149 зарӕг
Бузныг стӕм Чырыстийы нывонды тыххӕй
Хуыцау Йегъовӕ, мах
дӕ разы ныр лӕууӕм.
Де стыр уарзт кӕй равдыстай,
уый фӕрцы ам ыстӕм.
Дӕ Фырты радтай уӕд,
цӕмӕй уа махӕн цард.
Нӕй уымӕй диссагдӕр нывонд,
уый у стыр лӕвар.
БАЗАРД
Уый радта мах тыххӕй йӕ цард,
Ӕмӕ нын бакодта фӕндаг.
Ӕнустӕм дӕр
дӕуӕн кӕндзыстӕм арфӕ ӕмӕ кад.
Йӕхи нывондӕн радта
Йесо барвӕндӕй.
Уарзта адӕмы, ӕмӕ
йе ’ххӕст цард радта уый.
Ныфсы рухс бакалди
нӕ талынг цардмӕ уӕд.
Ӕнустӕм алчидӕр цӕрдзӕн,
нал уыдзӕн мӕлӕт.
БАЗАРД
Уый радта мах тыххӕй йӕ цард,
Ӕмӕ нын бакодта фӕндаг.
Ӕнустӕм дӕр
дӕуӕн кӕндзыстӕм арфӕ ӕмӕ кад.
(Ноджыдӕр кӕс Дзут. 9:13, 14; 1 Пет. 1:18, 19.)