбӕсты сабыр горӕтмӕ. Уым байтыдтой рӕстдзинады мыггӕгтӕ, ӕмӕ фӕстӕдӕр ӕвзар суагътой. Ӕндӕр Ӕвдисӕн, Сирил Гей, ӕрцарди гыццыл хъӕу Таярвадийы, Янгонӕй цӕгатырдӕм 100 километры дарддӕр. Уым фӕцарди хӕсты кӕронмӕ.

Фӕстӕмӕ та иумӕ

Хӕст куы фӕци, уӕд, Индимӕ чи алыгъд, уыцы хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕр фӕстӕмӕ Бирмӕмӕ здӕхын райдыдтой. 1946 азы апрелы Янгоны ӕмбырды уыди 8 зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕджы. Уыцы азы кӕронмӕ ӕмбырды уыди 24 хъусынгӕнӕджы, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сфӕнд кодтой конгресс ауадзын.

Дыууӕбонон конгресс ауагътой иу скъолайы Инсейны. Тэо Сириопулос рӕстдзинад базыдта Янгоны 1932 азы. Уый дзуры: «Индийӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд мын конгресмӕ бахӕс кодтой, иу сахат дзурын кӕй хъуыди, ахӕм раныхас. Уӕдмӕ та мын Индийы ӕмбырды ӕрмӕстдӕр дыууӕ хатты уыди 5-минутон раныхӕстӕ. Фӕлӕ конгрессы мӕ раныхас тынг хорз радзырдтон, уыди дзы 100 адӕймагӕй фылдӕр».

Цалдӕр къуырийы фӕстӕ каренты адӕмыхатты хистӕрӕн хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд ӕмӕ ӕмбырдӕн зӕхх рахицӕн кодта цӕугӕдоны цур гыццыл горӕт Ахлонӕйы, Янгонмӕ ’ввахс. Уым ӕфсымӕртӕ бамбукӕй сарӕзтой Паддзахады зал иу-100 адӕймагӕн. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ фырцинӕй зӕххыл дӕр нал хӕцыдысты. Хӕсты сӕ чи аирвӕзт, уыдон сӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтой ӕмӕ цӕттӕ уыдысты хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынмӕ.

Галаады скъолайӕ фыццаг миссионертӕ

1947 азы райдианы ӕфсымӕртӕ Янгоны наулӕууӕны ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй сӕмбӕлдаиккой Роберт Керкыл, Галаады скъола каст чи фӕци, уыцы ӕфсымӕрыл. Уый уыди, Бирмӕмӕ кӕй ӕрӕрвыстой, уыцы миссионертӕй фыццаг. Йӕ хӕдфӕстӕ ма ноджыдӕр ӕрцыд ӕртӕ миссионеры: Норман Барбер, Роберт Ричардз ӕмӕ Хьюберт Смедстад. Семӕ ма уыди Фрэнк Дьюар дӕр, хӕсты рӕстӕг Индийы лӕггад кодта пионерӕй.

Миссионертӕ ӕрцыдысты, хӕсты чи ныппырх, уыцы горӕтмӕ. Дуне хӕдзӕрттӕ цъыбыртты сыгъд уыдысты. Мингӕйттӕ цардысты фӕндаджы был бамбукӕй арӕзт халагъудты. Адӕм хӕринаг дӕр, ӕхсгӕ дӕр ӕмӕ цӕргӕ дӕр кодтой уынджы. Фӕлӕ миссионертӕн сӕ нысан уыди, цӕмӕй адӕмӕн Библийӕ хорз хабар фехъусын кодтаиккой. Уымӕ гӕсгӕ уыцы куыстмӕ зӕрдиагӕй бавнӕлдтой, кӕд сӕ уый тыххӕй сӕ цард бынтондӕр фӕивын бахъуыд, уӕддӕр.

1947 азы 1 сентябры горӕты центры, Алан Пья Пхаяйы уынджы, миссионерты хӕдзары йӕ куыст райдыдта Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнады офис. Роберт Керкы снысан кодтой офисы цӕстдарӕгӕй. Гыццыл фӕстӕдӕр Янгоны ӕмбырд Ахлонӕйы бамбукӕй конд залы нал ӕмбырд кодта, фӕлӕ рахызт Богалэй Зэйы уынджы иу агъуысты уӕллаг этажмӕ. Уыцы бынат уыди Секретариатмӕ ’ввахс, Бритайнаг колониалон хицауады рӕсугъд агъуыстмӕ ’ввахс – уыцы хицауадӕн йӕ бонтӕ уыдысты нымад!

Бӕстӕйы цӕрджытӕ сызмӕстой!

1948 азы 4 январы Британи йӕ бартӕ радта Бирмӕйы ног хицауадмӕ. Бирмӕ 60 азы уыди колони, ӕмӕ уый фӕстӕ расидти хӕдбардзинад. Фӕлӕ йӕ цӕрджытӕ сызмӕстой ӕмӕ уый хӕст расайдта.

Алыхуызон адӕмыхӕттытӕ тох кодтой, цӕмӕй дзы алкӕмӕндӕр хицӕн штат фӕзындаид. Уыцы рӕстӕг ӕххуырст ӕфсӕдтӕ ӕмӕ бандитты къордтӕ территоритыл тох кодтой, цӕмӕй сыл сӕ бар цыдаид. 1949 азы райдианты бӕстӕйӕн йӕ фылдӕр хай уыди змӕнтджыты къухы ӕмӕ хӕст бахӕццӕ Янгонмӕ.

Хӕст куы тынгдӕр кодта, куы та – сабырдӕр, фӕлӕ уӕддӕр ӕфсымӕртӕ арӕхстгай хъусын кодтой. Ӕхсӕнады офис миссионерты хӕдзарӕй, Алан Пья Пхаяйы уынгӕй, раивтой 39 уынджы иу хӕдзары уӕллаг этажы стыр фатермӕ. Уыцы районы уыди ӕдасдӕр, уыди дзы цалдӕр фӕсарӕйнаг посольствойы, сӕйраг почтӕмӕ та ӕртӕ минуты цыд йеддӕмӕ нӕ уыд.

Бирмӕйы ӕфсад сындӕггай йӕ бартӕ ӕрфидар кодта ӕмӕ змӕнтджыты хӕхтӕм батардта. 1950 азты ӕмбис хицауадӕн йӕ бар цыди бӕстӕйы фылдӕр хайыл. Фӕлӕ хӕст ууыл нӕ фӕци. Абоны онг дӕр хицауӕдтӕ кӕрӕдзи раив-баив кӕнынц.

Бирмӕйаг ӕвзагыл хъусын кӕнынц ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнынц

1950 азты ӕмбисмӕ ӕфсымӕртӕ Бирмӕйы фылдӕр хъусын кодтой англисаг ӕвзагыл, стыр горӕтты ахуыргонд адӕм кӕуыл дзырдтой, уыцы ӕвзагыл. Фӕлӕ милуантӕ та дзырдтой ӕрмӕст бирмӕйаг (мьянмӕйаг), каренаг, качинаг, чинаг кӕнӕ ӕндӕр бынӕттон ӕвзӕгтыл. Куыд сын хъуамӕ фехъусын кодтаиккой хорз хабар?

1934 азы Сидни Кут каренты адӕмыхаттӕй иу ахуыргӕнӕгимӕ баныхас кодта, цӕмӕй цалдӕр буклеты бирмӕйаг ӕмӕ каренаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтаид. Фӕстӕдӕр ӕндӕр хъусынгӕнджытӕ бирмӕйаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой чиныг «Хуыцау раст у» ӕмӕ ма цалдӕр буклеты. Уый фӕстӕ 1950 азы Роберт Керк загъта Ба Уйӕн, цӕмӕй бирмӕйаг ӕвзагмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй ахуыргӕнӕн статьятӕ тӕлмац кодтаид. Уый-иу йӕ тӕлмацтӕ ныффыста къухӕй ӕмӕ-иу сӕ Янгоны мыхуыргӕнджытӕм ахаста, цӕмӕй-иу сӕ ныммыхуыр кодтаиккой. Уый фӕстӕ-иу сӕ байуӕрстой, ӕмбырдтӕм чи цыди, уыдонӕн. Фӕстӕдӕр филиал балхӕдта мыхуыргӕнӕн машинкӕ бирмӕйаг шрифтимӕ, ӕмӕ тӕлмац кӕныны куыст фӕрӕвдздӕр.

Фыццаг тӕлмацгӕнджытӕ ӕмбӕлдысты бирӕ зындзинӕдтыл. Ба Уйӕн йӕ бон тӕлмац кӕнын куы нал уыди, уӕд йӕ бӕсты тӕлмац кӕныны куыстмӕ бавнӕлдта ӕфсымӕр Найга По Хан. Уый дзуры: «Ӕнӕхъӕн бон куыстон, цӕмӕй мӕ бинонты дардтаин ӕмӕ-иу уый фӕстӕ та ӕмбисӕхсӕвтӕм мынӕг рухсмӕ тӕлмац кодтон статьятӕ. Англисаг ӕвзаг хорз кӕй нӕ зыдтон, уымӕ гӕсгӕ-иу мӕ тӕлмацтӕ арӕх раст нӕ уыдысты. Фӕлӕ нӕ тынг фӕндыди, цӕмӕй нӕ журналтӕ фылдӕр адӕммӕ фӕхӕццӕ уыдаиккой». Роберт Керк нӕ хо Дорис Раджӕн куы загъта, цӕмӕй журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» бирмӕйаг ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнын райдыдтаид, уӕд йӕ зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ кӕуын райдыдта. «Цалдӕр къласы йеддӕмӕ мӕм ахуыр нӕ уыди, тӕлмац кӕныны куыстӕн та ӕппындӕр ницы ӕмбӕрстон,– дзуры Дорис.– Фӕлӕ мӕ ӕфсымӕр Керк бафидар кодта, ӕмӕ ӕз дӕр Йегъовӕмӕ скуывтон ӕмӕ куыстмӕ бавнӕлдтон». Уӕдӕй рацыд 50 азы бӕрц ӕмӕ абон дӕр Дорис тӕлмацгӕнӕгӕй кусы Янгоны Вефилы. Ӕфсымӕр Найга По Хан дӕр лӕггад кӕны Вефилы, цӕуы йыл 93 азы, ӕмӕ ӕрыгонӕй куыд уыди, афтӕ абон дӕр зӕрдӕргъӕвдӕй архайы Паддзахады хъуыддаджы.

1956 азы Бирмӕмӕ сӕйраг хайадӕй ӕрцыд ӕфсымӕр Нейтан Норр ӕмӕ фехъусын кодта, бирмӕйаг ӕвзагыл кӕй рацыд журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Стӕй ма миссионерты сразӕнгард кодта бынӕттон ӕвзаг ахуыр кӕнынмӕ, цӕмӕй хъусын кӕнгӕйӕ ӕнтыстджындӕр уыдаиккой. Уый фӕстӕ миссионертӕ бавнӕлдтой бирмӕйаг ӕвзаг ахуыр кӕнынмӕ. Иннӕ аз 5-бонон конгресмӕ сӕйраг хайадӕй ӕрцыд ӕфсымӕр Фредерик Френц. Конгресс цыди Янгоны ӕмӕ дзы Френцӕн уыди сӕйраг раныхӕстӕ. Уый бӕрнон ӕфсымӕрты разӕнгард кодта, цӕмӕй пионерты дард горӕттӕм ӕрвыстаиккой ӕмӕ афтӕмӕй хорз хабар парахат кодтаиккой. Ног пионертӕ кӕм хъусын кодтой, уыцы горӕттӕй фыццаг уыди Мандалай, Бирмӕйы раздӕры сӕйраг горӕт ӕмӕ Янгоны фӕстӕ ӕппӕты стырдӕр горӕт.

Стыр «тыллӕг» Мандалайы

1957 азы райдианы ӕхсӕз сӕрмагонд пионеры ӕрцыдысты Мандалаймӕ. Уым уӕдмӕ лӕггад кодтой, ӕрӕджы сӕ цард чи баиу кодта, уыцы миссионер Роберт Ричардз ӕмӕ йӕ бинойнаг Бейби, уыди каренты адӕмыхаттӕй. Пионертӕ бамбӕрстой, горӕты хъусын кӕнын ӕнцон кӕй нӕу. Мандалай у буддизмы центр ӕмӕ дзы цӕры Бирмӕйы моладзантӕн се ’рдӕг. Фӕлӕ пионертӕ федтой, рагон Коринфы куыд уыди, афтӕ ацы горӕты дӕр Йегъовӕйӕн «бирӕ адӕм» кӕй уыд (Хъуыд. 18:10).

Уыцы адӕмӕй иу уыди Робин Зауджа, 21-аздзыд студент, качинты адӕмыхаттӕй. Уый дзуры: «Иу бон мӕм райсомӕй раджы Роберт ӕмӕ Бейби Ричардз хӕдзармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ загътой, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ стӕм, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цӕуӕм ӕмӕ, Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, адӕмӕн хорз хабар дзурӕм (Матф. 10:11–13). Мемӕ аныхӕстӕ кодтой, сӕ адрис мын загътой, ӕмӕ мын радтой цалдӕр журналы ӕмӕ чиныджы. Уыцы чингуытӕй иу изӕры кӕсын райдыдтон ӕмӕ йӕ суанг райсоммӕ фӕкастӕн, цалынмӕ мын нӕ фӕци, уӕдмӕ. Уыцы бон Робертмӕ хӕдзармӕ бацыдтӕн ӕмӕ йӕм цалдӕр сахаты фарстатӕ лӕвӕрдтон. Уый алы фарстайӕн дӕр дзуапп лӕвӕрдта Библийӕ». Цыбыр рӕстӕгмӕ Робин Зауджа, качинтӕй фыццаг, рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыд. Фӕстӕдӕр цӕгат Бирмӕйы лӕггад кодта сӕрмагонд пионерӕй ӕмӕ иу-100 адӕймагӕн баххуыс кодта рӕстдзинад базонынӕн. Йӕ сывӕллӕттӕй дыууӕйӕ ныр лӕггад кӕнынц Янгоны Вефилы.

Иннӕ зынгзӕрдӕ ахуыргӕнинаг уыди 17-аздзыд чызг Прамилӕ Галлиара, уый рӕстдзинад базыдта Янгоны. «Мӕ фыд джайнизмыл хӕст уыд ӕмӕ тынг карзӕй тох кодта мӕ ног дины ныхмӕ,– загъта Прамилӕ.– Мӕ Библи ӕмӕ мын мӕ литературӕ дыууӕ хатты басыгъта, цалдӕр хатты мӕ уынджы фӕнадта. Стӕй-иу мыл дуӕрттӕ сӕхгӕдта, цӕмӕй ӕмбырдтӕм ма цыдаин. Суанг ма ӕртхъирӕнтӕ дӕр кодта, зӕгъгӕ, ӕфсымӕр Ричардзы хӕдзар басудздзынӕн! Фӕлӕ куы федта, мӕ уырнындзинад фидар кӕй у, уӕд ӕрсабыр ӕмӕ мӕ ныхмӕ нал цыд». Прамилӕ университет каст куы фӕци, уӕд сси зынгзӕрдӕ пионер ӕмӕ фӕстӕдӕр районон цӕстдарӕг Данстан О’Ниллмӕ чындзы ацыд. Уӕдӕй абонмӕ 45 адӕймагӕн баххуыс кодта рӕстдзинады фӕндагыл слӕууынӕн.

Кӕд Мандалайы нырма бирӕ куыст уыд, уӕддӕр Ӕхсӕнады офис алы рӕттӕм ӕрвыста миссионерты кӕнӕ пионерты, зӕгъӕм, Патейн (Бассейн), Калеймьо, Бхамо, Мьичинӕ, Моламьяйн ӕмӕ Мьеймӕ (Мергуи). Йегъовӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн кӕй арфӕ кодта, уый бӕрӕг уыди, уыцы горӕттӕй алкӕцыйы дӕр фидар ӕмбырдтӕ кӕй фӕзынд, уымӕй.

Миссионерты бӕстӕйӕ рарвыстой

Хъусын кӕныны хъуыддаг парахат кодта. Фӕлӕ политикон ӕмӕ националон змӕстытӕ тынгӕй-тынгдӕр кодтой. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг, 1962 азы мартъийы, ӕфсӕдтӕ хицауадыл фӕтых сты ӕмӕ бартӕ сӕ къухмӕ райстой. Индиӕгтӕ ӕмӕ англо-индиӕгтӕй сӕдӕгай минты арвыстой Индимӕ ӕмӕ Бангладешмӕ (фӕстӕдӕр Скӕсӕн Пакистан), ӕмӕ фӕсарӕйнӕгтӕн та визӕтӕ лӕвӕрдтой ӕрмӕстдӕр 24 сахатмӕ. Афтӕ рауад, цыма Бирмӕ йӕхиуыл дуӕрттӕ сӕхгӕдта.

Ӕфсымӕрты уыцы хабӕрттӕ мӕты ӕфтыдтой. Ӕфсӕддон хицауад сӕрибарӕй архайыны бар лӕвӕрдта, политикӕйы йӕхи чи нӕ тъыста, ӕрмӕстдӕр уыцы динтӕн. Фӕлӕ уӕддӕр чырыстон динты миссионертӕ политикӕйы архайдтой. Ӕмӕ 1966 азы майы хицауад уыцы хъуыддагӕн кӕрон скодта – сӕ бӕстӕйы цыдӕриддӕр фӕсарӕйнаг миссионертӕ уыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр рарвыста! Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты миссионертӕн политикӕимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы уыди, уӕддӕр уыдоны дӕр рарвыстой.

Бынӕттон ӕфсымӕртӕ арвыцӕфау фесты, фӕлӕ сӕ ныфс нӕ асаст. Уыдон зыдтой, Йегъовӕ Хуыцау сӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн (Дык. з. 31:6). Фӕлӕ иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ мӕт кодтой, Паддзахады тыххӕй хорз хабар дарддӕр куыд парахат кӕндзӕн, ууыл.

Тынг тагъд федтой Йегъовӕйы разамынд. Морис Радж раздӕр уыди районон цӕстдарӕг ӕмӕ йӕ офисы бирӕ цӕуылдӕртыл сахуыр кодтой. Уыцы хабӕртты фӕстӕ йын уайтагъд бахӕс кодтой, цӕмӕй офисмӕ йӕ хъус дардтаид. Морис уыди индиаг, фӕлӕ йӕ иннӕ индиӕгтимӕ Мьянмӕйӕ нӕ арвыстой. «Уымӕй цалдӕр азы размӕ мӕ гӕххӕттытӕ балӕвӕрдтон, цӕмӕй бирмӕйаг гражданство райстаин,– дзуры Морис.– Фӕлӕ мын гражданство райсынӕн нӕ фаг кодта 450 кьятыd, ӕмӕ уал уыцы хъуыддаг ныууагътон. Иубон фӕцӕйцыдтӕн, раздӕр кӕм куыстон, уыцы компанийы офисы рӕзты, мӕ раздӕры хицау мӕ ауыдта ӕмӕ мӕм фӕхъӕр кодта: „Радж, рацу ӕмӕ де ’хца ахӕсс. Куыстӕй куы цыдтӕ, уӕд сӕ нӕ райстай“. Уыди дзы растдӕр 450 кьяты».

«Офисӕй куы рацӕйцыдтӕн, уӕд хъуыды кодтон, 450 кьяты цӕуыл бахардз кӕндзынӕн, ууыл. Фӕлӕ мӕ гражданство райсынӕн цас ӕхца хъуыди, уыдон растдӕр уыйбӕрц кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кодтон, зӕгъгӕ, ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй сӕ ууыл бахардз кӕнон. Уыцы уынаффӕ уыд ӕппӕты растдӕр. Уыцы рӕстӕг индиӕгты Бирмӕйӕ ӕрвыстой, мӕнмӕ та гражданство кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ мӕ бон уыд уым баззайын, ӕнӕкъуылымпыйӕ иу ранӕй иннӕ ранмӕ цӕуын, литературӕ ласын, ӕмӕ ма хъусын кӕныны хъуыддагимӕ баст чи уыд, ӕндӕр ахӕм ахсджиаг хъуыддӕгтӕ дӕр кӕнын».

Морис ӕмӕ Данстан О’Нилл сфӕнд кодтой ӕгас бӕстӕйыл дӕр ӕрзилын ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ӕмбырдтӕ ӕмӕ хицӕн къордтӕ уыди, уыдон бафидар кӕнын. «Мах ӕфсымӕртӕн загътам: „Тыхсгӕ дӕр ма кӕнут, Йегъовӕ немӕ ис. Иузӕрдион ыл куы уӕм, уӕд нын ӕххуыс кӕндзӕн“,– дзуры Морис.– Ӕмӕ нын Йегъовӕ ӕцӕгдӕр баххуыс кодта! Фӕзынди нӕм бирӕ ног сӕрмагонд пионертӕ, ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг ноджы тынгдӕр апарахат».

Морис лӕггад кӕны филиалы комитеты. Ӕмӕ, 46 азы размӕ куыд уыди, афтӕ ныр дӕр ӕгас Мьянмӕйыл зилы ӕмӕ ӕмбырдтӕ фидар кӕны. Рагон Израилы ацӕргӕ Халевау уый дӕр Хуыцауы хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ архайы (Йес. Н. 14:11).

Ацыдысты штат Чинмӕ

Сӕрмагонд пионерты кӕдӕм арвыстой, уыдонӕй фыццаг уыд штат Чин, Бангладеш ӕмӕ Индимӕ ’ввахс хӕхбӕстӕ. Уыцы ран цӕры, йӕхи чырыстон чи хоны, бирӕ ахӕм адӕм. Уыдон сты, Мьянмӕ Британийы колони куы уыди, уӕд дзы чи ӕрбынат кодта, уыцы баптист-миссионерты фӕдылдзӕуджытӕ. Уымӕ гӕсгӕ чинты адӕмыхаттӕн сӕ фылдӕрмӕ уыди Библитӕ, ӕмӕ Библи чи амыдта, уыдонӕн стыр аргъ кодтой.

1966 азы кӕрон ӕфсымӕр Лал Чана (раздӕр уыди ӕфсӕддон, ныр та сӕрмагонд пионер) ӕрцыд Пхаланмӕ, уыцы заманы штат Чины ӕппӕты стырдӕр горӕтмӕ. Уым лӕггад кодта Данстан ӕмӕ Прамилӕ О’Ниллимӕ ӕмӕ Тан Тумимӕ. Ӕфсымӕр Тан Тум дӕр уыди ӕфсӕддон ӕмӕ ӕрӕджы райста донаргъуыд. Уыцы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ ссардтой, зӕрдиагӕй сӕм чи байхъуыста, ахӕм бинонтӕ, уыдысты цалдӕр, ӕмӕ дзы цасдӕры фӕстӕ фӕзынд гыццыл, фӕлӕ хорз ӕмбырд.

Иннӕ аз Тан Тум ацыд горӕт Хакхамӕ, Пхаланӕй хуссарырдӕм. Уым пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта ӕмӕ дзы гыццыл къорд фӕзынд. Фӕстӕдӕр ӕрзылди штат Чиныл ӕмӕ баххуыс кодта, цӕмӕй ӕмбырдтӕ фӕзындаид Ванхна, Суркхуа, Ганго ӕмӕ ӕндӕр рӕтты. Абон дӕр, 45 азы фӕстӕ, Тан Тум лӕггад кӕны сӕрмагонд пионерӕй йӕ райгуырӕн хъӕу Ванхнайы.

Тан Тум Хакхайӕ куы ацыди, уӕд йӕ бӕсты баззад 20-аздзыд сӕрмагонд пионер Доналд Дьюар. Доналды ныййарджыты, Фрэнк ӕмӕ Лили Дьюары (раздӕр Мей), Мьянмӕйӕ арвыстой ӕмӕ ма йемӕ баззад йе ’фсымӕр Самьюэл, цыди йыл 18 азы. «Мах цардыстӕм зестӕй конд гыццыл халагъуды, сӕрды дзы тӕвдӕй сулӕфӕнтӕ нӕ уыди, зымӕджы та дзы сӕлгӕ кодтам,– дзуры Доналд.– Фӕлӕ иунӕг кӕй уыдыстӕм, уымӕй зындӕр мын ницы уыди. Ӕдзух хъусын кодтон иунӕгӕй, стӕй ма бынӕттон ӕвзагыл, хака-чиныл, тынг ӕвзӕр дзырдтон. Ӕмбырдтӕм цыдыстӕм ӕз ӕмӕ Самьюэл, ӕмӕ ма иу-дыууӕ хъусынгӕнӕджы. Цасдӕры фӕстӕ мын депресси райдыдта ӕмӕ мӕ фӕндыд уырдыгӕй ацӕуын.

Уыцы рӕстӕг ӕз кастӕн „Ӕрвылазон чиныг“. Фыст дзы уыди, Малавийы не ’фсымӕрты ныхмӕ карзӕй куыд цыдысты, фӕлӕ иузӕрдионӕй куыд баззадысты, уый тыххӕйe. Мӕхимӕ радтон ахӕм фарста: „Иунӕг кӕй дӕн, уымӕн куы нӕ фӕразын, уӕд, мӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд та куыд бафӕраздзынӕн?“ Мӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ Йегъовӕйӕн радзырдтон ӕмӕ мын фенцондӕр. Тыхтӕ ма мын лӕвӕрдта, Библи ӕмӕ „Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы“ статьятӕ кӕй кастӕн ӕмӕ сыл кӕй хъуыды кодтон, уый. Морис Радж ӕмӕ нӕ Данстан О’Нилл ӕнӕнхъӕлӕджы куы бабӕрӕг кодтой, уӕд цыма дыууӕ зӕды федтон, афтӕ фӕдӕн! Мӕ лӕггад та мын сындӕггай циндзинад хӕссын райдыдта».

Фӕстӕдӕр, Доналд цӕугӕ цӕстдарӕг куы уыди, уӕд-иу йӕ хабӕрттӕ дзырдта, дард рӕтты иунӕгӕй чи лӕггад кодта, уыцы Ӕвдисӕнтӕн, цӕмӕй сӕ бафидар кодтаид. Хакхайы дӕр йӕ лӕггад стыр тыллӕг радта. Абон дзы ис тынг хорз ӕмбырд ӕмӕ дзы ӕдзухдӕр вӕййы конгресстӕ. Хакхайы ӕмбырдтӕм чи цыди, дыууӕ ахӕм хъусынгӕнӕджы, Джонсон Лал Вун ӕмӕ Даньел Сан Кха, систы зынгзӕрдӕ сӕрмагонд пионертӕ. Уыдон стыр ӕххуыс бакодтой, цӕмӕй штат Чины алы рӕтты хорз хабар апарахат уыдаид.

Хӕхтыл цӕуынц

Штат Чин денджызӕй у 900–1800 метры бӕрзонддӕр. Ӕмӕ йӕ хӕхтӕ хӕццӕ кӕнынц 3 000 метры онг. Хӕхтӕй бирӕтӕ сты тархъӕдтӕй ӕмбӕрзт. Бӕрзонд фӕцыдысты тикбӕлӕстӕ ӕмӕ нӕзытӕ. Зайы дзы рӕсугъд рододендронтӕ ӕмӕ орхидеятӕ. Уыцы бынӕттӕм адӕймаг кӕсынӕй не ’фсӕды, фӕлӕ сты зын цӕуӕн. Горӕттӕ кӕрӕдзиимӕ баст сты зылын-мылын фӕндӕгтӕй. Фӕлӕ дзы къӕвдаты рӕстӕг ацӕуӕнтӕ нал вӕййы, ӕмӕ цъыфы зӕйтӕ фӕндӕгтӕ ’рӕхгӕнынц. Хъӕутӕй бирӕтӕм бафтӕн ис ӕрмӕстдӕр фистӕгӕй. Фӕлӕ уыдӕттӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты нӕ къуылымпы кӕнынц, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, адӕмӕн хорз хабар фехъусын кӕной.

Эй Эй Тайӕн йӕ лӕг штат Чины лӕггад кодта районон цӕстдарӕгӕй. Эй Эй радзырдта: «Ӕз схъомыл дӕн цӕугӕдон Иравадийы дӕлвӕзы ӕмӕ Чины хӕхтӕ куы федтон, уӕд мӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыди. Фыццаг хохмӕ уыцы рӕвдз суадтӕн, фӕлӕ йӕ цъупмӕ куы схӕццӕ дӕн, уӕд мӕ улӕфт ахгӕдта. Цалдӕр хохы фӕстӕ афтӕ бафӕлладтӕн, ӕмӕ ӕнхъӕлдтон, амӕлдзынӕн. Ӕппынфӕстаг бамбӕрстон, хӕхтыл цӕуын куыд хъӕуы, уый – тагъд ма кӕн ӕмӕ дӕ хъарутыл ауӕрд. Цасдӕры фӕстӕ-иу мӕ бон уыди иу боны мидӕг 32 километры цӕуын, нӕ балцытӕ та иу ахастой 6 боны кӕнӕ та фылдӕр».

Штат Чины бирӕ азты дӕргъы ӕфсымӕртӕ цӕуыл нӕ цыдысты, ахӕм нал баззад: хӕргӕфстыл, бӕхтыл, велосипедтыл ӕмӕ фӕстӕдӕр та мотоциклтыл, гыццыл грузовиктыл ӕмӕ внедорожниктыл. Фӕлӕ фылдӕр хатт та фистӕгӕй. Цӕмӕй Матупимӕ хӕстӕг хъӕутӕм бацыдаиккой, уый тыххӕй сӕрмагонд пионертӕ Чо Вин ӕмӕ Дейвид Зама хӕхтыл уӕлӕмӕ-дӕлӕмӕ фӕцыдысты бирӕ километртӕ. Зӕгъӕм, цӕмӕй Матупийы ӕмбырд конгресмӕ Хакхамӕ ацыдаид, уый тыххӕй сӕ бахъуыди 270 километрӕй фылдӕр цӕуын, иуырдӕм 6–8 боны ӕмӕ фӕстӕмӕ дӕр уыйбӕрц. Фӕндагыл Паддзахады зарджытӕ зарыдысты ӕмӕ сӕ зард хӕхты дардмӕ хъуысти.

Уыцы балцыты рӕстӕг ӕфсымӕртӕ удхарӕй мардысты, хӕхтыл кӕй цыдысты, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ ма сӕ къогъотӕ ӕмӕ ӕндӕр сасчъытӕ кӕй тыхсын кодтой, уый тыххӕй дӕр, уӕлдайдӕр та къӕвдаты рӕстӕг. «Иухатт хъӕды цӕугӕйӕ федтон, ма къӕхтыл цъулбертӕ куыд сбырынц, уый,– дзуры Мьин Луин, районон цӕстдарӕг.– Куы сӕ аппӕрстон, уӕд та мыл дыууӕ цъулберы сцӕйбырыд. Иу фӕлдӕхт бӕласмӕ сгӕпп кодтон, фӕлӕ та бӕласы хъӕдыл дӕр дуне цъулбертӕ бырын райдыдта. Ме уӕнгтӕ ауазал сты ӕмӕ хъӕдӕй лыгъд радтон. Фӕндагмӕ куы ралыгътӕн, уӕд цъулбертӕй нал зындтӕн».

Фӕлӕ штат Чины чи лӕггад кодта, уыдоны ма хъӕбатырдзинад хъуыд ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. Мьянмӕйы ма ис хъӕддаг хуытӕ, ӕрсытӕ, леопардтӕ ӕмӕ тигртӕ. Стӕй, иуӕй-иутӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй, Мьянмӕйы цас маргджын кӕлмытӕ ис, уыйбӕрц иу бӕстӕйы дӕр нӕй. Облӕстон цӕстдарӕг Гумджа Но ӕмӕ йӕ бинойнаг Нан Лу штат Чины ӕмбырдтӕ куы бӕрӕг кодтой, уӕд-иу ӕхсӕв сӕ алыварс ӕртытӕ скодтой, цӕмӕй сӕм хъӕддаг сырдтӕ ’ввахс ма цыдаиккой!

Уыцы хъусынгӕнджытӕ фӕллад нӕ зыдтой ӕмӕ сӕ фыдӕбон ӕрхаста стыр тыллӕг. «Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ сӕ хъарутыл нӕ ауӕрстой,– зӕгъы Морис Радж.– Ӕмӕ штат Чинӕй ӕндӕр ранмӕ лӕггад кӕнынмӕ куы ацыдысты, уӕддӕр сӕ фӕндыд фӕстӕмӕ ӕрыздӕхын. Сӕ фыдӕбон Йегъовӕйӕн ӕрхаста стыр кад!» Кӕд штат Чины бирӕ цӕрджытӕ нӕй, уӕддӕр дзы абон ис авд ӕмбырды ӕмӕ цалдӕр хицӕн къорды.

«Мьичинӕйы „фыстӕ“ нӕй»

1966 азы цалдӕр сӕрмагонд пионеры ӕрцыд гыццыл рӕсугъд горӕт Мьичинӕмӕ, штат Качины, Китаймӕ ’ввахс. Йӕ алыварс кӕлы цӕугӕдон Иравади. Ӕхсӕз азы размӕ ам гыццыл рӕстӕг хъусын кодтой Роберт ӕмӕ Бейби Ричардз. Уыдон ныффыстой: «Мьичинӕйы „фыстӕ“ нӕй». Фӕлӕ ног пионертӕ ссардтой, рӕстдзинад базонын тынг кӕй фӕндыд, ахӕм адӕмы.

Уыдонӕй иу уыди 19-аздзыд Мья Маун. Уый уыди баптист ӕмӕ Хуыцаумӕ куывта, цӕмӕй бамбӕрстаид, Библийы цы фыст ис, уый. Мья Маун дзуры: «Куыстмӕ мӕм иу пионер куы ’рбацыди ӕмӕ мын Библи ахуыр кӕныны тыххӕй куы загъта, уӕд мӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыди. Мӕхицӕн загътон, зӕгъгӕ мын Хуыцау мӕ куывдтытӕ фехъуыста. Мӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Сан Эйимӕ къуыри дыууӕ хатты райдыдтам ахуыр кӕнын ӕмӕ цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын райдыдтам.

Уыдис нын тынг хорз ахуыргӕнӕг, йӕ ном Уилсон Тейн. Цы кӕнын нӕ хъуыди, уый нын ӕрмӕст дзургӕ нӕ кодта, фӕлӕ ма нын ӕй ӕвдисгӕ дӕр кодта! Ахуыры рӕстӕг-иу цы базыдтам, уый-иу кӕрӕдзийӕн радзырдтам ӕмӕ-иу равдыстытӕ дӕр бацӕттӕ кодтам. Афтӕмӕй сахуыр стӕм Библийӕ хорз пайда кӕнын, ныфсджынӕй хъусын кӕнын, стӕй ма ӕмбырды раныхӕстӕ цӕттӕ кӕнын ӕмӕ сӕ дзурын дӕр. Уымӕй уӕлдай ма базыдтам, нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, уый дӕр. Уилсон Тейн-иу рагацау нӕ раныхӕстӕй алкӕцымӕ дӕр байхъуыста ӕмӕ-иу нын загъта, фӕхуыздӕр кӕнын нӕ цы хъуыди, уый. Фӕлмӕнӕй нын кӕй амыдта, уый нӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй нӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрдтаиккам.

Абон уыцы ӕфсӕнвӕндаджы фӕйнӕфарс цы горӕттӕ ис, уым, Намти, Хоупин, Мохньин ӕмӕ Катӕйы, ис диссаджы ӕмбырдтӕ

1968 азы ӕз ӕмӕ Сан Эй райдыдтам пионертӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ Мьичинӕйы пионертыл бафтыд – ныр уыдыстӕм 8 адӕймаджы. Нӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ уыдысты нӕ мад ӕмӕ нӕ авд мадызӕнӕджы, уыдон се ’ппӕт дӕр рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыдысты. Хъусын ма кодтам Мьичинӕйӕ Мандалаймӕ цы ӕфсӕнвӕндаг цыди, уый фӕйнӕфарс цы горӕттӕ ӕмӕ хъӕутӕ уыди, уым дӕр, ӕмӕ-иу нӕ балцытӕ ахастой ӕртӕ боны бӕрц. Цы мыггӕгтӕ байтыдтам, уыдон фӕстӕдӕр ӕвзартӕ суагътой. Абон уыцы ӕфсӕнвӕндаджы фӕйнӕфарс цы горӕттӕ ис, уым, Намти, Хоупин, Мохньин ӕмӕ Катӕйы, ис диссаджы ӕмбырдтӕ».

Мьичинӕйы куыстуӕттӕ кӕм уыди, уым хъусын кӕнгӕйӕ Сан Эй фембӕлд Пхум Рамыл, уыди баптист, качинты адӕмыхаттӕй. Уый куыста хицауады офисы. Пхум Рам рӕстдзинад базыдта ӕмӕ ацыд Путаомӕ, Гималайты хохрӕбын гыццыл горӕтмӕ. Уым хъусын кодта йӕ хӕстӕджытӕн, ӕмӕ гыццыл фӕстӕдӕр ӕмбырдмӕ цӕуын райдыдта 25 адӕймаджы. Пионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ Пхум Рам баххуыс кодта йӕ ус, йӕ авд сывӕллон ӕмӕ ма йӕ хӕстӕджытӕй кӕмӕндӕрты, цӕмӕй рӕстдзинад базыдтаиккой. Абон лӕггад кӕны Мьичинӕйы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ пионерӕй.

Вагӕттӕ фӕхицӕн кодтой

Штат Качины ӕмбырдтӕ кӕй фылдӕр кодтой, уымӕ гӕсгӕ 1969 азы филиал спълан кодта ӕхсӕнадӕмон конгресс Янгоны нӕ, фӕлӕ Мьичинӕйы ауадзын. Уыцы конгрессы ном уыди «Сабырдзинад зӕххыл». Конгресдзауты Янгонӕй цӕгатырдӕм Мьичинӕмӕ хъуыди ацӕуын 1 100 километрӕй фылдӕр. Филиал Бирмӕйы ӕфсӕнвӕндаджы компанимӕ фӕдзырдта, цӕмӕй сын ӕхсӕз вагоны радтаиккой. Ахӕм курдиат уыд тынг ӕнахуыр, уымӕн ӕмӕ штат Качины ӕдзух уыди змӕстытӕ ӕмӕ йын йӕ бацӕуӕнтӕ хъахъхъӕдтой ӕфсӕддонтӕ. Фӕлӕ ӕфсымӕрты дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыди, ӕфсӕнвӕндаджы хицау сын сӕ курдиатӕн разыйы дзуапп куы радта, уӕд.

Конгресдзауты поезд Мьичинӕмӕ цы бон хъуамӕ ӕрцыдаид, уыцы бон Морис Радж ӕмӕ ӕндӕр ӕфсымӕртӕ станцӕмӕ сӕ размӕ рацыдысты. Морис дзуры: «Нӕ уазджытӕм куы ’нхъӕлмӕ кастыстӕм, уӕд станцӕйы хицау ралыгъд ӕмӕ нын загъта, телеграммӕ кӕй райста. Фыст дзы уыд, нӕ конгресдзаутӕ цы вагӕтты цыдысты, уыдон поездӕй кӕй фӕхицӕн кодтой ӕмӕ сӕ Мандалай ӕмӕ Мьичинӕйы ’хсӕн кӕй ныууагътой. Ӕвӕццӕгӕн, поездӕн уыйбӕрц вагӕттӕ хӕрдмӕ ласын зын уыд.

Ныр цы хъуамӕ сарӕзтаиккам? Фыццаг уал ахъуыды кодтам, конгресс фӕстӕдӕр скӕнын кӕй хъӕудзӕн. Фӕлӕ та уый тыххӕй дӕр хъуыдаид хицауадмӕ курдиӕттӕ ӕрвитын, ӕмӕ та ууыл дӕр цалдӕр къуырийы ацыдаид! Мах дӕр Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй кувын райдыдтам, ӕмӕ дын уӕдмӕ кӕсӕм, ӕмӕ поезд дӕр ӕрбахӕццӕ. Нӕ цӕстытыл нӕ баууӕндыдыстӕм – не ’фсымӕртӕ кӕм уыдысты, уыцы ӕхсӕз вагоны нӕ разы ӕрлӕууыдысты! Сӕ мидбылты худтысты ӕмӕ нӕм сӕ къухтӕ тылдтой. Куы сӕ бафарстам, цы ’рцыди, зӕгъгӕ, уӕд сӕ иу загъта: „Ӕхсӕз вагоны фӕхицӕн кодтой, фӕлӕ ӕндӕр вагӕттӕ уыдысты!“»

«Ӕхсӕз вагоны фӕхицӕн кодтой, фӕлӕ ӕндӕр вагӕттӕ уыдысты!»

Мьичинӕйы ӕхсӕнадӕмон конгресмӕ ӕрбацыд тынг бирӕ адӕм. Конгрессы нын фехъусын кодтой, кӕй рацыд ӕртӕ ног публикацийы бирмӕйаг ӕвзагыл ӕмӕ фондз та англисаг ӕвзагыл. Уымӕй ӕртӕ азы размӕ, миссионерты бӕстӕйӕ куы рарвыстой, уӕд уырнындзинад фидаргӕнӕн литературӕ Бирмӕмӕ цъырттгай цыди. Ныр та цыхцырӕгау кӕлын райдыдта!

Нагайы адӕмыхатт ахуыр кӕнӕм

Уыцы конгрессӕй фондз мӕйы куы рацыд, уӕд филиал райста писмо горӕт Кхамтийы почтӕйы кусӕгӕй. Кхамти ис цӕугӕдоны был, Бирмӕ ӕмӕ Индийы цӕгат-ныгуылӕн арӕныл цы хӕхтӕ ис, уыдоны рӕбын. Ацы ран цӕры адӕмыхатт нага, дихтӕ сты алыхуызон гыццыл знӕмтыл, раздӕр-иу адӕмы тасы ӕфтыдтой, се знӕгты сӕртӕ-иу кӕй ралыг кодтой, уымӕй. Почтӕйы кусӕг Ба Йи, раздӕр уыди адвентист, йӕ писмойы ӕфсымӕртӕм фыста, Библи ахуыр кӕнын ӕй кӕй фӕнды. Филиал уайтагъд арвыста дыууӕ сӕрмагонд пионеры Аун Найн ӕмӕ Вин Пейы.

Вин Пе дзуры: «Кхамтийы аэродромы куы ’рхызтыстӕм, уӕд нӕ къӕхтӕ базыр-зыр кодтой. Нӕ разы лӕууыдысты фидӕрттӕ арӕзт ӕфсӕддонтӕ нагайы адӕмыхаттӕй. Сӕ уӕлӕ ницы уыд, ӕрмӕстдӕр сӕ астӕутыл уыд хъуымацы гӕбаз. Стӕй нӕ размӕ ралыгъд Ба Йи, салам нын радта ӕмӕ нӕ уайтагъд акодта, Библи хуыздӕр базонын кӕй фӕндыд, уыдонмӕ. Гыццыл фӕстӕдӕр уыцы адӕмӕй фондзимӕ райдыдтам Библи ахуыр кӕнын.

Фӕлӕ бынӕттон хицӕуттӕм афтӕ фӕкасти, баптистты пастортӕ кӕй стӕм ӕмӕ бынӕттон змӕнтджытӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм. Кӕд сын ӕмбарын кодтам, политикӕйы кӕй нӕ архайӕм, уӕддӕр нын загътой, цӕмӕй уырдыгӕй ацӕуӕм, афтӕмӕй та дзы иу мӕй дӕр нӕ фестӕм».

Ӕртӕ азы фӕстӕ дзы ног хицауад куы фӕзынд, уӕд Бьяк Мойя, 18-аздзыд пионер ӕрцыд, уый размӕ пионерты кӕцӕй арвыстой, уырдӕм. Гыццыл фӕстӕдӕр Ба Йийы йӕ куыстӕй рарвыстой ӕмӕ уый дӕр пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Фӕстӕдӕр ма уырдӕм ноджыдӕр цалдӕр пионеры ’рцыд. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уыцы зынгзӕрдӕ лӕггадгӕнджыты фыдӕбоны фӕрцы Кхамтийы фӕзынд иу ӕмбырд ӕмӕ ’ввахс хъӕуты та цалдӕр гыццыл къорды. Бьяк Мойя зӕгъы: «Нагайы адӕмыхаттӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм ахуырад нӕ уыд. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхас уарзтой ӕмӕ уыдысты зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ. Уацамынды пайда кодтой, нӕ публикациты цы нывтӕ уыд, уыдонӕй. Стӕй бирӕ стихтӕ бахъуыды кодтой ӕмӕ сахуыр кодтой Паддзахады зарджытӕ дӕр».

Абон Кхамтийы вӕййы облӕстон конгресстӕ, ӕмӕ конгресдзаутӕ ӕрцӕуынц суанг горӕт Хоумалинӕй, уырдыгӕй лодкӕйыл цӕуын хъӕуы 15 сахаты бӕрц.

Нӕ ныхмӕ цӕуынц «Сызгъӕрин ӕртӕкъуымоны»

Уыцы рӕстӕг хъусын кӕныны хъуыддаг парахат кодта бӕстӕйы иннӕ хайы – Китайы, Лаосы ӕмӕ Таиланды арӕнтӕм ӕввахс хӕхбӕсты. Уыцы бынат хонынц «Сызгъӕрин ӕртӕкъуымон», ис дзы рӕсугъд къуылдымтӕ ӕмӕ хъӕздыг зӕххытӕ. Фӕлӕ уыцы рӕсугъддзинад сафы, опиум дзы кӕй аразынц, ӕдзух дзы змӕстытӕ кӕй вӕййы ӕмӕ ма дзы ӕндӕр фыдхъуыддӕгтӕ кӕй кӕнынц, уый. Ахӕм ран хорз хабар чи хъусын кодта, уыцы пионертӕ уыдысты къӕрцхъус ӕмӕ ӕмбаргӕ (Матф. 10:16). Фӕлӕ ӕдзухдӕр сӕ ныхмӕ архайдта иу къорд – аргъуаны сауджынтӕ!

