Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 51 сӕр, 126 ф.–127 ф., 9 абз.
  • Гуырӕнбоны рӕстӕг лӕгмард ӕрцыд

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Гуырӕнбоны рӕстӕг лӕгмард ӕрцыд
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Лӕгмард гуырӕнбоны рӕстӕджы
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Хуыцауы зӕрдӕмӕ алы бӕрӕгбон дӕр цӕуы?
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 51 сӕр, 126 ф.–127 ф., 9 абз.
1. Саломи кафы, Ирод йӕ гуырӕнбоны номыл цы куывд скодта, уым; 2. Саломи Иродиадӕйӕн Аргъауӕг Иоанны сӕр ӕрбахаста

51 СӔР

Гуырӕнбоны рӕстӕг лӕгмард ӕрцыд

МАТФЕЙЫ 14:1–12 МАРЧЫ 6:14–29 ЛУКАЙЫ 9:7–9

  • ИРОД АРГЪАУӔГ ИОАННЫ СӔР АКЪУЫРЫН КОДТА

Йесойы апостолтӕ Галилейӕйы хъусын кодтой. Фӕлӕ сӕ Йесоимӕ чи базонгӕ кодта, уымӕн уыцы рӕстӕг афтӕ сӕрибарӕй рацу-бацу кӕнын йӕ бон нӕ уыди. Ныр дыууӕ азы дӕргъы Аргъауӕг Иоанн уыди ахӕстоны.

Паддзах Ирод Антипӕйӕн уыди ӕфсымӕр Филипп – фыдӕй иу уыдысты, мадӕй хицӕн. Ирод Филиппы ус Иродиадӕйы байста ӕмӕ йемӕ бацард. Цӕмӕй Иордиадӕйы ракуырдтаид, уый тыххӕй йӕ фыццаг усӕй ахицӕн. Гъемӕ йын Аргъауӕг Иоанн комкоммӕ загъта, раст кӕй нӕ бакодта. Ирод, йӕхи ныхӕстӕм гӕсгӕ, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ цард. Уыцы Закъонмӕ гӕсгӕ та, Иродиадӕимӕ кӕй бацард, уый нымад уыди хӕтындзинадыл. Ӕмӕ йын Иоанн йӕ рӕдыд ӕргом кӕй загъта, уый тыххӕй йӕ ахӕстоны ныппӕрста. Ӕвӕццӕгӕн, афтӕ Иродиадӕйы ардыдӕй бакодта.

Адӕм Иоанны «пехуымпарыл нымадтой», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Ирод нӕ зыдта, дарддӕр ын цы кӕна, уый (Матфейы 14:5). Фӕлӕ Иродиадӕйӕ уый зӕгъӕн нӕ уыд. Иоанмӕ «йӕ зӕрдӕйы маст хаста» ӕмӕ йӕ куыд амарын кодтаид, уый фадат агуырдта (Марчы 6:19). Ӕмӕ йын иу бон ахӕм фадат фӕзынд.

Н. э. 32 азы Куадзӕнмӕ бирӕ нал хъуыди, афтӕ Ирод йӕ райгуырӕн боны номыл стыр куывд скодта. Куывдмӕ ӕрбацыдысты Ироды ӕлдӕрттӕ ӕмӕ ӕфсады сӕргълӕуджытӕ иууылдӕр, стӕй ма Галилейӕйы дзырддзӕугӕ лӕгтӕ дӕр. Иродиадӕйӕн та йӕ фыццаг лӕг Филиппӕй уыди чызг, Саломи, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕм уазджытӕн акафынмӕ фӕдзырдтой. Чызджы кафт се ’ппӕты зӕрдӕмӕ дӕр тынг фӕцыд.

Саломийы кафтӕй Иродӕн йӕ зӕрдӕ барухс

Иродӕн йӕ усы чызджы кафтӕй йӕ зӕрдӕ афтӕ тынг барухс, ӕмӕ йын загъта: «Зӕгъ, цы дӕ хъӕуы – ратдзынӕн дын ӕй». Сомы дӕр ма йын ракодта: «Цыдӕриддӕр мӕ ракурай – ратдзынӕн дын ӕй, суанг мӕ паддзахады ӕмбис дӕр». Саломи дзуапп уайтагъд нӕ радта, фӕлӕ ӕддӕмӕ рахызт ӕмӕ йӕ мады афарста: «Цы дзы ракурон?» (Марчы 6:22–24).

Иродиадӕйы ма ӕндӕр цы хъуыди! Йӕ чызгӕн ӕнӕ рахъуыды-бахъуыдыйӕ дзуапп радта: «Аргъауӕг Иоанны сӕр». Саломи дӕр уайтагъд фӕстӕмӕ фездӕхт ӕмӕ Иродӕн загъта: «Фӕнды мӕ, цӕмӕй мын ныртӕккӕ тӕбӕгъыл Аргъауӕг Иоанны сӕр ӕрбахӕссай» (Марчы 6:24, 25).

Уыцы ныхас фехъусгӕйӕ Ирод арвы цӕфау фӕци. Фӕлӕ, Саломийӕн куыд расомы кодта, уый уазджытӕ дӕр фехъуыстой, ӕмӕ йӕ кӕд ӕнаххос адӕймаджы амарын хъуыд, уӕддӕр йӕ ныхасы сӕрты нал ахызт. Уайтагъд хъахъхъӕнӕджы ахӕстонмӕ арвыста уыцы ӕбуалгъы хъуыддаг бакӕнынмӕ. Гыццыл фӕстӕдӕр хъахъхъӕнӕг фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт, Иоанны сӕр тӕбӕгъыл ӕрбахаста, афтӕмӕй, ӕмӕ йӕ Саломимӕ радта, уый та йӕ йӕ мадмӕ бахаста.

Цы ’рцыд, уый Иоаннӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы базыдтой, уӕд ӕрбацыдысты, йӕ мард ын рахастой ӕмӕ йӕ баныгӕдтой. Ӕмӕ стӕй уый тыххӕй Йесойӕн фӕхабар кодтой.

Цасдӕры фӕстӕ Ирод Антипӕ ӕрыхъуыста, Йесо рынчынты кӕй дзӕбӕх кӕны ӕмӕ адӕмӕй хӕйрӕджыты кӕй суры, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕ быны дон бацыд. Хъуыды кодта, зӕгъгӕ, кӕд уыцы адӕймаг ахӕм диссӕгтӕ аразы, уӕд ӕнӕмӕнг Аргъауӕг Иоанн «мӕрдтӕй сыстад», ӕмӕ уый у (Лукайы 9:7). Гъемӕ Ирод Йесойы фенынмӕ йӕ былыцъӕрттӕ хордта. Ӕцӕг уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ йӕ йӕ ныхӕстӕм байхъусын фӕндыд. Йесойы фенын ӕй ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй фӕндыд, цӕмӕй сбӕлвырд кодтаид, цӕмӕй тарст, уый ӕцӕг у ӕви нӕ.

  • Аргъауӕг Иоанн ахӕстоны цӕмӕн уыд?

  • Иродиадӕйӕн Иоанны амарын кӕнын йӕ къухы куыд бафтыд?

  • Иоанны мӕлӕты фӕстӕ Ирод Антипӕйы Йесойы фенын цӕмӕн фӕндыд?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын