Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr19 февраль 1–10 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2019
  • Сӕргӕндтӕ
  • 4–10 ФЕВРАЛЫ
  • 11–17 ФЕВРАЛЫ
  • 18–24 ФЕВРАЛЫ
  • 25 ФЕВРАЛЫ – 3 МАРТЪИЙЫ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2019
mwbr19 февраль 1–10 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ

4–10 ФЕВРАЛЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РОМӔГТӔМ 1–3

«Де ’фсарм дарддӕр дӕр Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдты фӕрцы ахуыр кӕн»

(Ромӕгтӕм 2:14, 15) Закъон кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмтӕ сӕхи ӕгъдауӕй, закъон куыд дзуры, афтӕ куы фӕкӕнынц, уӕд уыдон, кӕд сын закъон нӕй, уӕддӕр сӕхӕдӕг сӕхицӕн сты закъон. 15 Уымӕй уыдон ӕвдисынц, закъоны хъуыды сӕ зӕрдӕты фыст кӕй ис, ӕмӕ семӕ иумӕ ууыл дзурӕг у се ’фсарм дӕр, ӕмӕ куы фӕхъуыды кӕнынц, уӕд сӕм сӕ зӕрдӕ фӕдзуры, зӕгъгӕ, раст нӕ бакодтай, кӕнӕ та – раст бакодтай.

lv 18 ф., 6 абз.

Хуыцауы раз дӕ цӕсгом сыгъдӕг уӕд

6 Цымӕ ӕфсармӕй ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сты хайджын? Ӕркӕсӕм-ма, апостол Павел цы загъта, уымӕ: «Закъон кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмтӕ сӕхи ӕгъдауӕй, закъон куыд дзуры, афтӕ куы фӕкӕнынц, уӕд уыдон, кӕд сын закъон нӕй, уӕддӕр сӕхӕдӕг сӕхицӕн сты закъон. Уымӕй уыдон ӕвдисынц, закъоны хъуыды сӕ зӕрдӕты фыст кӕй ис, ӕмӕ семӕ иумӕ ууыл дзурӕг у се ’фсарм дӕр, ӕмӕ куы фӕхъуыды кӕнынц, уӕд сӕм сӕ зӕрдӕ фӕдзуры, зӕгъгӕ, раст нӕ бакодтай, кӕнӕ та – раст бакодтай» (Ромӕгтӕм 2:14, 15). Йегъовӕйы закъӕттӕ чи нӕ зоны, суанг ма уыцы адӕм дӕр хатт бакӕнынц, Хуыцауы цӕсты раст куыд у, афтӕ, уымӕн ӕмӕ сын се ’фсарм афтӕ фӕамоны.

(Ромӕгтӕм 2:15) Уымӕй уыдон ӕвдисынц, закъоны хъуыды сӕ зӕрдӕты фыст кӕй ис, ӕмӕ семӕ иумӕ ууыл дзурӕг у се ’фсарм дӕр, ӕмӕ куы фӕхъуыды кӕнынц, уӕд сӕм сӕ зӕрдӕ фӕдзуры, зӕгъгӕ, раст нӕ бакодтай, кӕнӕ та – раст бакодтай.

lv 19, 20 фф., 8, 9 абз.

Хуыцауы раз дӕ цӕсгом сыгъдӕг уӕд

8 Иуӕй-иутӕ исты уынаффӕ куы фӕхӕссынц, уӕд фӕхъусынц, сӕ зӕрдӕ сын цы фӕдзуры, ӕрмӕстдӕр уымӕ. Стӕй фӕзӕгъынц: «Мӕ зӕрдӕ мӕхиуыл ницӕмӕй худы». Адӕймаджы зӕрдӕйы фӕндтӕ афтӕ тыхджын вӕййынц, ӕмӕ йын хатт йе ’фсармыл дӕр фӕтых вӕййынц. Библийы фыст ис: «Зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ фыдбылыздӕр ницы ис. Чи йын цы базондзӕн?» (Йереми 17:9). Уӕдӕ фыццаджыдӕр, нӕ зӕрдӕйы цы фӕнды, ууыл хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы фӕцӕудзӕн, ууыл.

9 Не ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ куы ахуыр кӕнӕм, уӕд, цы уынаффӕтӕ фӕхӕссӕм, уыдонӕй бӕрӕг уыдзӕн, нӕ зӕрдӕйы фӕдыл кӕй нӕ цӕуӕм, фӕлӕ Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм. Зӕгъӕм, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Неемийӕн бар уыди, цӕмӕй Иерусалимы цӕрӕг адӕмӕй хъалон истаид. Фӕлӕ уый афтӕ нӕ кодта. Цӕуылнӕ? Йегъовӕйы адӕмы бафхӕра ӕмӕ уымӕй йӕ зӕрдӕхудты бацӕуа, уыцы хъуыды йӕхимӕ ӕмгӕрон дӕр нӕ уагъта. Нееми загъта: «Ӕз афтӕ нӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй тарстӕн» (Нееми 5:15). Ӕцӕгдӕр, Хуыцауӕй, ома йӕ зӕрдӕхудты бацӕуынӕй, тӕрсӕм, уый ӕнӕмӕнг у. Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, уӕд уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ разамынд агурдзыстӕм йӕ Ныхасы.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Ромӕгтӕм 3:4) Уымӕн гӕнӕн нӕй! Алы адӕймаг дӕр мӕнгард куы разына, уӕддӕр Хуыцау нӕ фӕсайдзӕн. Фыст дӕр афтӕ у: «Цӕмӕй, куы дзурай, уӕд раст разынай ӕмӕ тӕрхоны фӕуӕлахиз уай».

w08 15/6 30 ф., 5 абз.

Ахсджиаг хъуыдытӕ Ромӕгты чиныгӕй

3:4. Адӕм цы дзурынц ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уыдон кӕрӕдзийӕ куы фӕхицӕн кӕнынц, уӕд мах Библийыл нӕ фӕдызӕрдыг кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ фӕархайӕм, ӕмӕ афтӕмӕй равдисӕм, «Хуыцау [кӕй] нӕ сайы». Хуыцауы Паддзахады хабар зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм, уый фӕрцы иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй базоной, Хуыцау кӕй нӕ сайы, уый.

(Ромӕгтӕм 3:24, 25) Гъемӕ уӕдӕ, рӕстгӕнджытыл нымад кӕй ӕрцыдысты, уый сын у лӕвар – йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ, Йесо Чырысти сӕ кӕй балхӕдта ӕмӕ кӕй ссӕрибар сты, уый фӕрцы. 25 Хуыцау ӕй нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй адӕм Хуыцауимӕ бафидауой, Чырыстийы тугыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы. Афтӕ уымӕн сарӕзта, цӕмӕй равдыстаид, адӕмӕн куы быхста ӕмӕ, ивгъуыд заманты цы тӕригъӕдтӕ кодтой, уыдон сын куы хатыр кодта, уӕд раст кӕй уыд.

w08 15/6 29 ф., 6 абз.

