ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛУКАЙЫ 6, 7
Рӕдауӕй дӕттут
Рӕдау адӕймаг йӕ рӕстӕг, йӕ хъарутӕ ӕмӕ йе ’хца не ’вгъау кӕны, цӕмӕй иннӕтӕн баххуыс кӕна ӕмӕ сӕ бафидар кӕна, ӕмӕ уый фӕаразы зӕрдиагӕй.
«Дӕттут»-ӕй цы грекъаг мивдисӕг ратӕлмац кодтой, уый нысан кӕны, адӕймаг афтӕ ӕппынӕдзух кӕй хъуамӕ кӕна
Иннӕтӕн рӕдауӕй куы дӕттӕм, уӕд нын нӕ роны «ӕркӕндзысты рӕдауӕй, ӕрнӕмдзысты йӕ, сцӕгъддзысты йӕ ӕмӕ йӕ афтӕ байдзаг кӕндзысты, ӕмӕ ма дзы кӕлгӕ дӕр кӕндзӕн». Ӕвӕццӕгӕн, ацы ныхӕстӕ амонынц, дзуттӕгтӕм цы ӕгъдау уыд, уымӕ – иуӕй-иу уӕйгӕнджытӕ-иу ӕлхӕнӕгӕн йӕ уӕлӕдарӕсы фӕдджийы ныккодтой, цы-иу балхӕдта, уый