23 зарӕг
Йегъовӕ у нӕ хъару
1. Уарзаг Йегъовӕ, нӕ хъару, нӕ ныфс,
Ирвӕзындзинад ды махӕн дӕттыс.
Стӕм дын Ӕвдисӕнтӕ, хорз уац хӕссӕм.
Хъусой, нӕ хъусой – уӕддӕр мах цӕуӕм.
БАЗАРД
Йегъовӕ, нӕ хъару, мах дын дӕ ном
Хъусын кӕндзыстӕм ’хсӕв ӕмӕ бон.
Кадджын Йегъовӕ, ыстыр у дӕ тых,
Ды дӕ нӕ хъару, нӕ ныфсы мӕсыг.
2. Цин кӕнӕм не ’ппӕт, дӕ рухсы цӕуӕм.
Раст ӕмӕ ’цӕг цы у, уый ныр уынӕм.
Ахуыр кӕнӕм мах дӕ Сыгъдӕг Ныхас,
Фидар лӕудзыстӕм дӕ Паддзахы фарс.
БАЗАРД
Йегъовӕ, нӕ хъару, мах дын дӕ ном
Хъусын кӕндзыстӕм ’хсӕв ӕмӕ бон.
Кадджын Йегъовӕ, ыстыр у дӕ тых,
Ды дӕ нӕ хъару, нӕ ныфсы мӕсыг.
3. Махӕн нӕ лӕггад ыстыр цин хӕссы,
Кӕд ’мӕ нӕм Хӕйрӕг ӕртхъирӕн кӕны.
Цард дӕр уый байсы, фӕлӕ мах тырнӕм,
Иузӕрдион дыл кӕронмӕ куыд уӕм.
БАЗАРД
Йегъовӕ, нӕ хъару, мах дын дӕ ном
Хъусын кӕндзыстӕм ’хсӕв ӕмӕ бон.
Кадджын Йегъовӕ, ыстыр у дӕ тых,
Ды дӕ нӕ хъару, нӕ ныфсы мӕсыг.
(Кӕс ма 2 Сам. 22:3; Пс. 18:2; Ис. 43:12.)