Ахсджиаг хъуыдытӕ Ромӕгты чиныгӕй

3:24, 25 – Уый гӕнӕн куыд уыд, цӕмӕй адӕмӕн, «ивгъуыд заманты цы тӕригъӕдтӕ кодтой», уыдон хатыргонд цыдаиккой, кӕд сӕ уӕд «Йесо Чырысти... [нӕма] балхӕдта»? Мессийӕйы тыххӕй фыццаг пехуымпарад фыст ис Райдианы 3:15. Уый сӕххӕст н. э. 33 азы, Йесойы хъизӕмӕртты хъӕдыл куы амардтой, уӕд (Гал. 3:13, 16). Фӕлӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, адӕм ӕлхӕд ӕрцыдысты, уыцы пехуымпарад куы загъта, уӕд. Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын ничи ӕмӕ ницы бахъыгдардзӕн. Уӕдӕ Йесо Чырысти адӕмы тыххӕй йӕ цард нывондӕн кӕй хъуамӕ ’рхастаид, уымӕ гӕсгӕ, Адамы байзӕддӕгтӕй уыцы ныхасыл чи ӕууӕндыд, уыдонӕн Йегъовӕйӕн йӕ бон уыд хатыр кӕнын сӕ тӕригъӕдтӕ. Чырысти ахӕсты аргъ кӕй бафыста, уый фӕрцы райгас уыдзысты, рагзаманты чи цард, уыдон дӕр (Ап. хъ. 24:15).

Библийӕ бакӕсинаг

(Ромӕгтӕм 1:1–17) Фыссы уӕм Павел, Йесо Чырыстийы цагъар, Хуыцау кӕй ӕрхуыдта, цӕмӕй уа апостол ӕмӕ Хуыцауы хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕвзӕрст чи у, уый. 2 Уыцы хорз хабары тыххӕй йӕ пехуымпарты уылты бирӕ раздӕр загъта Сыгъдӕг Фыстады. 3 Хорз хабар та у йӕ Фырты тыххӕй. Уый туг ӕмӕ стӕгӕй уыди Давиды байзӕддаг, 4 фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы хъаруйы фӕрцы раргом, Хуыцауы Фырт кӕй у, уый, мӕрдтӕй куы райгас, уӕд – о, уый у нӕ Хицау, Йесо Чырысти, 5 ӕмӕ ӕз уый фӕрцы схайджын дӕн Хуыцауы стыр хорзӕхӕй ӕмӕ сдӕн апостол, цӕмӕй йыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр баууӕндой ӕмӕ йын коммӕгӕс уой, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ ном кадджын кӕной. 6 Уыцы адӕмты ’хсӕн стут сымах дӕр ӕмӕ Хуыцау сымах дӕр ӕрхуыдта, цӕмӕй Йесо Чырыстийы уат. 7 Фыссын, Ромы чи ис, Хуыцау кӕй бауарзта ӕмӕ кӕй ӕрхуыдта, цӕмӕй сыгъдӕджытӕ уой, уыдонмӕ. Нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕх ӕмӕ фарнӕй хайджын ут. 8 Фыццаджыдӕр мӕ уый зӕгъын фӕнды, ӕмӕ ӕз уе ’ппӕты тыххӕй дӕр Йесо Чырыстийы уылты мӕ Хуыцауӕн арфӕ кӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕ уырнындзинады кой кӕнынц ӕгас дунейы дӕр. 9 Йӕ Фырты тыххӕй хорз хабар ӕппӕт удӕй хъусын кӕнгӕйӕ кӕмӕн лӕггад кӕнын, уыцы Хуыцау мын ӕвдисӕн, ӕдзухдӕр сымах тыххӕй кӕй фӕкувын. 10 Лӕгъстӕ йын фӕкӕнын, кӕд йӕ фӕндон у, уӕд мын цӕмӕй бантыса сымахмӕ ӕрцӕуын, 11 уымӕн ӕмӕ тынг бӕллын уӕ фенынмӕ, цӕмӕй уын бахай кӕнон, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы хорздзинӕдтӕй, ӕмӕ сфидар уат. 12 Уӕвгӕ, растдӕр уаид зӕгъын, цӕмӕй кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уӕм – ӕз сымах уырнындзинадӕй, сымах та мӕн уырнындзинадӕй. 13 Фӕлӕ мӕ нӕ фӕнды, ме ’фсымӕртӕ, сымахӕй уый басусӕг кӕнын, бирӕ хӕттыты уӕм кӕй фӕнд кодтон ӕрцӕуын,– фӕлӕ мын абоны онг дӕр ис къуылымпытӕ,– цӕмӕй мын сымахмӕ дӕр исты бантыса, иннӕ адӕмтӕм мын куыд бантыст, афтӕ. 14 Грекъӕгтӕй дӕр ӕмӕ, грекъаг чи нӕу, уыдонӕй дӕр, зондджынтӕй дӕр ӕмӕ ӕнӕмбаргӕтӕй дӕр ӕз хӕсджын дӕн. 15 Гъемӕ мӕ зӕрдиагӕй фӕнды хорз хабар сымахмӕ, Ромы дӕр, фехъусын кӕнын. 16 Ӕз хорз хабар хъусын кӕнынӕй ӕфсӕрмы нӕ кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцау ӕвдисы йӕ тых ӕмӕ ирвӕзын кӕны, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕй алкӕй дӕр – фыццаг дзуттаджы, ӕмӕ стӕй грекъаджы дӕр, 17 уымӕн ӕмӕ, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдон уынынц, Хуыцау йӕ рӕстдзинад хорз хабары фӕрцы кӕй раргом кодта, ӕмӕ уымӕй сӕ уырнындзинад кӕны ноджы фидардӕр. Фыст дӕр афтӕ у: «Рӕстгӕнӕг та цӕрдзӕн йӕ уырнындзинады фӕрцы».

11–17 ФЕВРАЛЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РОМӔГТӔМ 4–6

«Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый... ӕвдисы»

(Ромӕгтӕм 5:8) Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый та ӕвдисы, Чырысти нӕ сӕрвӕлтау, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд кӕй амард, уымӕй.

(Ромӕгтӕм 5:12) Гъемӕ иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд.

w11 15/6 12 ф., 5 абз.

Хуыцау равдыста йӕ уарзондзинад

5 Павел уый куы ӕмбарын кодта, уӕд йӕ ныхас афтӕ райдыдта: «Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ром. 5:12). Ацы хабар нӕ бон у бамбарын, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы фыст ӕрцыд, зӕххыл адӕм куыд фӕзындысты, уый. Йегъовӕ сфӕлдыста дыууӕ адӕймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы. Сфӕлдисӕг Хуыцау ӕххӕст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ фыццаг адӕм дӕр, нӕ фыдӕлтӕ, уыдысты ӕххӕст. Хуыцау сӕ бафӕдзӕхста ӕрмӕстдӕр иу хъуыддагӕй ӕмӕ сын загъта, уыцы закъоны сӕрты куы ахизой, уӕд сӕ мӕлӕты тӕрхон кӕй баййафдзӕн (Райд. 2:17). Фӕлӕ уыдон ныллӕууыдысты сӕфты фӕндагыл: Хуыцауы закъоны сӕрты ахызтысты, ӕмӕ афтӕмӕй равдыстой, Закъондӕттӕгыл ӕмӕ йӕ Дунедарӕгыл кӕй нӕ нымайынц (Дык. з. 32:4, 5).

(Ромӕгтӕм 5:13, 14) Цалынмӕ Закъон нӕ уыд, уӕдмӕ дӕр дунейы уыди тӕригъӕд, фӕлӕ, закъон куы нӕ уа, уӕд тӕригъӕд тӕригъӕдыл нымад нӕ цӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр Адамӕй Моисейы онг дӕр мӕлӕт паддзах уыд, Адам цы тӕригъӕд ракодта, ахӕм тӕригъӕд чи нӕ ракодта, суанг уыдонӕн дӕр. Адам та у, фидӕны чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уый хуызӕн.

w11 15/6 12 ф., 6 абз.

Хуыцау равдыста йӕ уарзондзинад

6 Адамӕн сывӕллӕттӕ райгуырд, тӕригъӕд куы ракодта, уый фӕстӕ. Уымӕ гӕсгӕ йӕ сывӕллӕттӕ се ’ппӕт дӕр сӕ туджы рахастой тӕригъӕд ӕмӕ се ’ппӕт дӕр сӕхиуыл бавзӕрстой, тӕригъӕд цӕмӕ ӕркодта, уыдӕттӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдон Адамау Хуыцауы закъоны сӕрты нӕ ахызтысты, ӕмӕ уыцы тӕригъӕды аххосджын нӕ уыдысты. Стӕй сын Хуыцау сӕхицӕн бӕлвырд закъӕттӕ дӕр нӕма радта (Райд. 2:17). Фӕлӕ уӕддӕр Адамы байзӕддӕгтӕ тӕригъӕд сӕ туджы рахастой. Афтӕмӕй уыдысты тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты дӕлбар, Хуыцау Израилы адӕмӕн закъӕттӕ куы радта, уӕды онг дӕр, ӕмӕ сын уыцы закъӕттӕ та ирдӕй равдыстой, тӕригъӕдджынтӕ кӕй уыдысты. (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:13, 14.) Адӕймаг йӕ туджы тӕригъӕд куыд рахӕссы, уый абарӕн ис, цавӕрдӕр низтӕ кӕнӕ сахъатдзинад йӕ туджы куыд рахӕссы, уыимӕ. Чи зоны, кастӕ уырыссаг паддзах Николай II ӕмӕ йӕ бинойнаг Александрӕйы фырт Алексейы тыххӕй – уый йӕ туджы рахаста уӕззау низ (гемофилийӕ). Ӕцӕг, ахӕм бинонты ’хсӕн дӕр вӕййы афтӕ, ӕмӕ сывӕллӕттӕй чидӕртӕ уыцы низӕй нӕ фӕрынчын вӕййынц, фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ сӕхи цотӕй исчи йӕ туджы рахӕссы. Тӕригъӕды хабар та афтӕ нӕу. Адамы тӕригъӕдӕй ничи аирвӕзт – алчидӕр ӕй йӕхиуыл бавзары. Йӕ кӕрон алкӕддӕр вӕййы ӕвирхъау – мӕлӕт. Ӕмӕ йӕ Адамы байзӕддӕгтӕй алчидӕр йӕ туджы рахӕссы. Фӕлӕ цымӕ уыцы уӕззау уавӕрӕй фервӕзӕн ис?

(Ромӕгтӕм 5:18) Уӕдӕ иу тӕригъӕды тыххӕй алыхуызон адӕм аххосджыныл нымад куыд ӕрцыдысты, афтӕ иу раст хъуыддаджы фӕрцы та алыхуызон адӕм нымад цӕуынц рӕстгӕнджытыл, цӕмӕй цӕрой.

(Ромӕгтӕм 5:21) Цӕмӕн? Цӕмӕй, тӕригъӕд мӕлӕтимӕ иумӕ куыд уыд паддзах, афтӕ Хуыцауы стыр хорзӕх дӕр нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы ӕмӕ рӕстдзинады фӕрцы паддзах уа ӕмӕ цӕмӕй адӕм ӕнустӕм цӕрой.

w11 15/6 13 ф., 9, 10 абз.

Хуыцау равдыста йӕ уарзондзинад

9 Ацы ныхӕстӕн, «нымад цӕуынц рӕстгӕнджытыл», зӕгъгӕ, грекъаг ӕвзаджы сӕ хъуыды цы у? Статьяйы райдианы кӕй кой уыд, уыцы профессор Уильямс ныффыста: «Ацы ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ адӕймагӕн йӕ цӕстытыл ауайынц тӕрхоны хъуыддӕгтӕ. Амонынц, адӕймагӕн йӕ удыхъӕд кӕй фӕивта, уымӕ нӕ, фӕлӕ йӕм Хуыцау ӕндӕр цӕстӕй кӕсын кӕй райдыдта, уымӕ... Зӕгъӕн ис, ӕмӕ ацы ран ис абарст: цыма Хуыцау у тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ йӕм цыма адӕймаджы тӕрхонмӕ ӕрбакодтой, фыдгӕнӕг у, зӕгъгӕ, фӕлӕ Хуыцау уыцы адӕймаджы тыххӕй рахаста уынаффӕ, аххосджын кӕй нӕу».

10 «Ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕгӕн» цӕмӕ гӕсгӕ уыди йӕ бон фыдгӕнӕджы рӕстгӕнӕгыл банымайын? (Райд. 18:25). Цӕмӕй уымӕн гӕнӕн уыдаид, уый тыххӕй Хуыцау йӕ иунӕг Фырты зӕхмӕ рарвыста. Кӕд Йесо фӕлварӕнтыл ӕмбӕлд, кӕд ӕй бирӕтӕ ӕфхӕрдтой ӕмӕ дзы хынджылӕг кодтой, уӕддӕр йӕ Фыды фӕндон кӕронмӕ сӕххӕст кодта. Хуыцауыл иузӕрдион уыд суанг мӕлӕты онг, мӕлгӕ та акодта хъизӕмӕртты хъӕдыл (Дзут. 2:10). Йесо йе ’ххӕст цард нывондӕн кӕй радта, уымӕй Адамы байзӕддӕгты балхӕдта, кӕнӕ ахӕсты аргъ бафыста, цӕмӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар уыдаиккой (Матф. 20:28, фип.; Ром. 5:6–8).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Ромӕгтӕм 6:3–5) Ӕви йӕ нӕ зонут, не ’ппӕт дӕр – аргъуыд чи райста ӕмӕ ныр Йесо Чырыстиимӕ иудзинады чи ис, уыдон – уый тыххӕй кӕй райстам аргъуыд, цӕмӕй уыйау амӕлӕм? 4 Ӕмӕ аргъуыд уый тыххӕй кӕй райстам, цӕмӕй уыйау амӕлӕм, уымӕ гӕсгӕ ныгӕд ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй, Чырысти йӕ Фыды тыхӕй мӕрдтӕй куыд райгас, афтӕ мах дӕр цӕрӕм ног цардӕй. 5 Уӕдӕ кӕд уыйау амардыстӕм ӕмӕ йемӕ баиу стӕм, уӕд, уый куыд райгас, афтӕ мах дӕр райгас уыдзыстӕм ӕмӕ йемӕ баиу уыдзыстӕм,

w08 15/6 29 ф., 7 абз.

Ахсджиаг хъуыдытӕ Ромӕгты чиныгӕй

6:3–5 – Цы нысан кӕны, зӕгъгӕ, адӕймаг аргъуыд райста, ӕмӕ ныр Йесо Чырыстиимӕ иудзинады ис ӕмӕ йӕ аргъуыдӕй Йесо Чырыстиимӕ амард? Йегъовӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытыл йӕ сыгъдӕг уд куы ӕруадзы, уӕд баиу вӕййынц Йесоимӕ ӕмӕ свӕййынц сӕрст чырыстӕтты ӕмбырды уӕнгтӕ, ома Чырысти йӕ Сӕр кӕмӕн у, уыцы «буары уӕнгтӕ» (1 Кор. 12:12, 13, 27; Кол. 1:18). Растдӕр уый нысан кӕны, зӕгъгӕ, адӕймаг аргъуыд райста ӕмӕ ныр Йесо Чырыстиимӕ иудзинады ис. Сӕрст чырыстӕттӕ ма аргъуыд райсгӕйӕ «[Чырыстиимӕ] амӕлынц» уыцы хуызы, ӕмӕ удуӕлдай цард фӕкӕнынц, стӕй ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфсӕй «нӕ» фӕзӕгъынц. Уымӕ гӕсгӕ, уыдон дӕр Йесойау сӕ цард нывондӕн ӕрхӕссынц, кӕд афтӕмӕй мӕлӕтӕй балхӕнын сӕ бон никӕй у, уӕддӕр. Чырыстиимӕ амӕлыны тыххӕй цы аргъуыд райсынц, уый кӕронмӕ сӕххӕст вӕййы, куы амӕлынц ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрынмӕ куы райгас вӕййынц, уӕд.

(Ромӕгтӕм 6:7) Уымӕн ӕмӕ, чи амард, уый йӕ тӕригъӕды хӕсӕй ссӕрибар.

w14 1/6 11 ф., 1 абз.

Чи амард, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?

Фыдгӕнджытӕ куы райгас уой, уӕд цымӕ сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цӕудзысты тӕрхонгонд? Нӕ. Ромӕгтӕм 6:7 стихы кӕсӕм: «Чи амард, уый йӕ тӕригъӕды хӕсӕй ссӕрибар». Фыдгӕнджытӕ сӕ тӕригъӕдтӕ бафиддзысты сӕ мӕлӕтӕй. Уӕдӕ тӕрхонгонд цӕудзысты, сӕ мӕлӕты размӕ, ома, цалынмӕ Хуыцауы нӕ зыдтой, уӕдмӕ цы арӕзтой, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ куы райгас уой, уый фӕстӕ цы араздзысты, уымӕ гӕсгӕ. Уый сын цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

Библийӕ бакӕсинаг

(Ромӕгтӕм 4:1–15) Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд цы зӕгъӕн ис нӕ фыдӕл Авраамы тыххӕй? 2 Авраам йӕ хъуыддӕгты тыххӕй куы ’рцыдаид рӕстгӕнӕгыл нымад, уӕд ын уыдаид йӕхицӕй ӕппӕлыны ӕфсон, ӕрмӕст Хуыцауы раз нӕ. 3 Фыстад дӕр куыд дзуры? «Авраам ӕууӕндыд Йегъовӕйыл, ӕмӕ уый тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл». 4 Чи кусы, уымӕн йӕ мызд лӕварыл нымад нӕ вӕййы – цы йӕм ӕмбӕлы, уый йын раттынц. 5 Йӕ хъуыддӕгтӕй ныфсджын чи нӕу, фӕлӕ, ӕнӕхуыцау адӕймаджы рӕстгӕнӕгыл чи банымайы, ууыл чи ’ууӕнды, уый та рӕстгӕнӕгыл нымад цӕуы йӕ уырнындзинады фӕрцы. 6 Хуыцау йӕ хъуыддӕгтӕм кӕмӕн нӕ кӕсы ӕмӕ афтӕмӕй рӕстгӕнӕгыл кӕй нымайы, уыцы адӕймаджы амондджын хоны Давид дӕр: 7 «Амондджын сты, Хуыцау йӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕмӕн ныббарста ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн ныххатыр кодта. 8 Амондджын у уыцы адӕймаг, Йегъовӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп кӕмӕй не ’рдома». 9 Ӕмӕ уӕд уыцы амондӕй, сунӕтгонд чи у, ӕрмӕстдӕр уыдон сты хайджын, ӕви, сунӕтгонд чи нӕу, уыдон дӕр? Мах афтӕ зӕгъӕм, зӕгъгӕ, Авраам йӕ уырнындзинады тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл. 10 Фӕлӕ кӕд ӕрцыд нымад рӕстгӕнӕгыл? Сунӕтгонд куы уыди, уӕд, ӕви, сунӕтгонд куы нӕма уыд, уӕд? Сунӕтгонд куы уыди, уӕд нӕ, фӕлӕ сунӕтгонд куы нӕма уыди, уӕд. 11 Уый фӕстӕ йын Хуыцау загъта, сунӕт скӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕй йын уый уыдаид нысан. Ӕмӕ йын уый уыд бӕлвырдгӕнӕн, сунӕтгонд куы нӕма уыди, уӕд йӕ уырнындзинады фӕрцы рӕстгӕнӕгыл нымад кӕй ӕрцыд, уымӕн, цӕмӕй, сунӕтгонд чи нӕу, фӕлӕ уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр уа сӕ фыд, ӕмӕ уыдон дӕр рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцӕуой. 12 Стӕй сӕ фыд уа, сунӕтгонд чи у, йӕ уыцы байзӕддӕгтӕн дӕр – сунӕты ӕгъдауыл хӕст чи у, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ, фӕлӕ нӕ фыдӕл Аврааммӕ, цалынмӕ сунӕт не скодта, уӕдмӕ цы уырнындзинад уыд, ахӕм уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн дӕр. 13 Хуыцау Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ куы бавӕрдта, дуне уый кӕй бауыдзӕн, уымӕй, уӕд уый, закъон кӕй ӕххӕст кодта, уымӕ гӕсгӕ нӕ уыд, фӕлӕ, йӕ уырнындзинады тыххӕй рӕстгӕнӕгыл нымад кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ. 14 Кӕд дуне, закъоныл чи хӕцы, уыдоны бауыдзӕн, уӕд уырнындзинад дзӕгъӕлы у ӕмӕ зӕрдӕвӕрдӕн тых нал ис. 15 Ӕцӕгӕй та Закъон кӕны Хуыцауы мастмӕ, фӕлӕ, закъон кӕм нӕй, уым та нӕй фыдракӕнд дӕр.

18–24 ФЕВРАЛЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РОМӔГТӔМ 7, 8

«Зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсыс»?

(Ромӕгтӕм 8:19) Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Хуыцауы фыртты кад куы раргом уа, уымӕ.

w12 15/7 11 ф., 17 абз.

Уадз ӕмӕ дын Йегъовӕ ӕцӕг сӕрибардзинад раттӕд

17 Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕххыл цы сӕрибардзинад ратдзӕн, уый кой кӕнгӕйӕ Павел загъта: «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Хуыцауы фыртты кад куы раргом уа, уымӕ». Стӕй ма загъта: «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ссӕрибар уыдзысты мӕлӕты цагъарадӕй ӕмӕ сын уыдзӕн, Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад» (Ром. 8:19–21). Ацы ныхӕстӕ, «цыдӕриддӕр сфӕлдыста», зӕгъгӕ, амонынц, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕммӕ. Хуыцауы сӕрст фыртты «кад куы раргом уа», уӕд уый уыцы адӕмӕн стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн. Йӕ фыртты кад та ӕргом кӕнын райдайдзӕн, уӕлӕрвтӕй Чырыстиимӕ иумӕ зӕхх фыддзинадӕй куы сыгъдӕг кӕной ӕмӕ «тынг бирӕ адӕмы» ног дунемӕ куы бакӕной, уӕд (Рарг. 7:9, 14).

(Ромӕгтӕм 8:20) Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон баисты ницӕйаг царды хай, сӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ сӕ ахӕм царды хай чи бакодта, уый фӕндӕй. Уыцы царды хай та сӕ бакодта ахӕм ныфсимӕ:

w12 15/3 23 ф., 11 абз.

Цин кӕнӕм нӕ ныфсыл

11 Йегъовӕ адӕмӕн «ныфс» радта, Сайтан Хӕйрӕгӕй сӕ чи ссӕрибар кӕндзӕн, уыцы «байзӕддагӕй» зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕд (Райд. 3:15; Рарг. 12:9). Уыцы «байзӕддаг» сӕйраджыдӕр у Йесо Чырысти (Гал. 3:16). Йесо кӕй амард ӕмӕ уый фӕстӕ кӕй райгас, уый фӕрцы адӕмӕн фӕзынди ныфс, тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй кӕй ссӕрибар уыдзысты. Уыцы ныфс баст у, «Хуыцауы фыртты кад» кӕй «раргом уыдзӕн», уыимӕ. «Хуыцауы фырттӕ» дӕр, ома сӕрст чырыстӕттӕ, хауынц байзӕддагмӕ. Сӕрст чырыстӕтты кад уӕлӕрвты раргом уыдзӕн, Чырыстиимӕ иумӕ Сайтаны фыддуне куы фесафой, уӕд (Рарг. 2:26, 27). Ӕмӕ уый та ӕрхӕсдзӕн ирвӕзындзинад «ӕндӕр фыстӕн», стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахиза, уыдонӕн (Рарг. 7:9, 10, 14).

(Ромӕгтӕм 8:21) Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ссӕрибар уыдзысты мӕлӕты цагъарадӕй ӕмӕ сын уыдзӕн, Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад.

w12 15/3 23 ф., 12 абз.

Цин кӕнӕм нӕ ныфсыл

12 Чырысти миназы дӕргъы паддзах куы уа, уӕд адӕм сӕ фыдӕбӕттӕй сулӕфдзысты. Уыцы рӕстӕг «Хуыцауы фыртты кад... раргом уыдзӕн» ӕндӕр хуызы дӕр. Уыдон Чырыстиимӕ иумӕ лӕггад кӕндзысты сауджынтӕй ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй схайджын уой, Чырыстийы нывонд цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй. Хуыцауы Паддзахады дӕлбар коммӕгӕс адӕм сабыргай «ссӕрибар уыдзысты мӕлӕты цагъарадӕй» – тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт цы зиан ӕрхӕссы, уымӕй фервӕздзысты. Уыцы миназы дӕргъы, стӕй миназы кӕрон фӕстаг фӕлварӕны рӕстӕг Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайой, уӕд сӕ нӕмттӕ ӕнустӕм фыст ӕрцӕудзысты «царды тыхтоны». Уӕд схайджын уыдзысты, «Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинадӕй» (Рарг. 20:7, 8, 11, 12). Ӕвӕдза, уый цӕй диссаджы ныфс у!

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Ромӕгтӕм 8:6) Тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕппынӕдзух ууыл чи хъуыды кӕны, уымӕн йӕ фӕстаг цӕуы мӕлӕтмӕ. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл чи хъуыды кӕны, уый та ссардзӕн цард ӕмӕ фарн.

w17.06 3

Бахъуыды кодтай?

«Тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕппынӕдзух ууыл... хъуыды кӕнын» ӕмӕ, «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл... хъуыды кӕнын» цӕмӕй хицӕн кӕнынц? (Ром. 8:6)

«Тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕппынӕдзух ууыл чи хъуыды кӕны», уыдон цӕуынц сӕ монцты фӕдыл, сӕ хъуыдытӕ иууылдӕр вӕййынц сӕ хиуарзон фӕндтыл, ӕндӕр сӕ ницы фендавы ӕмӕ ныхас дӕр ӕндӕр ницӕуыл фӕкӕнынц. «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл чи хъуыды кӕны», уыдонӕн та царды сӕйрагдӕр у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ сӕ зондахастыл ӕндавы Хуыцауы сыгъдӕг тых. Уыдон сахуыр вӕййынц, уый куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын. Сӕ иу кӕны мӕлӕтмӕ, иннӕ та – цард ӕмӕ фарнмӕ (w16.12 15–17 фф.).

(Ромӕгтӕм 8:26, 27) Раст афтӕ нын Хуыцауы сыгъдӕг тых дӕр ӕххуыс кӕны нӕ лӕмӕгъдзинады – кувын нӕ куы фӕхъӕуы ӕмӕ, цӕй тыххӕй кувӕм, уый куы нӕ фӕзонӕм ӕмӕ нӕхимидӕг куы фӕдзыназӕм, уӕд сыгъдӕг тых фӕлӕгъстӕ кӕны нӕ бӕсты. 27 Зӕрдӕтӕм чи кӕсы, уый та зоны, сыгъдӕг тыхы цы зӕгъын фӕнды, уый, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг тых сыгъдӕджыты тыххӕй цы фӕкуры, уый вӕййы Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ.

w09 15/11 7 ф., 20 абз.

Дӕ куывдтытӕ цӕуыл дзурӕг сты?

20 Чи зоны, иуӕй-иу хатт нӕ фӕзонӕм, кувгӕйӕ цы зӕгъӕм, уый. Павел ныффыста: «Кувын нӕ куы фӕхъӕуы ӕмӕ, цӕй тыххӕй кувӕм, уый куы нӕ фӕзонӕм ӕмӕ нӕхимидӕг куы фӕтыхсӕм, уӕд сыгъдӕг уд йӕхӕдӕг фӕлӕгъстӕ кӕны нӕ бӕсты. Зӕрдӕтӕм чи кӕсы, уый [Хуыцау] та зоны, сыгъдӕг уды цы зӕгъын фӕфӕнды, уый» (Ром. 8:26, 27). Йегъовӕ Библийы бирӕ куывдтытӕ ныффыссын кодта. Уыцы куывдтыты ныхӕстӕ куы фӕдзурӕм, уӕд сӕм фӕхъусы, раст цыма нӕхи сты, афтӕ ӕмӕ сӕ сӕххӕст кӕны. Хуыцау мах дӕр зоны ӕмӕ, йӕ сыгъдӕг уды уылты Библийы цы ныффыссын кодта, уый дӕр. Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ фехъусы, йӕ сыгъдӕг уд ын мах тыххӕй куы «фӕлӕгъстӕ кӕны», уӕд. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхас хорз куы зонӕм, уӕд-иу кувгӕйӕ нӕ хъуыдымӕ ӕрцӕудзӕн, цы зӕгъӕм, уый.

Библийӕ бакӕсинаг

(Ромӕгтӕм 7:13–25) Ӕмӕ уӕд, хорз цы у, уый мын мӕлӕты хос фӕци? Уымӕн гӕнӕн нӕй! Мӕнӕн мӕлӕты хос тӕригъӕд фӕци, цӕмӕй рабӕрӕг уа, хорз цы у, уый уылты мын тӕригъӕд мӕлӕт куыд хӕссы, уый, ӕмӕ цӕмӕй фӕдзӕхсты руаджы ноджы тынгдӕр раргом уа, тӕригъӕд цӕй стыр фыдбылыз у. 14 Мах ӕй зонӕм: Закъон у Хуыцауӕй, ӕз та дӕн ӕнӕххӕст, ауӕй мӕ кодтой тӕригъӕдӕн. 15 Гъемӕ, цы аразын, уый мӕхӕдӕг дӕр не ’мбарын. Цы мӕ фӕфӕнды, уый нӕ бакӕнын, ме сӕфт цӕмӕй уынын, уый та саразын. 16 Фӕлӕ иугӕр, цы мӕ нӕ фӕнды, уый аразын, уӕд разы дӕн, Закъон хорз кӕй у, ууыл. 17 Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд уыдӕттӕ ӕз нал кӕнын, фӕлӕ, мӕ мидӕг чи цӕры, уыцы тӕригъӕд. 18 Ӕз ӕй зонын, мӕ мидӕг, ома мӕ буары, хорзӕй кӕй ницы цӕры. Хорз цы у, уый аразын мӕ фӕфӕнды, фӕлӕ мӕ цы фӕфӕнды, уый саразын мӕ бон нӕ вӕййы. 19 Ӕмӕ мӕ цы хорздзинад фӕфӕнды, уый нӕ саразын, цы ӕвзӕрдзинад мӕ нӕ фӕфӕнды, уый та ракӕнын. 20 Ӕмӕ иугӕр, цы мӕ нӕ фӕнды, уый аразын, уӕд ӕй ӕз нал аразын, фӕлӕ, мӕ мидӕг цы тӕригъӕд цӕры, уый. 21 Ӕмӕ афтӕмӕй рабӕрӕг, мӕ уавӕры кӕй архайы ахӕм закъон: раст цы у, уый саразын мӕ куы фӕфӕнды, уӕд мӕ разы ӕрбалӕууы ӕвзӕрдзинад. 22 Мӕ зӕрдӕйы мидӕг цин кӕнын Хуыцауы закъоныл, 23 фӕлӕ ме уӕнгты та цӕры ӕндӕр закъон – уый тох кӕны мӕ зонды закъонимӕ. Уый у тӕригъӕды закъон ӕмӕ мӕ кӕны йӕ уацайраг. 24 Мӕнӕ цы мӕгуыр дӕн! Чи мӕ фервӕзын кӕндзӕн, мӕлӕтмӕ мӕ чи кӕны, уыцы буарӕй? 25 Ӕз бузныг зӕгъын Хуыцауӕн, уый мӕ фервӕзын кӕндзӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы! Уӕдӕ ӕз зондӕй цагъар дӕн Хуыцауы закъонӕн, буарӕй та – тӕригъӕды закъонӕн.

25 ФЕВРАЛЫ – 3 МАРТЪИЙЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РОМӔГТӔМ 9–11

«Цӕвиттон оливӕбӕласы тыххӕй»

(Ромӕгтӕм 11:16) Ӕмӕ кӕд, хыссӕйӕ фыццаг цы гуыл сисынц, уый табуйаг у, уӕд хыссӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр табуйаг у. Ӕмӕ кӕд бӕласӕн йӕ уидаг табуйаг у, уӕд къалиутӕ дӕр табуйаг сты.

w11 15/5 23 ф., 13 абз.

О, куыд ӕнӕкӕрон у Хуыцауы зонд!

13 Авраамы байзӕддаг чи хъуамӕ суыдаид, уыдоны апостол Павел абарста оливӕбӕласы къалиутимӕ (Ром. 11:21). Ацы бӕлас у, цӕхӕрадоны чи зайы, ахӕм ӕмӕ амоны, Хуыцау Авраамимӕ цы бадзырд скодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ. Йӕ уидаг у табуйаг ӕмӕ амоны Йегъовӕмӕ, «Хуыцауы Израилӕн» цард чи радта, уымӕ (Ис. 10:20; Ром. 11:16). Бӕласы зӕнг амоны Йесомӕ – сӕйраджыдӕр уый у Авраамы байзӕддаг. Къалиутӕ иууылдӕр иумӕ амонынц, Авраамы байзӕддагмӕ ма ноджыдӕр чи хауы, уыдоны ӕххӕст нымӕцмӕ.

(Ромӕгтӕм 11:17) Фӕлӕ кӕд Хуыцау къалиутӕй иуты ӕрсаста, ӕмӕ дӕу та, хъӕддаг оливӕбӕлас уӕвгӕйӕ, иннӕ къалиуты ’хсӕн бафтыдта ӕмӕ семӕ оливӕбӕласы уидагӕй сой цъирыс,

(Ромӕгтӕм 11:20, 21) О, уый афтӕ у. Фӕлӕ уыдоны, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй ӕрсаста, ды та лӕууыс уырнындзинады фӕрцы. Гъемӕ уӕдӕ дӕхицӕй ма ныббуц у, фӕлӕ дӕхимӕ кӕс. 21 Кӕд Хуыцау бӕласӕн йӕхи къалиутыл нӕ бацауӕрста, уӕд дӕуыл дӕр нӕ бацауӕрддзӕн.

w11 15/5 24 ф., 15 абз.

О, куыд ӕнӕкӕрон у Хуыцауы зонд!

15 Уӕдӕ Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй цы сарӕзта? Павел ӕмбарын кӕны, цӕхӕрадоны чи зайы, уыцы оливӕбӕласыл Хуыцау саст къалиуты бӕсты хъӕддаг оливӕбӕласы къалиутӕ кӕй бафтыдта. (Бакӕс Ромӕгтӕм 11:17, 18.) Афтӕ уыд сӕ хабар сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чырыстӕттӕн ӕндӕр адӕмтӕй,– зӕгъӕм, Ромы ӕмбырдӕй кӕмӕндӕрты,– цыма сӕ Хуыцау оливӕбӕласыл бафтыдта, афтӕ уыдысты. Ӕмӕ уыдон дӕр систы Авраамы байзӕддаг. Уыдон фыццаг уыдысты хъӕддаг оливӕбӕласы къалиуты хуызӕн, ӕмӕ уыцы бадзырд уыдонмӕ нӕ хауди, ӕмӕ сын уыцы фадат дӕр нӕ уыд, цӕмӕй Авраамы байзӕддаг суыдаиккой. Фӕлӕ сын Йегъовӕ фӕндаг байгом кодта, цӕмӕй суыдаиккой «Хуыцауы Израил» (Ром. 2:28, 29).

(Ромӕгтӕм 11:25, 26) Ме ’фсымӕртӕ, фӕнды мӕ, цӕмӕй ацы сусӕгдзинад зонат, ӕмӕ уӕхимӕ зондджын ма кӕсат: Израилы адӕмӕй иутӕн сӕ зонд ныкъкъуырма, ӕмӕ уый афтӕ уыдзӕн, цалынмӕ иннӕ адӕмтӕй, цас хъуамӕ уой, уыйбӕрц нӕ ӕрӕмбырд уа, уӕдмӕ. 26 Ӕмӕ афтӕ фервӕздзӕн ӕгас Израил дӕр. Фыст дӕр афтӕ у: «Сионӕй ӕрцӕудзӕн ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ Иаковы байзӕддӕгтӕн се ’нӕхуыцау хъуыддӕгтӕ ныууадзын кӕндзӕн».

w11 15/5 25 ф., 19 абз.

О, куыд ӕнӕкӕрон у Хуыцауы зонд!

19 Йегъовӕмӕ «Хуыцауы Израилы» тыххӕй цы фӕнд ис, уый диссаджы хуызы ӕххӕст кӕны (Гал. 6:16). Павел куыд загъта, афтӕмӕй «фервӕздзӕн ӕгас Израил дӕр» (Ром. 11:26). Йегъовӕ цы рӕстӕг снысан кодта, уыцы рӕстӕг «ӕгас Израил дӕр», ома, Хуыцауы Израилмӕ чидӕриддӕр хауы, уыдон, уӕлӕрвты лӕггад кӕндзысты паддзӕхтӕй ӕмӕ сауджынтӕй. Йегъовӕйы йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн ницы бахъыгдардзӕн!

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Ромӕгтӕм 9:21–23) Нӕ йӕ зоныс, ӕви, дурынгӕнӕгӕн ӕлыгыл йӕ бар кӕй цӕуы, йӕ бон кӕй у уыцы иу сыджыты къуыбарӕй, кадджын хъуыддагӕн чи бахъӕуы, ахӕм мигӕнӕн дӕр скӕнын, ӕмӕ, ӕнӕуи хъуыддӕгтӕн чи бахъӕуы, ахӕм мигӕнӕн дӕр? 22 Афтӕ Хуыцау дӕр, кӕд ӕй адӕмыл йӕ маст ныккалын ӕмӕ йӕ тых равдисын фӕндыд, уӕддӕр быхсы ӕмӕ бирӕ фӕразы, йӕ маст ныккалинаг кӕуыл у ӕмӕ сафинаг чи у, уыцы мигӕнӕнтӕн, 23 цӕмӕй йе стыр кад равдиса, фӕтӕригъӕд кӕныны аккаг чи у, уыцы мигӕнӕнтыл – ӕмӕ уыдоны бирӕ раздӕр равзӕрста, цӕмӕй сӕ скадджын кӕна.

w13 15/6 25 ф., 5 абз.

Йегъовӕйы зондамындмӕ хъус ӕмӕ дӕхи ив

5 Адӕймаг хивӕнд куы разыны ӕмӕ йӕ куы нӕ бафӕнды, цӕмӕй йӕ йӕ кадджын Дурынгӕнӕг хуыздӕрырдӕм ива, уӕд та? Ахӕм уавӕры Хуыцау йӕ бартӕй куыд спайда кӕны? Дурынгӕнӕгӕн ӕлыгӕй, цы йӕ фӕнды, уый саразын куы нӕ уайа, уӕд дзы йӕ бон у ӕндӕр исты саразын йе та йӕ аппарын. Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ ӕлыгӕй куы ницы рауайы, уӕд уый арӕхдӕр вӕййы дурынгӕнӕджы аххос. Нӕ кадджын Дурынгӕнӕгӕй та уый зӕгъӕн ӕппындӕр нӕй (Дык. з. 32:4). Адӕймаг Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы нӕ фӕивы, уӕд уый алы хатт дӕр вӕййы йӕхи аххос. Йегъовӕ адӕмимӕ куыд архайы, уый баст у, йӕ фӕдзӕхстытӕм ын цы цӕстӕй ракӕсынц, ууыл. Куы йӕм байхъусынц, уӕд сӕ рауайы хъӕугӕ мигӕнӕнтӕ. Зӕгъӕм, сӕрст чырыстӕттӕ сты, «кадджын хъуыддагӕн чи бахъӕуы» ӕмӕ «фӕтӕригъӕд кӕныны аккаг чи у, уыцы мигӕнӕнтӕ». Хуыцаумӕ чи нӕ хъусы, уыдон та свӕййынц, «йӕ маст ныккалинаг кӕуыл у ӕмӕ сафинаг чи у, уыцы мигӕнӕнтӕ» (Ром. 9:19–23).

(Ромӕгтӕм 10:2) Уыдоны тыххӕй мӕ бон зӕгъын у, ӕмӕ Хуыцауыл тынг ӕнувыд сты, фӕлӕ, чи у, уый бӕлвырдӕй нӕ зонынц.

it-U «Ревность», дӕлсӕргонд «Неправильное рвение»

Ӕнувыддзинад

Ӕнувыд, раст цы нӕу, ууыл. Адӕймаг, гӕнӕн ис, рӕдийа, цавӕрдӕр хъуыддаг зынгзӕрдӕйӕ кӕй кӕны, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕуа. Афтӕ уыд сӕ хабар фыццаг ӕнусы чи цард, уыцы дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕрӕн. Афтӕ сӕм каст, ӕмӕ рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцӕудзысты, Моисейы закъон куы ӕххӕст кӕной, уӕд. Фӕлӕ Павел бамбарын кодта, зынгзӕрдӕйӕ кӕй архайдтой, уый дзӕгъӕлы уыд, уымӕн ӕмӕ сӕм бӕлвырд зонындзинӕдтӕ фаг нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцау рӕстгӕнджытыл нӕ нымадта. Цӕмӕй Хуыцауы рӕстдзинады дӕлбар сӕхи бакодтаиккой ӕмӕ сыл Закъонмӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст уыди, уымӕй ссӕрибар уыдаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ бамбӕрстаиккой, раст кӕй не сты ӕмӕ хъуамӕ Чырыстийы фӕрцы Хуыцаумӕ раздӕхтаиккой (Ро 10:1–10). Тынг зынгзӕрдӕйӕ чи архайдта, уыцы дзуттӕгтӕй иу уыд, Тарсӕй чи уыд, уыцы Савл. Уый дзуттаг диныл уыд иузӕрдион ӕмӕ «Хуыцауы ӕмбырд... карзӕй ӕфхӕрдта ӕмӕ йӕ фесафыныл... архайдта». Закъон афтӕ ӕнувыдӕй ӕххӕст кодта, ӕмӕ йӕм фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй уыд (Га 1:13, 14; Фп 3:6). Фӕлӕ дзуттаг диныл ӕнувыд кӕй уыд, уый дзӕгъӕлы уыди. Йегъовӕ уыдта, Павел сыгъдӕгзӕрдӕ кӕй уыд ӕмӕ йӕ Чырыстийы уылты йе стыр хорзӕхӕй схайджын кодта ӕмӕ йӕ рӕстдзинады фӕндагыл ӕрлӕууын кодта (1Тм 1:12, 13).

Библийӕ бакӕсинаг

(Ромӕгтӕм 10:1–15) Ме ’фсымӕртӕ, уый мӕ фӕнды ӕмӕ Хуыцауӕн дӕр уый тыххӕй фӕлӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй уыдон фервӕзой. 2 Уыдоны тыххӕй мӕ бон зӕгъын у, ӕмӕ Хуыцауыл тынг ӕнувыд сты, фӕлӕ, чи у, уый бӕлвырдӕй нӕ зонынц. 3 Уыдон сӕхи Хуыцауы рӕстдзинады дӕлбар нӕ бакодтой, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый нӕ зыдтой, фӕлӕ архайдтой, сӕхӕдӕг рӕстгӕнджытӕ кӕй сты, уый равдисыныл. 4 Закъонӕн та Чырысти кӕрон скодта, цӕмӕй, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕй алчидӕр нымад ӕрцӕуа рӕстгӕнӕгыл. 5 Моисей фыссы, зӕгъгӕ, Закъоны рӕстаг фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕна, уый цӕрдзӕн рӕстдзинады фӕрцы. 6 Фӕлӕ, уырнындзинадӕй чи цӕуы, уыцы рӕстдзинады тыххӕй та афтӕ фыст ис: «Дӕхицӕн афтӕ ма дзур: „Чи ссӕудзӕн уӕларвмӕ?“, ома Чырыстийы ӕркӕнынмӕ. 7 Кӕнӕ: „Чи ныххиздзӕн дӕлдзӕхмӕ?“, ома Чырыстийы мӕрдтӕй райгас кӕнынмӕ». 8 Фыстад та цы зӕгъы? «Уыцы дзырд дӕм хӕстӕг у, ис де ’взагыл ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы» – уый у уырнындзинады «дзырд», мах кӕй хъусын кӕнӕм, уый. 9 Ӕмӕ кӕд, «де ’взагыл цы дзырд ис», ома Йесо нӕ Хицау кӕй у, уый ӕргом дзурыс ӕмӕ йӕ Хуыцау мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, ууыл зӕрдӕйӕ ӕууӕндыс, уӕд фервӕздзынӕ. 10 Уымӕн ӕмӕ адӕймаг зӕрдӕйӕ куы ’ууӕнда, уӕд нымад ӕрцӕудзӕн рӕстгӕнӕгыл, йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргом куы дзура, уӕд та фервӕздзӕн. 11 Фыстад афтӕ зӕгъы: «Чи йыл ӕууӕнды, уыдонӕй фыдӕнхъӕл ничи фӕуыдзӕн». 12 Ницы уӕлдай у, дзуттаг уай ӕви грекъаг, уымӕн ӕмӕ не ’ппӕт дӕр иу Хицауы бын стӕм – уый йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕй рӕдауӕй дӕтты, чи йӕм кувы, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр. 13 Уӕдӕ, «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый фервӕздзӕн». 14 Фӕлӕ кӕуыл нӕ баууӕндыдысты, уымӕ куыд хъуамӕ кувой? Ӕмӕ кӕй тыххӕй нӕ фехъуыстой, ууыл куыд хъуамӕ баууӕндой? Ӕмӕ куы ничи хъусын кӕна, уӕд куыд хъуамӕ фехъусой? 15 Ӕмӕ куыд хъуамӕ хъусын кӕной, куы ничи сӕ арвита, уӕд? Фыст дӕр афтӕ у: «Куыд рӕсугъд сты, хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдоны къӕхтӕ!»

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын