133 ЗАРӔГ
Не ’взонджы бонты Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм
1. Махӕн, ӕрыгӕттӕн, не Стыр Хуыцау
Аргъ кӕны, ’ххуыс кӕны ’нувыд фыдау.
Уарзы нӕ тынг, ’мӕ ныл алкӕд тыхсдзӕн,
Царды нын алы бон арфӕ кӕндзӕн.
2. Зонӕм, тыхсынц ныл нӕ ныййарджытӕ,
Кад сын кӕнӕм ’мӕ сӕ бузныг ыстӕм.
Уымӕй Йегъовӕйӕн стыр цин хӕссӕм,
Не ’ввахс Хӕлармӕ ӕнгомдӕр кӕнӕм.
3. Цӕй, ӕмӕ уарзӕм рӕстдзинады рухс,
Дарӕм нӕ зӕрдыл Хуыцауы ӕдзух,
Хорзӕй цы ис махмӕ, уый йын дӕттӕм,
Алкӕддӕр циндзинад уымӕн хӕссӕм!
(Ноджыдӕр кӕс Пс. 71:17; Йер. хъ. 3:27; Еф. 6:1–3.)