Пионертӕ Робин Зауджа ӕмӕ Дейвид Эйбрахам куы ӕрцыдысты, адӕмӕй ӕмызмӕлд чи кодта, уыцы горӕт Лашомӕ, штат Шан, уӕд сауджынтӕ дзурын райдыдтой, змӕстытӕ уыдоны аххосӕй сты, зӕгъгӕ. Робин загъта: «Ӕрцахстой нӕ ӕмӕ нӕ ахӕстонмӕ акодтой. Уым пъӕлицӕйӕгтӕн нӕ документтӕ равдыстам. Цасдӕры фӕстӕ ӕрбацыд иу ӕфсӕддон майор. „Салам, Зауджа,– загъта уый.– Куыд кӕсын, афтӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Лашомӕ дӕр ӕрхӕццӕ сты!“ Майор разынд ме ’мкъласон, ӕмӕ нӕ уайтагъд ауагъта».

Уыцы дыууӕ пионеры дарддӕр сӕ куыст кодтой ӕмӕ дзы тагъд рӕстӕджы фӕзынд стыр ӕмбырд. Уый фӕстӕ дзы Паддзахады зал дӕр сарӕзтой. Дыууӕ азы фӕстӕ сӕ хицауад йӕхимӕ ’рбацӕуын кодта. Уыди дзы 70 фылдӕр ӕфсӕддон хицауы, знӕмты хистӕртӕ ӕмӕ сауджынтӕ. «Сауджынтӕ тынг мӕстыйӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, адӕмӕн сӕ дины ӕгъдӕуттӕ уадзын кӕнӕм,– загъта Робин.– Дзырды бар нын куы радтой, уӕд сӕ бафарстон, мӕ бон сын у Библийӕ стихтӕ бакӕсын. Ӕмӕ мын бар радтой. Ӕз уайтагъд мӕхинымӕр скуывтон ӕмӕ сын Библийы равдыстон, мӕнг дины ӕгъдӕуттӕ, ӕфсады лӕггад кӕнын ӕмӕ националон церемонитӕм Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы, уый. Мӕ ныхас куы фӕдӕн, уӕд, фембӕлд чи уагъта, уый сыстад ӕмӕ загъта, Бирмӕйы закъонмӕ гӕсгӕ алы адӕймагӕн дӕр бар кӕй ис, цӕмӕй йӕ динмӕ гӕсгӕ Хуыцауӕн сӕрибарӕй кува. Уый фӕстӕ нӕ ссӕрибар кодтой ӕмӕ нын хъусын кӕныны бар радтой, кӕд сауджынтӕн уый сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, уӕддӕр».

Фӕстӕдӕр, Китайы арӕнмӕ ’ввахс гыццыл хъӕу Монпойы цы баптисттӕ уыд, уыдон нын нӕ Паддзахады зал басыгътой. Сӕ фыдракӕнд бынӕттон Ӕвдисӕнты кӕй нӕ фӕтӕрсын кодта, уый куы бамбӕрстой, уӕд ацыдысты ӕмӕ иу сӕрмагонд пионеры хӕдзар дӕр басыгътой, стӕй хоты ӕмӕ ’фсымӕрты хӕдзӕрттӕм цыдысты ӕмӕ сӕм ӕртхъирӕн кодтой. Ӕфсымӕртӕ бынӕттон хицаумӕ бахъаст кодтой, фӕлӕ уый баптистты сӕрыл рахӕцыд. Ӕппынфӕстаг хицауад нӕ хъуыддагмӕ ӕркаст ӕмӕ нын бар радта, цӕмӕй ног Паддзахады зал сарӕзтаиккам, раздӕр кӕм уыд, уым нӕ, ома хъӕуы кӕрон, фӕлӕ хъӕуы тӕккӕ астӕу!

Уырдыгӕй хуссарырдӕм, «Сызгъӕрин ӕртӕкъуымонмӕ» ’ввахс хӕххон хъӕу Лейтойы (штат Карен), ӕфсымӕр Грегори Сарило карз ӕфхӕрд баййӕфта католикон аргъуанӕй. «Хъӕуы сауджын йӕ адӕмӕн загъта, цӕмӕй мын мӕ цӕхӕрадон фесӕфтаиккой,– загъта Грегори.– Уый фӕстӕ мын хӕринаг ӕрбахастой, фӕлӕ мӕ ме ’мбал бафӕдзӕхста, уыцы хӕринагыл марг кӕй ныккодтой, уымӕй. Иу бон мыл фӕндагыл амбӕлд, сауджыны фарс чи уыд, иу ахӕм адӕймаг ӕмӕ мӕ бафарста, райсом дӕр ацы фӕндагыл цӕудзынӕ, зӕгъгӕ. Иннӕ бон ӕндӕр фӕндагыл ацыдтӕн, ӕмӕ уый фӕрцы мӕхи фыдбылызӕй бахызтон ӕмӕ мӕ нӕ амардтой. Хицӕуттӕн куы радзырдтон, марынвӕнд мӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй, уӕд сауджыны ӕмӕ, йӕ фарс чи уыд, уыдоны карзӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй мӕ ӕнцад ныууагътаиккой. Йегъовӕ мӕ бахызта, „марынмӕ мӕ чи хъавыд“, уыдонӕй» (Пс. 35:4).

Сӕхи хызтой политикӕйӕ ӕмӕ хӕстмӕ нӕ цыдысты

Бирӕ азты дӕргъы Бирмӕйы цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд цыди ӕндӕр хъуыддаджы дӕр. Иу адӕмыхатт-иу иннӕимӕ кӕй хӕцыд ӕмӕ-иу политикон змӕстытӕ кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕрты хъуыди фидар фӕлӕууын, цӕмӕй Хуыцауы раз сыгъдӕгӕй баззадаиккой (Иоан. 18:36).

Бирмӕйы хуссар горӕт Танбьюзая зындгонд у, Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг дзы ӕфсӕнвӕндаг станцӕ кӕй сарӕзтой, уымӕй. Иуахӕмы уыцы горӕты змӕнтджытӕ ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ кӕрӕдзимӕ фесты. Иу сӕрмагонд пионер Хла Аун дзуры: «Салдӕттӕ-иу ӕхсӕвыгон хӕдзӕрттыл зылдысты, ӕмӕ-иу нӕлгоймӕгты тыхӕй акодтой, цӕмӕй сын сӕ хӕцӕнгарз хастаиккой. Кӕй акодтой, уыдонӕй бирӕтӕ нал ӕрыздӕхтысты. Иу изӕр Доналд Дьюаримӕ нӕхимӕ куы бадтыстӕм, уӕд та салдӕттӕ зилын райдыдтой. Мӕ бинойнаг нын уайтагъд фӕхабар кодта, ӕмӕ нын афтӕмӕй хъӕдмӕ алидзыны фадат фӕци. Уыцы хабары фӕстӕ мӕ хӕдзары ахӕм бынат сарӕзтон, цӕмӕй-иу дзы амбӕхстаин».

Танбьюзаяйӕ хуссарырдӕм ис горӕт Тавой. Уырдӕм лӕггад кӕнынмӕ ӕрцыд сӕрмагонд пионер Раджан Пандит. Цасдӕры фӕстӕ, бирӕ змӕнтджытӕ кӕм царди, уыцы хъӕуы райдыдта цалдӕр адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын. «Иухатт уыцы хъӕуӕй куыд рацӕйцыдтӕн,– дзуры Раджан,– афтӕ мӕ салдӕттӕ ӕрцахстой ӕмӕ мӕ фӕнадтой. Уыдон хъуыды кодтой, ӕз дӕр змӕнтджытӕй кӕй дӕн. Куы сын загътон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕн, уӕд мӕ рафӕрс-бафӕрс кӕнын райдыдтой, Тавоймӕ куыд ӕрцыдтӕн, уымӕй. Ӕз сын мӕ хӕдтӕхӕджы билет равдыстон, мӕхицӕн ӕй зӕрдылдарынӕн ныууагътон. Уӕд сӕ бауырныдта, змӕнтджытӕй кӕй нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон хӕдтӕхджытыл нӕ фӕтӕхынц, ӕмӕ мӕ ауагътой. Фӕлӕ салдӕттӕ рафӕрс-бафӕрс кӕнын райдыдтой, Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уыдонӕй иуы. Уый сын загъта, ӕрмӕстдӕр Библи кӕй ахуыр кӕнӕм. Уый фӕстӕ мӕ салдӕттӕ нал хъыгдардтой, ӕмӕ ма дзы суанг кӕмӕндӕрты журналтӕ хӕссын дӕр райдыдтон».

Хатт-иу горӕты хицӕуттӕ ӕфсымӕрты хъӕлӕс кӕнын кодтой йе та сӕ националон церемониты архайын кодтой. Иухатт, Янгонӕй 130 километры цӕгатырдӕм, цӕугӕдоны был горӕт Залуны, хицӕуттӕ бынӕттон Ӕвдисӕнты тыхӕй хъӕлӕс кӕнын кодтой. Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ фидар лӕууыдысты ӕмӕ сын Библимӕ гӕсгӕ ӕмбарын кодтой, политикӕйы цӕуылнӕ архайынц, уый (Иоан. 6:15). Уыцы хицӕуттӕ сӕ районы хицауадмӕ Ӕвдисӕнтыл бахъаст кодтой. Фӕлӕ уыдон хорз зыдтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхи политикӕйӕ кӕй хизынц, ӕмӕ ӕфсымӕрты уыцы хӕсӕй ссӕрибар кодтой.

Бирмӕ ӕмӕ Индийы арӕныл горӕт Кхампаты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕй 23 ахуыргӕнинаджы тырысайӕн куы нӕ бакуывтой, уӕд сӕ директор скъолайӕ ратардта. Фӕстӕдӕр уыцы директор дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы фӕхуыдта, бирӕ хицӕуттӕ кӕм уыди, ахӕм ӕмбырдмӕ, уыдысты ма дзы горӕты тӕрхонгӕнӕг ӕмӕ ӕфсады хицау дӕр. «Цӕуыл ӕууӕндӕм, уый сын Библимӕ гӕсгӕ куы бамбарын кодтам, уӕд нӕм хицӕуттӕй чидӕртӕ знаджы цӕстӕй ракастысты,– дзуры хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иу, Пол Кхай Кхан Тан.– Уый фӕстӕ сын равдыстам иу документ – фыст дзы уыди, Бирмӕйы хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн бар кӕй дӕтты, цӕмӕй „тырысайӕн табу кӕныны рӕстӕг ӕнцад лӕууой“. Хицӕуттӕ арвы цӕфау фесты. Стӕй ӕфсады хицау директорӕн загъта, цӕмӕй сывӕллӕтты фӕстӕмӕ скъоламӕ бауадза. Уыцы директор ма уыцы документы къопитӕ радта иннӕ ахуыргӕнджытӕн дӕр».

Абон Мьянмӕйы хицауад хорз зоны, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн политикӕимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр кӕй ницы ис. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ Библийы уагӕвӕрдтыл фидар кӕй хӕцынц, уый фӕрцы, Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хорз хабар хъусын кӕнынц, фадат сын куы фӕзыны, уӕд (Лук. 21:13).

Ӕфсӕддонтӕ систы чырыстӕттӕ

Мьянмӕйы нырыккон историйы ӕрцыд дуне ӕвирхъау хабӕрттӕ. Йӕ цӕрджытӕй бирӕтӕ уыдысты ӕфсӕддонтӕ кӕнӕ змӕнтджытӕ. Фыццаг ӕнусы ромаг ӕфсӕддон Корнилиау уыдонӕй дӕр чидӕртӕ уыдысты «Хуыцауӕн кувӕг адӕм, Хуыцауӕй тарстысты» (Хъуыд. 10:2). Рӕстдзинад куы базыдтой, уӕд тынг бацархайдтой, цӕмӕй Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын райдыдтаиккой.

Хуыцауы Ныхасы фӕрцы ссӕрибар сты ӕнӕуынондзинады рӕхыстӕй ӕмӕ ныр сты уарзондзинады тӕгтӕй баст

Уыдонӕй иу у Хлон Ман, раздӕр уыди ӕфсӕддон-денджызон флоты старшина, ӕмӕ рӕстдзинад базыдта, Моламьяйны куы службӕ кодта, уӕд. «Уыцы тӕккӕ мӕ бафӕндыд хъусын кӕнын,– дзуры уый.– Фӕлӕ ӕфсадӕй рацӕуынмӕ куы хъавыдтӕн, уӕд базыдтон, стырдӕр чин раттынмӕ мын кӕй хъавынц ӕмӕ мӕ иу хъӕздыг ныгуылӕн бӕстӕмӕ ӕфсӕддон скъоламӕ ӕрвитинаг кӕй сты! Фӕлӕ ӕз фидарӕй сфӕнд кодтон Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Мӕ хицӕутты дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыди, отставкӕйы куы ацыдтӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕд. Уыцы хабарыл ныр цӕуы 30 азы, ӕмӕ ӕппындӕр нӕ фӕсмон кӕнын, уӕд цы уынаффӕ рахастон, ууыл. Уымӕй стырдӕр кад ма цы хъуамӕ уа, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнай?!»

Ла Бан Гам госпиталы куы хуыссыди, уӕд ын Робин Зауджа радта чиныг «От потерянного до возвращенного рая»f. Чиныг йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ ма мын ӕй ратт. Фӕлӕ Робинмӕ иу чиныг йеддӕмӕ нӕ уыди ӕмӕ йӕм ӕй иу ӕхсӕвмӕ авӕрдта. Дыккаг бон ӕм Робин куы ӕрбацыд, уӕд ын загъта: «Мӕнӕ дӕ чиныг. Мӕнӕн ныр мӕхи чиныг ис!» Ла Бан Гам ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕбадти, ӕмӕ 250 фарсы кӕм уыди, уыцы чиныг цалдӕр тетрадмӕ рафыста! Цасдӕры фӕстӕ Ла Бан Гам ӕфсадӕй ацыд ӕмӕ ацы чиныджы фӕрцы бирӕтӕн баххуыс кодта рӕстдзинад базонынӕн.

Бирмӕйы ӕфсады капитан Са Тан Тун Аун ӕмӕ паддзахад Вайы иугонд ӕфсӕдты командир Айк Лин штат Шаны джунглиты цалдӕр хатты карз тохы бацыдысты. Ӕппынфӕстаг дыууӕ ӕфсады баныхас кодтой, кӕрӕдзийы ныхмӕ кӕй нал хӕцдзысты, ууыл. Ацы дыууӕ нӕлгоймаджы ӕрцардысты штат Шаны. Фӕстӕдӕр сӕ дыууӕ дӕр рӕстдзинад базыдтой, ӕфсад ныууагътой ӕмӕ донаргъуыд райстой. Раздӕры знӕгтӕ фембӕлдысты районон конгрессы ӕмӕ кӕрӕдзийыл тынг фӕцин кодтой – ныр уыдысты чырыстон ӕфсымӕртӕ! Хуыцауы Ныхасы фӕрцы ссӕрибар сты ӕнӕуынондзинады рӕхыстӕй ӕмӕ ныр сты уарзондзинады тӕгтӕй баст (Иоан. 8:32; 13:35).

Ныхас кӕнынц «алыхуызон адӕмимӕ»

1965 азӕй 1976 азы онг Бирмӕйы хъусынгӕнджыты нымӕц фӕфылдӕр 300 проценты. Ног хъусынгӕнджытӕн сӕ фылдӕр раздӕр цыдысты чырыстон аргъуантӕм. Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ зыдтой, Хуыцауы кӕй «фӕнды, цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тим. 2:4). Уымӕ гӕсгӕ 1970 азты дыккаг ӕмбисӕй фӕстӕмӕ фылдӕр хъусын кӕнын райдыдтой ӕндӕр динтыл хӕст адӕмӕн дӕр, зӕгъӕм, буддисттӕн, индуисттӕн ӕмӕ анимисттӕн.

Зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлдысты. Буддисттӕ Хуыцауыл кӕнӕ Сфӕлдисӕгыл не ’ууӕндынц, индуисттӕ кувынц милуангай хуыцӕуттӕн, Бирмӕйы анимисттӕ та кувынц ӕнӕуынгӕ тыхтӕн – наттӕн. Уыцы динты парахат сты мӕнгуырнындзинӕдтӕ, хинтӕ-кӕлӕнтӕ ӕмӕ спиритизм. Ӕмӕ кӕд сӕ фылдӕр Библи табуйаг чиныгыл нымайынц, уӕддӕр Библи ӕмӕ йӕ ахуырӕдтӕ хорз нӕ зонынц.

Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ зыдтой, Хуыцауы Ныхасы стыр тых кӕй ис ӕмӕ кӕйфӕнды зӕрдӕ дӕр кӕй бацагайдзӕн (Дзут. 4:12). Уыдоны хъуыди ӕрмӕстдӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхыл сӕ ныфс дарын ӕмӕ иннӕты «арӕхстджынӕй ахуыр кӕнын» – адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарын ӕмӕ сӕ сразӕнгард кӕнын сӕ цард фӕивынмӕ (2 Тим. 4:2).

Ӕркӕсӕм, Розалинӕ, сӕрмагонд пионерӕй рагӕй чи лӕггад кӕны, уый буддисттимӕ куыд фӕныхас кӕны, уымӕ. Уый дзуры: «Буддисттӕ Сфӕлдисӕджы тыххӕй куы фехъусынц, уӕд арӕх бафӕрсынц: „Ӕмӕ Сфӕлдисӕджы та чи сфӕлдыста?“ Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ цӕрӕгойтӕ раздӕр уыдысты адӕм. Семӕ куы фӕныхас кӕнын, уӕд сын цӕвиттонӕн ӕрхӕссын сӕ куыйты ӕмӕ сӕ гӕдыты.

– Дӕ куыдз зоны, хицау ын кӕй ис, уый?– бафӕрсын ӕз.

– О.

– Ӕмӕ зоны йӕ хицау кӕм кусы, йӕ цардӕмбал чи у кӕнӕ йӕ царды хабӕрттӕ?

– Нӕ.

– Адӕм дӕр хицӕн кӕнынц Хуыцауӕй, уымӕн ӕмӕ уый у ӕнӕуынгӕ. Уӕдӕ уый гӕнӕн ис, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ куыд фӕзынд, уый тыххӕй алцы зонӕм?

– Нӕ».

«Мыды дон куыд адджын вӕййы, афтӕ адджын уыд мӕ зӕрдӕйӕн ӕфсымӕрты уарзт»

Ахӕм цӕвиттонты фӕрцы сыгъдӕгзӕрдӕ буддисттӕй бирӕты бафӕндыд Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын. Бирӕтӕн рӕстдзинад сӕ зӕрдӕтӕ бацагайдта, ӕфсымӕртӕ семӕ ӕмбаргӕ ныхас кӕй кодтой, ӕрмӕст уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ ма сӕм ӕцӕг уарзондзинад кӕй ӕвдыстой, уый фӕрцы дӕр. Оун Тхвин раздӕр уыди буддист. Уый дзуры: «Нирванӕйы тыххӕй буддизмы цы ахуырад ис, уый абарстон, зӕххыл Дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй Библи цы дзуры, уыимӕ, ӕмӕ мӕм Дзӕнӕт бирӕ хуыздӕр фӕкасти. Фӕлӕ мӕн уырныдта, рӕстдзинадмӕ бирӕ фӕндӕгтӕ кӕй кӕны, стӕй ӕнхъӕлдтон, цы базыдтон, уымӕ гӕсгӕ цӕрын ӕнӕмӕнг кӕй нӕу. Фӕстӕдӕр райдыдтон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын. Мыды дон куыд адджын вӕййы, афтӕ адджын уыд мӕ зӕрдӕйӕн ӕфсымӕрты уарзт ӕмӕ мӕ уый сразӕнгард кодта, Библийӕ цы базыдтон, уымӕ гӕсгӕ цӕрын».

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй адӕймаг йӕ дин фӕива, уый тыххӕй хъӕуы уӕзданӕй ӕмӕ фӕразонӕй архайын. Кумар Чакарабанийӕн йӕ фыд фидар хӕцыд индуизмыл. Кумарыл 10 азы куы цыди, уӕд йӕ фыд иу вефилагимӕ, Джимми Ксавьеримӕ, баныхас кодта, цӕмӕй йӕ кӕсын сахуыр кодтаид. «Мӕ фыд ӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй мӕ ахуыр кӕна диныл нӕ, фӕлӕ ӕрмӕст кӕсын,– дзуры Кумар.– Джимми йын загъта, зӕгъгӕ, кӕсын сахуыр кӕнынӕн хорз у, сывӕллӕттӕн нӕм цы чиныг ис, уый. Мӕ урок-иу куы фӕци, уӕд-иу Джимми мӕ фыдимӕ дӕр аныхас кодта, ӕмӕ бӕрӕг уыди, зӕрдиагӕй йыл кӕй тыхсти. Мӕ фыд-иу ӕм дины фӕдыл фарстатӕ дӕттын куы райдыдта, уӕд-иу ын уый уӕзданӕй загъта: „Библийы йын ис ахӕм дзуапп. Иумӕ ма йӕм ӕркӕсӕм“. Рӕстӕг куыд цыди, афтӕ рӕстдзинад ӕрмӕст мӕ фыд нӕ базыдта, фӕлӕ ма нӕ бинонтӕй 63 адӕймаджы систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ».

Конгресстӕ змӕстыты рӕстӕг

1980 азты ӕмбисы Бирмӕйы политикон уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кодта. Ӕппынфӕстаг 1988 азы дӕсгай минтӕ уынгтӕм рацыдысты ӕмӕ хицауады ныхмӕ сызмӕстой. Фӕлӕ сӕ хицауад уайтагъд ныссабыр кодта ӕмӕ бӕстӕйӕн йӕ фылдӕр хай уыди ӕфсӕддонты дӕлбар.

«Хицӕуттӕ скодтой комендантон сахат ӕмӕ фондз адӕймагӕй фылдӕрӕн иумӕ ӕмбырд кӕнӕн нӕ уыди,– дзуры иу вефилаг Чо Вин.– Тынг мӕт кодтам, облӕстон конгресстӕй ӕнӕхай куы фӕуӕм, ууыл. Фӕлӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл дардтам. Янгоны окруджы командирӕй бар ракуырдтам, цӕмӕй, иу мин адӕймаг кӕм уа, ахӕм конгресс ауадзӕм. Дыууӕ боны фӕстӕ дзы райстам гӕххӕтт разыйы дзуаппимӕ! Ӕндӕр округты хицӕуттӕн-иу ӕй куы равдыстам, уӕд-иу нӕ уыдон дӕр бауагътой конгресстӕ ауадзын. Цы конгресстӕ спълан кодтам, уыдон иууылдӕр Йегъовӕйы фӕрцы ацыдысты!»

Чырыстон фембӕлдтӕ нӕ цух кодтой

1988 азы змӕстыты фӕстӕ Бирмӕйы экономикон уавӕр ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр кодта. Фӕлӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Хуыцауыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕууӕндыдысты, уый бӕрӕг уыди, Паддзахады хъуыддаг фыццаг бынаты кӕй ӕвӕрдтой, уымӕй (Матф. 6:33).

Ӕркӕсӕм Цин Кхан Далы хабармӕ. Уый йӕ бинонтимӕ царди округ Сикайны дард хъӕуы. «Мах фӕнд кодтам облӕстон конгресмӕ Таханмӕ ацӕуын, фӕндагыл нӕ хъуыди цӕуын дыууӕ боны, фыццаг лодкӕйы, стӕй та грузовикыл,– дзуры уый.– Фӕлӕ нӕ кӕрчыты кӕмӕн ныууагътаиккам, уый нӕ уыди. Мах дӕр алцыдӕр Йегъовӕйы бар бакодтам ӕмӕ конгресмӕ ацыдыстӕм. Фӕстӕмӕ куы ’рыздӕхтыстӕм, уӕд нӕ кӕрчытӕй 19 амарди – ахӕм уӕззау рӕстӕг уый стыр зиан уыди. Фӕлӕ иу азы фӕстӕ нӕ кӕрчытӕ систы 60 фылдӕр. Ӕмӕ кӕд уыцы аз нӕ хъӕуы кӕркниз сыстад ӕмӕ адӕмӕн сӕ кӕрчытӕ ныццагъды сты, уӕддӕр махӕн нӕ кӕрчытӕй иу дӕр нӕ фӕхъуыд».

Паддзахады хъуыддаг ма сӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрдтой Аун Тин Ньют ӕмӕ йӕ цардӕмбал Ньен Мьяй дӕр. Уыдон сӕ фараст сывӕллонимӕ цардысты гыццыл хъӕу Кьоншайы, Янгонӕй цӕгат-ныгуылӕнырдӕм 64 километры дарддӕр. Аун Тин Ньют зӕгъы: «Арӕхдӕр хордтам пырындзы кас ӕмӕ халсартӕ. Ӕхца дӕр нӕм нӕ уыди ӕмӕ цы ауӕй кодтаиккам, уый дӕр. Фӕлӕ нӕхимӕ никуы ныхъхъуыстам. Мӕ бинонтӕн загътон: „Йесо йӕ сӕр кӕм ӕркъул кодтаид, уый дӕр ын нӕ уыди. Суанг мӕ бӕласы бын цӕрын куы хъӕуа ӕмӕ сыдӕй куы мӕлон, уӕддӕр Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн“.

«Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?» (Дзут. 13:6).

Иу бон нӕм хӕринаг ӕппындӕр нал уыди. Мӕ бинойнаг ӕмӕ мӕм мӕ сывӕллӕттӕ тыхст хуызӕй кастысты. „Ӕппындӕр ма тыхсут,– фидарӕй сын загътон ӕз.– Хуыцау нӕ нӕ ныууадздзӕн“. Райсомӕй уацамынды ацыдыстӕм, уый фӕстӕ мӕ фыртты акодтон кӕсаг ахсынмӕ. Фӕлӕ кӕсаг иу хӕрды фаг йеддӕмӕ не ’рцахстам. Нӕ кӕсагахсӕн чыргъӕдтӕ доны лилиты цур ныууагътам. Мӕ лӕппутӕн загътон: „Ӕмбырды фӕстӕ та ӕрбацӕудзыстӕм“. Фӕссихор уыди тынг дымгӕ. Куы ’рбаздӕхтыстӕм, уӕд доны лилиты ’хсӕн федтам дуне кӕсӕгтӕ – сӕхи дымгӕйӕ ӕмбӕхстой. Ӕмӕ мах дӕр нӕ чыргъӕдтӕ доны нытътъыстам ӕмӕ тынг бирӕ кӕсаг ӕрцахстам. Ауӕй сӕ кодтам ӕмӕ иу къуырийы фаг хӕринаг балхӕдтам».

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ Мьянмӕйы иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федтой, Хуыцау йӕ диссаджы зӕрдӕвӕрд куыд ӕххӕст кӕны, уый: «Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн». Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй дзурынц: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?» (Дзут. 13:5, 6).

Мыхуыр кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуы

1956 азӕй фӕстӕмӕ Мьянмӕйы мьянмӕйаг (бирмӕйаг) ӕвзагыл алы мӕй дӕр цӕуын райдыдта журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Кӕд Мьянмӕйы ӕдзухдӕр иу адӕмыхатт иннӕимӕ тох кодта, бӕстӕйы цӕрджытӕ змӕстой ӕмӕ экономикон уавӕр ӕвзӕр уыди, уӕддӕр-иу журналы алы номыр дӕр рацыд. Куыд цыди мыхуыр?

Бирӕ азты дӕргъы филиал тӕлмацгонд журналы текстӕй цалдӕр къопийы ӕрвыста хицауадӕй ӕвӕрд цензормӕ. Цензор-иу текстыл йӕ къух куы ӕрфыста, уӕд-иу филиал хицауадӕй бар ракуырдта, цӕмӕй-иу мыхуыр кӕнынӕн гӕххӕтт балхӕдтаид. Уый фӕстӕ-иу ӕфсымӕр гӕххӕтт ӕмӕ журналы текст мыхуыргӕнӕгмӕ ахаста. Уый-иу текст дамгъӕгай мьянмӕйаг (бирмӕйаг) шрифтыл ӕрӕмбырд кодта. Стӕй-иу ӕфсымӕр текст бакаст, цӕмӕй дзы рӕдыдтытӕ ма аирвӕзтаид, ӕмӕ-иу мыхуыргӕнӕг зӕронд станокыл журналӕн цалдӕр къопийы ныммыхуыр кодта. Уыцы къопитӕ-иу арвыстой цензормӕ, уый-иу сын сертификат радта, цӕмӕй-иу журнал мыхуыры рацыдаид. Уыцы хабӕрттыл-иу ацыд цалдӕр къуырийы, стӕй гӕххӕтт дӕр ӕмӕ мыхуыр дӕр хуыздӕрхъуаг уыдысты.

1989 азы филиал райдыдта ног системӕйӕ пайда кӕнын, уый фӕрцы мыхуыр кӕныны хъуыддаг фӕивта. Сӕйраг хайады бацӕттӕ кодтой, бирӕ ӕвзӕгтимӕ кусӕн кӕй фӕрцы ис, ахӕм компьютерон программӕ (MEPS). Компьютертӕ, компьютерон программӕтӕ ӕмӕ фотонаборы машинӕты фӕрцы текст мыхуыр кодтой 186 ӕвзагыл, уыимӕ мьянмӕйаг ӕвзагыл дӕр!g

«Мьянмӕйы компьютеры фӕрцы литературӕ мыхуыр кӕнын ӕппӕты фыццаг райдыдтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ,– зӕгъы Мья Маун, лӕггад кодта филиалы.– Цӕмӕй ацы системӕ (MEPS) мьянмӕйаг ӕвзагыл куыстаид, уый тыххӕй нӕ филиал дамгъӕтӕ бацӕттӕ кодта, ӕмӕ уый хуыздӕрырдӕм фӕзынд Мьянмӕйы мыхуыргӕнӕн хъуыддагыл. Адӕм не ’мбӕрстой, нӕ бон куыд сси ахӕм рӕсугъд дамгъӕтӕ саразын». MEPS-ы фӕрцы ма нӕ бон уыди ног мадзӕлттӕй пайда кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй нӕ литературӕ мыхуыр кӕнын. Стӕй ма MEPS-ы фӕрцы къамтӕ ӕмӕ нывты хъӕд дӕр фӕхуыздӕр ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» хуыз зӕрдӕмӕдзӕугӕдӕр сси.

1991 азы Мьянмӕйы хицауад бар радта, цӕмӕй журнал «Пробудитесь!» уадзын райдыдтаиккам ӕмӕ ӕфсымӕрты цинӕн кӕрон дӕр нал уыди. Цин кодтой иннӕ адӕм дӕр! Информацийы министрады стыр бынат чи ахста, ахӕм хицау загъта: «Журнал „Пробудитесь!“ тынг хицӕн кӕны иннӕ динты журналтӕй. Вӕййы дзы бирӕ цымыдисаг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн статьятӕ. Мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы».

Иу-20 азмӕ журналты нымӕц фӕфылдӕр 900 проценты бӕрц!

Иу-20 азы размӕ филиал алы мӕй дӕр мыхуыр кодта 15 000 журналы, абон та сӕ нымӕц ахызт 141 000. Журналты нымӕц фӕфылдӕр 900 проценты бӕрц! Янгоны дӕр ӕмӕ ӕгас бӕстӕйы дӕр адӕм хорз зонынц ӕмӕ уарзынц кӕсын журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Пробудитесь!».

Хъӕуы ног филиал

1988 азы змӕстыты фӕстӕ, Мьянмӕйы цы организацитӕ ӕмӕ динтӕ уыди, уыдонӕн ӕфсӕддон хицауад загъта, цӕмӕй регистраци скодтаиккой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕфсымӕртӕ уыцы фадатӕй спайда кодтой. Дыууӕ азы фӕстӕ, 1990 азы 5 январы Мьянмӕйы хицауад «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты (Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы) Ӕхсӕнад» регистраци скодта.

Уыцы рӕстӕг ӕфсымӕртӕ офисы бынат фӕивтой. 39-ӕм уынгӕй, центрӕй йӕ ахастой, горӕты цӕгатварс цы хъӕздыг район уыди, уырдӕм. Иньяйы уынджы балхӕдтой дыууӕуӕладзыгон хӕдзар ӕмӕ зӕхх 2 000 квадратон метрӕй фылдӕр. Фӕлӕ ног агъуысты фезмӕлӕн нӕ уыд. Уыцы рӕстӕг Мьянмӕмӕ ӕрцыд зоналон цӕстдарӕг Вив Мориц. Уый дзуры: «25 вефиладжы лӕггад кодтой тынг уӕззау уавӕрты. Къухнийы пец нӕ уыди ӕмӕ дзы чи куыста, уыцы хо хӕринаг арӕзта плиткӕйыл. Гӕрзтӕхсӕн машинӕ дӕр сӕм нӕ уыд ӕмӕ хо гӕрзтӕ ӕхсадта, пъолы цы дзыхъхъ уыди, уым. Ӕфсымӕрты фӕндыди пец дӕр ӕмӕ гӕрзтӕхсӕн машинӕ дӕр балхӕнын, фӕлӕ сын бар нӕ уыд, цӕмӕй сӕ Мьянмӕмӕ баластаиккой».

Бӕрӕг уыд, ӕфсымӕрты стырдӕр филиал кӕй хъуыди. Уымӕ гӕсгӕ Разамонӕг совет бар радта, цӕмӕй дыууӕуӕладзыгон хӕдзар фехӕлдтаиккой ӕмӕ йӕ бӕсты самадтаиккой, вефилӕгтӕ кӕм цардаиккой ӕмӕ кӕм куыстаиккой, ахӕм цыппаруӕладзыгон хӕдзар. Фӕлӕ цалынмӕ ӕфсымӕртӕ куыстмӕ бавнӕлдтаиккой, уӕдмӕ сӕ хъуыди стыр цӕлхдурты сӕрты ахизын. Фыццаг уый, ӕмӕ сӕ арӕзтадӕн бар ракурыны тыххӕй хъуыди ӕхсӕз алыхуызон хицаумӕ бацӕуын, сӕ иу иннӕмӕй стырдӕр бынат ахста. Дыккаг, бынӕттон аразджытӕ нӕ зыдтой ӕфсӕйнаг каркасӕй конд агъуыстытӕ аразын. Ӕртыккаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн алы бӕстӕты цы ӕххуысгӕнджытӕ ис, уыдонӕн бар нӕ уыд Мьянмӕмӕ ӕрцӕуын. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг, аразӕн ӕрмӕг нӕдӕр бӕстӕйы уыд балхӕнӕн, нӕдӕр фӕсарӕнтӕй ӕрбаласӕн. Афтӕ зынди, цыма уыцы хъуыддагӕй ницы рауайдзӕн. Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ сӕ ныфс дардтой Йегъовӕйыл. Кӕд Йегъовӕйы фӕндон уа, уӕд ног Вефил арӕзт ӕрцӕудзӕн (Пс. 127:1).

«Хъаруйы фӕрцы [нӕ], фӕлӕ мӕ тыхы фӕрцы»

Чо Вин лӕггад кӕны филиалы юридикон хайады. Уый радзырдта ахӕм хабар: «Аразыны тыххӕй цы курдиат балӕвӕрдтам, уымӕ ӕхсӕз хицауӕй фондз ӕркасти, уыимӕ Дины хъуыддӕгты министрад дӕр. Стӕй нын горӕт Янгоны Райрӕзты комитеты загътой, цыппаруӕладзыгон агъуыст ӕгӕр бӕрзонд кӕй уыдзӕн ӕмӕ нын нӕ курдиатӕн разыйы дзуапп нӕ радтой. Нӕ курдиат та сӕм ногӕй куы балӕвӕрдтам, уӕд та нын ӕй фӕстӕмӕ раздӕхтой. Филиалы комитет мын загъта, цӕмӕй дарддӕр дӕр архайдтаин. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй скуывтон ӕмӕ та курдиат ӕртыккаг хатт балӕвӕрдтон. Ӕмӕ нын разыйы дзуапп радтой!

Уый фӕстӕ курдиат балӕвӕрдтам Иммиграцийы министрадмӕ. Министрады кусджытӕ нын загътой, фӕсарӕйнӕгтӕн кӕй ратдзысты туристты визӕтӕ ӕрмӕстдӕр авд бонӕн. Фӕлӕ сын куы бамбарын кодтам, зӕгъгӕ нӕ фӕсарӕйнаг кусджытӕ ног мадзӕлттӕм гӕсгӕ аразын ахуыр кӕндзысты, уӕд сын визӕтӕ радтой 6 мӕйӕн.

Стӕй бацыдыстӕм Базарады министрадмӕ ӕмӕ нын уым загътой, зӕгъгӕ, ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕппындӕр ницы ис ласӕн. Фӕлӕ сын куы бамбарын кодтам, цы аразӕм, уый, уӕд нын лицензи радтой, цӕмӕй Мьянмӕмӕ иу милуан доллӕры аргъ арӕзтадон ӕрмӕг ӕрбаластаиккам. Фӕлӕ уыцы хъуыддаджы тыххӕй хъуыди хъалон бафидын. Финансты министрадмӕ куы бацыдыстӕм, уӕд нӕ бауагътой ӕрмӕг ӕнӕ хъалонӕй ӕрбаласын! Ацы ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты мах федтам, Хуыцауы ныхӕстӕ раст кӕй сты: „Нӕдӕр ӕфсады фӕрцы, нӕдӕр хъаруйы фӕрцы, фӕлӕ мӕ тыхы фӕрцы ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕттӕ,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ“» (Зах. 4:6).

1997 азы Мьянмӕмӕ ӕрцыдысты ӕххуысгӕнджытӕ. Ӕрмӕгӕн йӕ фылдӕр хай балӕвар кодтой Австралийы ӕфсымӕртӕ. Ӕрмӕг ма ӕрбарвыстой Малайзи, Сингапур ӕмӕ Таиландӕй. Арӕзтадмӕ йӕ хъус дардта Брюс Пикеринг. Уый дзуры: «Австралийы цалдӕр ӕфсымӕры ӕфсӕйнаг каркасы рамкӕтӕ ӕрцӕттӕ кодтой ӕмӕ сӕ стӕй Мьянмӕмӕ ӕрластой, ӕмӕ сӕ уым ӕрӕмбырд кодтой. Диссаг уыд, уыцы конструкцийы хӕйттӕ кӕрӕдзийыл куыд хорз сбадтысты, уый!» Ӕххуысгӕнджытӕ ӕрцыдысты Великобритани, Фиджи, Германи, Греци, Ног Зеланди ӕмӕ Иугонд Штаттӕй.

Фӕстаг 30 азы бынӕттон хъусынгӕнджытӕн фыццаг хатт сӕ бон уыди фӕсарӕйнаг хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты фенын. «Ацы хабар нӕм рӕсугъд фыны хуызӕн каст,– дзуры Доналд Дьюар.– Нӕ зӕрдӕтӕ нын тынг бацагайдта, ӕххуыс кӕнынмӕ чи ’рцыд, уыдон Йегъовӕйы ӕмӕ ӕфсымӕрты куыд тынг уарзынц ӕмӕ куыд удуӕлдайӕ архайынц, уый». Ӕндӕр ӕфсымӕр та зӕгъы: «Бацамыдтой ма нын, аразын куыд хъӕуы, уый дӕр. Ӕрмӕстдӕр сойын цырӕгътӕй чи пайда кодта, уыцы хъусынгӕнджытӕ базыдтой, куыд хъӕуы электрон рухсы телтӕ уадзын. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр веертӕй чи пайда кодта, уыдон та сахуыр сты кондиционертӕ ӕвӕрын. Мах ма базыдтам, электрон тыхӕй чи куыста, суанг ахӕм инструменттӕй архайын дӕр!»

Ӕххуысгӕнджытӕн дӕр сӕ зӕрдӕ бацагайдта Мьянмӕйы хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинад. «Кӕд ӕфсымӕртӕ мӕгуыр цардысты, уӕддӕр уыдысты тынг рӕдау,– дзуры Брюс Пикеринг.– Бирӕтӕ-иу нӕ сӕхимӕ фӕхуыдтой ӕмӕ-иу иумӕ къӕбӕр бахордтам. Кӕд сын уыцы хӕринаг цалдӕр боны фаг уыдаид, уӕддӕр нын ӕй не ’вгъау кодтой. Сӕ цӕвиттон нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, царды ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уый – бинонтӕ, уырнындзинад, не ’фсымӕртӕ ӕмӕ Хуыцауы арфӕдзинад».

2000 азы 22 январы ног филиалы агъуыстытӕ Йегъовӕйӕн снывонд кодтой. Уый фӕдыл фембӕлд ауагътой Националон театры. Сӕйраг раныхас уыд ӕфсымӕр Джон Баррӕн, Разамонӕг советӕй, ӕмӕ йӕ раныхас бынӕттон ӕфсымӕрты тынг бафидар кодта.

Аразынц ног Паддзахады залтӕ

Ног филиалы арӕзтад кӕронмӕ куыд хӕццӕ кодта, афтӕ ӕфсымӕртӕ се ’ргом аздӕхтой ӕндӕр ахсджиаг хабармӕ – Паддзахады залтӕ аразынмӕ. 1999 азы Японийӕ ӕрцыдысты Нобухико ӕмӕ Ая Коямӕ. Нобухикойы ӕххуысӕй филиалы фӕзынди Паддзахады залтӕ аразыны хайад. «Ӕфсымӕртӕ ӕнӕхъӕн бӕстӕйыл дӕр райдыдтой бӕрӕг кӕнын, Ӕвдисӕнтӕ ӕмбырдтӕ кӕм уагътой, уыцы бынӕттӕ. Цӕуын сӕ хъуыди автобустыл, мотоциклтыл, велосипедтыл, лодкӕты, фистӕгӕй ӕмӕ хӕдтӕхджытыл тӕхын,– дзуры Нобухико.– Фӕсарӕйнӕгтӕн бирӕ районтӕм цӕуыны бар кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу нӕ арӕх бахъуыд хицӕуттӕй бар ракурын. Паддзахады залтӕ кӕм хъӕуы, уый-иу куы сбӕрӕг кодтам, уӕд-иу Разамонӕг совет ӕхца рахицӕн кодта, мӕгуыр бӕстӕты Паддзахады залтӕ аразыны хъуыддагӕн цы фонд ис, уырдыгӕй.

Ӕххуысгӕнджыты къорд куы снысан кодтам, уӕд Янгонмӕ ’ввахс, Швепьитайы, райдыдтой фыццаг зал аразын. Фӕсарӕйнаг ӕмӕ бынӕттон ӕфсымӕртӕ иумӕ куыстой, ӕмӕ уымӕй дисы ӕфтыдтой пъӕлицӕйы кусджыты. Уыдон сын цалдӕр хатты сӕ куыст баурӕдтой – фӕндыд сӕ базонын, мьянмӕйӕгтӕн уый бар ис, цӕмӕй фӕсарӕйнӕгтимӕ иумӕ кусой. Иннӕтӕ та-иу ӕфсымӕртӕй ӕппӕлыдысты. Иу лӕг дисгӕнгӕ загъта: „Мӕхи цӕстӕй федтон, фӕсарӕйнаг адӕймаг туалет куыд ӕхсы, уый! Фӕсарӕйнаджы ахӕм куыст кӕнгӕ никуыма федтон. Сымах ӕцӕгдӕр диссаджы адӕм стут!“

Уыцы рӕстӕг аразджыты ӕндӕр къорд ног зал арӕзта Мьянмӕ ӕмӕ Таиланды арӕнмӕ ’ввахс горӕт Тачилекы. Тайаг ӕфсымӕртӕ-иу алы бон дӕр арӕныл рахызтысты, цӕмӕй-иу Мьянмӕйы се ’фсымӕртӕн баххуыс кодтаиккой. Кӕд алыхуызон ӕвзӕгтыл дзырдтой, уӕддӕр сӕ уый иумӕ кусын нӕ хъыгдардта. Залы арӕзтад куы фӕуд кодта, уӕд мьянмӕйаг ӕмӕ тайаг ӕфсӕддон къордтӕ арӕны цур кӕрӕдзиимӕ схӕцыдысты. Залы алыварс бомбӕтӕ ӕмӕ нӕмгуытӕ хаудтой, фӕлӕ йыл дзы иу дӕр нӕ сӕмбӕлд. Тох куы банцад, уӕд 72 адӕймаджы залы ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй йӕ Йегъовӕйӕн, фарны Хуыцауӕн, снывонд кодтаиккой».

1999 азӕй фӕстӕмӕ аразджыты къордтӕ ӕнӕхъӕн бӕстӕйы сарӕзтой 65 Паддзахады залӕй фылдӕр

1999 азӕй фӕстӕмӕ аразджыты къордтӕ ӕнӕхъӕн бӕстӕйы сарӕзтой 65 Паддзахады залӕй фылдӕр. Уый бынӕттон хъусынгӕнджытыл куыд фӕзынд? Иу хойӕн фырцинӕй йӕ цӕссыгтӕ ӕргӕр-гӕр кодтой ӕмӕ загъта: «Ӕз хъуыды дӕр никуы акодтон, ӕмӕ нын искуы ахӕм рӕсугъд зал уыдзӕн! Ныр ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайдзынӕн, цӕмӕй адӕмы ӕмбырдтӕм хонон. Стыр бузныг дӕн Йегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ организацийӕ сӕ хӕларзӕрдӕдзинады тыххӕй!»

Миссионертӕ ӕрцыдысты

Мьянмӕ дӕсгай азты дӕргъы йӕ «дуӕрттӕ» ӕхгӕдӕй дардта. Фӕлӕ сӕ 1990 азты сындӕггай гом кӕнын райдыдта. Уымӕ гӕсгӕ филиал хицауадӕй бар ракуырдта, цӕмӕй миссионерты ногӕй бӕстӕмӕ бауагътаид. Ӕппынфӕстаг, 2003 азы январы Японийӕ ӕрцыдысты, Галаады скъола каст чи фӕци, уыцы миссионертӕ – Хироси ӕмӕ Дзюнко Аоки. 37 азы фӕстӕ уыдон уыдысты фыццаг миссионертӕ Мьянмӕйы.

«Фӕсарӕйнӕгтӕ дзы бирӕ кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ хъуыди ӕмбаргӕйӕ архайын, цӕмӕй нӕм хицӕутты зӕрдӕ ӕхсайын ма райдыдтаид,– дзуры Хироси.– Ӕмӕ-иу уый тыххӕй бынӕттон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ цыдыстӕм, ногӕй кӕй бӕрӕг кодтой кӕнӕ Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, уыдонмӕ. Тагъд ӕй бамбӕрстам, мьянмӕйӕгтӕ Хуыцауы тыххӕй дзурын бирӕ кӕй уарзынц. Фыццаг райсом хъусын кӕнынмӕ куы рацыдыстӕм, уӕд фондз адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтам!»

Дзюнко дзуры: «Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый-иу арӕх бамбӕрстам. Горӕт Мандалайы цур кӕимӕдӕр Библи ахуыр кодтам. Иухатт мотоциклыл фӕстӕмӕ куы здӕхтыстӕм, уӕд нӕ цалх фӕхуынкъ. Нӕ мотоцикл батардтам уырдӕм ӕввахс фабрикӕмӕ ӕмӕ сын загътам, цӕмӕй нын баххуыс кодтаиккой. Хъахъхъӕнӕг Хиросийы ӕд мотоцикл мидӕмӕ бауагъта, ӕз та йӕм ӕддейӕ, хъахъхъӕнджытӕ кӕм бадтысты, уым ӕнхъӕлмӕ кастӕн. Хъахъхъӕнӕг мӕ уыцы цымыдисхуызӕй афарста:

– Ам цы кусут?

– Не ’мбӕлттӕм ӕрцыдыстӕм,– загътон ын ӕз.

– Цӕмӕн?– хынцфарст кодта уый.– Хуыцауы тыххӕй дзурут?

Цӕмӕн мӕ фӕрсы, уый кӕй нӕ зыдтон, уымӕ гӕсгӕ йын ницы загътон.

– Цӕй, цы йӕ сусӕг кӕныс! Кӕцы организацийӕ стут?

Мӕ сумкӕйӕ систон журнал „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ ӕмӕ йын ӕй равдыстон.

– Ӕз ӕй зыдтон!– хъӕрӕй загъта уый. Стӕй йе ’мкусджытӕм разылд ӕмӕ сын хъӕрӕй загъта:

– Мӕнӕ ма! Зӕд сын сӕ цалх фӕхуынкъ кодта, цӕмӕй нӕм ӕрбацыдаиккой!

Нӕлгоймаг йӕ сумкӕмӕ нывнӕлдта ӕмӕ дзы Библи ӕмӕ иу трактат систа. Ӕндӕр ран куы цард, уӕд Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кодта, фӕлӕ Мандалаймӕ куы ’рцыд, уӕд сӕ нал ардта. Ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтам. Фӕстӕдӕр ма йе ’мкусджытӕй дӕр чидӕртӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын».

2005 азы ма Мьянмӕмӕ ӕрцыд цыппар миссионеры. Уыдон Филиппинты каст фесты Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола (ныр хуыйны Скъола ӕнӕус ӕфсымӕртӕн). Уыдонӕй иу, Нелсон Хунио, сӕмбӕлд, миссионертӕн арӕх чи вӕййы, уыцы фӕлварӕныл – йӕ хӕдзар мысыд. Уый дзуры: «Изӕрыгӕтты-иу арӕх фӕкуыдтон ӕмӕ-иу фӕкуывтон. Стӕй мын иу хӕларзӕрдӕ ӕфсымӕр равдыста Дзуттӕгтӕм 11:15, 16. Уым фыст ис, Авраам ӕмӕ Саррӕ сӕ хӕдзар Уры кӕй нӕ мысыдысты, фӕлӕ сын Хуыцау кӕдӕм загъта, уырдӕм кӕй ацыдысты. Ацы стихтӕ куы бакастӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ нал куыдтон. Ӕмӕ мӕ кӕдӕм снысан кодтой, уыцы бынат райдыдтон мӕ хӕдзарыл нымайын».

Миссионертӕ бирӕтӕн баххуыс кодтой

Фыццаг ӕнусы апостол Павел Тимофейӕн радта ахӕм уынаффӕ: «Мӕнӕй цы фехъуыстай, уыдӕттӕ бацамон ӕууӕнкджын адӕймӕгтӕн, ӕмӕ уӕд уыдонӕн дӕр сӕ бон уыдзӕн уыдӕттӕ иннӕтӕн амонын» (2 Тим. 2:2). Миссионертӕ ацы уагӕвӕрд сӕ зӕрдӕмӕ айстой ӕмӕ Мьянмӕйы ӕмбырдтӕн ӕххуыс кодтой, цӕмӕй уыдон дӕр архайдтаиккой, Йегъовӕйы организаци ӕгас дунейы дӕр йӕ адӕмӕн цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ.

Зӕгъӕм, миссионертӕ бафиппайдтой, бынӕттон хъусынгӕнджытӕ Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, уыдонӕн кӕй дзырдтой, цӕмӕй-иу дзуапп лӕвӕрдтаиккой комкоммӕ чиныгӕй. Ахӕм мадзалӕй пайда кодтой Мьянмӕйы скъолатӕн сӕ фылдӕры. «Хъусынгӕнджыты фӕразонӕй разӕнгард кодтам, цӕмӕй сӕ ахуыргӕнинӕгтӕм лӕвӕрдтаиккой, сӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ куыд хъуыды кӕнынц, уый цӕй фӕрцы базонӕн уыдаид, ахӕм фарстатӕ,– дзуры Хоэмар Убинья.– Хъусынгӕнджытӕ ацы уынаффӕмӕ зӕрдиагӕй байхъуыстой ӕмӕ хуыздӕр ахуыргӕнджытӕ систы».

Миссионертӕ ма федтой, бирӕ ӕмбырдты кӕй уыди ӕрмӕст иу хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ иу кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр. Уыцы ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ кӕд иузӕрдион уыдысты ӕмӕ бирӕ фыдӕбон кодтой, уӕддӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн бирӕ карз уагӕвӕрдтӕ ӕрхъуыды кодтой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фыццаг ӕнусы дӕр иуӕй-иутӕн ахӕм зондахаст уыд. Апостол Петр дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕн уый тыххӕй загъта: «Хуыцауы дзуг, уӕ бар уын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, хизут... Хуыцауы бынтӕн уӕхи хицау ма кӕнут, фӕлӕ дзугӕн фӕзминаг ут» (1 Пет. 5:2, 3). Миссионертӕ уыцы ӕфсымӕртӕн куыд баххуыс кодтой? «Мах архайдтам, цӕмӕй сын фӕзминаг уыдаиккам, хӕларзӕрдӕ, фӕлмӕн ӕмӕ хуымӕтӕг кӕй уыдыстӕм, уымӕй»,– дзуры Бенджамин Рейес. Миссионерты фӕзминаг хъуыддӕгтӕ ӕфсымӕртыл сабыргай фӕзындысты. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй бирӕтӕ сӕ зондахаст фӕивтой ӕмӕ дзугмӕ фӕлмӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой.

Хуыздӕр тӕлмац ӕрхаста стыр пайда

Бирӕ азты дӕргъы Мьянмӕйы ӕфсымӕртӕ пайда кодтой, 19 ӕнусы кӕй ратӕлмац кодтой, уыцы Библийӕ. Тӕлмац та йӕ ракодта иу чырыстон миссионер ӕмӕ йын ӕххуыс кодтой буддист-моладзантӕ. Уыцы Библийы ис бирӕ зӕронд дзырдтӕ пали ӕвзагыл ӕмӕ сты тынг зынӕмбарӕн. 2008 азы мьянмӕйаг ӕвзагыл рацыд «Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ – Ног дунейы тӕлмац». Ӕфсымӕртӕ тынг цин кодтой! «Библи куы райстой, уӕд адӕмы къухӕмдзӕгъд не ’нцади, чидӕртӕ та дзы фырцинӕй кӕугӕ дӕр скодта,– дзуры Морис Радж.– Ног тӕлмац у ӕнцонӕмбарӕн, хуымӕтӕг ӕмӕ раст. Суанг ма буддисттӕ дӕр загътой, ӕнцонӕмбарӕн кӕй у!» Ацы тӕлмац куы райстой, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ӕнӕхъӕн бӕстӕйы дӕр, Библи чи ахуыр кодта, уыдоны нымӕц 40 проценты фӕфылдӕр.

Бирӕ ӕндӕр ӕвзӕгтау Мьянмӕйы дӕр ис официалон ӕвзаг, ис дзы бирӕ ӕрбайсгӕ дзырдтӕ пали ӕмӕ санскритӕй, стӕй, адӕм кӕуыл дзурынц, уыцы ӕвзаг дӕр, ӕмӕ сыл дзургӕ дӕр кӕнынц ӕмӕ фысгӕ дӕр. Раздӕр нӕ публикацитӕн сӕ фылдӕр тӕлмац кодтой официалон ӕвзагмӕ, фӕлӕ адӕм уыцы ӕвзаг абон хорз нал ӕмбарынц. Уымӕ гӕсгӕ ӕрӕджы нӕ филиал райдыдта публикацитӕ тӕлмац кӕнын, хуымӕтӕг адӕм кӕуыл дзурынц, уыцы ӕвзагмӕ.

Уыцы ног публикацитӕ стыр пайда ӕрхастой. Тӕлмацгӕнджыты хайады цӕстдарӕг Тан Тве У дзуры: «Раздӕр адӕм дзырдтой: „Уӕ литературӕ хорз у, фӕлӕ зынӕмбарӕн у“. Ныр та литературӕ ӕхсызгонӕй райсынц ӕмӕ йӕ уайтагъд кӕсын райдайынц. Бирӕтӕ фӕзӕгъынц: „Ацы литературӕ тынг ӕнцонӕмбарӕн у!“» Суанг ма ӕмбырдты дӕр дзуаппытӕ хуыздӕр дӕттынц, уымӕн ӕмӕ нӕ публикациты цы фыст вӕййы, уый ӕмбарынц.

Ныр тӕлмацгӕнджыты хайады ис 26 ӕххӕстрӕстӕг тӕлмацгӕнӕджы ӕмӕ тӕлмац кӕнынц ӕртӕ ӕвзагмӕ – мьянмӕйаг, хакха чин ӕмӕ сго карен. Литературӕ ма тӕлмац кӕнынц 11 бынӕттон ӕвзагмӕ.

Циклон «Наргис»

2008 азы 2 майы Мьянмӕйыл рацыд циклон «Наргис» – тыхдымгӕ иу сахатмӕ дымдта 240 километры. Иравадийы дельтӕйӕ суанг Таиланды арӕны онг циклон йӕ фӕстӕ ныууагъта пырхӕнтӕ ӕмӕ мӕрдтӕ. Циклон зиан ӕрхаста дыууӕ милуан адӕймагӕй фылдӕрӕн, 140 мины бӕрц та амардысты кӕнӕ фесӕфтысты.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй дӕр мингӕйттӕн циклон ӕрхаста стыр зиӕнттӕ, фӕлӕ сӕ мӕлгӕ ничи акодта. Бирӕтӕ сӕ удӕгасӕй баззадысты, ног Паддзахады залты кӕй бамбӕхстысты, уый фӕрцы. Иравадийы дельтӕйы, доны былмӕ ’ввахс хъӕу Ботингоны 20 Ӕвдисӕны ӕмӕ ма цӕрджытӕй 80 адӕймаджы 9 сахаты Паддзахады залы цары хъайвантыл фӕбадтысты. Дон схӕццӕ цары онг, ӕмӕ цалынмӕ нӕ фӕкъаддӕр, уӕдмӕ уым фесты.

Филиал ӕвӕстиатӕй ӕххуысгӕнджыты къорд арвыста, циклон дельтӕйы регионы стырдӕр зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдонмӕ. Цӕуын сӕ бахъуыди, циклон кӕм ницыуал ныууагъта ӕмӕ алырдыгӕй мӕрдтӕ кӕм уыди, ахӕм рӕтты. Батингонмӕ ахастой хӕринаг, дон ӕмӕ хостӕ. Уыцы регионы фыццаг ӕххуысгӕнджытӕ уыдысты не ’фсымӕртӕ. Цы ’рхастой, уый бынӕттон хотыл ӕмӕ ӕфсымӕртыл куы байуӕрстой, уӕд сын Библийыл арӕзт раныхӕстӕ радзырдтой, ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ ныфсыл ныфс бафтыдтой. Байуӕрстой ма сын Библитӕ ӕмӕ литературӕ, уымӕн ӕмӕ сӕм циклоны фӕстӕ ницыуал баззад.

Цӕмӕй филиал уыцы стыр куыстмӕ йӕ хъус дардтаид, уый тыххӕй Янгон ӕмӕ Патейны арӕзт ӕрцыдысты ӕххуысы комитеттӕ. Ацы комитеттӕ арвыстой сӕдӕгай ӕххуысгӕнджыты, цӕмӕй, циклон зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕн байуӕрстаиккой дон, пырындз ӕмӕ ма ӕндӕр хъӕугӕ дзауматӕ. Уыдон ма аразджыты къордтӕ арвыстой, цӕмӕй Ӕвдисӕнты хӕдзӕрттӕ бацалцӕг кодтаиккой кӕнӕ та сӕ ногӕй сарӕзтаиккой.

Уыцы ӕххуысгӕнджытӕй иу, Тобиас Лунд, дзуры: «Мӕ цардӕмбал Софияимӕ ссардтам 16-аздзыд чызг Мей Син Уйы, йӕ бинонтӕй ӕрмӕстдӕр уый уыди хъусынгӕнӕг. Сӕ пырхытӕ хӕдзары раз йӕ Библи хурмӕ хус кодта. Куы нӕ ауыдта, уӕд йӕ мидбылты бахудт ӕмӕ йӕ цӕстысыгтӕ йӕ рустыл ӕркалдысты. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ аразджыты къорд ӕрбацыд электрон инструменттимӕ ӕмӕ арӕзтадон ӕрмӕгимӕ, ӕмӕ сын райдыдтой ног хӕдзар аразын. Сӕ сыхӕгтӕ джихӕй баззадысты! Цалдӕр боны дӕргъы адӕм сӕ алыварс бадтысты ӕмӕ сӕм циркмӕ кӕсӕгау кастысты. Уыцы адӕм дзырдтой: „Ахӕм диссаг никуыма федтам! Уӕ адӕм кӕрӕдзийыл ӕцӕгдӕр ӕнувыд сты ӕмӕ ӕцӕгдӕр кӕрӕдзи уарзынц. Мах дӕр фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ суӕм“. Ныр Мей Син Уйӕн йӕ ныййарджытӕ, йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ цӕуынц ӕмбырдтӕм ӕмӕ сӕ цард ивынц, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕной».

Арӕзтадон куыст ахаста цалдӕр мӕйы. Ӕфсымӕртӕ байуӕрстой цалдӕр тоннӕйы хӕринаг ӕмӕ дзаумӕттӕ, сцалцӕг кодтой йе та ногӕй сарӕзтой 160 хӕдзары ӕмӕ 8 Паддзахады залы. Циклон «Наргис» Мьянмӕ фӕкодта бӕллӕхтӕ ӕмӕ зындзинӕдты хай. Фӕлӕ уыцы уӕззау рӕстӕг адӕм федтой диссаджы миниуӕг – Йегъовӕйы адӕмы чи иу кӕны ӕмӕ йын йӕ ном чи кадджын кӕны, уыцы уарзондзинад.

Уыцы хабар ферох кӕнӕн нӕй

2007 азы райдиан Мьянмӕйы филиал райста ахсджиаг писмо. «Разамонӕг совет нын загъта, цӕмӕй Янгоны ӕхсӕнадӕмон конгресмӕ алцыдӕр бацӕттӕ кодтаиккам,– дзуры Джон Шарп, йӕ бинойнаг Джанетимӕ филиалмӕ ӕрцыдысты иу аз раздӕр.– 2009 азы конгресмӕ хъуамӕ ӕрцыдаиккой сӕдӕгай уазджытӕ дӕс бӕстӕйӕ. Нӕ филиалы историйы нырма ахӕм хабар никуы уыди!»

Джон дзуры: «Дуне фарстатӕ нӕм фӕзынд: Ахӕм стыр конгрессӕн бынат кӕм хъуамӕ ссарӕм? Дард рӕтты чи цӕры, уыцы хъусынгӕнджытӕ ӕрцӕудзысты? Кӕм цӕрдзысты? Цӕуыл ӕрцӕудзысты? Сӕ бинонтӕн хӕринаг кӕм уыдзӕн? Цы зӕгъӕн ис Мьянмӕйы хицӕуттӕй та? Уыйбӕрц адӕм ӕрӕмбырд кӕнын бауадздзысты? Афтӕ нӕм касти, ӕмӕ зындзинӕдтӕн кӕрон дӕр нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ: „Адӕмӕн сӕ бон цы нӕу, уый Хуыцауӕн у йӕ бон“ (Лук. 18:27). Мах дӕр нӕ ныфс Хуыцауыл сӕвӕрдтам ӕмӕ райдыдтам конгресс цӕттӕ кӕнын.

Гыццыл фӕстӕдӕр ссардтам диссаджы бынат горӕты центрмӕ ӕввахс – Мьянмӕйы Националон ӕмбӕрзт стадион. Уыцы стадионы уыдис кондиционертӕ ӕмӕ дзы цыди 11 000 адӕймаджы. Хицӕуттӕй бар ракуырдтам, цӕмӕй нӕ конгресс уым ауагътаиккам. Фӕлӕ цалдӕр мӕйы фӕстӕ дӕр, конгресмӕ ма цалдӕр къуыри куы баззад, уӕд дӕр нӕ курдиатӕн дзуапп нӕма райстам. Уый фӕстӕ базыдтам, махӕн конгресс цы бонты хъуамӕ уыдаид, уыцы бонты дзы стадионы администраци кӕй спълан кодта кикбоксингӕй ерыстӕ ауадзын! Ӕндӕр бынат ссарынӕн нын рӕстӕг нал уыди ӕмӕ мах дӕр уӕзданӕй аныхас кодтам турниры хицауимӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хицӕуттимӕ, цӕмӕй нын ацы зын уавӕры баххуыс кодтаиккой. Ӕппынфӕстаг турниры хицау загъта, йӕ бон кӕй у ерыстӕ фӕстӕдӕр ауадзын, кӕд, контракт цы 16 кикбоксеримӕ ӕрцыд фыст, уыдон сразы уой, уӕд. Кикбоксертӕ куы базыдтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы бынаты конгресс уадзинаг кӕй сты, уӕд иууылдӕр сразы сты».

Чо Вин дӕр лӕггад кӕны филиалы комитеты. Уый дзуры: «Цӕмӕй нӕ конгресс уыцы стадионы ауагътаиккам, уый тыххӕй нӕ уӕддӕр хъуыди хицауадӕй бар ракурын. Уый размӕ нын нӕ курдиат цыппар хатты раздӕхтой! Конгресмӕ дыууӕ къуырийы йеддӕмӕ кӕй нӕ баззад, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕмӕ скуывтам ӕмӕ бацыдыстӕм, Мьянмӕйы стадионтӕ кӕй бар уыдысты, уыцы инӕлармӕ – ахӕм стыр хицауимӕ никуыма ныхас кодтам. Куыд цин кодтам, нӕ курдиатӕн нын разыйы дзуапп куы радта!»

Цалынмӕ ӕфсымӕртӕ ацы хабӕрттыл зылдысты, уӕдмӕ мингай конгресдзаутӕ ӕгас Мьянмӕйӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй Янгонмӕ ӕмбырд кодтой. Цыдысты, чи хӕдтӕхӕгыл, чи поездыл, чи автобусыл кӕнӕ грузовикыл, чидӕр та лодкӕйы йе та фистӕгӕй. Мьянмӕйӕгтӕй бирӕтӕ цалдӕр мӕйы дӕргъы ӕхца ӕмбырд кодтой, цӕмӕй конгресмӕ ацыдаиккой. Бирӕтӕ дзы тыллӕг ӕрзайын кодтой кӕнӕ хуытӕ схастой, иуӕй-иутӕ дзаумӕттӕ хуыдтой, чидӕр та цӕугӕдӕтты сызгъӕрин агуырдта. Сӕ фылдӕр уый размӕ ахӕм стыр фембӕлды никуы уыдысты ӕмӕ фӕсарӕйнӕгты дӕр фыццаг хатт федтой.

Мьянмӕйы цӕгат фарсӕй 1 300 конгресдзауӕй фылдӕр ӕрӕмбырд Мандалайы ӕфсӕнвӕндаг станцӕйы, цӕмӕй, кӕй баххуырстой, уыцы поезды сбадтаиккой. Уый сӕ ӕрласта суанг Янгонмӕ. Нагайы хӕхбӕстӕй иу къорд фӕцыд ӕхсӕз боны ӕмӕ се ’ккой фӕхастой дыууӕ инвалид-хъусынгӕнӕджы. Сӕ коляскӕтӕ уыдысты хиарӕзт ӕмӕ сын фехӕлдысты сӕ балцы райдиан. Станцӕйы ӕрӕмбырд сӕдӕгай адӕм – кӕрӕдзиимӕ ныхӕстӕ кодтой, худтысты ӕмӕ Паддзахады зарджытӕ зарыдысты. «Се ’ппӕт дӕр уыдысты амондджын,– дзуры Пум Цин Кхай, ӕххуыс кодта транспортимӕ баст хъуыддӕгты.– Мах сын байуӕрстам хӕринаг, дон ӕмӕ дымсгӕ гобӕттӕ. Ӕппынфӕстаг, нӕ поезд куы ’рбацыд, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ алы къордӕн дӕр баххуыс кодтой сӕ бынӕттӕ ссарынӕн. Стӕй станцӕйы фехъусын кодтой: „Фӕцӕуы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты поезд!“ Ӕз ма аракӕс-бакӕс кодтон, мыййаг, ӕфсымӕртӕй ничи баззад, ӕмӕ стӕй вагонмӕ багӕпп кодтон!»

«Йегъовӕ Янгоны Ӕвдисӕнтӕн сӕ зӕрдӕтӕ байгом кодта, цӕмӕй се ’фсымӕрты суазӕг кодтаиккой»

Уыцы рӕстӕг Янгоны уазӕгдзӕрӕнты ӕрцӕрын кодтой иу-700 фӕсарӕйнаг конгресдзауы. Фӕлӕ нырма 3 000 фылдӕр конгресдзауӕн хъуыди бынат ссарын. «Йегъовӕ Янгоны Ӕвдисӕнтӕн сӕ зӕрдӕтӕ байгом кодта, цӕмӕй се ’фсымӕрты суазӕг кодтаиккой,– радзырдта Мьин Луин, лӕггад кодта цӕрӕнбынӕтты хайады.– Иуӕй-иу бинонтӕ суазӕг кодтой 15 адӕймаджы бӕрц. Уыдон ӕхца бафыстой, цӕмӕй сӕ уазджытӕн регистраци скодтаиккой, стӕй сын аходӕн хӕрын кодтой ӕмӕ сын стадионмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ фӕндаггаг дӕр фыстой. Уазджытӕй бирӕтӕ ӕрлӕууыдысты Паддзахады залты, сӕдӕгӕйттӕ та ӕхсӕв фынӕй кодтой стыр заводы. Фӕлӕ ма уӕддӕр хъуыди иу-500 конгресдзауӕн бынат ссарын. Уый тыххӕй аныхас кодтам стадионы администрациимӕ ӕмӕ нын бар радтой, цӕмӕй-иу нӕ конгресдзаутӕ ӕхсӕв уым баззадаиккой – уый размӕ дзы ахӕм хабар никуыма уыди!»

Стадионы бирӕ аразинӕгтӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ 350 ӕххуысгӕнӕгӕй фылдӕр дӕс боны дӕргъы фӕфыдӕбон кодтой, цӕмӕй йӕ конгресмӕ бацӕттӕ кодтаиккой. «Сцалцӕг кодтам донуадзӕн системӕ, электрикӕ ӕмӕ кондиционертӕ. Стӕй уыцы стадион ӕнӕхъӕнӕй дӕр сахуырстам ӕмӕ йӕ ныссыгъдӕг кодтам,– дзуры Тэй Вин, конгрессы сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр.– Ахӕм стыр куыст кӕй бакодтам, уый фӕрцы нӕм бирӕтӕ хорз цӕстӕй кӕсын райдыдтой. Стадионмӕ йӕ хъус чи дардта, уыцы афицер загъта: „Бузныг! Стыр бузныг! Хуыцаумӕ кувдзынӕн, цӕмӕй уӕ адӕм алы аз дӕр мӕ стадионы ӕмбырд кӕной“».

2009 азы 3–6 декабры Янгоны цы конгресс уыд, уырдӕм ӕрцыд 5 000 адӕймагӕй фылдӕр. Конгрессы фӕстаг бон конгресдзаутӕй бирӕтӕ скодтой сӕ националон дарӕс ӕмӕ сӕм цӕст кӕсынӕй не ’фсӕст. «Программӕйы райдианы иууылдӕр кӕрӕдзийӕн хъӕбыстӕ кодтой ӕмӕ куыдтой!»– загъта иу хо. Разамонӕг советӕй ӕфсымӕр Геррит Лёш программӕйы кӕрон куы скуывта, уӕд адӕм цалдӕр минуты дӕргъы ӕмдзӕгъд кодтой ӕмӕ сӕ къухтӕ тылдтой. 86 азы кӕуыл цӕуы, иу ахӕм хо загъта: «Раст цыма ног дунейы уыдтӕн, афтӕ мӕм фӕкаст!»

Уыцы конгресс хицауады кусджытӕй дӕр бирӕты дисы бафтыдта. Иу хицау загъта: «Ахӕм ӕмбырд нӕм никуыма уыди. Ӕвзӕр ныхӕстӕ дзы ничи кодта, тамако дзы ничи дымдта, стӕй дзы бетель дӕр ничи ӕууылдта. Кӕд алыхуызон адӕмыхӕттытӕй сты, уӕддӕр се ’хсӕн ис иудзинад. Ахӕм адӕм фыццаг хатт федтон!» Морис Радж дзуры: «Суанг ма нын Янгоны ӕфсады хистӕр дӕр загъта, зӕгъгӕ, нӕдӕр мӕхӕдӕг, нӕдӕр ме ’мкусджытӕ ахӕм диссаг никуыма федтам».

Конгресдзаутӕй бирӕтӕ дзырдтой, ахсджиаг хъуыддаг кӕй бамбӕрстой. Иу мьянмӕйаг ӕфсымӕр загъта: «Конгрессы размӕ йӕ ӕрмӕстдӕр хъусгӕ кодтам, ӕгас зӕххыл дӕр нын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй ис. Ныр та уый нӕхи цӕстӕй федтам! Ӕфсымӕртӕ нӕ куыд уарзынц, уый нӕ никуы ферох уыдзӕн».

«Конгрессы размӕ йӕ ӕрмӕстдӕр хъусгӕ кодтам, ӕгас зӕххыл дӕр нын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй ис. Ныр та уый нӕхи цӕстӕй федтам!»

«Фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ»

Иу-2 000 азы размӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уӕ цӕстытыл схӕцут ӕмӕ акӕсут хуымтӕм – фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ» (Иоан. 4:35). Уый зӕгъӕн ис абоны Мьянмӕйӕ дӕр. Ныр дзы ис 3 790 хъусынгӕнӕджы, иу хъусынгӕнӕгмӕ хауы 15 931 адӕймаджы – ӕцӕгӕйдӕр стыр хуым кӕрдынӕн. 2012 азы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 8 005 адӕймаджы. Разӕй ис стыр куыст!

Уый бӕрӕг у, штат Ракхайны цы уавӕр ис, уымӕй. Ацы штат ис денджызы был, Бангладешы арӕнмӕ ’ввахс. Цӕры дзы 4 милуаны бӕрц адӕймаджы, фӕлӕ дзы иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕр нӕй. «Алы мӕй дӕр уыцы регионӕй бирӕ писмотӕ райсӕм. Адӕм фӕфыссынц, литературӕ сӕ кӕй хъӕуы ӕмӕ сӕ Библи хуыздӕр базонын кӕй фӕнды,– дзуры Морис Радж.– Уымӕй уӕлдай ма Мьянмӕйы буддисттӕй тынг бирӕты, уӕлдайдӕр та ӕрыгӕтты, фӕнды рӕстдзинад базонын. Уымӕ гӕсгӕ хуымы Хицауӕй курӕм, цӕмӕй йӕ хуыммӕ фылдӕр кусджытӕ рарвита» (Матф. 9:37, 38).

«Хуымы Хицауӕй курӕм, цӕмӕй йӕ хуыммӕ фылдӕр кусджытӕ рарвита»

Иу-100 азы размӕ дыууӕ хъӕбатыр пионеры Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕрхастой, адӕмӕн сӕ фылдӕр буддисттӕ кӕм уыдысты, уыцы бӕстӕмӕ. Уӕдӕй абонмӕ алыхуызон адӕмыхӕттытӕй мингӕйттӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц. Кӕд сӕ бӕстӕйы бирӕ карз хӕстытӕ ӕмӕ змӕстытӕ уыд, кӕд мӕгуыр цӕрынц ӕмӕ сӕ иннӕ динтӕ хъыгдарынц, кӕд сын ӕгас зӕххыл дӕр цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдонӕй дард сты ӕмӕ дзы алыхуызон ӕрдзон бӕллӕхтӕ ’рцыд, уӕддӕр Мьянмӕйы цӕрӕг Ӕвдисӕнтӕ Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийыл иузӕрдион сты. Сӕ фидар фӕнд у Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ «цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууын» (Кол. 1:11).

a Мьянмӕ раздӕр хуынди Бирмӕ, афтӕ йӕ схуыдтой ӕппӕты стырдӕр адӕмыхатты номӕй бамӕ (бирмӕйӕгтӕ), зӕгъгӕ. 1989 азы йӕ схуыдтой Мьянмӕйы Цӕдис, уымӕн ӕмӕ дзы цӕры бирӕ адӕмыхӕттытӕ. Ном Бирмӕйӕ пайда кӕндзыстӕм, 1989 азы размӕ цы цаутӕ цыди, уыдоныл дзургӕйӕ, ӕмӕ ном Мьянмӕйӕ та пайда кӕндзыстӕм, уыцы азӕй фӕстӕмӕ цы хабӕрттӕ цыди, уыдоны кой кӕнгӕйӕ.

b Англо-индиӕгтӕ сты, йӕ фыдӕлтӕ индиӕгтӕ ӕмӕ бритайнӕгтӕ кӕмӕн уыдысты, ахӕм адӕм. Инди Британийы дӕлбар куы уыди, уӕд индиӕгтӕй минтӕ алыгъди Бирмӕмӕ, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ схуыдтой «Бритайнаг Индийы» хай.

c Бирмӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй фыццаг донаргъуыд райста Бертрам Марселлин. Амарди 1960 азты кӕрон Бирмӕйы ӕмӕ Йегъовӕйыл кӕронмӕ иузӕрдион уыд.

d Уыцы рӕстӕг стыр ӕхца уыдысты, 95 доллӕры бӕрц.

e Кӕс «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг» 1966 азӕн, 192 фарс (англ.).

f Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ; ныр нал цӕуы.

g MEPS кусы 600 ӕвзагӕй фылдӕрыл.

Мьянмӕ

Территори.

Мьянмӕ дисы ӕфтауы йӕ рӕсугъд ӕрдзӕй. Йӕ алыварс ис митӕй ӕмбӕрзт хӕхтӕ, тӕвд ӕмӕ уымӕл джунглитӕ, уӕрӕх дӕлвӕзтӕ, стыр цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ фӕтӕн дельтӕтӕ. Хуссар-скӕсӕн Азийы стырдӕр бӕстӕтӕй у дыккаг ӕмӕ йӕ территори ахсы Францийӕ стырдӕр бынат.

Цӕрджытӕ.

Цӕры дзы 60 милуан адӕймаджы ӕмӕ дзы ӕппынкъаддӕр ис 135 адӕмыхатты. Цӕрджытӕн сӕ дыууӕ ӕртыккаг хайы сты бамӕйы адӕмыхаттӕй кӕнӕ бирмӕйӕгтӕ. Сӕ 90 проценты бӕрц сты буддисттӕ-тхеравадтӕ. Карентӕй, чинтӕй ӕмӕ качинтӕй бирӕтӕ сӕхи нымайынц чырыстӕттыл.

Ӕвзаг.

Официалон ӕвзаг у мьянмӕйаг (бирмӕйаг), фӕлӕ дзы цы адӕмыхӕттытӕ цӕры, уыдонӕн сӕ фылдӕрӕн ис сӕхи ӕвзаг.

Хӕдзарад.

Сӕйрагдӕр бынат дзы ахсы зӕххы куыст, хъӕды куыст ӕмӕ кӕсаг ахсыны куыст. Фыццаджыдӕр кӕнынц пырындзы куыст. Ис дзы бирӕ ӕрдзон хъӕздыгдзинӕдтӕ, зайы дзы тикбӕлӕстӕ, ис ма дзы каучукбӕлӕстӕ, нефрит, рубин, нефть ӕмӕ газ дӕр.

Хӕринаг.

Ӕппӕты тынгдӕр уарзынц пырындз. Арӕх йемӕ хӕрынц нгапи́. Уый у судзаг пастӕ, аразынц ӕй, ӕмбийын чи райдайы, ахӕм кӕсаг кӕнӕ креветкӕтӕй. Бирӕ уарзынц, судзаг хъацӕнтӕ кӕуыл нӕ вӕййы, ахӕм салаттӕ ӕмӕ тынг судзаг чи нӕу, ахӕм карри. Хӕрынц ма кӕсаг, карчы дзидза ӕмӕ креветкӕтӕ. Уарзынц сау ӕмӕ цъӕх цай.

Климӕт.

Климӕтыл ӕппӕты тынгдӕр ӕндавынц экваториалон муссонтӕ. Ис дзы ӕртӕ сезоны: хъарм, тӕвд ӕмӕ тӕвд рӕстӕг къӕвдатимӕ. Фӕлӕ цӕгат хӕхбӕсты ма уазал дӕр вӕййы.

[Ныв]

Ӕмбӕлттӕ иумӕ хӕрынц мьянмӕйаг хӕринаг

Библийы рӕстдзинад дзырдта комкоммӕ

СИДНИ КУТ

РАЙГУЫРД: 1896 азы.

ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1939 азы.

ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: Мьянмӕйы рӕстдзинад фыццаг чи базыдта, уыдонӕй сӕ иу. Радзырдта йӕ йӕ хойы чызг, Филлис Цатос (раздӕр Д’Суза).

◆ МӔ МАДЫ ӔФСЫМӔР нӕ бинонтимӕ Хуыцауы тыххӕй ныхас кодта.

– Ӕцӕгдӕр дӕ уырны, Хуыцау адӕмы зындоны арты ӕнустӕм кӕй судзы?– бафарста мӕн.

– О, католикон аргъуан ууыл ахуыр кӕны,– дзуапп ын радтон ӕз.

Нӕ бинонтӕ кӕй уарзтой, уыцы куыдзмӕ бацамыдта ӕмӕ мӕ бафарста: «Дӕ куыдз дыл куы фӕхӕца, уӕд цы бакӕндзынӕ?»

– Ныццӕвдзынӕн ӕй, цӕмӕй афтӕ мауал бакӕна,– загътон ын ӕз.

– Ӕмӕ йӕ йӕ къӕдзилӕй цӕуылнӕ ӕрцауындздзынӕ ӕмӕ йӕ тӕвд цӕхӕрхафӕнӕй цӕуылнӕ фӕнӕмдзынӕ?– бафарста мӕ мӕ мады ӕфсымӕр.

Йӕ ныхӕстӕй мӕ хъуын арц сбадти ӕмӕ ныхъхъӕр кодтон: «Ӕз ахӕм дурзӕрдӕ нӕ дӕн!»

– Дурзӕрдӕ, зӕгъыс?– бафарста мӕ уый.– Ӕмӕ аргъуан афтӕ куы дзуры, Хуыцау, дам, тӕригъӕдджынты ӕнустӕм зындоны арты хъизӕмарӕй мары!

Йӕ комкоммӕ ныхас мӕ сразӕнгард кодта, цӕмӕй арф ахъуыды кодтаин, цӕуыл ӕууӕндыдтӕн, ууыл. Тагъд рӕстӕджы нӕ бинонтӕй астӕй систы зынгзӕрдӕ Ӕвдисӕнтӕ.

Мьянмӕйы культурӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ

Нӕмттӕ.

Мьянмӕйы цӕрджытӕн сӕ фылдӕрӕн мыггӕгтӕ нӕй. Арӕхдӕр адӕймаджы ном арӕзт вӕййы цалдӕр иууӕнгон дзырдӕй, ӕмӕ фӕамоны цавӕрдӕр миниуджытӕ, дзауматӕ кӕнӕ, цы адӕмыхаттӕй у, уый. Зӕгъӕм, Чо Санда Мьин нысан кӕны «адджын, мӕй, уӕлдӕр», Тет Аун Тун нысан кӕны «зондджын, уӕлахиз, рухс» ӕмӕ Но Сэй Ва По та нысан кӕны «сылгоймаг, ӕвзист, дидинӕг».

Салам дӕттын.

Мьянмӕйы салам дӕттыны ӕгъдӕуттӕ сты алыхуызон ӕмӕ диссаг. Кӕрӕдзи рагӕй чи нӕ федта, уыцы хӕлӕрттӕн сӕ бон у зӕгъын: «Удӕгас ма дӕ?» Хӕрыны афон чи фембӕлд, уыдонӕн та сӕ бон у бафӕрсын: «Ницыма бахордтай?» «Хӕрзбон»-ы бӕсты дзурынц «ацыдтӕн». Ӕмӕ дзуапп раттынц: «Хорз!» кӕнӕ «Сындӕг цу!».

Ӕгъдӕуттӕ.

Стыр аргъ кӕнынц сӕрныллӕг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕймӕгтӕн. Хистӕртӕн тынг кӕй аргъ кӕнынц, уый равдисынӕн сӕм фӕдзурынц алыхуызон буц нӕмттӕй. Кӕрӕдзийӕн исты куы фӕдӕттынц кӕнӕ къухтӕ куы фӕисынц, уӕд, кӕрӕдзийӕн кӕй кад кӕнынц, уый равдисынӕн арӕх сӕ галиу къухӕй андзӕвынц сӕ рахиз къухыл. Сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ, фӕнды бинонтӕ уой, фӕнда ма, адӕмы ’хсӕн кӕрӕдзийыл нӕ цинтӕ кӕнынц, дыууӕ нӕлгоймагӕн кӕнӕ дыууӕ сылгоймагӕн та сӕ бон у кӕрӕдзийы къухтыл хӕцын.

Уӕлӕдарӕс.

Нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дарынц ло́нджи – хъулон, раст, даргъ дарӕс, астӕуӕй суанг фадхъултӕм. Нӕлгоймӕгтӕ ло́нджи размӕ абӕттынц, сылгоймӕгтӕ та сӕ дарӕсы кӕрӕттӕ сӕ роны атъыссынц. Сылгоймӕгтӕн ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕн, стӕй хицӕн адӕмыхӕттытӕн дарӕс кӕмӕй хуыйынц, уыцы хъуымац кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕны.

Ӕддаг бакаст.

Бирӕ сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ сӕхи сӕрдынц танака́-йӕ. Танака́ бӕласы цъар ӕрыссынц ӕмӕ дзы саразынц хӕрздӕфгӕнаг крем. Танака́ цӕсгомы цъар уазал кӕны ӕмӕ йӕ хуры тынтӕй хъахъхъӕны.

[Ныв]

Мад йӕ чызджы цӕсгом танака́-йӕ сӕрды

Йегъовӕ мын «ног зонд» радта

УИЛСОН ТЕЙН

РАЙГУЫРД: 1924 азы.

ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1955 азы.

ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: уыди абырӕг, фӕлӕ тынг архайдта, цӕмӕй йӕ зондахаст фӕивтаид ӕмӕ 54 азы дӕргъы лӕггад кодта сӕрмагонд пионерӕй.

◆ ГЫЦЦЫЛӔЙ цыдтӕн боксмӕ, хъӕбысӕй хӕцынмӕ ӕмӕ дзюдомӕ. Уымӕ гӕсгӕ сдӕн тынг мӕстыгӕр ӕмӕ знӕт адӕймаг. 19 азмӕ мӕм хӕцӕнгарз дӕр ӕрбафтыд ӕмӕ бахаудтӕн абырджыты къордмӕ. Фӕстагмӕ мӕ ӕрцахстой ӕмӕ ахӕстоны 8 азы фӕбадтӕн. Уым мын бирӕ рӕстӕг уыди, цӕмӕй мӕ цардыл ахъуыды кодтаин, ӕмӕ-иу бирӕ фӕкуывтон. Тынг мӕ фӕндыд Хуыцауы хуыздӕр базонын.

Куы мӕ рауагътой, уӕд ацыдтӕн Янгонмӕ, ӕмӕ иухатт бацыдтӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ. Цалдӕр ӕфсымӕры мӕм стыр фӕразондзинад кӕй ӕвдыстой ӕмӕ мын хӕларзӕрдӕйӕ кӕй ӕххуыс кодтой, уый фӕрцы цасдӕры фӕстӕ цӕттӕ уыдтӕн донаргъуыд райсынмӕ.

Донаргъуыды фӕстӕ дӕр мӕхиимӕ тох кодтон, цӕмӕй чырыстон миниуджытӕ ӕвдыстаин (Еф. 4:24). Иннӕтӕн-иу арӕх кодтон уайдзӕфтӕ ӕмӕ-иу сӕм смӕсты дӕн. Тынг мӕ фӕндыд, цӕмӕй хуыздӕр уыдаин, фӕлӕ мын мӕхиуыл хӕцын зын уыди. Уый тыххӕй-иу хатт мӕ ныфс афтӕ тынг асаст, ӕмӕ-иу цӕугӕдоны былмӕ ацыдтӕн ӕмӕ-иу уым сахатгай фӕкуыдтон.

Хатт-иу мӕ ныфс афтӕ тынг асаст, ӕмӕ-иу цӕугӕдоны былмӕ ацыдтӕн ӕмӕ-иу уым сахатгай фӕкуыдтон

1957 азы мӕ снысан кодтой сӕрмагонд пионерӕй. Фыццаг мӕ арвыстой Мандалаймӕ. Уым лӕггад кодтон миссионер Роберт Ричардзимӕ. Роберт мын фыдӕй уӕлдай нӕ уыди – ахуыр мӕ кодта, цӕмӕй адӕмӕн кастаин ӕрмӕстдӕр сӕ хорз миниуджытӕм, стӕй сӕрныллӕг уыдаин ӕмӕ, мӕхӕдӕг ӕнӕххӕст кӕй дӕн, уый ма рох кодтаин (Гал. 5:22, 23). Куы-иу рамӕсты дӕн, уӕд-иу Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтон, зӕгъгӕ «мын ратт ног зонд, цӕмӕй ӕнӕфӕцудгӕ уон», ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы фарн уа (Пс. 51:10). Йегъовӕ мӕ хъуыста ӕмӕ, рӕстӕг куыд цыди, афтӕ мӕ удыхъӕд хуыздӕр кодта.

Фӕстӕдӕр ӕз Библи ахуыр кодтон иу 80-аздзыд нӕлгоймагимӕ, уый уыди баптист. Йемӕ аргъуанмӕ чи цыди, уыдон мӕм мӕсты кодтой ӕмӕ дзырдтой, сӕ фысты сын кӕй «давын». Сӕ иу мын мӕ цӕсгоммӕ кард бахаста ӕмӕ мӕм бартхъирӕн кодта: «Искӕй амарын тӕригъӕдыл нымад уыдзӕн?» Мӕстӕй йӕм рафыхтӕн. Уайтагъд мӕхимидӕг Йегъовӕмӕ скуывтон ӕмӕ йын сабырӕй загътон: «Дӕхӕдӕг ӕй куы загътай». Уыцы лӕг цы акодтаид, уый нал зыдта, разылди ӕмӕ ацыди. Йегъовӕйӕн фӕбузныгтӕ кодтон, кӕй мын баххуыс кодта ӕмӕ мӕхиуыл кӕй фӕхӕцыдтӕн. Мӕ ацӕргӕ ахуыргӕнинаг гыццыл фӕстӕдӕр донаргъуыд райста ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта суанг йӕ мӕлӕты онг.

Сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ мӕ 17 хатты ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕм арвыстой ӕмӕ 64 адӕймагӕн баххуыс кодтон рӕстдзинад базонынӕн. Йегъовӕ мын цас хорздзинӕдтӕ сарӕзта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы ӕмӕ мӕ цӕстытӕ доны разилынц. Уый мӕстыгӕр, знӕт ӕмӕ ӕнамонд лӕппуйӕн баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ зонд раивтаид ӕмӕ суыдаид фарнуарзаг адӕймаг.

Йегъовӕ байгом кодта фӕндаг

МОРИС РАДЖ

РАЙГУЫРД: 1933 азы.

ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1949 азы.

ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: 50 азӕй фылдӕр Мьянмӕйы ӕххӕстрӕстӕг фӕлӕггад кодта. Уыцы азтӕн сӕ фылдӕр уыди филиалы цӕстдарӕг. Абон дӕр лӕггад кӕны филиалы комитетыh.

◆ 1988 азы Янгоны адӕм сызмӕстой – мингӕйттӕ уынгтӕм рацыдысты ӕмӕ домдтой, цӕмӕй хицауад ивд ӕрцыдаид. Уымӕ гӕсгӕ ӕфсӕддонтӕ хицауады бынат бацахстой ӕмӕ ныр бӕстӕйӕн йӕ фылдӕр хайы бартӕ уыдысты ӕфсӕддонты къухы. Чи змӕста, уыдонӕй минты ныццагътой.

Уыцы рӕстӕг хъуамӕ Нью-Йоркмӕ, нӕ сӕйраг хайадмӕ, арвыстаиккам нӕ филиалы ӕрвылазон хыгъд. Фӕлӕ почтӕтӕ ӕмӕ телефонтӕ нӕ куыстой, ӕмӕ нӕ зыдтам, куыд бакодтаиккам, уый. Фӕстӕдӕр базыдтон, АИШ-ы посольство йӕ писмотӕ вертолетыл кӕй фервиты. Ӕмӕ уӕд ахъуыды кодтон, махӕн дӕр нӕ бон кӕй у нӕ хыгъд уыцы писмотимӕ арвитын. Уымӕ гӕсгӕ мӕ уӕлӕ скодтон мӕ хуыздӕр костюм ӕмӕ галстук ӕмӕ посольствомӕ араст дӕн.

Къӕвдайы фӕстӕ цъыф уынгты машинӕйыл цӕугӕйӕ мӕм диссаг фӕкасти, горӕты куыд сабыр уыд, уый. Фӕлӕ гыццыл куы ацыдтӕн, уӕд мӕ машинӕ баурӕдтон, уымӕн ӕмӕ фӕндагыл цӕхгӕрмӕ бӕласы хъӕдтӕ калд уыд, ӕмӕ дарддӕр фистӕгӕй ацыдтӕн.

Посольствомӕ куы бахӕццӕ дӕн, уӕд федтон, йӕ разы сӕдӕгай адӕймӕгтӕ кӕй лӕууыд ӕмӕ кӕй хъӕр кодтой, цӕмӕй сӕ мидӕмӕ бауагътаиккой. Фӕлӕ сын сӕ фӕндаг ӕрӕхгӕдтой денджызы ӕфсӕддонтӕ, уыдысты тынг тызмӕг. Ӕз мӕ цыд фӕсындӕгдӕр кодтон, цӕмӕй мӕхинымӕр скуывтаин. Куыд аив конд уыдтӕн, уый иу студент куы федта, уӕд ныхъхъӕр кодта: «Ацы лӕг, ӕвӕццӕгӕн, посольствойы кусы». Уый фӕрцы адӕмы ’хсӕн куыддӕрты ахызтӕн. Посольствойы ӕхгӕд дуармӕ куы бахӕццӕ дӕн, уӕд мӕм иу ӕфсӕддон гуырысхогӕнгӕ бакаст.

– Чи дӕ ӕмӕ дӕ цы хъӕуы?– тызмӕгӕй мӕ афарста уый.

– Посолы фенын мӕ фӕнды,– дзуапп ын радтон.– Мӕнмӕ ис тынг ахсджиаг писмо ӕмӕ йӕ хъӕуы Америкӕмӕ арвитын.

Иуцасдӕр мӕм лӕмбынӕг фӕкасти, стӕй ӕвиппайды дуар фегом кодта, мидӕмӕ мӕ батъӕпп кодта ӕмӕ, мидӕмӕ чи бырста, уыцы адӕмыл дуар фӕстӕмӕ ахгӕдта.

– Мӕ фӕстӕ рацу,– загъта мӕстыйӕ.

Посолы кабинеты дуармӕ куы бахӕццӕ стӕм, уӕд мӕ ӕфсӕддон ныууагъта посольствойы кусӕджы раз. Уый дӕр мӕ бафарста, цӕмӕн ӕрбацыдтӕ, зӕгъгӕ.

– Ӕз ӕрбацыдтӕн Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнады офисӕй,– бамбарын ын кодтон.– Ӕмӕ мӕ нӕ сӕйраг хайадмӕ, Нью-Йоркмӕ, ацы мӕй арвитын хъӕуы ахсджиаг писмо. Дӕ хорзӕхӕй, дӕ писмотимӕ ма йӕ арвит.

Уыцы лӕг мын мӕ писмо куы райста, уӕд ма йын загътон: «Стыр хатыр бакӕн, фӕлӕ йыл маркӕ нӕй».

Уыцы лӕг мын мӕ писмо куы райста, уӕд ма йын загътон: «Стыр хатыр бакӕн, фӕлӕ йыл маркӕ нӕй»

Цӕуылдӕр ныхъхъуыды кодта, стӕй ма мӕм цалдӕр фарстайы радта ӕмӕ мын ныфс бавӕрдта, мӕ писмо мын кӕй арвитдзӕн. Фӕстӕдӕр базыдтон, писмо сӕйраг хайадмӕ афоныл кӕй бахӕццӕ.

h Ӕфсымӕр Раджы царды хабӕрттӕ фыст сты брошюрӕйы «Духовный мир. Кто в нем обитает?» (bp105).

Тӕрхонгӕнӕг рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ айста

МАН ЦУН

РАЙГУЫРД: 1934 азы.

ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1981 азы.

ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: скъолайы зындгонд директор ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг сси зынгзӕрдӕ пионер.

◆ ИУ ПИОНЕР мын фыццаг хатт журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» куы радта, уӕд ын загътон: «Мӕнӕн кӕсыны рӕстӕг нӕй. Нӕ мӕ ’вдӕлы». Фӕлӕ ӕнӕ тамако нӕ фӕрӕзтон, ӕмӕ ахъуыды кодтон, уыцы журналы сыфты мӕ бон кӕй уыдзӕн тамако тухын ӕмӕ йӕ райстон.

Журналы сыфӕй куы раскъуыдтон, уӕд ахъуыды кодтон, хуыздӕр уаид, фыццаг уал ӕй куы бакӕсин. Афтӕмӕй бауарзтон журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» кӕсын. Цы кастӕн, уый мӕ разӕнгард кодта мӕ тамако ныууадзынмӕ ӕмӕ мӕ цард Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ аразынмӕ. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ донаргъуыд райстон.

Донаргъуыды фӕстӕ хъӕумӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд мын пастор ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕ ’хца ’рбахастой, цӕмӕй та фӕстӕмӕ мӕ раздӕры динмӕ раздӕхтаин. Куы нӕ сын сразы дӕн, уӕд адӕмӕн мӕнг ныхӕстӕ фӕдзырдтой, зӕгъгӕ мын Ӕвдисӕнтӕ ’хца бафыстой, цӕмӕй сӕм донаргъуыд райстаин. Фӕлӕ мӕ сӕ мӕнг ныхӕстӕ нӕ фӕтӕрсын кодтой. Ӕз сӕрыстыр уыдтӕн, ӕцӕг Хуыцауы кӕй базыдтон ӕмӕ йын лӕггад кӕнын кӕй райдыдтон, уымӕй.

Йегъовӕ мын мӕ фидардзинады тыххӕй раарфӕ кодта

А ШЕ

РАЙГУЫРД: 1952 азы.

ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1998 азы.

ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: раздӕр католикон аргъуаны адӕмы чи ахуыр кодта, уый рӕстдзинад базыдта.

◆ БИРӔ азты дӕргъы, «Сызгъӕрин ӕртӕкъуымоны» тӕккӕ астӕу цы католикон аргъуан уыд, уым адӕмы ахуыр кодтон. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл куы фембӕлдтӕн ӕмӕ куы федтон, Библийӕ куыд арӕхстджынӕй пайда кӕнынц, уӕд сразы дӕн семӕ Библи ахуыр кӕныныл.

Уый фӕстӕ кодтон афтӕ: хуыцаубоны-иу райсомӕй аргъуаны адӕмы ахуыр кодтон, фӕссихор та-иу Паддзахады залмӕ ӕмбырдмӕ ацыдтӕн. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ, аргъуаны мӕ раныхӕсты райдыдтон, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый амонын. Ӕмӕ уый аргъуанмӕ цӕуджытӕй кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, стӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сауджыны зӕрдӕмӕ дӕр! Аргъуан куы ныууагътон, уӕд мӕ аргъуанмӕ цӕуджытӕ тӕрхондонмӕ акодтой, цӕмӕй мӕ хъӕуӕй ратардтаиккой. Тӕрхонгӕнӕг сын загъта, бар мын кӕй ис, цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнон, куыд мӕ фӕнды, афтӕ. Фӕлӕ мӕ бинойнаг йӕ ныхӕстыл не сразы ӕмӕ хъӕр кодта: «Ацу! Ацу ардыгӕй, ахӕсс дӕ хызын ӕмӕ дӕ Библи!» Кӕд мӕ ныхмӕ уыд, уӕддӕр дзы мӕ маст никуы истон, ӕмӕ мӕ бинонты дарддӕр дӕр дардтон. Мӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд, фидар кӕй уыдтӕн, уый тыххӕй мын Йегъовӕ куы раарфӕ кодта, уӕд. Абон мӕ бинойнаг Черри ӕмӕ мӕ сывӕллӕттӕ дӕр Йегъовӕйӕн зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕнынц.

Мӕ дызӕрдыгдзинӕдтӕ ӕрбайсӕфтысты

ГРЕГОРИ САРИЛО

РАЙГУЫРД: 1950 азы.

ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1985 азы.

ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: раздӕр куыста аргъуаны ӕмӕ хъуыды кодта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мӕнг пехуымпартӕ кӕй сты.

◆ БИРӔ азты дӕргъы уыдтӕн католикон диныл хӕст ӕмӕ зӕрдиагӕй архайдтон нӕ хъӕуы аргъуаны хъуыддӕгты. Фӕлӕ уыдтон, аргъуаны хистӕртӕ ӕнӕгъдау митӕ кӕй кодтой, ӕнӕуынгӕ тыхтӕн нывӕндтӕ кӕй хастой ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст хъуыддӕгты кӕй архайдтой. Сӕ цӕстмӕмитӕ мын мӕ зӕрдӕ афтӕ скъахтой, ӕмӕ аргъуан ныууагътон. Фӕлӕ католикон диныл уӕддӕр фидар хӕцыдтӕн.

1981 азы фембӕлдтӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл. Библи куыд хорз зыдтой, ууыл тынг бадис кодтон, ӕмӕ сразы дӕн Библи ахуыр кӕныныл. Фӕлӕ сын сӕ ахуырӕдтыл дызӕрдыг кодтон ӕмӕ-иу бирӕ цӕуылдӕртыл семӕ нӕ разы кодтон. Уыдон-иу мын мӕ фарстатӕн уӕзданӕй дзуапп лӕвӕрдтой Библийӕ.

Облӕстон конгресмӕ сӕм ацыдтӕн, цӕмӕй базыдтаин, Ӕвдисӕнтӕ алы ран дӕр иу цӕуылдӕр ахуыр кӕнынц ӕви нӕ. Улӕфты рӕстӕг мӕ мӕ сумкӕ бандоны бын айрох, йӕ мидӕг уыдысты мӕ документтӕ, ӕхца ӕмӕ ма ӕндӕр цыдӕртӕ. Ӕз ӕнхъӕлдтон, мӕ сумкӕ мын кӕй адавдзысты. Фӕлӕ мын ӕфсымӕртӕ фидарӕй загътой: «Тыхсгӕ дӕр ма кӕн. Кӕм ӕй ныууагътай, уым ӕй ссардзынӕ». Мӕ бынатмӕ адугъ кодтон ӕмӕ мӕ сумкӕ ӕцӕгдӕр уым куы разынид! Уӕдӕй фӕстӕмӕ Ӕвдисӕнты тыххӕй мӕ дызӕрдыгдзинӕдтӕ ӕрбайсӕфтысты.

«Ӕмбисонды хъӕздыгдзинӕдтӕ» ссардтон

СА ТАН ТУН АУН

РАЙГУЫРД: 1954 азы.

ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1993 азы.

ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: уыди буддист-моладзан ӕмӕ ӕфсӕддон. Рӕстдзинад куы базыдта, уӕд бирӕ азты дӕргъы лӕггад кодта пионерӕй.

◆ МӔ БИНОНТӔ уыдысты буддисттӕ ӕмӕ цасдӕр рӕстӕг уыдтӕн буддист-моладзан. Ӕз не ’ууӕндыдтӕн удӕгас Хуыцау кӕнӕ Сфӕлдисӕгыл. Иу хатт мӕ ме ’мбал йӕ аргъуанмӕ фӕхуыдта. Уым фехъуыстон, адӕмӕн уӕлӕрвты Фыд кӕй ис. Тынг мӕ бафӕндыд, цӕмӕй уыцы уӕларвон Фыды базыдтаин ӕмӕ йӕм баввахс уыдаин.

Моладзанӕй куы нал лӕггад кодтон, уӕд ӕфсадмӕ ацыдтӕн. Цалынмӕ ӕфсады уыдтӕн, уӕдмӕ алы бон дӕр фыстон мӕ царды хабӕрттӕ. Фыссын-иу райдыдтон ахӕм ныхӕстӕй: «Мӕ Фыд, Хуыцау уӕлӕрвты». Фӕстӕдӕр мӕ бафӕндыд ӕфсадӕй рацӕуын ӕмӕ аргъуаны пасторӕй лӕггад кӕнын райдайын, фӕлӕ мӕ мӕ хицӕуттӕ нӕ ауагътой. Цасдӕры фӕстӕ сдӕн капитан. Уымӕ гӕсгӕ мын адӕм кад кодтой, уыди мын стыр бартӕ ӕмӕ хорз мызд. Фӕлӕ мын уӕддӕр мидӕгӕй цыдӕр нӕ фаг кодта, фӕндыд мӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын.

1982 азы ракуырдтон Ту Ауны. Йӕ хистӕр хо уыди Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ нын радта чиныг «От потерянного до возвращенного рая». Чиныджы фыст уыди, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у, фӕлӕ уыцы ныхӕстыл не ’ууӕндыдтӕн. Ту Аунӕн загътон: «Кӕд мын Йегъовӕйы ном мьянмӕйаг Библийы равдисай, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм бацӕудзынӕн!» Уыцы ном йӕ Библийы фӕцагуырдта, фӕлӕ йӕ не ссардта. Йе ’мбал Мэри та мын ӕй уайтагъд равдыста! Ӕппынфӕстаг мӕ бинойнаг ӕмӕ мӕ сывӕллӕттимӕ райдыдтон Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын.

Библийы тыххӕй мӕ зонындзинӕдтӕ куыд фылдӕр кодтой, афтӕ мӕ тынгӕй-тынгдӕр фӕндыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. 1991 азы та фӕстӕмӕ курдиат балӕвӕрдтон, цӕмӕй ӕфсадӕй рацыдаин – ацы хатт та уымӕн, ӕмӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суыдаин. Дыууӕ азы фӕстӕ отставкӕйы рацыдтӕн. Уыцы аз Ту Аунимӕ донаргъуыд райстам.

Цӕмӕй мӕ бинонты дардтаин, уый тыххӕй дуканийы уӕйгӕнӕгӕй кусын райдыдтон. Мӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ мын ме ’мбӕлттӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, ӕдылы ми бакодтай, ӕфсады службӕ кӕй ныууагътай ӕмӕ сау куыст кӕнын кӕй райдыдтай, уымӕй. Фӕлӕ мӕ зӕрдыл дардтон Моисейы цӕвиттон. Цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кодтаид, уый тыххӕй фараоны галуан ныууагъта ӕмӕ фыййау сси (Рац. 3:1; Дзут. 11:24–27). Фӕстӕдӕр мӕ къухы бафтыд стыр хӕзна – райдыдтон ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын.

Ме ’фсӕддон ӕмбӕлттӕй иуӕй-иутӕ стыр бынӕтты кусынц ӕмӕ тынг схъӕздыг сты. Фӕлӕ ӕз ссардтон «ӕмбисонды хъӕздыгдзинӕдтӕ» – мӕ уӕларвон Фыды зонын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын, ӕмӕ уый у стыр арфӕдзинад (Еф. 2:7). Абон мӕ цардӕмбалы хӕрӕфырттӕй цалдӕр лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг ӕмӕ мӕ хистӕр фырт та – Мьянмӕйы Вефилы.

Басаста мӕ сӕ хӕларзӕрдӕдзинад

ЗО БОМ

РАЙГУЫРД: 1954 азы.

ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1998 азы.

ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: наркотиктӕ уӕй кодта ӕмӕ рӕстдзинады ныхмӕ карзӕй цыди, фӕлӕ йын чырыстӕтты хӕларзӕрдӕдзинад йӕ зӕрдӕ бацагайдта.

◆ МӔ ЦАРДӔМБАЛ Лу Май Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд йӕ ныхмӕ карзӕй цыдтӕн. Йӕ литературӕ йын туалеты ныппӕрстон ӕмӕ Ӕвдисӕнты мӕ хӕдзарӕй расырдтон.

Фӕстӕдӕр сусӕгӕй наркотиктӕ уӕй кӕнын райдыдтон ӕмӕ мӕ ахӕстоны бакодтой. Иу бон дзы куы фӕдӕн, уӕд мӕм Лу Май барвыста Библи ӕмӕ писмо. Ныффыста дзы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ ӕмӕ бирӕ стихтӕ Библийӕ. Уый фӕстӕ мӕм бирӕ ахӕм писмотӕ фыста. Тагъд рӕстӕджы бамбӕрстон, Библи куыд дзуры, афтӕ куы цардаин, уӕд ахӕстонмӕ кӕй нӕ бахаудаин.

Иухатт мӕм ахӕстонмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы дыууӕ нӕлгоймаджы ӕрбацыд. Уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ мын загътой, мӕ бинойнаг сӕ кӕй ӕрбарвыста, цӕмӕй мӕ бафидар кӕной. Фӕндагыл сын ацыд дыууӕ боны. Сӕ хӕларзӕрдӕдзинад мӕ дисы бафтыдта. Мӕ хӕстӕджытӕй мӕ хъуыды дӕр ничи ӕркодта, фӕлӕ кӕй ныхмӕ уыдтӕн, уыцы адӕм та мӕ бабӕрӕг кодтой.

Цасдӕры фӕстӕ тифӕй фӕрынчын дӕн, фӕлӕ мӕм хостӕн ӕхца нӕ уыди. Ӕнӕнхъӕлӕджы та мӕм уазӕг фӕзынд – мӕ бинойнаг мӕм ӕндӕр Ӕвдисӕны ӕрбарвыста. Уый мын фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ мын хостӕн ӕхца радта. Раздӕр Ӕвдисӕнты ныхмӕ кӕй уыдтӕн, уый тыххӕй мӕм ахӕм худинаг ӕркасти, ӕмӕ зӕгъӕн дӕр нӕй, ӕмӕ мӕхицӕн дзырд радтон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй суыдзынӕн. Фондз азы фӕстӕ ахӕстонӕй рацыдтӕн ӕмӕ мӕ ныхас сӕххӕст кодтон.

[Ныв]

Абон дӕр мӕ ныхасӕн хицау дӕн ӕмӕ мӕ бон цы у, уый аразын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнон

Ӕз сагау згъордзынӕн

ЛИАН САНГ

РАЙГУЫРД: 1950 азы.

ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1991 азы.

ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: уыди ӕфсӕддон, хӕсты йӕ дыууӕ къах дӕр фесӕфта. Ныр у кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр.

◆ РАЙГУЫРДТӔН ӕмӕ схъомыл дӕн Матупийы, штат Чины иу хӕххон хъӕуы. Нӕ бинонтӕ куывтой ӕнӕуынгӕ тыхтӕн – наттӕн. Адӕмы хъуыдымӕ гӕсгӕ уыдон цардысты нӕ бӕстӕйы хӕхты ӕмӕ хъӕдты. Нӕ бинонтӕй-иу исчи куы фӕрынчын, уӕд-иу нӕ хӕдзары нывондхӕссӕныл хӕринаг ӕрӕвӕрдтам ӕмӕ-иу натмӕ скуывтам, цӕмӕй йӕ айстаид. Мах уырныдта, нат нын кӕй баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ низ кӕй фӕсурдзӕн.

21 азы мыл куы сӕххӕст, уӕд ӕфсадмӕ ацыдтӕн. Цалдӕр азы дӕргъы 20 хатты уыдтӕн карз тохы. 1977 азы коммунисттӕ бабырстой нӕ лагермӕ горӕт Муземӕ ’ввахс, штат Шаны. Семӕ тох кодтам 20 боны. Ӕппынфӕстаг контратакӕйы ацыдыстӕм. Уыцы бон минӕйыл фӕлӕууыдтӕн. Мӕ къӕхтӕм куы ӕркастӕн, уӕд сыл стджытӕ йеддӕмӕ ницы уыд. Афтӕ мӕм каст, цыма мӕ къӕхтӕ судзгӕ кӕнынц, дойныйӕ мардтӕн, фӕлӕ нӕ фӕтарстӕн. Уайтагъд мӕ госпиталмӕ аластой ӕмӕ мын уым мӕ къӕхтӕ алыг кодтой. Цыппар мӕйы фӕстӕ мӕ хӕдзармӕ арвыстой.

Дзӕнӕты сагау ӕрмӕст згъоргӕ нӕ кӕндзынӕн, фӕлӕ ма фырцинӕй дугъ дӕр кӕндзынӕн ӕмӕ гӕппытӕ дӕр!

Мӕ бинойнаг Сэйн Эйимӕ ацыдыстӕм Мандалаймӕ ’ввахс горӕт Сикайнмӕ. Уым райдыдтон бамбукӕй бандӕттӕ аразын ӕмӕ сӕ уӕй кӕнын. Сикайны фембӕлдтӕн баптистты пасторыл, уый мын загъта, зӕгъгӕ, ӕнӕ къӕхтӕй кӕй баззадтӕн, уый Хуыцауы фӕндон уыди. Фӕстӕдӕр Сэйн Эйимӕ фембӕлдыстӕм иу пионерыл, Ребеккӕ, зӕгъгӕ. Уый нын радзырдта, тагъд рӕстӕджы зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн ӕмӕ та фӕстӕмӕ мӕ къӕхтыл кӕй цӕудзынӕн. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ нӕ Библи ахуыр кӕнын бафӕндыд пасторимӕ нӕ, фӕлӕ Ребеккӕимӕ!

Ныр 30 азы фӕстӕ мӕ бинойнаг ӕмӕ нӕ авд сывӕллонимӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм. Мах цӕрӕм гыццыл хъӕуы, горӕт Пьин У Луинмӕ ’ввахс. Уыцы горӕт ис хӕхбӕсты, рӕсугъд ран, Мандалайӕ 65 километр дарддӕр. Пьин У Луины ӕмбырды дӕн кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр, мӕ сывӕллӕттӕй ӕртӕйӕ лӕггад кӕнынц пионертӕй. Мӕ цардӕмбалимӕ нӕхиуыл нӕ ауӕрстам, цӕмӕй нӕ сывӕллӕтты рӕстдзинады схъомыл кодтаиккам. Ӕмӕ нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ фӕци – иууылдӕр лӕггад кӕнынц Йегъовӕйӕн.

Нӕ хъӕуы ӕдзухдӕр хъусын кӕнын инвалидты коляскӕйы, ӕмбырдтӕм фӕцӕуын мотоциклыл, фӕстейӕ мӕ сбадын кӕнынц, афтӕмӕй. «Фӕцӕуын» ма дыууӕ хъӕды лыггагыл дӕр.

Бирӕ уарзын Исайы 35:6 стих: «Уӕд, къуылых чи у, уый сагау згъордзӕн». Куыд тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсын, къӕхтӕ та мын кӕд уыдзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ! Уӕд сагау ӕрмӕст згъоргӕ нӕ кӕндзынӕн, фӕлӕ ма фырцинӕй дугъ дӕр кӕндзынӕн ӕмӕ гӕппытӕ дӕр!

Цӕуӕг цӕстдарджытӕ уӕззау фыдӕбон кӕнынц

Ацы стыр бӕстӕйы цӕуӕг цӕстдарджытӕ кӕм нӕ балӕууыдысты, ахӕм къуым нал баззад. Уыдон ӕвӕллайгӕйӕ архайынц, цӕмӕй сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕрты фидар кӕной. Куыд лӕггад кӕнынц? Цӕй ӕмӕ дзы иу цӕстдарӕгимӕ ацӕуӕм ӕмӕ бабӕрӕг кӕнӕм, Нагайы хӕхты цы ӕмбырдтӕ ис, уыдон. Районон цӕстдарӕг Мьин Луин ӕмӕ йӕ бинойнаг Лал Лун Моми фыссынц: «Райсомӕй рацыдыстӕм Калеймьойӕ, тыххӕй бабырыдыстӕм, бирӕ адӕм кӕм уыди, уыцы гыццыл грузовикы. Нӕ къӕхтӕ тыххӕй батъыстам хӕссинӕгтӕ ӕмӕ халсартимӕ къоппыты ’хсӕн. Бӕлццӕттӕй чидӕртӕ машинӕйы фӕстаг бортыл ныххӕцыдысты, чидӕртӕ та грузовикы сӕрыл сбадтысты. Грузовик дзыхъхъытӕ-къуыппытӕ фӕндагыл рыг калгӕ размӕ уади. Цӕмӕй рыг ма ныхъуырдтаиккам, уый тыххӕй нӕ цӕсгӕмттыл маскӕтӕ скодтам.

Дыууӕ сахаты фӕстӕ бахӕццӕ стӕм, цӕугӕдоны был чи ис, уыцы горӕт Калевамӕ. Уым хъуамӕ сбадтаиккам лодкӕйы. Цалынмӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, уӕдмӕ хъусын кодтам уӕйгӕнджытӕн ӕмӕ иннӕ бӕлццӕттӕн, сӕ фылдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй хъусгӕ дӕр никуы фӕкодтой. Нӕ лодкӕ дӕр ӕрбахӕццӕ, адӕм дзы ракалдысты ӕмӕ дзы иннӕтӕ бакалдысты ӕмӕ афтид бынӕтты абадтысты. 100 адӕймаджы бӕрц лодкӕйы тыхбырд бакодтой ӕмӕ тӕссаг уыди, куы фӕфӕлдӕхтаид, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ нӕ сумкӕты афтид пластик бутылкӕтӕ нывӕрдтам, цӕмӕй, мыййаг, доны куы ныххаудаиккам, уӕд ма аныгъуылдаиккам.

Фондз сахаты фӕстӕ ӕрхӕццӕ стӕм горӕт Молаймӕ. Уым бахсӕвиуат кодтам тынг гыццыл уазӕгдзӕрӕны. Дыккаг райсом фондз сахатыл нӕ балц адарддӕр кодтам. Хус рӕстӕг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ цӕугӕдон ныттӕнӕг ӕмӕ нӕ лодкӕ цыппар хатты змисы ныссагъд. Ӕз дӕр-иу иннӕ нӕлгоймӕгтимӕ рахызтӕн ӕмӕ-иу ыл схӕцыдыстӕм. Хоумалинмӕ бахӕццӕ стӕм 14 сахаты фӕстӕ, фырфӕлладӕй нӕ къӕхтыл дӕр нал лӕууыдыстӕм. Фӕлӕ цы ӕмбырд бӕрӕг кодтам, уый нӕм ӕнхъӕлмӕ каст. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты худгӕ цӕсгӕмттӕ куы федтам, уӕд нӕ фӕллад фӕцыдӕр. Уыцы изӕр семӕ адджынӕн фӕбадтыстӕм. Иннӕ бон ацыдыстӕм Кхамтимӕ, цӕуын нӕ хъуыди 15 сахаты бӕрц.

Райсомӕй та тынг раджы сыстадыстӕм. Нӕ лодкӕйы афтӕ бирӕ адӕм нӕ уыд ӕмӕ нӕ фӕндаг дӕр ӕндӕрхуызон уыди. Цӕуын нӕ хъуыди цӕугӕдоны ныхмӕ. Фӕндагыл федтам, хъӕуы цӕрджытӕй сӕдӕгӕйттӕ цӕугӕдоны былтыл сызгъӕрин куыд агуырдтой, уый. Ӕппынфӕстаг, Кхамтимӕ куы бахӕццӕ стӕм, уӕд афтӕ фӕллад уыдыстӕм, ӕмӕ нӕ бон змӕлын дӕр нӕ уыди, стӕй нӕ размӕ дӕр ничи рацыд. Уыцы ӕмбырдмӕ цы писмо арвыстам, уый сӕм, ӕвӕццӕгӕн, нӕ бахӕццӕ. Мах дӕр мотоцикл-такси баурӕдтам ӕмӕ нӕ Паддзахады залмӕ баласта. Уым улӕфынӕн цы уат уыд, уырдӕм бацыдыстӕм. Афтӕ фӕллад уыдыстӕм, ӕмӕ ма нӕ хуыссӕнтӕ кӕуылты ссардтаиккам, ууыл уыдыстӕм.

Дыккаг бон райсомӕй залмӕ уацамындон фембӕлдмӕ ӕрбацыд 25 хъусынгӕнӕджы. Сӕ фылдӕр уыдысты нагайы адӕмыхаттӕй, цӕрынц, суанг Индимӕ чи хӕццӕ кӕны, уыцы хӕхбӕсты. Не ’ппӕт дӕр ацыдыстӕм уацамынды. Горӕт ис бӕрзонд къуылдымты астӕу ӕмӕ йӕ алыварс цӕуы цӕугӕдон. Мемӕ цы ’фсымӕр уыди, уыимӕ бахӕццӕ стӕм бамбукӕй конд хӕдзармӕ ӕмӕ мидӕмӕ бахъӕр кодтам. Ракаст нӕм иу нӕлгоймаг нагайы адӕмыхаттӕй ӕмӕ нӕ мидӕмӕ бахуыдта. Йӕ бинойнагимӕ нӕм зӕрдиагӕй байхъуыстой ӕмӕ литературӕ дӕр айстой. Нагайы адӕмыхаттӕй бирӕтӕ сӕхи нымайынц чырыстӕттыл ӕмӕ хорз хабармӕ дзӕбӕх байхъусынц. Изӕры ацыдыстӕм ӕмбырдмӕ, уыцы къуыри нын уый фыццаг фембӕлд уыди.

Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты худгӕ цӕсгӕмттӕ куы федтам, уӕд нӕ фӕллад фӕцыдӕр

Иу къуырийы фӕстӕ та цӕугӕдоныл араст стӕм гыццыл горӕт Синтхемӕ, ис дзы 12 хъусынгӕнӕджы. Бабӕрӕг ма кодтам ӕртӕ хицӕн къорды дӕр. Ӕппӕты дарддӕр къордмӕ цӕуын хъуыди 11 километры. Алы къордимӕ дӕр-иу уацамынды ацыдыстӕм, ӕмӕ-иу мын раныхас дӕр уыди. Уым чи цӕры, уыцы хъусынгӕнджытӕ сты тынг мӕгуыр ӕмӕ бирӕтӕ рынчын сты тӕфсӕгӕй кӕнӕ рӕуджыты низӕй. Стӕй ма сӕ ныхмӕ карзӕй цӕуынц ӕндӕр динтӕ дӕр. Фӕлӕ сӕ уый нӕ хъыгдары зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын. Нӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыди, хуыцаубоны раныхасмӕ 76 адӕймаджы куы ’рбацыд, уӕд. Бирӕтӕ сӕ фӕндагыл бахъуыдысты цалдӕр сахаты.

Рӕстӕг тагъд атахт ӕмӕ та нӕ цӕуын хъуыди. Зын нын уыд ацӕуын, Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ ивы, уыцы зынаргъ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй. Нӕ лодкӕ йӕ ных хуссарырдӕм скодта. Фӕндагыл хъуыды кодтам сӕ фидар уырнындзинадыл. Кӕд мӕгуыр цӕрынц, уӕддӕр Хуыцауы цӕсты сты хъӕздыг! Зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм, ногӕй та кӕд фембӕлдзыстӕм, уымӕ».

[Картӕ]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Нагайы хӕхбӕстӕ

Кхамти

Синтхе

Хоумалин

Молай

Калева

Калеймьо

Мӕн фӕнды хъусын кӕнын ӕгас дунейы дӕр!

САГАР РАЙ

РАЙГУЫРД: 1928 азы.

ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1968 азы.

ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: уыди ӕфсӕддон ӕмӕ йӕ майдантӕй схорзӕхджын кодтой. Рӕстдзинад куы базыдта, уӕд хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕнын райдыдта, кӕд сӕ горӕты цӕрджытӕ йӕ ныхмӕ тынг цыдысты, уӕддӕр.

◆ РАЙГУЫРДТӔН штат Шаны, Мьянмӕйы цӕгат-скӕсӕны цы хӕхбӕстӕ ис, уым. Мӕ бинонтӕ уыдысты Непалӕй ралидзгӕ гуркхтӕ, уыдысты индуизмыл хӕст. Мах куывтам ӕнӕуынгӕ тыхтӕн. Гуркхты ӕгъдӕуттыл фидар кӕй хӕцыдыстӕм, уымӕ гӕсгӕ мӕ фыд ӕмӕ мӕ цыппар хистӕр ӕфсымӕрау ӕз дӕр ӕфсадмӕ ацыдтӕн. Бирмӕйы ӕфсады фӕдӕн 20 азы ӕмӕ бирӕ хӕстыты хӕцыдтӕн. Мӕ амондӕн уӕззау цӕф никуы фӕдӕн.

Журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» фыццаг хатт куы бакастӕн, уӕд базыдтон, Библимӕ гӕсгӕ кӕй ис ӕрмӕстдӕр иунӕг ӕцӕг Хуыцау – Йегъовӕ. Уый мӕ тынг бацымыдис кодта. Индуизмыл хӕст кӕй уыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ ӕууӕндыдтӕн милуангай хуыцӕуттыл! Уӕд райдыдтон ном Йегъовӕ агурын алыхуызон дзырдуӕтты – непайлаг, индиаг, бирмӕйаг ӕмӕ англисаг. Алы дзырдуат дӕр куыд ӕмбарын кодта, афтӕмӕй Йегъовӕ у, Библи кӕй кой кӕны, уыцы Хуыцау.

Фӕстӕдӕр мӕ цардӕмбал Джотхиимӕ ацыдыстӕм горӕт Патейнмӕ ӕмӕ уым базонгӕ стӕм миссионер Фрэнк Дьюаримӕ. Уый немӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын. Гыццыл фӕстӕдӕр бамбӕрстам, Йегъовӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцау кӕй у ӕмӕ нӕхицӕн загътам, ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй лӕггад кӕндзыстӕм. Раздӕр кӕмӕн куывтам, уыцы мӕнгхуыцӕутты Патейны цӕугӕдоны ныппӕрстам, цӕмӕй сӕ мачи райстаид (Дык. з. 7:25; Рарг. 4:11).

Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ӕфсад ныууагътон ӕмӕ мӕ бинонтимӕ ацыдтӕн мӕ райгуырӕн горӕтмӕ. Уым уыди Ӕвдисӕнты гыццыл къорд, ӕмӕ нын бацамыдтой, хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый. Цасдӕры фӕстӕ хъӕдӕй ӕрмӕг фӕластам ӕмӕ мӕ хӕдзары акомкоммӕ гыццыл Паддзахады зал сарӕзтам. Уый гуркхты адӕмыхатты хистӕртӕ куы базыдтой, уӕд мӕстӕй рафыхтысты ӕмӕ хъӕр кодтой: «Чи уын радта бар, цӕмӕй индусты территорийы чырыстон „аргъуан“ сарӕзтаиккат? Сӕхи дин кӕмӕн ис, уыцы адӕмӕн хъуамӕ уӕ дины тыххӕй ма дзурат».

Гуркхты хистӕртӕ бахъаст кодтой бынӕттон хицӕуттӕм. Уыдон мӕ бафарстой: «Мистр Рай, кӕм цӕрут, уым адӕмӕн хъусын кӕнут ӕмӕ сӕ чырыстон динмӕ тыхӕй кӕнут?»

«Ӕз дӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн,– дзуапп радтон ӕз.– Ӕмӕ мӕн фӕнды хъусын кӕнын, кӕм цӕрын, ӕрмӕст уым нӕ, фӕлӕ ӕгас дунейы дӕр! Фӕлӕ адӕймаг йӕ дин фӕивдзӕн ӕви нӕ, уый йӕхицӕй кӕнгӕ у».

Нӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыди, хицӕуттӕ нын хъусын кӕнынӕн бар куы радтой, уӕд.

Фӕстаг 40 азы дӕргъы Джотхиимӕ 100 адӕймагӕй фылдӕрӕн баххуыс кодтам рӕстдзинад базонынӕн

Фӕстаг 40 азы дӕргъы Джотхиимӕ 100 адӕймагӕй фылдӕрӕн баххуыс кодтам рӕстдзинад базонынӕн. Бирӕтӕ сӕ лӕггад кӕнынц сӕрмагонд пионертӕй, цӕуӕг цӕстдарджытӕй ӕмӕ вефилӕгтӕй. Циндзинад ма нын хӕссы, нӕ сывӕллӕттӕн сӕ фылдӕр сӕ бинонтимӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый дӕр.

Мӕ бон нӕу «Йегъовӕйы Паддзахад» ссарын

СОУ ЛУИН

РАЙГУЫРД: 1960 азы.

ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 2000 азы.

ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: уыди буддист, бакаст «Йегъовӕйы Паддзахады» тыххӕй ӕмӕ йӕ бафӕндыд уырдӕм ацӕуын.

◆ ӔЗ КУЫСТОН Тачилекы, Таиланды арӕнтӕм ӕввахс горӕты. Иубон куыстӕй цӕугӕйӕ фӕндагыл ссардтон журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Фыст дзы уыди, Йегъовӕйы Паддзахад зӕхмӕ цы диссаджы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй. Буддист кӕй уыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы тыххӕй никуы фехъуыстон. Ӕз ӕнхъӕлдтон, «Йегъовӕйы Паддзахад» кӕмдӕр Африкӕйы кӕй ис. Атласы йӕ агуырдтон, фӕлӕ йӕ не ссардтон. Кӕйдӕрты ма бафарстон, фӕлӕ йын уыдон дӕр ницы зыдтой.

Фӕстӕдӕр базыдтон, мӕ куыстӕй иу лӕппу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи кӕй ахуыр кӕны. Бафарстон ӕй: «Зӕгъ-ма мын, „Йегъовӕйы Паддзахад“ кӕм ссарон?» Йегъовӕйы Паддзахад уӕларвон хицауад кӕй у ӕмӕ зӕххыл Дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн, уый куы базыдтон, уӕд тынг бадис кодтон. Мӕ сӕрыхъуынтӕ алвыдтон, бетель нал ӕууылдтон, наркотиктӕ нал кодтон ӕмӕ буддистты ӕгъдӕуттӕ дӕр ныууагътон. Ныр мӕ ноджы тынгдӕр фӕнды Йегъовӕйы Паддзахады дӕлбар цӕрын (Матф. 25:34).

[Картӕтӕ 81 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

БАНГЛАДЕШ

ИНДИ

КИТАЙ

ЛАОС

ТАИЛАНД

ЯНГОН

Путао

Кхамти

Мьичинӕ

Калеймьо

Лашо

Хакха

Пьин У Луин

Мандалай

Таунджи

Тачилек

Сызгъӕрин ӕртӕкъуымон

Ситуэ

Таярвади

Патейн

Моламьяйн

Тавой

Мьей

Цӕугӕдон Иравади

Иравадийы дельтӕ

Андаманы денджыз

[Таблицӕ]

МЬЯНМӔ (БИРМӔ)

ТЕРРИТОРИ

676 578 км2

ЦӔРДЖЫТӔ

60 380 000

ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 2012 АЗЫ

3 790

ИУ ХЪУСЫНГӔНӔГМӔ ХАУЫ

15 931

2012 АЗЫ ӔРЫМЫСӔН ИЗӔРЫ УЫДИ

8 005

1914 азы дыууӕ англисаг нӕлгоймаджы Индийӕ Бирмӕмӕ ацыдысты, цӕмӕй хъусын кӕнын райдыдтаиккой. Сӕ территори уыди ӕгас бӕстӕ дӕр

[Схемӕ 84 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Райдианы уыдысты гыццыл

1914–1949

Хъусынгӕнджытӕ

Пионертӕ

80

70

60

50

40

30

20

10

0

1915 1920 1925 1930 1935 1940 1945

[Ныв]

Хъусынгӕнджытӕ Янгоны, 1932 аз

[Ныв 87 фарсыл]

Сидни Кут (астӕуӕй) Фыстад зӕрдиагӕй ахуыр кодта; йӕ цардӕмбалимӕ (галиуырдыгӕй) иннӕтӕн Библийӕ хорз хабар дзырдтой

[Ныв 89 фарсыл]

Фрэнк Дьюар

[Ныв 92 фарсыл]

Фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ карентӕй, Чу Мей (кӕнӕ Дейзи, галиуырдыгӕй) ӕмӕ Хнин Мей (кӕнӕ Лили, рахизырдыгӕй)

[Ныв 97 фарсыл]

Уӕлейӕ: Галаады скъола каст чи фӕци, уыцы фыццаг миссионертӕ: Хьюберт Смедстад, Роберт Керк, Норман Барбер, Роберт Ричардз Бынӕй (фӕстейӕ): Нэнси Д’Суза, Милтон Хеншель, Нейтан Норр, Роберт Керк, Теренс Д’Суза; (разӕй): Рассел Мобли, Пенелопа Джарвис-Вагг, Филлис Цатос, Дейзи Д’Суза, Василий Цатос

[Схемӕ 100 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Сӕ нымӕцыл тынг бафтыд

1950–1988

Хъусынгӕнджытӕ

Пионертӕ

1 600

1 400

1 200

1 000

800

600

400

200

0

1950 1955 1960 1965 1970 1975 1980 1985

[Ныв]

Хъусынгӕнджыты къорд Бирмӕйы, 1987 аз

[Ныв 101 фарсыл]

Ба У (галиуырдыгӕй) тӕлмац кодта «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй ахуыргӕнӕн статьятӕ бирмӕйаг ӕвзагмӕ

[Ныв 102 фарсыл]

Дорис Радж 50 азы бӕрц Янгоны Вефилы лӕггад кӕны тӕлмацгӕнӕгӕй

[Ныв 103 фарсыл]

1956 азы Нейтан Норр фехъусын кодта, бирмӕйаг ӕвзагыл кӕй рацыд журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»

[Картӕ 111 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Ганго

ШТАТ ЧИН

Пхалан

Хакха

Ванхна

ЧИНЫ ХӔХТӔ

Суркхуа

Матупи

[Ныв 114 фарсыл]

Галиуырдыгӕй: Матупийы ӕмбырд Хакхайы конгресстӕм фистӕгӕй иуырдӕм фӕцӕуынц 270 километры бӕрц

[Ныв 115 фарсыл]

Рахизырдыгӕй: Гумджа Но ӕмӕ йӕ бинойнаг Нан Лу штат Чины ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕнгӕйӕ цыдысты фистӕгӕй

[Ныв 119 фарсыл]

Ӕвдисӕнтӕ поездыл цӕуынц Янгонӕй Мьичинӕмӕ конгресмӕ, 1969 аз

[Ныв 121 фарсыл]

Бьяк Мойя (фӕстейӕ, рахизырдыгӕй) ӕмӕ Кхамтийы ӕмбырд, нагайы адӕмыхатт кӕм цӕры, уым хъусын кӕнын куы райдыдтой, уӕд

[Ныв 125 фарсыл]

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Мьичинӕйы ӕхсӕнадӕмон конгрессы «Сабырдзинад зӕххыл», 1969 аз. (Фӕстейӕ) Франсис Вайдопау, Морис Радж, Тин Пэй Тан, Мья Маун, (астӕуӕй) Данстан О’Нилл, Чарли Аун Тейн, Аун Тин Шве, Уилсон Тейн, Сан Эй, (разӕй) Маун Кхар, Доналд Дьюар, Дейвид Эйбрахам, Робин Зауджа

[Ныв 132 фарсыл]

Айк Лин (галиуырдыгӕй) ӕмӕ Са Тан Тун Аун (рахизырдыгӕй) раздӕр уыдысты знӕгтӕ

[Ныв 134 фарсыл]

Арӕх фенӕн ис буддист-моладзанты, базонӕн сӕ вӕййы сӕ дарӕсӕй

[Схемӕ 146 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Абоны бонмӕ

1989–2012

Хъусынгӕнджытӕ

Пионертӕ

3 500

3 000

2 500

2 000

1 500

1 000

500

0

1990 1995 2000 2005 2010

[Ныв]

[Ныв 149 фарсыл]

Вефилы агъуысты фезмӕлӕн нӕ уыд. Хо иту кодта пъолыл

[Ныв 151 фарсыл]

Фӕсарӕйнаг ӕмӕ мьянмӕйаг ӕфсымӕртӕ иумӕ куыстой

[Ныв 152 фарсыл]

Мьянмӕйы Вефил

[Ныв 156 фарсыл]

Ног Паддзахады залмӕ катерыл бацыдысты

[Ныв 158 фарсыл]

Хироси ӕмӕ Дзюнко Аоки. 37 азы фӕстӕ уыдысты фыццаг миссионертӕ Мьянмӕйы

[Ныв 162 фарсыл]

Мьянмӕйы филиалы тӕлмацгӕнджыты къордтӕ

[Ныв 165 фарсыл]

Мей Син У, ногӕй йын кӕй аразынц, уыцы хадзары раз

[Ныв 165 фарсыл]

Ӕххуысгӕнджыты къорд ӕмӕ ӕфсымӕр ӕмӕ хо Тун Кхин циклон «Наргис»-ы фӕстӕ сӕ ног хӕдзары раз

[Ныв 167 фарсыл]

Филиалы комитет, галиуырдыгӕй рахизырдӕм: Чо Вин, Хла Аун, Джон Шарп, Доналд Дьюар ӕмӕ Морис Радж

[Ныв 169 фарсыл]

2009 азы ӕхсӕнадӕмон конгресс «Ма бафынӕй ут!» ӕфсымӕрты бафидар кодта ӕмӕ нӕм Янгоны цӕрджытӕй бирӕтӕ хорз цӕстӕй кӕсын райдыдтой

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын